Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Иу разамонӕг уын ис – Чырысти»

«Иу разамонӕг уын ис – Чырысти»

«Иу разамонӕг уын ис – Чырысти»

«Разамонджытӕ... уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти» (МАТФ. 23:9, 10).

1. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ Разамонӕгыл кӕй нымайынц ӕмӕ цӕмӕн?

ЧЫРЫСТОН аргъуантӕн сӕ разамонджытӕ сты зӕххон адӕймӕгтӕ. Зӕгъӕм, католикты разамонӕг у ромаг папӕ, ныгуылӕйнаг православон аръуанты разамонджытӕ сты патриархтӕ ӕмӕ метрополиттӕ, ӕмӕ ӕндӕртӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты разамонӕг та зӕххон адӕймаг нӕу. Стӕй уыдон сӕхи зӕххон адӕймаджы фӕдылдзӕуджытыл нӕ нымайынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц, Йегъовӕ йӕ Фырты тыххӕй цы пехуымпар-ныхас загъта, уымӕ гӕсгӕ: «Ӕз ӕй адӕмыхӕттытӕн радтон, цӕмӕй сын уа ӕвдисӕн, радтон ӕй адӕмыхӕттытӕн, цӕмӕй сын уа хицау ӕмӕ разамонӕг» (Ис. 55:4). Ӕгас дунейы сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ, «ӕндӕр фыстӕ», сӕ разамонӕгыл нымайынц, Йегъовӕ сын кӕй радта, ӕрмӕстдӕр уый (Иоан. 10:16). Уыдон разы сты Йесойы ныхӕстимӕ: «Иу Разамонӕг уын ис – Чырысти» (Матф. 23:10).

Израилы зӕд – кънйаз

2, 3. Хуыцауы Фырт Израилы адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта?

2 Чырыстон ӕмбырд куы нӕма фӕзынд, уӕдмӕ ӕнустӕ раздӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн, израилӕгтӕн, разамынд лӕвӕрдта зӕды уылты. Йегъовӕ сӕ Египетӕй куы ракодта, уӕд сын загъта: «Ӕз дын дӕ разӕй ӕрвитын зӕды, цӕмӕй дӕ фӕндагыл хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ’ркӕна, цы бынат дын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. Зӕд дӕ разы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ кӕс ӕмӕ йӕм хъус. Йӕ ныхмӕ ма цу – нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ном хӕссы» (Рац. 23:20, 21). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы ном цы зӕд хаста, уый йӕ фыццаггуырд Фырт кӕй уыд.

3 Хуыцауы Фырт цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ хуынди Михаил. Данелы чиныг Михаилы хоны Израилы «кънйаз» (Дан. 10:21). Ахуыргӕнинаг Иудӕ та загъта, Михаил Израилы адӕмӕн стыр ӕххуыс кӕй кодта, Данел цы рӕстӕджы цард, уымӕй бирӕ раздӕр дӕр. Зӕгъӕм, Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй израилӕгты фӕрӕдийын кодтаид ӕмӕ Моисейӕн йӕ мӕлӕты фӕстӕ кувын райдыдтаиккой. Фӕлӕ Михаил Хӕйрӕгӕн йӕ фӕнд фехӕлдта. Иудӕ уый тыххӕй ныффыста: «Хистӕр зӕд Михаилӕн... Хӕйрӕгимӕ Моисейы марды тыххӕй ныхас куы рауад ӕмӕ йемӕ разы куы нӕ уыд, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, иу ӕфхӕрӕн ныхас дӕр дзы не схауд, ӕрмӕст ын загъта: „Йегъовӕ дын уӕд тӕрхонгӕнӕг“» (Иудӕ 9). Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, израилӕгтӕ Иерихон куы нӕма бацахстой, уӕдмӕ «Йегъовӕйы ӕфсады сӕргълӕууӕг», ома Михаил, Навины фырт Йесомӕ фӕзынд ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ дын Йегъовӕ баххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс Йесо Навин 5:13–15.) Стӕй, Хуыцауы зӕдтӕй иу Данелӕн ахсджиаг хабар фехъусын кӕнынмӕ куы цыд ӕмӕ йӕ иу тыхджын дӕлимон куы нӕ уагъта, уӕд ӕм хистӕр зӕд Михаил ӕххуысмӕ фӕзынд (Дан. 10:5–7, 12–14).

Цы разамонӕджы тыххӕй дзырдтой, уый фӕзынд

4. Мессийӕ кӕй фӕзындзӕн, уый тыххӕй цы уыд загъд?

4 Ацы хабар куы ӕрцыд, уымӕй гыццыл раздӕр Йегъовӕ йӕ зӕд Гавриилы арвыста пехуымпар Данелмӕ, цӕмӕй йын загътаид, «Разамонӕг Мессийӕ» кӕй фӕзындзӕн, уый тыххӕй (Дан. 9:21–25) *. Ӕмӕ йын цы рӕстӕгӕй загъта, раст уыцы рӕстӕг, н. э. 29 азы, Иоанн Йесойӕн донаргъуыд радта. Уӕд Йесо Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын ис ӕмӕ сси Сӕрст, ома Чырысти, Мессийӕ (Матф. 3:13–17; Иоан. 1:29–34; Гал. 4:4). Чырысти ахӕм Разамонӕг уыди ӕмӕ йемӕ абарӕн дӕр никӕй уыд.

5. Чырысти Разамонӕг кӕй уыд, уый зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ куыд равдыста?

5 Чырысти зӕххыл Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыд «Разамонӕг Мессийӕ». Донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ цалдӕр боны мидӕг йӕхицӕн ахуыргӕнингтӕ ӕмбырд кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ фыццаг диссаг дӕр уӕд сарӕзта (Иоан. 1:35–2:11). Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынмӕ кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыдысты йемӕ (Лук. 8:1). Хъусын кӕнын куыд хъуыд, ууыл сӕ ахуыр кодта ӕмӕ сын йӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг уыд, куыд хъусын кодта ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд цӕттӕ кодта, уымӕй (Лук. 9:1–6). Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыцы хъуыддаджы хъуамӕ Чырыстийы фӕзмой.

6. Чырысти Фыййау ӕмӕ Разамонӕг кӕй у, уый куыд равдыста?

6 Йесо ма йӕхи абарста фӕлмӕнзӕрдӕ фыййауимӕ. Скӕсӕйнаг бӕстӕты фыййӕуттӕ фӕцӕуынц дзуджы разӕй. Иу чиныджы У. Томсон ныффыста: «Фыййау разӕй ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фӕцӕуы, цӕмӕй дзугӕн фӕндаг амона, фӕлӕ ма цӕмӕй фыстӕ уыной кӕуылты хъӕуы цӕуын ӕмӕ сын ӕдас кӕй у, уый... Фыййау сӕ йӕ лӕдзӕгӕй фездахы ӕмӕ сӕ цъӕх быдыртӕм фӕкӕны ӕмӕ сӕ сырдтӕй фӕхъахъхъӕны» («The Land and the Book»). Чырысти ӕцӕг Фыййау ӕмӕ Разамонӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕй афтӕ загъта: «Ӕз дӕн хорз фыййау. Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау. Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ, ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл» (Иоан. 10:11, 27). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти йӕ фысты тыххӕй йӕхи нывондӕн ӕрхаста, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ мӕрдтӕй райгӕс кодта, цӕмӕй уа «сӕйраг Разамонӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг» (Ап. хъ. 5:31; Дзут. 13:20).

Чырыстон ӕмбырды цӕстдарӕг

7. Чырысти ӕмбырдӕн разамынд куыд дӕтты?

7 Чырысти уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уымӕй гыццыл раздӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матф. 28:18). Йегъовӕ Йесойы уылты йӕ сыгъдӕг тыхӕй фидар кӕны, рӕстдзинады фӕндагыл чи цӕуы, уыдоны (Иоан. 15:26). Уыцы сыгъдӕг тыхӕй Чырысти бахай кодта фыццаг чырыстӕттӕн, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны (Ап. хъ. 2:33). Сыгъдӕг тых сыл куы ӕрцыд, уӕд фӕзынд чырыстон ӕмбырд. Йегъовӕ Чырыстийӕн бабар кодта, цӕмӕй уӕлӕрвтӕй разамынд лӕвӕрдтаид ӕнӕхъӕн зӕххыл цыдӕриддӕр ӕмбырдтӕ уыд, уыдонӕн. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 1:22; Колоссӕгтӕм 1:13, 18.) Йегъовӕ Чырыстийӕн дӕтты йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ ма йын «йӕ дӕлбар бакодта зӕдты» дӕр, цӕмӕй йын ӕмбырдтӕн разамынд дӕттынӕн аххуыс кӕной (1 Пет. 3:22).

8. Фыццаг ӕнусы Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта ӕмӕ абон та?

8 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма Чырысти ӕмбырдтӕн радта «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты»,– «фыййӕутты ӕмӕ ахуыргӕнджыты» (Еф. 4:8, 11). Ӕмбырды цӕстдарджыты апостол Павел фӕдзӕхста: «Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр. Уыцы дзугӕн уӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизат Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Ап. хъ. 20:28). Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд уыцы цӕстдарджытӕ иууылдӕр уыдысты сыгъдӕг тыхӕй сӕрст. Иерусалимы цы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыди, уыдон уыдысты разамонӕг советы. Чырысти уыдоны уылты разамынд лӕвӕрдта, зӕххыл цы сӕрст «ӕфсымӕртӕ» уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр (Дзут. 2:11; Ап. хъ. 16:4, 5). Ацы цардӕвӕрды кӕрон Чырысти, «цыдӕриддӕр ӕм ис», ома Хуыцауы паддзахадимӕ баст цыдӕриддӕр у, уый бакодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» бар ӕмӕ йӕ номӕй чи архайы уыцы Разамонӕг советы, сӕрст чырыстӕтты къорды, бар (Матф. 24:45–47). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ ӕмбарынц, Разамонӕг советмӕ куы хъусой, уӕд кӕй хъусынц сӕ Разамонӕг Чырыстимӕ.

Уацамындӕн бындур ӕрӕвӕрдта Чырысти

9, 10. Чырысти хъуыддӕгтӕ куыд спълан кодта, цӕмӕй хорз хабар апарахат уыдаид?

9 Уацамындӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагӕн ӕппӕты райдианӕй Йесо йӕхӕдӕг лӕвӕрдта разамынд. Уый спълан кодта, Паддзахады тыххӕй хорз хабар зӕххыл ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн хъуыстгонд куыд хъуамӕ цӕуа, уый. Зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ма ацӕут ӕндӕр адӕмты бӕстӕм, стӕй самариаг горӕттӕй дӕр макӕцымӕ бацӕут, фӕлӕ ацӕут Израилы адӕммӕ – сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕу, уыдонмӕ. Цӕут ӕмӕ адӕмӕн дзурут, уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ» (Матф. 10:5–7). Уыдон хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кодтой дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн, уӕлдай тынгдӕр н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ (Ап. хъ. 2:4, 5, 10, 11; 5:42; 6:7).

10 Фӕстӕдӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты сыгъдӕг тыхы уылты сразӕнгард кодта, цӕмӕй хорз хабар самариӕгты ӕмӕ ӕндӕр адӕмты ’хсӕн хъусын кӕнын райдыдтаиккой (Ап. хъ. 8:5, 6, 14–17; 10:19–22, 44, 45). Цӕмӕй хорз хабар ӕндӕр адӕмтӕ фехъуыстаиккой, уый тыххӕй Чырысти бацархайдта, цӕмӕй Савл чырыстон дин райстаид. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг Ананийӕн загъта: «Сыст ӕмӕ, Ӕмраст кӕй хонынц, уыцы уынгмӕ ацу, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс Савлы, Тарсӕй чи у, уый... Ацу, уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр» (Ап. хъ. 9:3–6, 10, 11, 15). Уыцы «лӕг» сси апостол Павел (1 Тим. 2:7).

11. Чырысти сыгъдӕг тыхы уылты хорз хабар куыд апарахат кодта?

11 Рӕстӕг куы ’рцыди, цӕмӕй Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕндӕр адӕмтӕ дӕр фехъуыстаиккой, уӕд сыгъдӕг тых Павелы сразӕнгард кодта, цӕмӕй уацамындон балцы араст уыдаид Къаннӕг Азимӕ ӕмӕ Европӕмӕ. Лука Хъуыддӕгты чиныджы фыссы: «Иу афон, [Сириаг Антиохийы ӕмбырды пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ] Йегъовӕйӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Хуыцауы сыгъдӕг тых загъта: „Варнавӕ ӕмӕ мын Савлы раттут. Ӕз сӕ иу хъуыддагӕн равзӕрстон“. Уӕд ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ Савл ӕмӕ Варнавӕйыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой» (Ап. хъ. 13:2, 3). Чырысти Савлы йӕхӕдӕг схуыдта, «ме ’взӕрст лӕг», зӕгъгӕ, цӕмӕй йын йӕ ном иннӕ адӕмтӕн дӕр фехъусын кодтаид. Чырысти, ӕмбырды Разамонӕг, уацамындон хъуыддаг фӕзылдта ӕндӕрырдӕм. Йесо хъусын кӕныны хъуыддагӕн сыгъдӕг тыхы уылты разамынд кӕй дӕтты, уый рабӕрӕг, Павел дыккаг уацамындон балцы куы ацыд, уӕд. Хъуыддӕгты чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй «Йесо сыгъдӕг тыхы уылты» Павелӕн ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн сӕ фӕнд аивта ӕмӕ сын цӕстылуайӕны фӕрцы бамбарын кодта, Европӕмӕ сӕ ацӕуын кӕй хъуыд, уый. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 16:6–10.)

Чырысти – ӕмбырды Разамонӕг

12, 13. Чырысти алы ӕмбырды уавӕр дӕр хорз кӕй зоны, уый Раргомады чиныгӕй куыд зыны?

12 Фыццаг ӕнусы Чырысти йӕ хъус лӕмбынӕг дардта ӕмбырдтӕм. Хорз зыдта, алы ӕмбырд дӕр цы уавӕры уыд, уый. Уый ирдӕй зыны Раргомады чиныгӕй 2-аг ӕмӕ 3-аг сӕртӕй. Йесо дзы ранымадта авд ӕмбырды, се ’ппӕт дӕр уыдысты Къаннӕг Азийы (Рарг. 1:11). Уымӕй бӕрӕг у, уыцы рӕстӕджы зӕххыл цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдон цы уавӕры уыдысты, уый кӕй зыдта. (Бакӕс Раргомад 2:23.)

13 Чырысти цалдӕр ӕмбырдӕй раппӕлыд сӕ фидардзинады тыххӕй, фӕлварӕнты хъӕддых кӕй лӕууыдысты, йӕ ныхас ын кӕй ӕххӕст кодтой ӕмӕ, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кодта, уыдоны-иу кӕй ацух кодтой, уый тыххӕй (Рарг. 2:2, 9, 13, 19; 3:8). Ӕндӕр ӕмбырдтӕн та бауайдзӕф кодта, сӕ уарзондзинад кӕй ӕруазал ис, уый тыххӕй, стӕй мӕнгхуыцӕуттӕм кувынмӕ, хӕтындзинадмӕ ӕмӕ ӕмбырдтӕ сектӕтыл дихтӕ кӕнынмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй кастысты, уый тыххӕй (Рарг. 2:4, 14, 15, 20; 3:15, 16). Йесо фӕлмӕнзӕрдӕ цӕстдарӕгау, карзӕй кӕмӕн бауайдзӕф кодта, уыдонӕн загъта: «Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын ӕмӕ сын зонд бацамонын. Уӕдӕ зынгзӕрдӕ у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн» (Рарг. 3:19). Йесо кӕд уӕлӕрвты уыди, уӕддӕр ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдта сыгъдӕг тыхы уылты. Фӕстагмӕ ӕмбырдтӕм ныффыста: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбырдтӕн цы дзуры, уый» (Рарг. 3:22).

14–16. а) Йегъовӕйӕн зӕххыл цы адӕм ис, уыдонӕн Чырысти хъӕбатыр Разамонӕг кӕй уыд, уый куыд рабӕрӕг ис? ӕ) Чырысти, «цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ» йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ кӕй уыдзӕн, уый фӕрцы цы бантыст? б) Иннӕ статьяйы дзырд цӕуыл цӕудзӕн?

14 Ацы статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй хистӕр зӕд Михаил (Йесо) уыди израилӕгты хъомысджын Разамонӕг. Фыццаг ӕнусы та Йесо йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕн уыд хъӕбатыр Разамонӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыййау. Чырысти зӕххыл куы уыд, уӕд хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд лӕвӕрдта, ӕмӕ куы райгас, уӕд йӕ хъус лӕмбынӕг дардта, хорз хабар куыд парахат кодтой, уымӕ.

15 Чырысти сыгъдӕг тыхы уылты разамынд кӕй дӕтты, уый фӕрцы хорз хабар апарахат суанг зӕххы кӕрӕтты онг. Уӕлӕрвтӕм ссӕуыны размӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тых уыл куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Ап. хъ. 1:8; бакӕс 1 Петры 1:12). Фыццаг ӕнусы Чырыстийы разамынды фӕрцы тынг бирӕ адӕм хорз хабар фехъуыстой (Кол. 1:23).

16 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, хорз хабар суанг кӕроны онг кӕй хъусын кӕндзысты. Куы сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй хъусын кӕной ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной, уӕд сын ныфс бавӕрдта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20). 1914 азы Чырысти паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕны йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ сын зӕрдиагӕй разамынд дӕтты. Иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн, 1914 азӕй фӕстӕмӕ уӕлдай зӕрдиагӕй куыд архайы, уый тыххӕй.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Ацы пехуымпар-ныхасы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй, «Внимайте пророчеству Даниила!», 11 сӕрӕй (уырыс.).

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Хуыцауы Фырт израилӕгтӕн цавӕр Разамонӕг уыд?

• Чырысти ӕмбырдтӕн разамынд кӕй уылты дӕтты?

• Чырысти цы сарӕзта, цӕмӕй хорз хабар апарахат уыдаид?

• Чырысти, алы ӕмбырд дӕр цы уавӕры ис, уый хорз кӕй зоны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

«Ӕз дын дӕ разӕй ӕрвитын зӕды»

[Ныв 23 фарсыл]

Чырысти раздӕрау йӕ дзугӕн разамынд дӕтты «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» уылты