Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кувын кӕмӕ хъӕуы?

Кувын кӕмӕ хъӕуы?

ЦЫМӔ адӕймаг Хуыцаумӕ цыфӕнды номӕй ма кува, уӕддӕр ӕй фехъусдзӕн? Ацы дунейы бирӕтӕ хъуыды кӕнынц афтӕ. Ацы хъуыды сӕ зӕрдӕмӕ уымӕн цӕуы, ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ алы дины дӕр хорзӕй цыдӕр ис, кӕд кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц, уӕддӕр. Фӕлӕ цымӕ уый раст хъуыды у?

Библийӕ нӕ бон у базонын, адӕм се ’ппӕт ӕцӕг Хуыцаумӕ кӕй нӕ кувынц. Библи куы фыстой, уыцы рӕстӕг адӕм арӕх куывтой къухӕйконд хуыцӕуттӕм. Афтӕмӕй та Хуыцау адӕмы иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕм ма куывтаиккой. Псаломы 115:4–6 стихты ахӕм хуыцӕутты тыххӕй фыст ис: «Ис сын хъустӕ, фӕлӕ нӕ хъусынц». Уӕдӕ дӕ чи нӕ хъусы, ахӕм хуыцаумӕ кувын исты пайда у?

Кувын кӕмӕ хъӕуы, уый фӕдыл Библийы арӕх цӕуы дзырд. Зӕгъӕм, Илийа, ӕцӕг Хуыцауы пехуымпар, Ваалы пехуымпартӕн загъта, цӕмӕй уыдон сӕ хуыцаумӕ скувой, йӕхӕдӕг та йӕ Хуыцаумӕ кӕй скувдзӕн. Илийа загъта, дзуапп чи ратта, уыцы Хуыцау кӕй у ӕцӕг Хуыцау. Гъемӕ Ваалы пехуымпартӕ сӕ хуыцаумӕ кувын райдыдтой. Бирӕ фӕкуывтой, сӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр кодтой, фӕлӕ никуы ӕмӕ ницы! Библийы фыст ис: «Дзуапдӕттӕг сын нӕ уыд, ничи сӕ фехъуыста» (1 Паддзӕхты 18:29). Фӕлӕ Илийа йӕ Хуыцаумӕ куы скуывта, уӕд та цы ӕрцыд?

Хуыцау ын уайтагъд дзуапп радта – уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ, цы нывонд ӕрхаста, уый аныхъуырдта. Цымӕ Хуыцау Илийайы куывд цӕмӕн фехъуыста? Илийайы куывды нӕ бон у бафиппайын иу ахсджиаг хъуыддаг. Йӕ куывды ныхӕстӕ фыст сты 1 Паддзӕхты 18:36, 37 стихты. Йӕ куывд тынг даргъ нӕ уыд – дзуттаг ӕвзагыл дзы уыд ӕрмӕстдӕр 30 дзырды бӕрц. Фӕлӕ уӕддӕр Илийа Хуыцауы йӕ номӕй, Йегъовӕ, зӕгъгӕ, ӕртӕ хатты схуыдта.

Ваал, нысан кӕны «хицау», уыд ханаайнӕгты хуыцау. Алы хъӕуӕн кӕнӕ горӕтӕн дӕр уыди йӕхи Ваал. Ном «Йегъовӕ» та нӕй иннӕ нӕмттимӕ абарӕн, уымӕн ӕмӕ у иунӕг ӕцӕг Хуыцауы ном. Уыцы Хуыцау йӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн» (Исай 42:8).

Ваалӕн чи куывта, уыдон ӕлгъаг хъуыддӕгтыл бафтыдысты – кувӕндӕтты хӕтыдысты ӕмӕ ма суанг адӕмы дӕр нывондӕн хастой. Израилӕгтӕ та Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ нӕ арӕзтой ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кодтой. Ахъуыды-ма кӕн: зӕгъӕм дӕ фӕнды дӕ хорз ӕмбалмӕ писмо арвитын. Къонвертыл ныффыссис, де ’мбал йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыцы адӕймаджы адрис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ!

Илийа ӕмӕ Ваалы пехуымпарты хабарӕй бӕрӕг у, куывдтытӕн дзуапп ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцау кӕй ратты

Адӕймаг Йегъовӕмӕ куы фӕкувы, уӕд фӕкувы Сфӕлдисӕгмӕ, нӕ уӕларвон Фыдмӕ *. Пехуымпар Исай куывта: «Ды дӕ нӕ Фыд, о Йегъовӕ» (Исай 63:16). Уый у, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн кӕй кой кодта, уыцы Фыд: «Ӕз цӕуын мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ» (Иоанны 20:17). Йегъовӕ у Йесойы Фыд. Йесо кувгӕ дӕр уымӕ кодта ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты дӕр ахуыр кодта, цӕмӕй уымӕ куывтаиккой (Матфейы 6:9).

Цымӕ Библийы афтӕ ис фыст, цӕмӕй Йесомӕ, Мадымайрӕммӕ, сыгъдӕджытӕм кӕнӕ зӕдтӕм кувӕм? Нӕй. Кувын хъӕуы ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ. Цӕмӕн? Фыццаджыдӕр уымӕн, ӕмӕ адӕймаг кувгӕ кӕмӕ фӕкӕны, уый фӕнымайы йӕ Хуыцауыл. Ӕмӕ Библийы та фыст ис, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы кӕй хъуамӕ нымайӕм нӕ Хуыцауыл (Рацыд 20:5). Дыккаджы та уымӕн, ӕмӕ Библи Йегъовӕйы хоны, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Кӕд Хуыцау иннӕтӕн цавӕрдӕр бартӕ ратты, уӕддӕр уый бар никӕмӕн радта, цӕмӕй нын нӕ куывдтытӕм хъуса. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, нӕ куывдтытӕм нын йӕхӕдӕг кӕй хъусдзӕн.

Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм хъуса, уӕд дӕ зӕрдыл дар, Библийы цы фыст ис, уый: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Хъуыддӕгтӕ 2:21). Фӕлӕ цымӕ Йегъовӕ алы куывд дӕр хъусы? Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕм хъуса, уӕд ма цы хъуамӕ зонӕм?

^ 9 абз. Иуӕй-иу динты ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ, Хуыцауӕн йӕ ном дзурӕн нӕй, суанг кувгӕйӕ дӕр. Фӕлӕ Библи фыццаг цы ӕвзӕгтыл ӕрцыд фыст, уым Хуыцауы ном ӕмбӕлы 7 000 хатты бӕрц. Арӕхдӕр ӕмбӕлы Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтыты, псаломты ӕмӕ кады зарджыты.