Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кувын цӕй тыххӕй хъӕуы?

Кувын цӕй тыххӕй хъӕуы?

ЧЫРЫСТӔТТӔ куы фӕкувынц, уӕд арӕхдӕр фӕдзурынц, «нӕ Фыд» кӕнӕ «Хицауы куывд» кӕй хонынц, уыцы зындгонд куывды ныхӕстӕ. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уа, бирӕтӕ уыцы куывды ныхӕстӕ раст не ’мбарынц. Милуангай адӕм уыцы ныхӕстӕ сахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕ алы бон дӕр кувгӕйӕ фӕдзурынц, гӕнӕн ис, бон цалдӕр хатты дӕр. Фӕлӕ Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм уыцы куывды ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтаиккой. Уый кӕцӕй зонӕм?

Ацы куывды ныхӕстӕ зӕгъыны размӕ Йесо загъта: «Ӕрмӕст, куы кувай, уӕд-иу... уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ма дзур» (Матфейы 6:7). Уӕдӕ цымӕ Йесо йӕхи ныхӕсты ныхмӕ дзырдтаид ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы куывды ныхӕстӕ уый тыххӕй бацамыдтаид, цӕмӕй сӕ сахуыр кодтаиккой ӕмӕ сӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй дзырдтаиккой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Йесо нын бацамыдта, кувын сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй хъӕуы, уый. Лӕмбынӕгдӕр-ма ӕркӕсӕм Йесойы ныхӕстӕм. Фыст сты Матфейы 6:9–13 стихты.

«Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном».

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕрмӕстдӕр йӕ Фыд Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувой. Фӕлӕ йӕ зоныс, Хуыцауы ном афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у ӕмӕ йӕ срухс кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Зӕххыл адӕм куы фӕзынд, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг номыл йе знаг Хӕйрӕг цъыф калы. Уый Йегъовӕйы тыххӕй загъта, сайгӕ кӕй кӕны, хиуарзон кӕй у, стӕй йын уый бар кӕй нӕй, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн Хицау уа (Райдиан 3:1–6). Бирӕтӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцау у ӕгъатыр, адӕмы ӕфхӕры, стӕй ма суанг афтӕ дӕр фӕдзурынц, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ. Чидӕртӕ та суанг йӕ номы ныхмӕ дӕр рацыдысты – Библийы тӕлмацтӕй йӕ айстой ӕмӕ йӕ дзурын дӕр нӕ уагътой.

Библийы фыст ис, Хуыцау ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй сраст кӕндзӕн (Йезекил 39:7). Афтӕ куы бакӕна, уӕд дӕу дӕр де ’ппӕт зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕндзӕн. Уый цӕй фӕрцы сараздзӕн? Йесо дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй нӕ бон у дзуапп базонын.

«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад».

Абон динтӕн сӕ бон нӕу иу хъуыдымӕ ӕрцӕуын, Хуыцауы Паддзахад цы у, уый фӕдыл. Фӕлӕ Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ зыдтой, Хуыцауы пехуымпартӕ рагацау кӕй дзырдтой, Мессийӕ, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы Ирвӕзынгӕнӕг, Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл стыр ивындзинӕдтӕ кӕй сараздзӕн (Исай 9:6, 7; Данел 2:44). Хуыцауы Паддзахад Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕ хурмӕ ракалдзӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ йын фехалдзӕн, йӕхи та йын сӕфты хай бакӕндзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы ном срухс кӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахад ма кӕрон скӕндзӕн хӕстытӕн, низтӕн, ӕххормагдзинадӕн, суанг мӕлӕтӕн дӕр (Псалом 46:9; 72:12–16; Исай 25:8; 33:24). Куы фӕкувыс, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕкувыс, цӕмӕй ӕппӕт ацы зӕрдӕвӕрдтӕ сӕххӕст уой.

«Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр».

Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ кӕд Хуыцауы фӕндон ис уӕлӕрвты,– Хуыцауы цӕрӕнбынат кӕм ис, уым,– уӕд зӕххыл дӕр ӕнӕмӕнг уыдзӕн. Хуыцауы ницы бахъыгдардта, цӕмӕй йӕ фӕндон уӕлӕрвты сӕххӕст кодтаид. Уым Хуыцауы Фырт схӕцыд Хӕйрӕгимӕ ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста (Раргомад 12:9–12). Чырысти кувын цӕй тыххӕй ахуыр кодта, уыцы хъуыддӕгтӕй нын ӕртыккаг дӕр не ’ргом здахы иу хъуыддагмӕ – ахсджиагдӕр кӕй у Хуыцауы фӕндон, нӕхи фӕндон нӕ, фӕлӕ. Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст вӕййы, уӕд уый пайда ӕрхӕссы, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ суанг Йесо дӕр, кӕд ӕххӕст уыд, уӕддӕр йӕ Фыдӕн загъта: «Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд» (Лукайы 22:42).

«Ратт нын къӕбӕр абоны фаг».

Йесо дарддӕр цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, нӕхи тыххӕй дӕр нӕ бон кӕй у кувын. Алы бон дӕр дӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй кувай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Уыдӕтты тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нӕ зӕрдыл фӕдарӕм, Йегъовӕ «алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг [кӕй] дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:25). Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау кӕй у уарзӕгой Фыд ӕмӕ йын ӕхсызгон кӕй у, йӕ сывӕллӕттӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уый дӕттын. Фӕлӕ нын хорз ныййарӕгау, цыдӕриддӕр дзы фӕкурӕм, уый нӕ ратты, уымӕн ӕмӕ зоны, пайда нын цы у ӕмӕ цы нӕу.

«Ныххатыр нын кӕн нӕ тӕригъӕдтӕ».

Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ курӕм, цӕмӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна? Абон бирӕтӕ не ’мбарынц, тӕригъӕд цы у, уый, стӕй сӕ тӕригъӕдтӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсынц. Фӕлӕ Библийы фыст ис, адӕм тӕригъӕдджын кӕй сты, сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй ӕвзарынц зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕй кӕнынц. Тӕригъӕд нӕ туджы кӕй рахӕссӕм, уымӕ гӕсгӕ ӕдзух рӕдийӕм, ӕмӕ нын цӕмӕй фидӕнӕй ныфс уа, уый тыххӕй нын хъуамӕ Хуыцау нӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕна (Ромӕгтӕм 3:23; 5:12; 6:23). Ныфсы хос нын куыннӕ у, Библийы афтӕ фыст кӕй ис: «О Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» (Псалом 86:5).

«Фыдбылызӕй [нӕ] фервӕзын кӕн».

Ӕмбарыс ӕй, ӕнӕмӕнг кӕй у, цӕмӕй дӕ Хуыцау хъахъхъӕна? Бирӕты нӕ уырны, «Фыдбылыз», ома Хӕйрӕг, ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый. Фӕлӕ Йесо дзырдта, Хӕйрӕг ӕцӕгдӕр кӕй ис, суанг ма йӕ «ацы дунейы хицау» дӕр схуыдта (Иоанны 12:31; 16:11). Ацы дуне Хӕйрӕджы къухы кӕй ис, уый тыххӕй бынысӕфт фӕци. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй дӕуыл дӕр ахӕм бон акӕна ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ макуы баввахс уай (1 Петры 5:8). Фӕлӕ Йегъовӕ Хӕйрӕгӕй бирӕ хъомысджындӕр у, ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй фӕнды, чи йӕ уарзы, уыдоны хъахъхъӕнын.

Мах ӕркастыстӕм, Йесо сӕйраджыдӕр кувын цӕй тыххӕй ахуыр кодта, уымӕ. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддӕгты тыххӕй у нӕ бон кувын. Дӕ зӕрдыл дар, 1 Иоанны 5:14 стихы Хуыцауы тыххӕй цы фыст ис, уый: «Мах ӕй фидарӕй зонӕм, ӕмӕ Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм, – хъусы нӕ». Уӕдӕ афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дӕ зындзинӕдтӕ афтӕ ахсджиаг не сты, цӕмӕй уыдоны тыххӕй Хуыцаумӕ кувай (1 Петры 5:7).

Фӕлӕ цымӕ Хуыцаумӕ кӕд ӕмӕ кӕм хъуамӕ кувӕм, уый исты уӕлдай у?