Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп фӕдӕтты?

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп фӕдӕтты?

АЦЫ фарста бирӕты цымыдис кӕны. Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй нын Йегъовӕ абон дӕр нӕ куывдтытӕм фӕхъусы. Фӕлӕ дын Хуыцау дӕ куывд фехъусдзӕн ӕви нӕ, уый фылдӕр дӕхицӕй кӕнгӕ у.

Йесо, йӕ рӕстӕджы чи цард, уыцы дины разамонджыты схуыдта цӕстмӕхъустӕ. Уыдон-иу Хуыцаумӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй куывтой, цӕмӕй-иу адӕмы раз сӕхи рӕстгӕнджытӕй равдыстаиккой. Йесо загъта, уыдон сӕ хӕрзиуӕг ӕххӕстӕй кӕй райстой. Уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕ цы хъуыд, уый райстой, ома сын адӕм кад кодтой, фӕлӕ сын Хуыцау та сӕ куывдтытӕ нӕ хъуыста (Матфейы 6:5). Раст афтӕ абон дӕр бирӕтӕ кувынц, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ, Хуыцауы куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ. Ацы статьяты кувыны фӕдыл Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕм ӕркастыстӕм, уыдон кӕй ницӕмӕ дарынц, уымӕ гӕсгӕ сын Хуыцау сӕ куывдтытӕм нӕ хъусы.

Дӕуӕй та цы ис зӕгъӕн? Хуыцау дын дӕ куывдтытӕм фӕхъусы ӕмӕ сын дзуапп ратты? Уый, цавӕр адӕмыхаттӕй дӕ кӕнӕ хъӕздыг дӕ ӕви мӕгуыр, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Ацы ныхӕстӕ дӕумӕ дӕр хауынц? О, кӕд Хуыцауӕй тӕрсыс, аргъ ын кӕныс ӕмӕ дӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕхъыг кӕнай, уӕд. Стӕй, кӕд дӕхи цӕсты ӕмӕ иннӕты цӕсты раст цы у, уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразыс, уӕд. Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм хъуса? Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн Библи *.

Бирӕты афтӕ фӕфӕнды, цӕмӕй-иу сын Хуыцау сӕ куывдтытӕн дзуапп диссаджы хуызы ратта. Фӕлӕ-иу рагзаманты дӕр Хуыцау диссӕгтӕ арӕх нӕ арӕзта. Иу диссагӕй-иу иннӕмӕ хатт рацыд сӕдӕгай азтӕ. Уымӕй уӕлдай ма Библийӕ базонӕн ис, апостолты мӕлӕтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау диссӕгтӕ кӕй нал аразы (1 Коринфӕгтӕм 13:8–10). Уӕдӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау абон куывдтытӕн дзуапп нӕ ратты? Нӕ! Ӕркӕсӕм, Хуыцау цавӕр куывдтытӕн ратты дзуапп, уымӕ.

Хуыцау нӕ зондӕй схайджын кӕны. Дун-дунейы Йегъовӕйӕ зондджындӕр ничи ис. Йӕ разамынд ын чи агуры ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдоны рӕдауӕй зондӕй схайджын кӕны (Иаковы 1:5).

Хуыцау нӕ хайджын кӕны йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ, уый фӕрцы кӕмӕй схайджын вӕййӕм, уыцы арфӕдзинӕдтӕй. Сыгъдӕг тых у Хуыцауы архайгӕ тых. Уымӕй хъомысджындӕр тых нӕй. Уый фӕрцы нӕ бон у зындзинӕдты фидар фӕлӕууын. Истӕуыл ӕгӕр куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд уый фӕрцы фарнӕй схайджын вӕййӕм. Стӕй ма сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ удыхъӕды сфидар кӕнӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм рӕсугъд миниуджытӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых рӕдауӕй кӕй фӕдӕтты, чи дзы фӕкуры, уыдонӕн (Лукайы 11:13).

Хуыцау зонындзинӕдтӕ дӕтты, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн. Ӕгас дунейы дӕр ис, Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонын кӕй фӕнды, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм (Хъуыддӕгтӕ 17:26, 27). Уыдоны фӕнды базонын Хуыцауы ном, стӕй йӕм зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис ӕмӕ йӕм сӕ бон куыд у ӕнгомдӕр кӕнын, уый (Иаковы 4:8). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх фембӕлынц ахӕм адӕмыл ӕмӕ сын ахӕм фарстатӕн Библийы дзуаппытӕ ссарынӕн ӕхсызгонӕй баххуыс кӕнынц.

Ды дӕр ацы журнал, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй кӕсыс. Кӕд Хуыцауы агурыс, уӕд дын, гӕнӕн ис, дӕ куывдӕн афтӕмӕй радта дзуапп.

^ 5 абз. Хуыцаумӕ куыд хъӕуы кувын, цӕмӕй дӕ фехъуса, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 17 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.