Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ?»

«Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ?»

«Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ?»

«„Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, цӕмӕй йын зонд амона?“ Мах та хъуыды кӕнӕм, Чырысти куыд хъуыды кӕны, афтӕ» (1 КОР. 2:16).

1, 2. а) Адӕм алы хатт кӕрӕдзи цӕуылнӕ фембарынц? ӕ) Адӕймаг куыд хъуыды кӕны ӕмӕ Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

ИННӔ адӕймаг куыд хъуыды кӕны, уый бамбарын дын алы хатт ӕнцон вӕййы? Кӕд ӕрӕджы ус ракуырдтай кӕнӕ смой кодтай, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы, дӕ цардӕмбал куыд хъуыды кӕны, уый бамбарын. Сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕ хъуыдытӕ куыд фӕдзурынц, уый кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕны. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ иуӕй-иу бӕстӕты уыцы иу адӕм дзурынц алыхуызон диалекттыл. Уымӕй уӕлдай ма, адӕм ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр уавӕрты кӕй схъомыл вӕййынц, стӕй алыхуызон ӕвзӕгтыл кӕй дзурынц, уымӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнынц сӕ зондахастӕй дӕр ӕмӕ се ’гъдауӕй дӕр. Фӕлӕ адӕймаджы хуыздӕр куы базонай, уӕд, куыд хъуыды кӕны, уый ӕнцондӕрӕй ӕмбардзынӕ.

2 Уымӕ гӕсгӕ нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса, адӕймаг куыд хъуыды кӕны, уый тынг кӕй хицӕн кӕны, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уымӕй. Йегъовӕ йӕ пехуымпар Исайы уылты израилӕгтӕн загъта: «Уӕ хъуыдытӕ мӕ хъуыдыты хуызӕн не сты ӕмӕ уӕ фӕндӕгтӕ – мӕ фӕндӕгты хуызӕн». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Арв зӕххӕй уӕлдӕр куыд у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр уӕлдӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ – уӕ хъуыдытӕй» (Ис. 55:8, 9).

3. Цӕмӕй «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ» суӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

3 Уӕдӕ хъуамӕ архайгӕ дӕр ма кӕнӕм, цӕмӕй, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарӕм? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Кӕд адӕймаг Йегъовӕйы хъуыдытӕ кӕронмӕ никуы бамбардзӕн, уӕддӕр нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ» суӕм. (Бакӕс Псалом 25:14; Ӕмбисӕндтӕ 3:32.) Цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уӕм, уый тыххӕй, Библийы йӕ хъуыддӕгты тыххӕй цы фыст ис, уыдонӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ зонӕм (Пс. 28:5). Стӕй ма нӕ хуыздӕр базонын хъӕуы, «Чырысти куыд хъуыды кӕны», уый дӕр, уымӕн ӕмӕ Чырысти у «цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн» (1 Кор. 2:16; Кол. 1:15). Библи ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ цы бакӕсӕм, ууыл хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы хицӕн кӕнӕм, уӕд хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, стӕй куыд хъуыды кӕны, уый.

Адӕймаджы цӕстӕй ма кӕсӕм

4, 5. а) Цӕуыл нӕ хъӕуы архайын? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Израилӕгтӕ раст цӕуылнӕ хъуыды кодтой?

4 Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм адӕймаджы цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Ӕмӕ уый зыны, Йегъовӕ Псаломы 50:21 цы зӕгъы, уымӕй: «Афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕ, ӕмӕ ӕз дӕр дӕу хуызӕн суыдзынӕн». Уый фӕдыл иу ахуыргонд 175 азы размӕ загъта: «Адӕймаг йӕхӕдӕг цы у, Хуыцауӕй дӕр уый ӕнхъӕл вӕййы, ӕмӕ йӕм афтӕ фӕкӕсы, йӕхӕдӕг цы закъӕтты дӕлбар у, Хуыцау дӕр уыцы закъӕтты дӕлбар кӕй хъуамӕ уа».

5 Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы нӕхи барӕнтӕй ма барӕм. Цӕмӕн? Зӕгъӕм, Сыгъдӕг Фыстад ахуыргӕнгӕйӕ нӕм, чи зоны, не ’нӕххӕст зонды тыххӕй афтӕ кӕса, ӕмӕ Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ раст не сты. Рагон израилӕгтӕ дӕр хъуыды кодтой, Йегъовӕ сӕм хорз цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Ӕркӕсӕм ма, Йегъовӕ сын цы загъта, уымӕ: «Сымах зӕгъдзыстут: „Йегъовӕ раст нӕ кӕны“. Байхъусут-ма, уӕ хорзӕхӕй, Израилы адӕм. Ӕз нӕ кӕнын раст ӕви сымах нӕ кӕнут раст?» (Йез. 18:25).

6. Иов хорз цы бамбӕрста ӕмӕ нын йӕ хабар зонды хос цӕмӕй у?

6 Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕм цӕмӕй адӕймаджы цӕстӕй ма кӕсӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм иу хъуыддаг: мах иууылдӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Иов дӕр хъуамӕ уыцы хъуыддаг хорз бамбӕрстаид. Куы удхар кодта, уӕд ӕрмӕст йӕхиуыл хъуыды кӕнын райдыдта. Ферох ӕй ис, йӕ зындзинӕдтӕй уӕлдай ахсджиагдӕр хабӕрттӕ кӕй уыд, уый. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ фӕлмӕнӕй бараст кодта. Радта йӕм 70 фарстайӕ фылдӕр, фӕлӕ дзы иуӕн дӕр йӕ бон не сси дзуапп раттын. Ӕмӕ йын афтӕмӕй бамбарын кодта, алцыдӕр кӕй нӕ зоны, уый. Иов сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ йӕ зондахаст аивта. (Бакӕс Иов 42:1–6.)

Чырыстийау хъуыды кӕнӕм

7. Йесойы хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд хуыздӕр цӕмӕн бамбардзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый?

7 Йесо йӕ Фыды фӕзмыдта алцӕмӕй дӕр – ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр (Иоан. 14:9). Ӕмӕ Чырыстийы хъуыддӕгтӕм лӕмбынӕг куы ’ркӕсӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый (Ром. 15:5; Фил. 2:5). Уӕдӕ Евангелитӕй дыууӕ хабармӕ ӕркӕсӕм.

8, 9. Иоанны 6:1–5 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесо Филиппы цӕмӕн бафарста, ӕмӕ Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта?

8 Фыццаг хабар ӕрцыд н. э. 32 азы Куадзӕны размӕ. Йесойы апостолтӕ хорз хабар хъусын кодтой Галилейӕйы бӕстӕйы ӕмӕ фӕлладӕй ӕрыздӕхтысты. Ӕмӕ сӕ Йесо Галилейӕйы денджызы былмӕ хибар ранмӕ акодта. Фӕлӕ сӕ фӕдыл дуне адӕм, минтӕ, агуылф кодтой. Чырысти адӕмы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Ӕмӕ адӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕдмӕ сӕххормаг сты. Цымӕ уыйӕппӕт адӕм уыцы ран сӕхицӕн хӕринаг куыд хъуамӕ самал кодтаиккой? Йесо уый хорз ӕмбӕрста ӕмӕ Филиппы, уырдыгон чи уыд, уыцы ахуыргӕнинаджы, бафарста: «Ацы адӕмӕн дзул кӕм балхӕнӕм?» (Иоан. 6:1–5).

9 Цымӕ Йесо Филиппӕн афтӕ цӕмӕн загъта? Мыййаг, Чырысти нӕ зыдта, куыд бакӕна, уый? Куыннӕ зыдта. Фӕлӕ Чырыстийы уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? Апостол Иоанн,– уый дӕр уым уыд,– уыцы хъуыддаг афтӕ бамбарын кодта: «[Йесо йын] афтӕ... уый тыххӕй загъта, ӕмӕ йӕ фӕлваргӕ кодта, уымӕн ӕмӕ зыдта, цы саразинаг уыд, уый» (Иоан. 6:6). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фӕлваргӕ кодта. Филиппӕн афтӕ кӕй загъта, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты ӕргом раздӕхта, цы саразинаг уыди, уымӕ ӕмӕ сын фадат радта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад равдыстаиккой. Фӕлӕ сӕм уыйбӕрц уырнындзинад нӕ разынд, стӕй алцыдӕр хорз не ’мбӕрстой. (Бакӕс Иоанны 6:7–9.) Йесо уый фӕстӕ сарӕзта, сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр чи нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг – дуне ӕххормаг адӕмы, минты, бафсӕста (Иоан. 6:10–13).

10–12. а) Иу грекъаг сылгоймаг Йесомӕ куы бацыд, уӕд ын фыццаг цӕуылнӕ баххуыс кодта? Бамбарын ӕй кӕн. ӕ) Дарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

10 Чырысти куыд хъуыды кодта, уый ма базонӕн ис ӕндӕр хабарӕй дӕр. Йесо уыйбӕрц адӕмы куы бафсӕста, уӕд йӕ апостолтимӕ цӕгатырдӕм араст, Израилы арӕнтыл ахызт ӕмӕ ацыд Тир ӕмӕ Сидоны ’рдӕм. Уым сыл сӕмбӕлд иу грекъаг сылгоймаг ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, цӕмӕй йын йӕ чызджы сдзӕбӕх кодтаид. Йесо фыццаг не сразы ис. Фӕлӕ йӕ уыцы сылгоймаг куы нал ӕмӕ нал уагъта, уӕд ын Йесо загъта: «Фыццаг уал хъуамӕ сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Сӕ къӕбӕр сын сӕ дзыхӕй ратонай ӕмӕ йӕ къӕбылатӕн аппарай, уый раст нӕу» (Марчы 7:24–27).

11 Йесойы цӕуылнӕ фӕндыд уыцы сылгоймагӕн баххуыс кӕнын? Мыййаг уый дӕр Филиппау фӕлваргӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад федтаид? Чырысти йемӕ цы хъӕлӕсы уагӕй ныхас кодта, уый тыххӕй кӕд Библийы ницы ис фыст, уӕддӕр ын йӕ ныфс нӕ асаста. Сылгоймаг цы адӕмӕй уыд, уыдоны Чырысти «къӕбылатӕ» кӕй схуыдта, уымӕй бӕрӕг уыд, фӕлмӕнӕй кӕй дзырдта, уый. Куыд зыны, афтӕмӕй Чырысти архайдта, йӕ сывӕллоны курдиат сӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, фӕлӕ фӕстиат чи кӕны, ахӕм ныййарӕджы хуызӕн, цӕмӕй базона, сывӕллоны ӕцӕгдӕр хъӕуы, цы куры, уый ӕви нӕ. Куыдфӕнды ма уа, уыцы сылгоймаг йӕ уырнындзинад равдыста, ӕмӕ йын Йесо йӕ курдиат зӕрдиагӕй сӕххӕст кодта. (Бакӕс Марчы 7:28–30.)

12 Евангелитӕй ацы дыууӕ хабары фӕрцы ноджы хуыздӕр ис бамбарӕн, «Чырысти куыд хъуыды кодта», уый. Ныр та ӕркӕсӕм, уыцы дыууӕ хабары нын куыд баххуыс кӕндзысты, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн.

Йегъовӕ ӕмӕ Моисей

13. Чырысти куыд хъуыды кодта, уый бамбарыныл куы архайӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

13 Чырысти куыд хъуыды кодта, уый бамбарыныл ӕнӕмӕнг хъӕуы архайын. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр уыдзӕн Фыстадӕй зын хъуыдытӕ бамбарын. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕм, израилӕгтӕ сызгъӕрин род куы сарӕзтой, уӕд Йегъовӕ Моисейӕн цы загъта, уый. Хуыцау загъта: «Ацы адӕммӕ кӕсын, ӕмӕ сын басӕттӕн нӕй. Гъемӕ мӕ бауадз, цӕмӕй сӕм мӕ маст ссудза ӕмӕ сӕ фесафон ӕмӕ стӕй дӕуӕй рауадзон стыр адӕм» (Рац. 32:9, 10).

14. Моисей Йегъовӕйӕн цы загъта?

14 Ацы хабары тыххӕй дарддӕр кӕсӕм: «Моисей йӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын байдыдта: „Нӕ, Йегъовӕ, куыд хъуамӕ ссудза дӕ маст дӕ адӕммӕ, Египетӕй де стыр тыхӕй ӕмӕ дӕ фидар къухӕй кӕй ракодтай, уыдонмӕ? Египетӕгтӕ афтӕ цӕмӕн хъуамӕ зӕгъой: „Ардыгӕй сӕ уый тыххӕй акодта, цӕмӕй сӕ хӕхты ’хсӕн фӕцӕгъда ӕмӕ зӕххы цъарыл сӕ кой дӕр мауал уа“? Бауром де стыр маст ӕмӕ, дӕ адӕмӕн цы бакӕнынмӕ хъавыдтӕ, уый ма бакӕн. Ӕрхъуыды кӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковы. Дӕхицӕй сын куы расомы кодтай ӕмӕ сын афтӕ куы загътай: „Арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты, афтӕ уын сбирӕ кӕндзынӕн уӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ, цы зӕххӕй загътон, уый иууылдӕр ратдзынӕн уӕ байзӕддӕгтӕн, цӕмӕй уыдоны уа ӕнустӕм“. Ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы загъта, афтӕ сын бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уый нал бакодта» (Рац. 32:11–14) *.

15, 16. а) Йегъовӕ Моисейӕн цы загъта, уымӕ гӕсгӕ йын цавӕр фадат фӕзынд? ӕ) Йегъовӕ куыд бакодта? (Кӕс фиппаинаг.)

15 Цымӕ Йегъовӕ ӕцӕгдӕр раст нӕ уыд ӕмӕ йӕ Моисей хъуамӕ бараст кодтаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Кӕд ын Йегъовӕ йӕ фӕндоны тыххӕй загъта, уӕддӕр кӕронмӕ нӕма аскъуыддзаг кодта, израилӕгтӕн ӕппынфӕстаг цы бакӕндзӕн, уый. Йегъовӕ Моисейы фӕлваргӕ кодта, Чырысти Филиппы ӕмӕ грекъаг сылгоймаджы куыд фӕлвӕрдта, афтӕ. Йесо йын фадат радта, цӕмӕй йӕ хъуыды ӕргом загътаид *. Йегъовӕ Моисейы Йӕхи ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕхсӕнылӕгӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ хъуыдыйӕн стыр аргъ кодта. Цымӕ Моисей израилӕгтыл йӕ къух ауыгъта? Мыййаг, Моисей цы бынат ахста, уымӕй спайда кӕнынмӕ хъавыд, цӕмӕй Йегъовӕйы сразы кодтаид израилӕгты ферох кӕныныл ӕмӕ йын йӕхи байзӕддӕгтӕй стыр адӕм рауадзыныл?

16 Моисейӕн йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, цавӕр уырнындзинады хицау уыд, уый ӕмӕ, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта. Бӕрӕг уыд, йӕхиуыл кӕй нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ Йегъовӕйыл. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ном фегад уыдаид. Афтӕмӕй Моисей равдыста, «Йегъовӕйы хъуыдытӕ» кӕй ӕмбӕрста, уый (1 Кор. 2:16). Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Дарддӕр цы араздзӕн, уый кӕронмӕ нӕ аскъуыддзаг кодта, ӕмӕ Библийы уый тыххӕй афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, «цы загъта,... уый нал бакодта» *.

Йегъовӕ ӕмӕ Авраам

17. Йегъовӕ Аврааммӕ стыр фӕразондзинад куыд равдыста?

17 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн сӕ уырнындзинад ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ кӕй дарынц, уый равдисыны фадат кӕй дӕтты, уымӕн ма иу цӕвиттон у, Авраам Содомы тыххӕй Йегъовӕйӕн цы дзырдта, уый. Йегъовӕмӕ стыр фӕразондзинад кӕй ис, уый равдыста, Авраамы кӕй бауагъта, цӕмӕй йӕм аст фарстайы радтаид. Авраам ма йӕ сагъӕсы тыххӕй ӕргом загъта: «Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ, фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр! Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай! Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» (Райд. 18:22–33).

18. Йегъовӕ йӕхи Авраамимӕ куыд дардта, уымӕй цы ис базонӕн?

18 Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый тыххӕй ацы хабарӕй цы ис базонӕн? Мыййаг, Йегъовӕ Авраамимӕ уый тыххӕй ныхас кодта, цӕмӕй йын Авраам баххуыс кодтаид раст хъуыдымӕ ӕрцӕуынӕн? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйӕн райдианы дӕр йӕ бон уыд Авраамӕн йӕ фӕнд зӕгъын. Фӕлӕ йын уыцы фарстаты руаджы фадат радта, цӕмӕй йын бамбӕрстаид йӕ фӕнд ӕмӕ куыд хъуыды кӕны, уый. Авраам ма уый фӕрцы хуыздӕр бамбӕрста, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕнӕкӕрон кӕй сты, уый дӕр. Бӕрӕг у, Йегъовӕ Авраамы йӕ хӕларыл кӕй нымадта (Ис. 41:8; Иак. 2:23).

Зондзонӕн махӕн

19. Нӕ бон Иовы бафӕзмын куыд у?

19 «Йегъовӕйы хъуыдыты» тыххӕй цы базыдтам? Хуыцауы Ныхасы фӕрцы нӕ хъӕуы хуыздӕр базонын Йегъовӕйы хъуыдытӕ. Йегъовӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй кӕсын нӕ хъӕуы ӕмӕ йӕ адӕймаджы барӕнтӕй барын. Иов афтӕ загъта: «[Хуыцау] мӕнау адӕймаг нӕу, цӕмӕй йын дзуапп дӕттон, цӕмӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ тӕрхоны ӕрлӕууӕм» (Иов 9:32). Иовау мах дӕр Хуыцауы хъуыдытӕ хуыздӕр ӕмбарын куы райдайӕм, уӕд мах дӕр зӕгъдзыстӕм: «Адон сты йӕ фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам! Фӕлӕ арв афтӕ тынг куыд ныннӕрын кӕны, уый чи бамбардзӕн?» (Иов 26:14).

20. Библи кӕсгӕйӕ исты зынӕмбарӕн стихтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?

20 Библи кӕсгӕйӕ исты зынӕмбарӕн стихтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕлдайдӕр Йегъовӕйы хъуыдытимӕ баст чи у, ахӕмтыл, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы? Нӕ публикациты сын бӕлвырд дзуапп куы не ссарӕм, уӕд уый схонӕн ис фӕлварӕн, нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл цас тынг дарӕм, уымӕн. Уый фӕрцы нын фадат фӕзыны, цӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ рӕстаг Хуыцауыл кӕй нымайӕм. Хъуамӕ уӕм сӕрныллӕг ӕмӕ йыл сӕттӕм, йӕ хъуыддӕгтӕ йын иууылдӕр кӕй не ’мбарӕм (Еккл. 11:5). Афтӕмӕй разы уыдзыстӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ! Афтӕ фыст у: „Чи базыдта Йегъовӕйы хъуыдытӕ, науӕд ын чи уыд уынаффӕгӕнӕг?“ Кӕнӕ „йын чи цы фӕци, ӕмӕ йын ӕй хъуамӕ бафида?“ Ӕппӕт дӕр уымӕй цӕуы, ӕппӕт дӕр уый фӕрцы ис ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый тыххӕй у. Кад ын уӕд ӕнустӕм. Аммен» (Ром. 11:33–36).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 14 абз. Нымӕцты 14:11–20 дӕр ма фыст ис, Моисей Йегъовӕйӕн кӕй лӕгъстӕ кодта, уый тыххӕй.

^ 15 абз. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Рацыды 32:10 цы дзуттаг идиомӕ ис, «бауадз мӕ», зӕгъгӕ, ис афтӕ дӕр бамбарӕн, ӕмӕ Моисейӕн бар уыд, цӕмӕй израилӕгты сӕрыл рахӕцыдаид ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕрлӕууыдаид, «къулы хуынчъы куыд балӕууай», афтӕ (Пс. 106:23; Йез. 22:30). Куыдфӕнды ма уыдаид, Моисей нӕ тарст Йегъовӕйӕн йӕ хъуыды ӕргом зӕгъын.

^ 16 абз. Рагон дзуттаг тексты ацы хъуыды комкоммӕ у, Йегъовӕ «фӕфӕсмон кодта», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ, Йегъовӕ ӕппӕт адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг уыд, уый сыл нал ӕруагъта.

Бахъуыды кодтай?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ адӕймаджы цӕстӕй ма кӕсӕм?

• Йесойы хъуыддӕгтӕ куы ӕмбарӕм, уӕд «Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ» куыд суыдзыстӕм?

• Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Авраамимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цы базыдтай?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Авраамимӕ куыд уыд, уымӕй йӕ хъуыдыты тыххӕй цы ис базонӕн?