Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы «рӕстдзинад»

Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы «рӕстдзинад»

Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы «рӕстдзинад»

«Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (МАТФ. 6:33).

1, 2. Цы у Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ ӕнгом баст цӕимӕ у?

«ФЫЦЦАДЖЫДӔР агурут Хуыцауы паддзахад» (Матф. 6:33). Ацы фӕдзӕхст радта Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр зоны. Нӕ царды алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у, Хуыцауы паддзахадӕн кӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм. Фӕлӕ нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы Чырыстийы фӕдзӕхстӕн йӕ иннӕ хай дӕр, ома, агурут Хуыцауы рӕстдзинад, зӕгъгӕ. Цы у Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ цы нысан кӕны фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад агурын?

2 Йегъовӕ Дунерафӕлдисӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уый скъуыддзаг кӕны, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, стӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый дӕр (Рарг. 4:11). Хуыцауы рӕстдзинад, кӕрон дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕгъатыр ӕмӕ карз закъӕттӕй ӕмӕ уагӕвӕрдтӕй арӕзт нӕу. Уыцы миниуӕг у Йегъовӕйы сӕйраг миниуджытӕй сӕ иу ӕмӕ ӕнгом баст у йӕ иннӕ сӕйраг миниуджытимӕ – уарзондзинадимӕ, зондимӕ ӕмӕ хъаруимӕ. Хуыцауы рӕстдзинад ма баст у йӕ фӕндонимӕ дӕр, ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыимӕ дӕр.

3. а) Цы нысан кӕны фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы рӕстдзинад? ӕ) Йегъовӕйы раст уагӕвӕрдтыл фидар хӕцын цӕмӕн хъӕуы?

3 Цы нысан кӕны фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы рӕстдзинад? Уый нысан кӕны, Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Уымӕ ма хауы, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый кӕнын ӕмӕ нӕ цард аразын, йе ’ххӕст закъӕттӕм гӕсгӕ, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ нӕ фӕлӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2.) Уый ма баст у, Йегъовӕимӕ нӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уыимӕ дӕр. Мах ын йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм, ӕфхӕрдӕй кӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын ӕмӕ фидар хӕцын нӕхи уагӕвӕрдтыл нӕ, фӕлӕ уый уагӕвӕрдтыл. Мах ӕй ӕмбарӕм, уымӕй растдӕр кӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй нын уый дӕтта разамынд. Мах дӕр хъуамӕ Чырыстийау, Хуыцауы Паддзахады Паддзахау, рӕстдзинад уарзӕм (Дзут. 1:8, 9).

4. Цӕмӕн хъӕуы Хуыцауы рӕстдзинад агурын?

4 Цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйы рӕстдзинад агурын? Ахъуыды-ма кӕнӕм Адам ӕмӕ Евӕйы хабарыл. Едемы цӕхӕрадоны сӕ фӕлварӕн уыди, Йегъовӕйы сӕ зондамонӕгыл нымайдзысты ӕви нӕ, уый (Райд. 2:17; 3:5). Уыдон Хуыцауы ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ уый тыххӕй мах дӕр, сӕ байзӕддӕгты, хъизӕмӕртты ӕмӕ мӕлӕты хай бакодтой (Ром. 5:12). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы фыст ис: «Рӕстдзинадмӕ ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард, рӕстдзинад ӕмӕ кад» (Ӕмб. 21:21). Уӕдӕ, фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад куы агурӕм, уӕд Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уыдзыстӕм ӕмӕ уый фӕрцы ирвӕзындзинад райсдзыстӕм (Ром. 3:23, 24).

Нӕхи цӕсты раст уӕм – тӕссаг у

5. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

5 Апостол Павел ромаг чырыстӕттӕм цы фыстӕг ныффыста, уым нӕ фӕдзӕхсы, фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад агургӕйӕ ӕнтыстджын куы уӕм, уӕд нын тӕссаг цӕмӕй у, уымӕй. Павел, йӕ рӕстӕджы цы дзуттӕгтӕ цард, уыдоны тыххӕй загъта: «Уыдоны тыххӕй мӕ бон зӕгъын у, ӕмӕ Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц. Уыдон сӕхи Хуыцауы рӕстдзинады дӕлбар нӕ бакодтой, уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый нӕ зыдтой, фӕлӕ архайдтой, сӕхӕдӕг рӕстгӕнджытӕ кӕй сты, уый равдисыныл» (Ром. 10:2, 3). Павелы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы адӕм не ’мбӕрстой, Хуыцауы рӕстдзинад цы у, уый, уымӕн ӕмӕ архайдтой сӕхи рӕстгӕнджытӕй равдисыныл *.

6. Тӕссаг нын цӕмӕй у ӕмӕ цӕмӕн?

6 Тӕссаг нын цӕмӕй у, уыдонӕй иу у, нӕ лӕггад нын ерысы хуызӕн куы суа ӕмӕ нӕхи иннӕтимӕ куы барӕм, уӕд уый. Афтӕмӕй адӕймаг йӕхимӕ ӕгӕр зондджын ӕмӕ раст ӕркӕсы, Хуыцауы рӕстдзинад цы у, уый та ферох кӕны (Гал. 6:3, 4). Мах, раст цы у, уый аразӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕхимӕ иннӕтӕй растдӕр куы кӕсӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ Хуыцауы нӕ уарзӕм. (Бакӕс Лукайы 16:15.)

7. Адӕймаг йӕхимӕ иннӕтӕй растдӕр кӕй фӕкӕсы, уый тыххӕй Чырысти цавӕр хабар радзырдта?

7 «Йӕхи рӕстгӕнӕг чи хуыдта ӕмӕ иннӕты чи ницӕуыл нымадта» уыдоны тыххӕй Чырысти радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас: «Дыууӕ лӕджы бацыдысты кувӕндонмӕ кувынмӕ: сӕ иу уыд фарисей, иннӕ та – хъалонисӕг. Фарисей слӕууыд ӕмӕ йӕхинымӕр кувын райдыдта: „О Хуыцау, бузныг, ӕз иннӕты хуызӕн стигъӕг, фыдгӕнӕг, хӕтаг кӕй нӕ дӕн, науӕд мӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн. Къуыри дыууӕ хатты ком дарын, цыдӕриддӕр самал кӕнын, уымӕй дӕсӕм хай раттын“. Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „О Хуыцау, ныххатыр мын кӕн, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн“». Чырысти йӕ фӕсномыг ныхасы фӕстӕ загъта: «Ацы лӕг сӕхимӕ иннӕмӕй рӕстагдӕрӕй ацыд. Уымӕн ӕмӕ, йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Лук. 18:9–14).

Иннӕ тӕссаг хъуыддаг – «ӕгӕр раст ма уӕм»

8, 9. Адӕймаг «ӕгӕр раст» уа, уый цы нысан кӕны ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕны?

8 Тӕссаг ма нын цӕмӕй у, уый тыххӕй Екклесиасты 7:16 афтӕ фыст ис: «Ӕгӕр раст ма у ӕмӕ дӕхицӕй ӕгӕр зондджын ма араз. Дӕхи цӕмӕн сафыс?». Ацы ныхӕстӕ чи ныффыста, уый дарддӕр 20 стихы дзуры, уыцы хъуыддагӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм, уый тыххӕй: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы». Йӕхи «ӕгӕр раст» чи хоны, уый йӕхи уагӕвӕрдтӕ ӕрхъуыды кӕны ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыдонмӕ гӕсгӕ фӕтӕрхон кӕны. Фӕлӕ йӕ ферох вӕййы, Хуыцауы уагӕвӕрдтӕй йӕхи уагӕвӕрдтӕ уӕлдӕр кӕй сӕвӕры, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи Хуыцауы цӕсты кӕй бафтауы.

9 Йӕхимӕ «ӕгӕр раст» чи фӕкӕсы, уыцы адӕймаг сдзырддаг кӕны, Йегъовӕ хъуыддӕгтӕ куыд ӕвзары, уый. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон куы фауӕм, уӕд нӕхимӕ Хуыцауӕй растдӕр кӕй кӕсдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд Хуыцауӕн тӕрхон кӕнӕм, нӕхимӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ. Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый (Ром. 14:10).

10. Иовау мах дӕр Хуыцауӕн кӕд тӕрхон кӕндзыстӕм?

10 Махӕй никӕй фӕнды Хуыцауӕн тӕрхон кӕнын, кӕд нӕ не ’нӕххӕст зӕрдӕ уымӕ фӕардауы, уӕддӕр. Уый ӕнцонтӕй рауайы, исты хъуыддаг нӕм раст куы нӕ фӕкӕсы кӕнӕ исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Ахӕм рӕдыд хъуыдыйыл хӕст уыд суанг Иов дӕр, Хуыцауыл иузӕрдион лӕг. Иовы тыххӕй Библийы фыст ис: «Иов уыди ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг, тарст Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хызта ӕвзӕрдзинадӕй» (Иов 1:1). Фӕлӕ Иов цы дудгӕбӕттӕ бавзӕрста, уыдоны тыххӕй хъуыды кодта, ӕмӕ йыл ницӕй тыххӕй ӕрцыдысты. Иов «Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи хуыдта раст» (Иов 32:1, 2). Ӕмӕ уый тыххӕй Иовӕн хъуыди йӕ зондахаст аивын. Уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, иуӕй-иу хатт, махмӕ дӕр ахӕм хъуыды кӕй фӕзыны. Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн нӕ зондахаст аивын?

Алыхатт алцы нӕ фӕзонӕм

11, 12. а) Исты хъуыддаг нӕм раст куы нӕ фӕкӕсы, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? ӕ) Чырысти цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым иуӕй-иу хабӕрттӕ кӕмӕдӕрты раст цӕуылнӕ кӕсынц?

11 Хъуамӕ нӕ рох ма уа иу хъуыддаг: алыхатт алцы нӕ фӕзонӕм. Иов дӕр алцы нӕ зыдта. Уымӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, зӕдтӕ уӕлӕрвты кӕй ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дзы Сайтаны мӕнгныхӕстӕ кӕй фӕдзырдта (Иов 1:7–12; 2:1–6). Уый йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, йӕ дудгӕбӕттӕ йын Сайтан кӕй ӕвзарын кодта. Иов, ӕвӕццӕгӕн, Сайтан чи у, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта. Уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодта, йӕ хъизӕмӕрттӕ Хуыцауӕй кӕй уыдысты. Мах дӕр алцы кӕй нӕ фӕзонӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт раст хъуыдымӕ не ’рцӕуӕм.

12 Ныр та ахъуыды кӕнӕм, Чырысти сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, ууыл. (Бакӕс Матфейы 20:8–16.) Йесо радзырдта, хицау йӕ кусджытӕн иухуызон мызд кӕй бафыста, ӕнӕхъӕн бон чи бакуыста, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иу сахат чи бакуыста, уыдонӕн дӕр. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы хицау раст бакодта? Ӕвӕццӕгӕн, судзгӕ хурмӕ ӕнӕхъӕн бон чи куыста, уыдон дӕм тӕригъӕддӕр кӕсынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонмӕ фылдӕр ӕмбӕлд. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕнӕфсирдоны хицау уыд дурзӕрдӕ ӕмӕ раст нӕ бакодта, науӕд, йӕ кусджытӕ куы хъаст кодтой, уӕд сын цы загъта, уымӕй сын бамбарын кодта, зӕгъгӕ, ӕз дӕн хицау, ӕмӕ мӕ куыд фӕнды, афтӕ кӕнын. Фӕлӕ цымӕ алцыдӕр бӕлвырд зонӕм?

13. Чырысти цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый тыххӕй ма цы ис зӕгъӕн?

13 Ацы фӕсномыг ныхасмӕ ма ӕндӕрырдыгӕй дӕр ӕркӕсӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕнӕфсирдоны хицау зыдта, йӕ кусджыты сӕ бинонты дарын кӕй хъӕуы, уый. Чырыстийы заман кусӕгӕн фыстой, боны мидӕг-иу цас бакуыста, уыйбӕрц. Ӕмӕ-иу йӕ бинонтӕ алы бон дӕр уыцы мыздмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты. Ныр ахъуыды кӕн, хицау изӕрырдӕм кӕй баххуырста ӕмӕ, иу сахаты бӕрц чи бакуыста, уыдоны уавӕрыл. Иу сахатмӕ цас бакуыстаиккой, уый, ӕвӕццӕгӕн, сӕ бинонты фаг нӕ уыдаид. Фӕлӕ сӕ кусын фӕндыд ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон ӕнхъӕлмӕ кастысты, кӕд сӕ баххуырсдзысты, уымӕ (Матф. 20:1–7). Ӕнӕхъӕн бон кӕй нӕ бакуыстой, уый сӕхи аххос нӕ уыд. Стӕй кусынмӕ дӕр зивӕг нӕ кодтой. Ахъуыды-ма кӕн, ӕнӕхъӕн бон лӕууыс ӕмӕ зоныс, дӕ бинонтӕ дын дӕ мыздмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Ӕхсызгон дын нӕ уаид, исчи дӕ цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр куы баххуырсид, уӕлдай дӕр та, дӕ бинонты фаг дын ӕхца куы бафидид, уӕд?

14. Ацы фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

14 Ныр та ӕркӕсӕм хицауы хабармӕ. Уыцы хицау йӕ кусджытимӕ цӕуыл баныхас кодта, уымӕй къаддӕр дзы иуӕн дӕр нӕ бафыста. Ӕмӕ уыцы ӕхца алкӕмӕндӕр йӕ бинонты фаг уыд. Куыстагур адӕм бирӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыди, къаддӕр кӕмӕн бафыстаид, ахӕм кусджыты баххуырсын, фӕлӕ афтӕ нӕ бакодта. Чи йӕм куыста, уыдон иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фаг ӕхцаимӕ аздӕхтысты. Уыцы лыстӕг хабӕрттӕ иууылдӕр нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд уыцы хицауыл нӕ зӕрдӕ нал худдзӕн. Уыцы хицау уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ дзы иуы дӕр нӕ фӕсайдта. Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Адӕймаг хабӕрттӕ иууылдӕр куы нӕ фӕзоны, уӕд раст хъуыдымӕ не ’рцӕуы. Ацы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, Хуыцауы рӕстдзинадӕн ӕмбал кӕй нӕй ӕмӕ йӕ рӕстдзинад адӕймаджы закъӕттӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у.

Нӕ цӕстӕнгас алыхатт раст нӕ вӕййы

15. Нӕ цӕстӕнгас алыхатт раст цӕуылнӕ вӕййы?

15 Исты нӕм раст куы нӕ фӕкӕсы, уӕд ма нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм ноджыдӕр иу хабар: нӕ цӕстӕнгас алыхатт раст нӕ вӕййы кӕнӕ алцы кӕронмӕ нӕ фембарӕм. Уый вӕййы не ’нӕххӕстдзинады аххосӕй, адӕммӕ иухуызон цӕстӕй кӕй нӕ фӕкӕсӕм ӕмӕ алыхуызон уавӕрты кӕй схъомыл стӕм, уый тыххӕй. Стӕй ма кӕронмӕ нӕ фӕзонӕм, адӕймаг цавӕрдӕр хъуыддаг цӕмӕн сарӕзта, уый ӕмӕ иннӕйы зӕрдӕмӕ ныккӕсын нӕ бон кӕй нӕу, уый тыххӕй дӕр. Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы бон та у адӕймаджы зӕрдӕмӕ ныккӕсын (Ӕмб. 24:12; Матф. 9:4; Лук. 5:22).

16, 17. Хӕтындзинады тыххӕй закъон куыд домдта, афтӕ Йегъовӕ Давид ӕмӕ Вирсавийӕн цӕуылнӕ бакодта?

16 Ӕркӕсӕм-ма, Давид ӕмӕ Вирсави цы тӕригъӕд ракодтой, уымӕ (2 Сам. 11:2–5). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ сӕ дыууӕйы дӕр хъуыди амарын (Лев. 20:10; Дык. з. 22:22). Ӕмӕ сӕ кӕд Йегъовӕ бафхӕрдта, уӕддӕр закъон куыд домдта, афтӕ сын нӕ бакодта. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ раст нӕ уыд? Давиды хъулон уарзт кӕй кодта, уый тыххӕй ахызт йӕ закъоны сӕрты? Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц.

17 Уыцы закъон Йегъовӕ радта ӕнӕххӕст тӕрхонгӕнджытӕн. Уыдон та нӕ уыдтой, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр закъоны фӕрцы сӕ бон уыд раст уынаффӕтӕ хӕссын. Йегъовӕ та уыны зӕрдӕтӕ (Райд. 18:25; 1 Аз. 29:17). Йегъовӕ ӕнӕххӕст тӕрхонгӕнджытӕн кӕй радта, канд уыцы закъонмӕ гӕсгӕ нӕ архайы. Афтӕ куы кодтаид, уӕд ӕй абарӕн уыдаид, хорз чи уыны, ахӕм адӕймагыл цыма тыхӕй кӕсӕнцӕстытӕ кӕны, уыимӕ, кӕнгӕ та сӕ хъуамӕ скодтаид, ӕвзӕр чи уыны, уыцы адӕймаг. Йегъовӕ уыдта Давид ӕмӕ Вирсавийы зӕрдӕтӕ ӕмӕ, зӕрдӕбынӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый дӕр, ӕмӕ сын йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ тӕрхон рахаста.

Дарддӕр дӕр агур Йегъовӕйы рӕстдзинад

18, 19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ ма тӕрхон кӕнӕм?

18 Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй нӕм исты раст куы нӕ фӕкӕса, зӕгъӕм, Библийы уа кӕнӕ ныл исты хабар ӕрцӕуа, уӕд-иу нӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ Хуыцауӕн ма тӕрхон кӕнӕм. Нӕ зӕрдыл нӕ дарын хъӕуы, нӕ цӕстӕнгас алыхатт раст кӕй нӕ вӕййы ӕмӕ алцы кӕронмӕ кӕй нӕ фембарӕм. Макуы нӕ уӕд рох, «адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иак. 1:19, 20). Уӕд Йегъовӕмӕ нӕ «мӕсты» кӕндзыстӕм (Ӕмб. 19:3).

19 Чырыстийау мах дӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, раст ӕмӕ хорз цы у, уый Йегъовӕ кӕй скъуыддзаг кӕны (Марчы 10:17, 18). Уӕдӕ тырнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы уӕгӕвӕрдтӕ «бӕлвырдӕй» базонӕм (Ром. 10:2; 2 Тим. 3:7). Афтӕ куы кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн «фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад» кӕй агурӕм, уый (Матф. 6:33).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Иу ахуыргонды ныхӕстӕм гӕсгӕ, дзырд «равдисын» цы рагон грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «цырт сӕвӕрын» дӕр. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр архайдтой цырт сӕвӕрыныл Хуыцауы кадӕн нӕ, фӕлӕ сӕхи кадӕн.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕмӕн хъӕуы Йегъовӕйы рӕстдзинад агурын?

• Цавӕр дыууӕ тӕссаг хъуыддагӕй хъуамӕ хизӕм нӕхи?

• Куыд у нӕ бон фыццаджыдӕр Хуыцауы рӕстдзинад агурын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм, кувӕндоны цы дыууӕ нӕлгоймаджы куывтой, уыдонӕй?

[Ныв 10 фарсыл]

Иу сахат чи бакуыста ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон чи куыста, уыдонӕн иухуызон мызд бафидын раст уыди?