Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фембӕлдты иннӕты фидар кӕныныл архайыс?

Фембӕлдты иннӕты фидар кӕныныл архайыс?

Фембӕлдты иннӕты фидар кӕныныл архайыс?

«Иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййут, уӕд... алцыдӕр аразут кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн» (1 КОР. 14:26).

1. Павел 1 Коринфӕгтӕм 14 сӕры ӕмбырды сӕйраг нысаны тыххӕй цы дзуры?

«АБОН ӕмбырды тынг бафидар дӕн!» Ӕмбырды фӕстӕ-иу афтӕ никуы загътай? Ай-гъай дӕр, загътаис! Ӕцӕгдӕр, ӕмбырд нын нӕ ныфсыл ныфс бафтауы, ӕмӕ уый диссаг нӕу. Фыццаг ӕнусы ӕмбырдтӕн сӕ нысан уыд чырыстӕттӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, ӕмӕ абон дӕр сӕ нысан уый у. Ӕркӕсӕм-ма, ӕмбырдӕн йӕ сӕйраг нысан цы у, уый тыххӕй апостол Павел Коринфӕгтӕм йӕ фыццаг фыстӕджы цы загъта, уымӕ. 14 сӕры Павел цалдӕр хатты загъта, ӕмбырды алы хайӕн дӕр иу нысан кӕй хъуамӕ уа – «ӕмбырд фидар кӕнын». (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 14:3, 12, 26.) *

2. а) Ӕмбырды цӕй фӕрцы бафидар вӕййӕм? ӕ) Цавӕр фарстайыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Мах ӕй ӕмбарӕм, ӕмбырды кӕй бафидар вӕййӕм сӕйраджыдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы уылты. Уымӕ гӕсгӕ, алы фембӕлды размӕ дӕр зӕрдӕбынӕй скувӕм, цӕмӕй нын нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты не ’мбырдӕн раарфӕ кӕна. Фӕлӕ ма йӕ зонӕм, ӕмбырды алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у, цӕмӕй иннӕты фидар кӕна. Уӕдӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ Паддзахады залы алы къуыри дӕр цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдон нӕ фидар кӕной ӕмӕ нын ныфсы хос уой?

3. Ӕмбырды фембӕлдтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты?

3 Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, ӕмбырды фембӕлдтӕ чи уадзы, уыдон сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой, уымӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфта. Ацы хъуыддаг у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы ӕрбацӕуӕм ӕмӕ дзы куы фӕархайӕм, уӕд уымӕй Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (Пс. 26:12; 111:1; Ис. 66:22, 23).

Библи ахуыр кӕнӕм

4, 5. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры нысан цы у?

4 Алкӕйдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй нын алы къуыри дӕр «Хъхъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр стыр пайда хӕсса. Уымӕ гӕсгӕ, уыцы фембӕлды нысан цы у, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕркӕсӕм, ацы журналы ахуыргӕнӕн статьяты цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уымӕ.

5 Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ӕддаг цъар 2008 азы 15 январы номырӕй фӕстӕмӕ тынг фӕивта – фӕзынд дзы ног цыдӕр. Бафиппайдтай йӕ? Дӕ къухы цы журнал ис, уымӕ ма иухатт ӕркӕс. Уым мӕсыгы бын фенӕн ис Библи гомӕй. Уый нын ӕмбарын кӕны, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цӕмӕн фӕахуыр кӕнӕм, уый. Ацы журналы фӕрцы ахуыр кӕнӕм Библи. Алы къуыри дӕр нын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы статьятӕ «ӕмбарын кӕнынц» Хуыцауы Ныхас ӕмӕ, Неемийы рӕстӕджы куыд уыд, афтӕ йын «йӕ хъуыды халынц» (Неем. 8:8; Ис. 54:13).

6. а) «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяты цы фӕивта? ӕ) Стихты фарсмӕ, бакӕс ӕй, зӕгъгӕ, цӕмӕн вӕййы фыст?

6 Царды нын Библи сӕйрагдӕр кӕй у, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыргӕнӕн статьяты цыдӕртӕ фӕивта. Алы статьяйы дӕр цы стихтӕ вӕййы, уыдонӕй цалдӕры фарсмӕ фыст вӕййы, бакӕс ӕй, зӕгъгӕ. Хорз уаид, цӕмӕй-иу сӕ ӕмбырды рӕстӕг нӕхи Библиты бакӕсӕм (Ап. хъ. 17:11). Цӕмӕн? Хуыцау нын цы зӕгъинаг у, уый нӕхи Библийы куы фенӕм, уӕд нӕм тынгдӕр бахъары (Дзут. 4:12). Уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ ацы стихтӕ хъӕрӕй нӕ бакӕсынц, уӕдмӕ уал, «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр чи фӕуадзы, уыцы ӕфсымӕр хъуамӕ фаг рӕстӕг ратта, цӕмӕй сӕ иууылдӕр сӕхи Библиты ссарой ӕмӕ сӕм кӕсой.

Дзуаппытӕн фылдӕр рӕстӕг

7. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры рӕстӕг нын цавӕр фадат вӕййы?

7 Иннӕ ивындзинад та уый у, ӕмӕ фӕстаг азты статьятӕ фӕцыбырдӕр сты. Афтӕмӕй ахуыры рӕстӕг абзацтӕ кӕсыныл ацӕуы къаддӕр рӕстӕг, дзуаппытӕ дӕттынӕн та баззайы фылдӕр рӕстӕг. Ӕмӕ ныр ӕмбырды фылдӕр адӕмӕн ис фадат сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом дзурынӕн. Зӕгъӕм, чидӕр статьяйы фарстайӕн комкоммӕ дзуапп ратты, чидӕр стих бамбарын кӕны, чидӕр та, Библийы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын зондыл дзурӕг кӕй у, уый тыххӕй исты хабар радзуры. Нывтыл аныхас кӕнынӕн дӕр хъӕуы рӕстӕг рахицӕн кӕнын. (Бакӕс Псалом 22:22; 35:18; 40:9.)

8, 9. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр цы ӕфсымӕр фӕуадзы, уымӕн йӕ хӕс цы у?

8 Фӕлӕ иннӕтӕн дӕр сӕ хъуыдытӕ зӕгъыны фадат ӕрмӕст уӕд уыдзӕн, алчидӕр цыбыр дзуаппытӕ куы дӕтта ӕмӕ, ахуыр чи уадзы, уыцы ӕфсымӕр йӕ хъуыдытӕ ӕгӕр арӕх куы нӕ дзура. Уӕдӕ ӕфсымӕры куыд бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй уыцы хъуыддаг йӕ къухы бафта ӕмӕ ӕмбырды алчидӕр бафидар уа?

9 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыр ис абарӕн, цӕст кӕсынӕй кӕмӕ не ’фсӕды, ахӕм букетимӕ. Стыр букеты бирӕ алыхуызон дидинджытӕ куыд вӕййы, афтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры рӕстӕг дӕр вӕййы бирӕ алыхуызон дзуаппытӕ. Дидинджытӕй иутӕ гыццылдӕр вӕййынц, иннӕтӕ стырдӕр, стӕй иутӕ иухуызон, иннӕтӕ ӕндӕрхуызон. Афтӕ ӕмбырды цы дзуаппытӕ фӕдӕттӕм, уыдонӕй дӕр иутӕ вӕййынц цыбырдӕр, иннӕтӕ та даргъдӕр ӕмӕ ма фӕхицӕн кӕнынц, куыд сӕ фӕзӕгъӕм, уымӕй дӕр. Ӕмӕ ӕфсымӕр та уыцы букеты куыд сфидаудзӕн? Йӕ ныхӕстӕ ис абарӕн букеты гыццыл цъӕх сыфтӕ куыд бавӕрынц, уыимӕ. Цъӕх сыфтӕ дидинджытӕй фылдӕр нӕ вӕййынц, фӕлӕ сӕ рафидауын кӕнынц. Афтӕ ӕфсымӕр дӕр хъуамӕ йӕ хъуыдыйы дара йӕ хӕс – фылдӕр уый ма дзура, фӕлӕ иннӕтӕ, уый та сын сӕ дзуаппытӕ рафидауын кӕна, ома цыбыртӕй зӕгъа, дзуаппытӕ хорз цӕмӕй сты. Ахуыры рӕстӕджы дзуаппытӕ бирӕ ӕмӕ алыхуызон куы вӕййынц ӕмӕ ӕфсымӕр та искуы иухатт йӕ ныхас куы «бавӕры», уӕд уыцы ахуыр дӕр рауайы рӕсугъд букеты хуызӕн ӕмӕ се ’пӕттӕн дӕр вӕййы ӕхсызгон.

«Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд»

10. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕмбырдтӕм цы цӕстӕй кастысты?

10 Чырыстон ӕмбырдты тыххӕй Павел 1 Коринфӕгтӕм 14:26–33 цы загъта, уымӕй бамбарӕн ис, ӕмбырдтӕ фыццаг ӕнусы куыд цыдысты, уый. Ацы стихты фӕдыл иу ахуыргонд ныффыста: «Рагон чырыстон ӕмбырдтӕ куыд цыдысты, уый тыххӕй зӕгъын хъӕуы, алчидӕр сӕ йӕхицӕн стыр кадыл ӕмӕ хӕсыл дӕр кӕй нымадта ӕмбырды хъуыддӕгты архайын. Ӕмбырдмӕ-иу уый тыххӕй не ’рбацыдысты, цӕмӕй ӕрмӕст бадтаиккой ӕмӕ хъуыстаиккой. Алчидӕр-иу ӕрбацыд, ӕрмӕст исты райсынмӕ нӕ, фӕлӕ исты раттынмӕ дӕр». Ӕцӕгдӕр, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕмбӕрстой, ӕмбырдтӕ сын ахӕм фадат кӕй лӕвӕрдтой, цӕмӕй сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом дзырдтаиккой (Ром. 10:10).

11. а) Ӕмбырдты кӕрӕдзи цӕй фӕрцы фидар кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Цавӕр уынаффӕтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ дзуаппытӕ фӕхуыздӕр кӕнӕм? (Кӕс фиппаинаг.)

11 Фембӕлдты нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом кӕй фӕдзурӕм, уый стыр ӕххуыс у «ӕмбырд фидар кӕнынӕн». Ӕвӕццӕгӕн ды дӕр сразы уыдзынӕ, цасфӕнды ма цӕуӕм ӕмбырдтӕм, уӕддӕр нын ӕхсызгон кӕй вӕййы не ’фсымӕрты ӕмӕ нӕ хоты дзуаппытӕм хъусын. Нӕ иузӕрдион ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ зӕрдӕбын дзуаппытӕм куы фӕхъусӕм, уӕд нын нӕ зӕрдӕ бацагайынц. Нӕ уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы арф хъуыдытӕ фӕзӕгъынц, уыдон нӕ ныфс бауадзынц. Гыццыл сывӕллӕты хуымӕтӕг дзуаппытӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй байдзаг кӕнынц, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй равдисынц, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый. Уӕдӕ, ӕмбырды дзуапп кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй нӕ алчидӕр иннӕты фидар кӕны *.

12. а) Моисейы ӕмӕ Йеремийы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? ӕ) Дзуаппытӕ дӕттынӕн нын куывд куыд ӕххуыс кӕны?

12 Фӕлӕ уӕддӕр, ӕфсӕрмыгӕнаг чи у, уыдонӕн тынг зын вӕййы ӕмбырды дзуапп дӕттын. Кӕд дӕуӕн дӕр зын вӕййы, уӕд дӕ зӕрдыл дар, иунӕг кӕй нӕ дӕ. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ Моисей ӕмӕ Йереми дӕр дзырдтой, сӕ бон кӕй нӕу адӕмы раз дзурын (Рац. 4:10; Йер. 1:6). Кӕд Йегъовӕ уыдонӕн баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ ӕргом кадджын кодтаиккой, уӕд дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын кады нывонд хӕссай. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:15.) Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй дын Йегъовӕ баххуыс кӕна ӕмӕ ма тӕрсай дзуапп дӕттын? Фыццаджыдӕр-иу дӕхи ӕмбырдмӕ дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн. Стӕй, цалынмӕ Паддзахады залмӕ не ’рбацӕуай, уӕдмӕ-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу ын зӕгъ, цӕмӕй дӕ ныфс бауадза ӕмӕ дӕ бон уа дзуапп раттын (Фил. 4:6). Йегъовӕ дын дӕ куывдӕн ӕнӕмӕнг дзуапп ратдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзы цы курыс, уый «йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ» у (1 Иоан. 5:14; Ӕмб. 15:29).

Сты «фидар кӕнынӕн, ныфс уадзынӕн ӕмӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауынӕн»

13. а) Ӕмбырдтӕ куыд хъуамӕ фӕзыной, чи сӕм ӕрбацӕуы, уыдоныл? ӕ) Хистӕр нӕлгоймӕгты цавӕр фарстайыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

13 Павел загъта, ӕмбырдтӕн сӕ нысан кӕй у, цӕмӕй, уырдӕм чи ӕрбацӕуы, уыдоны «фидар кӕной, ныфс сӕ уадзой ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауой» * (1 Кор. 14:3). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ раныхӕстӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауой ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕтӕ рӕвдауой? Ӕркӕсӕм, Йесо куы райгас, уый хӕдфӕстӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цы фембӕлд уыд, уымӕ.

14. а) Чырысти йӕ апостолты цы фембӕлдмӕ фӕхуыдта, уый размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд? ӕ) Чырысти йӕ апостолтӕм куы бацыд ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд сын цӕмӕн фенцондӕр ис?

14 Ӕркӕсӕм уал, уыцы фембӕлды размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонмӕ. Йесо Чырыстийы йӕ апостолтӕ йӕ мӕлӕты размӕ «ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты», ӕмӕ Йесо куыд загъта, афтӕ иууылдӕр сӕ хӕдзӕрттыл ныппырх сты (Марчы 14:50; Иоан. 16:32). Чырысти куы райгас, уӕд йӕ ныфссаст апостолты фембӕлдмӕ фӕхуыдта *. Уӕд «йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы ацыдысты Галилейӕмӕ, цы хохмӕ сын загъта, уырдӕм». Уырдӕм куы ӕрцыдысты, уӕд сӕм Йесо бацыд ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдта (Матф. 28:10, 16, 18). Ахъуыды-ма кӕн, куыд сын фенцондӕр уыдаид, Йесо сӕм йӕхӕдӕг куы сдзырдта, уӕд! Цымӕ сын цы дзырдта?

15. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕуыл ныхас кодта ӕмӕ цӕуыл нӕ ныхас кодта? ӕ) Уыцы фембӕлд йӕ апостолтыл куыд фӕзынд?

15 Йесо фембӕлд райдыдта ахӕм хъусинагӕй: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ». Стӕй сын радта ахӕм хӕс: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ». Ӕмӕ сын фӕстагмӕ загъта ныфсы ныхӕстӕ, ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ, зӕгъгӕ (Матф. 28:18–20). Бафиппайдтай, Йесо цы нӕ бакодта, уый? Йӕ апостолтӕн нӕ бауайдзӕф кодта. Семӕ уый тыххӕй дӕр нӕ фембӕлд, цӕмӕй сын загътаид, сымахыл ӕууӕндӕн нӕй, зӕгъгӕ, ӕмӕ, сӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕй разынд, уый тыххӕй сӕ сӕхимӕ ноджы тынгдӕр ныхъхъусын кодтаид. Фӕлӕ сын Йесо сӕ бӕрны тынг ахсджиаг хъуыддаг бакодта ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ йӕ Фыд дӕр бирӕ кӕй уарзынц. Йесо йӕ апостолтимӕ куыд аныхас кодта, уый сыл куыд фӕзынд? Афтӕ тынг бафидар сты, уыйбӕрц ныфс сӕ бауагъта ӕмӕ сӕ афтӕ барӕвдыдта, ӕмӕ та гыццыл рӕстӕджы фӕстӕ «амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой... хорз хабар» (Ап. хъ. 5:42).

16. Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йесойы куыд фӕзмынц, цӕмӕй ӕмбырдты иннӕты фидар кӕной?

16 Абон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕзмынц Йесойы ӕмӕ фембӕлдты се ’мчырыстӕтты зӕрдыл лӕууын кӕнынц, Йегъовӕ сӕ ӕнӕкӕрон уарзтӕй кӕй уарзы, уый (Ром. 8:38, 39). Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырдты фӕдзурынц ӕфсымӕрты лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ сӕ хорз миниуджыты тыххӕй. Се ’фсымӕртӕ иузӕрдион кӕй сты, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕнынц. Сӕ ныхӕстӕй бӕрӕг вӕййы, кӕй сӕ нымайынц, Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ раст цы у, уый аразынмӕ чи тырны, ахӕм чырыстӕттыл (1 Фес. 4:1, 9–12). Кӕй зӕгъын хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгты хатт фӕхъӕуы ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн уынаффӕ раттын. Фӕлӕ уынаффӕ раттын цалдӕр адӕймагӕн куы фӕхъӕуы, уӕд семӕ хибарӕй аныхас кӕнынц (Гал. 6:1; 2 Тим. 2:24–26). Ӕмбырдӕн та уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд фӕархайынц, цӕмӕй-иу сӕ ӕппӕлгӕ дӕр ракӕной (Ис. 32:2). Афтӕ куы кӕной, уӕд-иу ӕмбырды фӕстӕ алкӕмӕ дӕр ног тыхтӕ фӕзындзӕн ӕмӕ-иу сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн (Матф. 11:28; Ап. хъ. 15:32).

Удӕнцой ссарӕн кӕм ис, ахӕм ран

17. а) Абон уӕлдай ахсджиагдӕр цӕмӕн у, цӕмӕй ӕмбырдтӕ удӕнцой хӕссой? ӕ) Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕмбырдты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм? (Кӕс фӕлгӕты «Дӕс уынаффӕйы, цӕмӕй нӕ фембӕлдтӕ нӕхи дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр фидар кӕной».)

17 Хӕйрӕджы дуне ӕгъатырӕй-ӕгъатырдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ фембӕлдтӕ хъуамӕ алкӕмӕн дӕр удӕнцой хӕссой (1 Фес. 5:11). Иу хо йӕ лӕгимӕ цалдӕр азы размӕ стыр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд ӕмӕ афтӕ загъта: «Адӕймаг Паддзахады залмӕ куы ’рбацӕуы, уӕд ӕй цыма Йегъовӕ йӕ хъӕбысмӕ сисы, йӕхи афтӕ фӕхаты. Уым-иу нӕм нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн афтӕ каст, цыма-иу нӕ уӕззау уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам, ӕмӕ-иу нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр сты» (Пс. 55:22). Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй, не ’мбырдтӕм чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдонӕн дӕр-иу сӕ зӕрдӕтӕ афтӕ ӕрсабыр уой ӕмӕ-иу удӕнцой ссарой. Уый тыххӕй та нӕ хъуамӕ алчидӕр архайа, цӕмӕй не ’мбырдты кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 1 абз. Бирӕ раздӕр уыд загъд, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм цы курдиӕттӕ уыд, уыдон фӕстӕдӕр кӕй нал уыдзысты. Зӕгъӕм, абон мах «ӕндӕр ӕвзӕгтыл» нал дзурӕм ӕмӕ нӕм «пехуымпариуӕг кӕныны курдиат» дӕр нал ис (1 Кор. 13:8; 14:5). Фӕлӕ уӕддӕр Павелы ныхӕстӕй хуыздӕр ӕмбарӕм, абон чырыстон ӕмбырдтӕ куыд хъуамӕ цӕуой, уый.

^ 11 абз. Ӕмбырды нӕ дзуаппытӕ куыд фӕхуыздӕр кӕнӕм, уый тыххӕй кӕс чиныг «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола», 70 фарс, 2–4 абзацтӕ.

^ 13 абз. Дзырдтӕ «ныфс уадзын» ӕмӕ «зӕрдӕтӕ рӕвдауын» кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый тыххӕй иу дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, «зӕрдӕтӕ рӕвдауын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, «[ныфс бауадзынӕн цас хъӕуы, уымӕй] фылдӕр баузӕлын, фылдӕр фӕлмӕн уарзт равдисын». (Абар Иоанны 11:19.) («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words»).

^ 14 абз. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд, Павел фӕстӕдӕр афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, Йесо «фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ», уыцы хабар.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Ӕмбырды фембӕлдтӕ ахсджиаг цӕмӕн сты?

• Ӕмбырдты дзуапп кӕй фӕдӕттӕм, уымӕй иннӕты куыд фидар кӕнӕм?

• Йесо йӕ апостолты цы фембӕлдмӕ фӕхуыдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/​Нывтӕ 22, 23 фӕрстыл]

ДӔС УЫНАФФӔЙЫ, ЦӔМӔЙ НӔ ФЕМБӔЛДТӔ НӔХИ ДӔР ӔМӔ ИННӔТЫ ДӔР ФИДАР КӔНОЙ

Дӕхи цӕттӕ кӕн. Ӕмбырды цы ӕрмӕг ӕвзардзыстӕм, уый рагацау куы бацӕттӕ кӕнай, уӕд дын ӕхсызгондӕр уыдзӕн ӕмбырды архайын ӕмӕ дӕм ӕрмӕг тынгдӕр бахъардзӕн.

Ӕмбырдтӕ ма цух кӕн. Ӕмбырдтӕ куы ничи фӕцух кӕны, уӕд иууылдӕр бафидар вӕййынц. Ӕмӕ ды дӕр ӕмбырдтӕ куы нӕ цух кӕнай, уӕд уый иннӕтыл хорзырдӕм фӕзындзӕн.

Афоныл-иу ӕрбацу. Ӕмбырд цалынмӕ нӕ райдыдта, уӕдмӕ дӕ бынаты куы сбадай, уӕд дӕ бон уыдзӕн иннӕтимӕ Йегъовӕйӕн кады зарӕг азарын ӕмӕ ӕфсымӕры куывды фӕстӕ «аммен» зӕгъын.

Демӕ-иу алцыдӕр ӕрбахӕсс. Ӕрбахӕсс-иу дӕ Библи ӕмӕ ӕмбырды рӕстӕг кӕмӕй пайда кӕндзысты, уыцы публикацитӕ.

Лӕмбынӕг хъус. Дӕ СМС-тӕ-иу ӕмбырды рӕстӕг нӕ, фӕлӕ уый фӕстӕ бакӕс. Афтӕмӕй дӕхи хъуыддӕгтӕн уыдзӕн сӕхи рӕстӕг.

Ӕмбырды архай. Дзуаппытӕ цас фылдӕр адӕм ратты, уыййас фылдӕр адӕм бафидар вӕййынц ӕмӕ сӕ ныфсыл ныфс бафты.

Цыбыр дзуаппытӕ дӕтт. Уый фӕрцы фылдӕр адӕмӕн сӕ бон уыдзӕн дзуапп раттын.

Дӕ хӕслӕвӕрд-иу дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы дын уа хӕслӕвӕрд ӕви Хъусын кӕныны фембӕлды, дӕхи-иу рагацау дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн, репетици-иу скӕн ӕмӕ-иу ӕнӕмӕнгӕй сӕххӕст кӕн.

Ӕмбырды чи архайы, уыдонӕй ӕппӕл. Хӕслӕвӕрд кӕмӕн уа кӕнӕ дзуапп чи ратта, уыдонӕн-иу зӕгъ, сӕ фыдӕбонӕн сын куыд тынг аргъ кӕныс, уый.

Иннӕтимӕ-иу аныхас кӕн. Ӕмбырды размӕ-иу ӕмӕ ӕмбырды фӕстӕ иннӕтӕн салам куы дӕттай, куы-иу сыл бацин кӕнай, уӕд сын ноджы ӕхсызгондӕр уыдзӕн ӕмбырдтӕм цӕуын.