Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕстӕртӕ, Хуыцауы Ныхасмӕ хъусут!

Кӕстӕртӕ, Хуыцауы Ныхасмӕ хъусут!

Кӕстӕртӕ, Хуыцауы Ныхасмӕ хъусут!

«Амал кӕн зонд, амал кӕн ӕмбарындзинад» (ӔМБ. 4:5).

1, 2. а) Апостол Павелӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зындзинӕдтимӕ тох кодтаид? ӕ) Зонд ӕмӕ дӕм ӕмбаргӕдзинад цӕй фӕрцы фӕзындзӕн?

«РАСТ цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад». Зоныс ӕй, ацы ныхӕстӕ чи загъта? Апостол Павел. Кӕд Павел Йегъовӕйы уарзта, уӕддӕр ын иуӕй-иу хатт зын уыди, раст цы у, уый аразын. Цымӕ-иу уӕд йӕхи куыд хатыди? «Мӕнӕ цы мӕгуыр дӕн!» – ныффыста Павел (Ром. 7:21–24). Павел йӕхи куыд хатыд, уый ӕмбарыс? Дӕуӕн дӕр, мыййаг, Павелау дӕ ныфс асӕтты? Кӕд о, уӕд ӕнкъард ма кӕн. Кӕд Павелӕн йӕ зындзинӕдтимӕ ӕнтыстджынӕй тох кӕнын уади, уӕд дӕуӕн дӕр рауайдзӕн.

2 Павелӕн уый йӕ къухы ӕфтыд, «раст ныхӕстыл» кӕй хӕцыд, уый фӕрцы (2 Тим. 1:13, 14). Афтӕмӕй зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ссардта, ӕмӕ йын уыдон ӕххуыс кодтой зындзинӕдты сӕрты хизынӕн ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Йегъовӕ дӕуӕн дӕр ратдзӕн зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад (Ӕмб. 4:5). Хуыцауы уынаффӕтӕ сты се ’ппӕтӕй хуыздӕр ӕмӕ фыст сты йӕ Ныхасы, Библийы. (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.) Ӕркӕсӕм, уыцы уынаффӕтӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты дӕ ныййарджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг ссарынӕн, ӕхцаимӕ архайынӕн ӕмӕ, иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд раст цы у, уый аразынӕн.

Бинонты ’хсӕн

3, 4. а) Ныййарджытӕм хъусын зын цӕмӕн вӕййы? ӕ) Цӕмӕн сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕм хъусай?

3 Мыййаг дын дӕ ныййарджытӕм хъусын зын у? Кӕд о, уӕд цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй сӕрибар уай. Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ стыр кӕныс. Фӕлӕ цалынмӕ дӕ ныййарджытимӕ цӕрыс, уӕдмӕ сӕм хъуамӕ хъусай (Еф. 6:1–3).

4 Дӕ ныййарджытӕ дӕ цы домынц, уый куы ’мбарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ ныхасмӕ хъусын. Чи зоны ды дӕр хаттӕй-хатт дӕхи фӕхатыс, 18-аздзыд Бертӕ * йӕхи куыд хатыд, афтӕ. Уый йӕ ныййарджыты тыххӕй афтӕ загъта: «Уыдон дӕр мӕ карӕн кӕй уыдысты, уый сӕ бынтондӕр ферох. Ныхасы бар мын нӕй ӕмӕ мӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕссынц. Афтӕ сӕм кӕсы, ӕмӕ нырма гыццыл сывӕллон дӕн». Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр Бертӕйау хъуыды кӕныс, цы сӕрибардзинад дӕм ӕмбӕлы, уымӕй дӕ дӕ ныййарджытӕ кӕй цух кӕнынц. Фӕлӕ дын дӕ ныййарджытӕ уынаффӕтӕ, сӕйраджыдӕр, уый тыххӕй дӕттынц, ӕмӕ сӕ дӕ хорз фӕнды. Стӕй кӕд дӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ сты, уӕд ӕй ӕмбарынц, дӕу тыххӕй сӕ Йегъовӕйы раз дзуапп дӕттын кӕй хъӕудзӕн (1 Тим. 5:8).

5. Дӕ ныййарджыты коммӕ куы кӕсай, уӕд дын уый цы пайда ’рхӕсдзӕн?

5 Ныййарджыты коммӕ кӕсын абарӕн ис, банкӕй кредит куыд райсай ӕмӕ йӕ куыд фидай, уыимӕ – афоныл ӕй куы фидай, уӕд ма дын иннӕ хатт ноджыдӕр ратдзысты кредит. Дӕуыл дӕр дӕ ныййарджыты раз ис хӕс, цӕмӕй сын кад кӕнай ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсай. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 1:8.) Цас тынгдӕр кӕсай сӕ коммӕ, уыйас дын фылдӕр сӕрибардзинад дӕтдзысты (Лук. 16:10). Фӕлӕ сӕ ныхасы сӕрты куы хизай, уӕд-иу сӕ ма рахъаст кӕн, «кредиттӕ» дын къаддӕр кӕй дӕтдзысты кӕнӕ бынтондӕр кӕй нал дӕтдзысты, уый тыххӕй.

6. Ныййарджыты цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сӕм сӕ сывӕллӕттӕ хъусой?

6 Сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕм ӕнцондӕрӕй хъусдзысты, ныййарджытӕ сын сӕхӕдӕг фӕзминаг куы уой, уӕд. Йегъовӕ цы домы, уымӕ ныййарджытӕ зӕрдиагӕй куы хъусой, уӕд ӕвдисдзысты, йӕ закъӕттӕ пайда кӕй хӕссынц. Афтӕмӕй сывӕллӕттӕ ӕмбардзысты, сӕ ныййарджытӕ сӕ цы домынц, уый сӕ пайдайӕн кӕй у (1 Иоан. 5:3). Уымӕй уӕлдай ма, Библийы фыст ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн уый бар кӕй лӕвӕрдта, цӕмӕй йын цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕдыл сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзырдтаиккой (Райд. 18:22–32; 1 Пад. 22:19–22). Цымӕ ныййарджытӕ дӕр сӕ сывӕллӕттӕн уый бар хъуамӕ ма дӕттой, цӕмӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕдыл сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурой?

7, 8. а) Кӕстӕртӕн хатт зын цы вӕййы? ӕ) Цӕмӕй дын зондамынд пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй дӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарай?

7 Кӕстӕртӕн ма зын вӕййы, афтӕ сӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ сын сӕ ныййарджытӕ ӕнӕхъуаджы уайдзӕфтӕ кӕнынц, уӕд. Чи зоны ды дӕр иуӕй-иу хатт дӕхи Глебау фӕхатыс. Уый загъта: «Мӕ мад хъуамӕ милицӕйы куыстаид – йӕ уд, йӕ дзӕцц уыди, исты хъуыддаджы мӕ куы фӕаххосджын кодтаид».

8 Адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йыл фаутӕ февӕрынц. Библийы фыст ис, адӕймагӕн зондамынд ӕхсызгон кӕй нӕ вӕййы, суанг ын зонд бацамонын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр (Дзут. 12:11). Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕм зондамынд хъыг ма кӕса? Сӕйрагдӕр дӕ хъуыдыйы хъуамӕ дарай, дӕ ныййарджытӕ дын зонд уымӕн фӕамонынц, ӕмӕ сын уӕлдайаг кӕй нӕ дӕ (Ӕмб. 3:12). Фӕнды сӕ, цӕмӕй ӕвзӕрыл ма сахуыр уай, фӕлӕ хорзыл. Дӕ ныййарджытӕ дын зонд куы нӕ амоной, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ нӕ уарзынц! (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 13:24.) Стӕй ма хъуамӕ ӕмбарай, адӕймаг йӕ рӕдыдтытыл кӕй ахуыр кӕны. Уӕдӕ дын дӕ ныййарджытӕ зонд куы амоной, уӕд дзы дӕ бон у истӕуыл сахуыр уын. Библийы афтӕ фыст ис: «Зонд ссарын ӕвзист самал кӕнынӕй хуыздӕр у ӕмӕ йӕ пайда сызгъӕринӕй дӕр фылдӕр у» (Ӕмб. 3:13, 14).

9. Кӕстӕртӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ сӕ ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц, уӕд сӕ бон цы у аразын?

9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ дӕр ӕнӕрӕдийгӕ не сты (Иак. 3:2). Зонд дын куы фӕамонынц, уӕд сӕ ӕнӕрхъуыды ныхас дӕр схауы (Ӕмб. 12:18). Цымӕ афтӕ цӕмӕн рауайы? Чи зоны, истӕуыл тыхсынц кӕнӕ сӕхи аххосджын кӕнынц, цыдӕр раст кӕй нӕ кӕныс, уый тыххӕй. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ ӕнӕхъуаджы бафхӕрдтой, уӕд-иу мӕсты ма кӕн, фӕлӕ-иу сӕ бузныг у, дӕ хорздзинад сӕ кӕй фӕнды, уый тыххӕй. Зондамындмӕ хъусын куы сахуыр уай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн стырӕй дӕр.

10. Цӕмӕй дын дӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы?

10 Фӕнды дӕ, цӕмӕй дын дӕ ныййарджыты коммӕ кӕсын ӕнцондӕр уа? Кӕд о, уӕд хъуамӕ сахуыр уай семӕ ныхас кӕнын. Куыд? Фыццаг уал хъуамӕ сахуыр уай хъусын. Библи нын дзуры: «Рӕвдз у байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕн» (Иак. 1:19). Дӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ-иу ма фӕу, фӕлӕ-иу бацархай, цӕмӕй сӕм сабырӕй байхъусай. Дӕ хъус-иу дар, демӕ куыд дзурынц, уымӕ нӕ, фӕлӕ дын цы дзурынц, уымӕ. Уӕзданӕй сын-иу зӕгъ, цы дын дзурынц, уый кӕй ӕмбарыс. Ӕмӕ йӕ уыдон дӕр уындзысты, сӕ ныхӕстӕ дӕм кӕй хъарынц, уый. Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, фӕнды бамбарын кӕнын, афтӕ цӕмӕн загътай кӕнӕ афтӕ цӕмӕн бакодтай, уый. Фылдӕр хатт хуыздӕр вӕййы «ӕвзаджы рохтыл хӕцын», цалынмӕ дын цы дзурынц, уый нӕ саразай, уӕдмӕ (Ӕмб. 10:19). Дӕ ныййарджытӕм куы хъусай, уӕд дӕм уыдон дӕр хъусдзысты. Афтӕ куы кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы Ныхасмӕ кӕй хъусыс.

Ӕхцаимӕ архайын

11, 12. а) Хуыцауы Ныхас нын ӕхцайы тыххӕй цы дзуры ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын ӕхцаимӕ архайын?

11 Библийы фыст ис, ӕхца хъахъхъӕны, зӕгъгӕ. Фӕлӕ ма дзы фыст ис, ӕхцайӕ хуыздӕр та зонд кӕй у (Еккл. 7:12). Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕхцауарзаг ма уӕм, фӕлӕ йӕм раст цӕстӕй кӕсӕм. Фӕлӕ ӕхцауарзаг цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм? Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ: хорз пъовыр цыргъ кардӕй ӕрӕхстджынӕй фӕпайда кӕны. Ӕнарӕхст кӕнӕ ӕнӕрхъуыды адӕймаг та дзы, гӕнӕн ис, исты фыдбылыз ракӕна. Афтӕ ӕхцайӕ дӕр архайын куы зонай, уӕд дын пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ, «схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны», уыдон та се ’мбӕлттӕй, сӕ бинонтӕй ӕмӕ суанг Хуыцауӕй дӕр адард вӕййынц. Ӕмӕ афтӕмӕй «сӕхи бирӕ мӕстыты хай» бакӕнынц. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 6:9, 10.)

12 Дӕ бон куыд у ӕхцаимӕ арӕхстджынӕй архайын? Дӕ ныййарджыты бафӕрс, ӕхца куыд хардз кӕнын хъӕуы, уый тыххӕй. Соломон афтӕ загъта: «Зондджын адӕймаг байхъусдзӕн ӕмӕ ноджы фылдӕр базондзӕн, ӕмӕ ӕмбаргӕ адӕймаг бамбардзӕн, куыд бакӕнын хъӕуы, уый» (Ӕмб. 1:5). Йӕ ныййарджытӕй ахӕм уынаффӕ ракуырдта иу ӕрыгон чызг, Аннӕ, зӕгъгӕ. Уый зӕгъы: «Мӕ фыд мын амыдта, ӕхцайӕ архайын куыд хъӕуы, уый. Ӕмбарын ма мын кодта, ӕхца хардз кӕнгӕйӕ адӕймаг алцӕуыл дӕр рагацау кӕй хъуамӕ хъуыды кӕна». Йӕ мад дӕр ӕй бирӕ цӕуылдӕртыл сахуыр кодта. Ӕмӕ уый тыххӕй Аннӕ зӕгъы: «Мӕ мад-иу исты куы ’лхӕдта, уӕд уал-иу фыццаг ӕргътӕ абарста». Ӕмӕ уый Аннӕйӕн цы пайда ӕрхаста? Аннӕ афтӕ загъта: «Ныр мӕ бон у ӕхцаимӕ архайын. Дзӕгъӕл хӕрдзтӕ нал кӕнын ӕмӕ хӕс дӕр никӕмӕй исын, ницӕуыл тыхсын ӕмӕ мӕ сӕр ницӕуыл риссы».

13. Де ’хца куыд хардз кӕндзынӕ, ууыл дӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

13 Де ’хцатӕ талф-тулфӕй кӕнӕ, де ’мбӕлтты дисы бафтауыны тыххӕй куы хардз кӕнай, уӕд дӕхи хӕсты баппардзынӕ. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дыл ахӕм хабар ма ’рцӕуа? Де ’хца куыд хардз кӕндзынӕ, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Афтӕ кӕны Еленӕ, цӕуы йыл 20 азы бӕрц. Еленӕ зӕгъы: «Ме ’мбӕлттимӕ искуыдӕм куы фӕцӕуын, уӕд рагацау ахъуыды кӕнын, цас бахардз кӕндзынӕн, ууыл. [...] Истытӕ ӕлхӕнын мӕ куы фӕхъӕуы, уӕд ацӕуын, ме ’мбӕлттӕй ӕхца уӕлдай хардз чи нӕ фӕкӕны, стӕй, мӕнӕн дӕр чи фӕдзуры, цӕмӕй ӕргътӕм кӕсон ӕмӕ-иу фыццаг цы ауынон, уый-иу ма балхӕнон, уыдонимӕ».

14. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй дӕ хъӕздыгдзинад йӕ фӕдыл ма асайа?

14 Нӕ цард афтӕ арӕзт у, ӕмӕ хъуамӕ зонӕм ӕхца кусын дӕр ӕмӕ йӕ хардз кӕнын дӕр. Фӕлӕ Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй ӕцӕг амондджын уыдон сты, «ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй», уый чи ӕмбары (Матф. 5:3). Чырысти иу хъуыддагӕй бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, адӕймаг хъӕздыгдзинадыл» куы суа, уӕд ӕй йӕ фӕдыл асайдзӕн ӕмӕ Хуыцауы дӕр ферох кӕндзӕн (Марчы 4:19). Уӕдӕ ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасмӕ хъусай ӕмӕ ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсай.

Иунӕгӕй куы вӕййыс

15. Адӕймагӕн уӕлдай зындӕр кӕд вӕййы Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын?

15 Куыд дӕм кӕсы, адӕймагӕн Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын уӕлдай зындӕр кӕд вӕййы? Иннӕты ’хсӕн куы вӕййы ӕви иунӕгӕй куы аззайы? Скъолайы кӕнӕ куысты куы вӕййыс, уӕд фӕархайыс, цӕмӕй дын дӕ уырнындзинадӕн зиан мацы ӕрхӕсса. Иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд та афтӕ къӕрцхъус нал вӕййыс, ӕмӕ дӕ уырнындзинадӕн уӕд тӕссагдӕр вӕййы.

16. Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын, иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд дӕр?

16 Цӕмӕн дӕ фӕнды Йегъовӕйы коммӕ кӕсын, иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд дӕр? Дӕ зӕрдыл хъуамӕ дарай иу хъуыддаг: дӕ бон у Йегъовӕйы зӕрдӕ йе фӕриссын кӕнын, йе та барухс кӕнын (Райд. 6:5, 6; Ӕмб. 27:11). Йегъовӕ дын дӕ хъуыддӕгтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ дыл «тыхсы» (1 Пет. 5:7). Уый фӕнды, цӕмӕй йӕм хъусай, уымӕн ӕмӕ уый дӕхи пайдайӕн у (Ис. 48:17, 18). Рагон Израилы-иу исчи Йегъовӕйы ныхасы сӕрты куы ахызт, уӕд-иу ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодта (Пс. 78:40, 41). Йегъовӕ пехуымпар Данелы бирӕ уарзта, ӕмӕ дзы зӕд дӕр афтӕ уымӕн загъта, «Хуыцауӕн тынг зынаргъ» адӕймаг дӕ, зӕгъгӕ (Дан. 10:11). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Данел Хуыцауыл иузӕрдион уыд адӕмы ’хсӕн дӕр ӕмӕ-иу иунӕгӕй куы уыд, уӕд дӕр. (Бакӕс Данелы 6:10.)

17. Хиирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ цавӕр фарстатӕ хъуамӕ раттай дӕхимӕ?

17 Иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд дӕр цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайай, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уай «зондӕй... архайын ӕмӕ... раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын (Дзут. 5:14). Зӕгъӕм, цы зарджытӕм хъусай, цы кинотӕм ӕмӕ Интернеты цы сайттӕм кӕсай, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст цы у, уый аразай ӕмӕ раст цы нӕу, уымӕй та дӕхи хизай. Дӕхимӕ-иу ахӕм фарстатӕ ратт: «Уыдӕттӕ мын мӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕндӕр кӕндзысты? Ӕви афтӕ рауайдзӕн, ӕмӕ „искӕй ӕнамонддзинадыл цин кӕнын“? (Ӕмб. 17:5). „Хорздзинад уарзынӕн“ мын баххуыс кӕндзысты ӕви мын зын уыдзӕн „ӕвзӕрдзинадӕй“ ме сӕфт фенын?» (Амос 5:15). Иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд цы фӕаразыс, уымӕй бӕрӕг вӕййы, зынаргъ дын цы у, уый (Лук. 6:45).

18 Кӕд сусӕгӕй цыдӕр ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтай, уӕд цы хъуамӕ бакӕнай ӕмӕ цӕмӕн?

18 Фӕлӕ, зӕгъӕм, сусӕгӕй цыдӕр ӕвзӕр хъуыддаг сарӕзтай, уӕд цы хъуамӕ бакӕнай? Дӕ зӕрдыл дар, «йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмб. 28:13). Раст нӕ уыдзӕн, дарддӕр дӕр рӕдыд фӕндагыл цӕуын ӕмӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст уадзын»! (Еф. 4:30). Хъуамӕ дӕ рӕдыды тыххӕй Хуыцауӕн ӕмӕ дӕ ныййарджытӕн радзурай. Афтӕ куы бакӕнай, уӕд дын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Стыр ӕххуыс ма дын фӕуыдзысты «ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» дӕр. Ахуыргӕнинаг Иаков загъта: «Скувӕнт [уыцы адӕймаджы тыххӕй] ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт. Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты» (Иак. 5:14, 15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ рӕдыды тыххӕй дзурын дын ӕхсызгон нӕ уыдзӕн ӕмӕ дӕ, гӕнӕн ис, ӕмбырды истӕмӕйты фӕцух кӕной. Фӕлӕ кӕд уӕддӕр дӕхимӕ уыйбӕрц хъарутӕ ссарай ӕмӕ ӕххуыс ракурай, уӕд дӕхи бахиздзынӕ фылдӕр мастӕй, дӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн ӕмӕ дӕ дӕ цӕсгом нал хӕрдзӕн (Пс. 32:1–5).

Рухс кӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ

19, 20. Йегъовӕйы зӕрдӕ дын цы зӕгъы ӕмӕ цы хъуамӕ аразай?

19 Йегъовӕ амондджын Хуыцау у ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ды дӕр амондджын уай (1 Тим. 1:11). Уӕлдайаг ын нӕ дӕ. Хорз хъуыддӕгтӕм кӕй тырныс, уый кӕд ничи фӕуыны, уӕддӕр дӕ Хуыцау уыны. Йегъовӕйы раз алцыдӕр ӕргом у. Лӕмбынӕг нӕм уый тыххӕй нӕ кӕсы, цӕмӕй нӕм исты хъӕндзинад ссара, фӕлӕ нын цӕмӕй баххуыс кӕна, раст цы у, уый аразынӕн. Хуыцауы «цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9).

20 Уӕдӕ Хуыцауы Ныхасмӕ хъус ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕн. Уый дын зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад ратдзӕн, цӕмӕй дӕ бон уа зындзинӕдты сӕрты хизын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Афтӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ дӕ ныййарджыты зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ, ӕмӕ ма дӕ цардӕй дӕр райгонд уыдзынӕ.

[Фиппаинаг]

^ 4 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цӕмӕй ӕрыгӕттӕн сӕ ныййарджыты комммӕ кӕсын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй сӕ цы хъӕуы?

• Ӕхцамӕ раст цӕстӕй кӕсын цӕмӕн хъӕуы?

• Иунӕгӕй куы вӕййыс, уӕд Хуыцауыл иузӕрдионӕй дӕ бон куыд у баззайын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 6 фарсыл]

Иунӕгӕй куы уай, уӕд Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзынӕ?