Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ у Дунедарӕг Хуыцау!

Йегъовӕ у Дунедарӕг Хуыцау!

Йегъовӕ у Дунедарӕг Хуыцау!

«Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг» (ПС. 73:28).

1. Павел 1 Коринфӕгтӕм 7:31 цӕй кой кӕны?

«АЦЫ дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ». Ацы ныхӕстӕ загъта апостол Павел (1 Кор. 7:31). Павел, ӕвӕццӕгӕн, ацы дуне абарста, театры сценӕйыл архайд куыд фӕцӕуы, уыимӕ: драмӕйы иутӕ фӕхъазынц хорз адӕмы ролтӕ, иннӕтӕ та – ӕвзӕр адӕмы ролтӕ, цалынмӕ иу ныв, кӕнӕ иу архайд, иннӕйы нӕ раивы, уӕдмӕ.

2, 3. а) Йегъовӕйы хицаудзинад кӕй сдзырддаг, уый цӕимӕ ис абарӕн? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

2 Абон зӕххыл цытӕ цӕуы, уый дӕр абарӕн ис ахӕм драмӕимӕ. Ӕмӕ йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ дӕумӕ дӕр хауы! Уыцы драмӕ хауы дзырддаг фарстамӕ – Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куыд сбӕлвырд уыдзӕн, уымӕ. Уыцы драмӕ бамбарын кӕнӕн ис ахӕм цӕвиттонӕй. Зӕгъӕм, цавӕрдӕр бӕстӕйы хицауад закъонмӕ гӕсгӕ архайы, фӕлӕ ма дзы ис, адӕмы чи сайы, фыдудӕй сӕ чи мары ӕмӕ сыл чи нӕ ауӕрды, ахӕм фыдгӕнджыты организаци. Уыцы фыдгӕнджыты аххосӕй бӕстӕйы цӕрджытӕ сӕ хицауадыл нал ӕууӕндынц ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ нал дарынц.

3 Ахӕм хабар ис ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Дун-дунейы ис, ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы сты, ахӕм хицауад. Йӕ сӕргъы лӕууы «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ» (Пс. 71:5). Фӕлӕ адӕмы тухӕнӕй мары, «Фыдбылыз» разамынд кӕмӕн дӕтты, уыцы фыдгӕнджыты организаци (1 Иоан. 5:19). Ӕмӕ уый дзырддаг кӕны Хуыцауы хицаудзинад ӕмӕ йыл адӕм иууылдӕр иузӕрдионӕй кӕй баззайдзысты, уый. Хъуыддаг афтӕ цӕмӕн рауад? Хуыцау цӕуылнӕ исты аразы? Махӕн нӕ бон цы у бакӕнын?

Драмӕйы хабӕрттӕ

4. Драмӕмӕ цавӕр дыууӕ ӕнгом баст хъуыддаджы хауы?

4 Уыцы драмӕмӕ хауы дыууӕ ӕнгом баст хъуыддаджы: Йегъовӕйы хицаудзинад ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинад. Сыгъдӕг Фыстады бирӕ рӕтты Йегъовӕ хуыйны «Дунедарӕг Хуыцау». Зӕгъӕм, псаломзарӕггӕнӕг йӕ ныфс Хуыцауыл кӕронмӕ кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз мӕхи бакодтон Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы уазӕг» (Пс. 73:28). Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр Йегъовӕйы нымайӕм не Стыр Хуыцауыл (Дан. 7:22).

5. Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы фарс цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

5 Йегъовӕ Хуыцау Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ у зӕххы ӕмӕ ӕгас Дун-дунейы Хицау. (Бакӕс Раргомад 4:11.) Йегъовӕ ма у Тӕрхонгӕнӕг дӕр, Закъонӕвӕрӕг дӕр ӕмӕ Паддзах дӕр (Ис. 33:22). Хуыцау нын цард кӕй радта ӕмӕ нӕ цард уымӕй кӕнгӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ мах дӕр хъуамӕ нымайӕм Дунедарӕг Хуыцауыл. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ фарс уӕм, уый тыххӕй нӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл дарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ йӕ паддзахбадӕн ӕрфидар кодта уӕлӕрвты. Уый у паддзах ӕмӕ йӕ бар цӕуы ӕппӕтыл дӕр» (Пс. 103:19; Ап. хъ. 4:24).

6. Дзырд «иузӕрдиондзинад»-ӕн йӕ хъуыды цы у?

6 Цӕмӕй Йегъовӕйы хицаудзинады фарс уӕм, уый тыххӕй йыл хъуамӕ уӕм иузӕрдион. Дзырд «иузӕрдиондзинад»-ӕн йӕ хъуыды у, адӕймаг ӕфсармджын куы вӕййы ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл куы фӕдары. Иузӕрдион адӕймаг ма вӕййы ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ дӕр. Ахӕм адӕймаг уыди Иов (Иов 1:1).

Драмӕ куыд райдыдта

7, 8. Сайтан Йегъовӕйы хицаудзинад куыд сдзырддаг кодта?

7 Иу-6 000 азы размӕ иу зӕд сдзырддаг кодта Йегъовӕйы хицаудзинад. Афтӕ та уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм Хуыцауӕн нӕ, фӕлӕ уымӕн куывтаиккой. Ӕмӕ фыццаг лӕг ӕмӕ усы, Адам ӕмӕ Евӕйы, Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ скодта ӕмӕ йын йӕ номыл цъыф бакалдта, сайгӕ уӕ кӕны, зӕгъгӕ. (Бакӕс Райдиан 3:1–5.) Уыцы зӕд сси Фыдызнаг, Сайтан (Ныхмӕлӕууӕг), Хӕйрӕг (Фыдгойгӕнӕг), калм (фӕлитой) ӕмӕ залиаг калм (ныхъуыргӕ чи кӕны, уый) (Рарг. 12:9).

8 Сайтан йӕхи Хуыцауы бынаты сӕвӕрдта. Фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ цы хъуамӕ бакодтаид? Йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны – Сайтаны, Адамы ӕмӕ Евӕйы – уыцы тӕккӕ хъуамӕ фесӕфтаид? Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕмӕ уыйбӕрц тых кӕй уыд, цӕмӕй уыцы хъуыддаг бакодтаид, ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, йӕ тыхӕн ӕмбал кӕй нӕй. Уымӕй ма сбӕлвырд уыдаид, йӕ ныхасӕн хицау кӕй у, афтӕ сын куы загъта, мӕ закъоны сӕрты куы ахизат, уӕд амӕлдзыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Хуыцау афтӕ цӕуылнӕ бакодта?

9. Сайтан цы сдзырддаг кодта?

9 Сайтан Адам ӕмӕ Евӕйы кӕй фӕсайдта ӕмӕ сӕ Хуыцауӕй кӕй аздӕхта, уымӕй сдзырддаг кодта Йегъовӕйы бартӕ, ома йын бар нӕй, цӕмӕй ӕппӕт адӕмӕй коммӕгӕсдзинад дома. Сайтан фыццаг лӕг ӕмӕ усы Хуыцауы ныхмӕ кӕй скодта, уымӕй ма сдзырддаг кодта ӕппӕт зӕдты ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинад дӕр. Сайтан афтӕ кӕй загъта, йӕ бон адӕмы се ’ппӕты дӕр Хуыцауӕй аздахын кӕй бауыдзӕн, уый бӕрӕг у, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыди, уыцы адӕймаг Иовы хабарӕй (Иов 2:1–5).

10. Хуыцау уыцы тӕккӕ йӕ хицаудзинад кӕй не ’рфидар кодта, уымӕй Сайтанӕн ӕмӕ адӕмӕн цавӕр фадат радта?

10 Йегъовӕ уыцы тӕккӕ йӕ хицаудзинад кӕй не ’рфидар кодта, уымӕй Сайтанӕн рӕстӕг радта, цӕмӕй сбӕлвырд уыдаид, рӕстытӕ дзырдта ӕви нӕ. Хуыцау ма адӕмӕн дӕр фадат радта, цӕмӕй равдыстаиккой, йӕ хицаудзинадыл ын иузӕрдион сты ӕви нӕ. Фӕлӕ рӕстӕг цы равдыста? Сайтан бындур ӕрӕвӕрдта хъомысджын ӕгъатыр организацийӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ фесафдзӕн уыцы организаци дӕр ӕмӕ Хӕйрӕджы дӕр, ӕмӕ уӕд иууылдӕр базондзысты, ӕрмӕстдӕр уый кӕй у Дун-дунейы Хицау. Уыцы хъуыддаг дзӕбӕхӕй кӕй ахицӕн уыдзӕн, уый Йегъовӕ хорз зыдта, ӕмӕ уый бӕрӕг у, Едемы цӕхӕрадоны йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы загъта, уымӕй (Райд. 3:15).

11. Бирӕтӕ Йегъовӕйы хицаудзинадыл иузӕрдион кӕй сты, уый куыд равдыстой?

11 Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд, йӕ хицаудзинадыл ын иузӕрдион чи уыд ӕмӕ йын йӕ ном чи рухс кодта, ахӕм адӕм бирӕ уыди. Уыдоны ’хсӕн уыдысты Авел, Енох, Ной, Авраам, Саррӕ, Моисей, Руф, Давид, Йесо Чырысти, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ абон дӕр Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыцы милуангай лӕггадгӕнджытӕ. Хуыцауы хицаудзинады фарс кӕй сты, уымӕй ӕвдисынц, Хӕйрӕг фӕлитой кӕй у. Стӕй Йегъовӕйы ном сыгъдӕг кӕнынц Сайтаны цъыфкалӕн ныхӕстӕй, адӕмы се ’ппӕты дӕр Хуыцауӕй аздахдзынӕн, зӕгъгӕ (Ӕмб. 27:11).

Драмӕйӕн йӕ кӕрон зонӕм

12. Хуыцау ӕдзух фыддзинадмӕ ӕнцад кӕй нӕ кӕсдзӕн, уый кӕцӕй зонӕм?

12 Мах фидарӕй зонӕм, тагъд Йегъовӕ йӕ хицаудзинад кӕй ӕрфидар кӕндзӕн. Хуыцау фыддзинадмӕ ӕнцад нал кӕсдзӕн. Стӕй ма зонӕм, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый дӕр. Йегъовӕ фыддзинадимӕ раздӕр дӕр тох кодта. Зӕгъӕм, Доны хъаймӕт куы рауагъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы фесӕфта, фараон ӕмӕ йе ’фсӕдты дӕр куы бабын кодта, уӕд. Стӕй, Сисарӕ ӕмӕ йе ’фсадӕн, ассириаг паддзах Сеннахирим ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр сӕ бон нӕ баци Иунӕг Стыр Хуыцауы ныхмӕ фӕлӕууын (Райд. 7:1, 23; 19:24, 25; Рац. 14:30, 31; Тӕрх. 4:15, 16; 2 Пад. 19:35, 36). Фидарӕй ма нӕ уырны уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ ӕдзух кӕй нӕ кӕсдзӕн, йӕ номӕй йын куыд хынджылӕг кӕнынц ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ӕфхӕрынц, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма мах цӕрӕм, Чырысти уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уыцы рӕстӕг ӕмӕ ацы фыддунейы кӕрон (Матф. 24:3).

13. Цӕмӕй нӕ Хуыцау йе знӕгтимӕ ма фесафа, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

13 Цӕмӕй нӕ Хуыцау йе знӕгтимӕ ма фесафа, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ хицаудзинадыл иузӕрдион уӕм. Уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? Хъуамӕ нӕхи Сайтаны ӕгъатыр хицаудзинадӕй дард ласӕм ӕмӕ, йе ’вварс чи у, уыдоны зондыл ма цӕуӕм (Ис. 52:11; Иоан. 17:16; Ап. хъ. 5:29). Ӕрмӕстдӕр афтӕмӕй суыдзӕн нӕ бон Хуыцауы хицаудзинады фарс фидарӕй лӕууын ӕмӕ удӕгасӕй баззайын, Хуыцау йӕ ном куы ссыгъдӕг кӕна ӕмӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый куы равдиса, уӕд.

14. Библийӕ цы ис базонӕн?

14 Ацы драмӕйы тыххӕй фыст ис ӕнӕхъӕн Библийы. Фыццаг ӕртӕ сӕры ныхас цӕуы, Хуыцау дуне куыд сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаг тӕригъӕды куыд бафтыд, ууыл. Фӕстаг ӕртӕ сӕрӕй та бӕрӕг у, адӕм тӕригъӕдӕй куыд ссӕрибар уыдзысты, уый. Фыццаг чиныджы ма фыст ис, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ фӕнд адӕмы, зӕххы ӕмӕ Дун-дунейы тыххӕй сӕххӕст уыдаид. Стӕй ма Райдианы чиныджы ныхас цӕуы, Сайтан ӕмӕ фыддзинад куыд фӕзындысты, уый тыххӕй дӕр. Раргомады чиныджы фӕстаг хайы та фыст ис, фыддзинадӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн, Сайтан куыд фесӕфдзӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куыд уыдзӕн зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр. Библийы фыст ис, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт куыд фӕзындысты ӕмӕ, тагъд зӕххӕй куыд фесӕфдзысты, уый тыххӕй. Стӕй ма дзы ахӕм хорз хъуыды дӕр ис ӕмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон ӕнустӕм цинӕфсӕст кӕй уыдзысты.

15. Драмӕ куы фӕуа, уӕд нын цӕмӕй уый пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын?

15 Тагъд ацы дунейы сценӕ бынтондӕр фӕивдзӕн. Ӕнусты дӕргъы чи цӕуы, уыцы драмӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ сценӕйы ӕмбӕрзӕн сӕхгӕндзӕн. Уыцы сценӕйыл Сайтан нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд Хуыцау бартӕ йӕ къухмӕ райсдзӕн. Цӕмӕй уыцы хъуыддаг махӕн дӕр пайда ӕрхӕсса ӕмӕ, Хуыцауы Ныхас цы бирӕ хорздзинӕдты кой кӕны, уыдонӕй нын хай уа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм Йегъовӕйы хицаудзинады фарс. Уыцы хабӕрттӕм фӕрсырдыгӕй кӕсӕн нӕй. Ӕмӕ цӕмӕй нӕ бон зӕгъын уа, «Йегъовӕ у мӕ фарс», зӕгъгӕ, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ уӕм йӕ фарс (Пс. 118:6, 7).

Нӕ бон у иузӕрдионӕй баззайын!

16. Нӕ бон Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын кӕй у, уый кӕцӕй зонӕм?

16 Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Йегъовӕйы хицаудзинады фарс фидар лӕууын ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайын, уымӕн ӕмӕ апостол Павел афтӕ загъта: «Сымах цы фӕлварӕнты бахаут, уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат» (1 Кор. 10:13). Павел цы фӕлварӕнты кой ракодта, уыдон кӕцӕй сты ӕмӕ нын Хуыцау куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ сфӕразӕм?

17–19. а) Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры цавӕр фӕлварӕны фӕцудыдтой? ӕ) Цӕй фӕрцы у нӕ бон Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын?

17 Гӕнӕн ис, нӕ уавӕрты аххосӕй «фӕлварӕны бахауӕм» ӕмӕ Хуыцауы закъоны сӕрты ахизӕм. Уый зыны, израилӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры цы ’рцыд, уымӕй. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:6–10.) Израилӕгтӕн сӕ бон уыд уыцы фӕлварӕны фидар фӕлӕууын, фӕлӕ сӕ зӕрдӕ «ӕвзӕрдзинад» ӕрцагуырдта, Йегъовӕ сын ӕнӕхъӕн мӕйы фаг уӕрццытӕ куы радта, уӕд. Кӕд цасдӕр рӕстӕг дзидза нал федтой, уӕддӕр сын Хуыцау сӕ фаг маннӕ лӕвӕрдта. Фӕлӕ сын уӕддӕр уӕрццытӕ фӕлварӕн систы – хӕлоф сыл кодтой (Ным. 11:19, 20, 31–35).

18 Уыцы хабарӕй раздӕр та, Моисей Синайы хохмӕ Закъон исынмӕ куы ссыд, уӕд израилӕгтӕ райдыдтой сызгъӕрин родӕн кувын ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фӕдыл цӕуын. Сӕ разамонӕг Моисей сӕ разы кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕлварӕны амӕттаг фесты (Рац. 32:1, 6). Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд та моавитаг сылгоймӕгтӕ мингай израилӕгты ӕнӕгъдау митыл бафтыдтой. Уыцы тӕригъӕдджын хъуыддаджы тыххӕй мингӕйттӕ фӕмард сты (Ным. 25:1, 9). Цалдӕр хатты та Израилы адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл ӕмӕ суанг Хуыцауыл дӕр (Ным. 21:5). Стӕй Корейы, Дафаны, Авироны ӕмӕ, сӕ зондыл чи цыд, уыдоны Хуыцау куы фесӕфта, уӕд дӕр ма йыл хъуыр-хъуыр кодтой, раст нӕ бакодта, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй 14 700 адӕймаджы Хуыцауы азар баййӕфта (Ным. 16:41, 49).

19 Ацы фӕлварӕнтӕй иу дӕр ахӕм нӕ уыд, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ бон ма бауыдаид сӕ ныхмӕ фӕлӕууын. Фӕлӕ уыдон фӕцудыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм уырнындзинад нал уыд, стӕй ферох кодтой Йегъовӕйы, йӕ лӕггӕдтӕ ӕмӕ йӕ рӕстаг фӕндӕгтӕ. Израилӕгты хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй мах дӕр цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлӕм, уыдон ахӕмтӕ нӕ вӕййынц, ӕмӕ сыл никуы ничи сӕмбӕлд. Цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй зӕрдиагӕй куы архайӕм ӕмӕ нын Хуыцау кӕй бахххуыс кӕндзӕн, ууыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм. Ӕмӕ ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау иузӕрдион у» ӕмӕ «нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауӕм, нӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны». Йегъовӕ хъуыддаг уыйонг никуы ӕруадздзӕн, цӕмӕй нӕ бон ма бауа йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын (Пс. 94:14).

20, 21. «Фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис», уый нын Хуыцау куыд бацамоны?

20 Цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ «фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамоны». Зӕгъӕм, не знӕгтӕ нын, гӕнӕн ис, исты фыдмитӕ кӕной, цӕмӕй нӕ уырнындзинадыл нӕ къух сисӕм. Ахӕм рӕстӕг адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, цы бакӕнон, цӕмӕй мӕ мауал нӕмой, фыдмитӕ мын мауал кӕной кӕнӕ та мӕ ма амарой. Павел 1 Коринфӕгтӕм 10:13 цы ныффыста, уымӕй бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ фӕлварӕнтӕ рӕстӕгмӕ кӕй вӕййынц. Йегъовӕ хъуыддаг уыйонг не ’руадздзӕн, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ сивӕм. Хуыцау нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нын фаг хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззайӕм.

21 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы уылты. Сыгъдӕг тых нын-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, фӕлварӕнты нын фидар фӕлӕууынӕн чи баххуыс кӕна, ахӕм хъуыдытӕ Библийӕ (Иоан. 14:26). Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй ничи фӕрӕдийын кӕндзӕн. Зӕгъӕм, мах хорз ӕмбарӕм дыууӕ дзырддаг ӕмӕ ӕнгом баст хъуыддаджы – Йегъовӕйы хицаудзинад ӕмӕ адӕмы иузӕрдиондзинад. Ӕмӕ бирӕтӕ уыцы хъуыддаг зонгӕйӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззадысты. Йегъовӕ сын баххуыс кодта, цӕмӕй иузӕрдионӕй баззадаиккой ӕмӕ фӕлварӕнты ма фӕцудыдтаиккой. Йегъовӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Хуыцау ма нын ӕххуыс кӕны йӕ иузӕрдион зӕдты уылты дӕр. Уыдоны тыххӕй Библийы афтӕ фыст ис: «Чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?» (Дзут. 1:14). Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, Хуыцауы хицаудзинады дӕлбар ӕнустӕм цӕрыны ныфс ӕрмӕстдӕр иузӕрдион адӕмы кӕй ис. Ӕмӕ мах дӕр се ’хсӕн уыдзыстӕм, Йегъовӕйы Дунедарӕг Хуыцауыл куы нымайӕм, уӕд.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йегъовӕйы Дунедарӕг Хуыцауыл цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

• Цы нысан кӕны Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын?

• Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ тагъд йӕ хицаудзинад кӕй ӕрфидар кӕндзӕн?

• Нӕ бон иузӕрдионӕй баззайын кӕй у, уый 1 Коринфӕгтӕм 10:13 куыд зыны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Сайтан Адам ӕмӕ Евӕйы Йегъовӕйы ныхмӕ скодта

[Ныв 26 фарсыл]

Йегъовӕйы хицаудзинады фарс фидар лӕуу