Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ сывӕллон цавӕр дзуапп ратдзӕн?

Дӕ сывӕллон цавӕр дзуапп ратдзӕн?

Дӕ сывӕллон цавӕр дзуапп ратдзӕн?

НЫЙЙАРДЖЫТӔ, 2010 азы 15 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 16–20 фӕрстыл ныхас цыди, сывӕллӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, ууыл. Ацы статья та уын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты бацӕттӕ кӕнат уыцы зындзинӕдты сӕрты хизынмӕ. Уӕ бон дзы у спайда кӕнын уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ сывӕллӕттӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Се ’мкъласонтӕ сӕ арӕх фӕфӕрсынц, иннӕтимӕ гимн цӕуылнӕ фӕзарыс, гуырӕнбонтӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ фӕкӕныс, зӕгъгӕ. Кӕд дӕ лӕппуйы дӕр кӕнӕ дӕ чызджы дӕр фӕфӕрсынц, уӕд цы зӕгъдзӕн?

Иуӕй-иу чырыстон сывӕллӕттӕ фӕзӕгъынц: «Бар мын нӕй. Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст». Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сывӕллӕттӕй сӕ фидар уырнындзинады тыххӕй хъӕуы раппӕлын. Чи сӕ фӕфӕрсы, уыдонӕн дзуапп кӕй раттынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал рафӕрс-бафӕрс кӕной. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй «цӕттӕ уӕм, нӕ ныфсы тыххӕй нӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ» (1 Пет. 3:15). Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ, бар мын нӕй, зӕгъгӕ, зӕгъын фаг нӕу. Кӕд исчи немӕ разы нӕ вӕййы, уӕддӕр кӕйдӕрты фӕфӕнды базонын, афтӕ цӕмӕн кӕнӕм, уый.

Нӕ сывӕллӕттӕй бирӕтӕ се ’мкъласонтӕн Библийӕ цыдӕртӕ фембарын кӕнынц нӕ публикацитӕй, зӕгъӕм, чиныгӕй «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ». Уый фӕрцы уыдон бамбарынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ цӕмӕн аразынц, цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ та цӕуылнӕ аразынц, уый. Се ’мкъласонтӕй иуӕй-иутӕ лӕмбынӕг фӕхъусынц, Библийӕ сын цы фӕдзурынц, уымӕ, ӕмӕ дзы уый тыххӕй бирӕтимӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын дӕр. Иннӕтӕн та зын вӕййы, Библийӕ сын цы фӕдзурынц, уымӕ кӕронмӕ байхъусын. Библийы фыст хабӕрттӕ сывӕллӕттӕ се ’мкъласонтӕн лӕмбынӕг куы нӕ ӕмбарын кӕной, уӕд сӕм зынтӕй хъусдзысты. 11-аздзыд чызг Мин Хийы йе ’мбал гуырӕнбонмӕ куы фӕхуыдта, уӕд ын загъта: «Библийы никуы ис фыст, цӕмӕй гуырӕнбонтӕ кӕнӕм. Аргъауӕг Иоанны дӕр гуырӕнбоны амардтой». Ӕмӕ Мин Хи куыд зӕгъы, афтӕмӕй йын йе ’мбал йӕ ныхӕстӕй ницы бамбӕрста.

Иуӕй-иу хатт та фаг вӕййы нӕ публикацитӕй исты ныв равдисын кӕнӕ исты хъуыдытӕ бакӕсын. Фӕлӕ сын сӕ скъоламӕ хӕссын куы нӕ уадзой, уӕд та? Цымӕ сӕ бон у ӕнӕ публикацитӕй дӕр хорз хъусын кӕнын? Дӕ бон сын куыд у баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурой?

Семӕ репетици кӕнут

Сывӕллӕттӕ се ’мкъласонтӕн цы дзурдзысты, уый-иу ныййарджытӕ семӕ хӕдзары куы репетици кӕной, уӕд сын тынг баххуыс кӕндзысты. Хорз уаид, сывӕллӕттӕ-иу сӕ уырнындзинады сӕрыл куы дзурой, уӕд-иу сӕ сӕ ныййарджытӕ куы ӕппӕликкой. Ӕмӕ ма сын куы ӕмбарын кӕниккой, уыцы хъуыддаджы сӕ фӕхуыздӕр кӕнын цы хъӕуы ӕмӕ уый хорз цӕмӕй у, уый дӕр. Дзырдӕн, зӕгъ сын, цавӕр ныхӕстӕй хъуамӕ пайда кӕной, цӕмӕй сӕ се ’мгӕрттӕ ӕмбарой. 9-аздзыд Джошуа зӕгъы, йе ’мкъласонтӕ кӕй не ’мбарынц ахӕм ныхӕстӕ, куыд «ӕфсарм» ӕмӕ «иузӕрдиондзинад». Ӕмӕ уый тыххӕй фӕпайда кӕны хуымӕтӕг ныхӕстӕй (1 Кор. 14:9).

Кӕд скъоладзаутӕй иуӕй-иутӕ истӕмӕй фӕрсгӕ дӕр бакӕнынц, уӕддӕр сӕ нӕ фӕфӕнды дзуапмӕ кӕронмӕ байхъусын. Фӕлӕ сӕм сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг фарстатӕ куы дӕттой, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда фылдӕр базонын. 10-аздзыд чызг Ха Ныл афтӕ зӕгъы: «Ме ’мкъласонтӕ уарзынц алыхуызон хабӕрттыл ныхас кӕнын, фӕлӕ сын исты ӕмбарын кӕнай, уый та нӕ уарзынц». Ӕмӕ-иу сын цӕмӕй семӕ ныхас бацайдагъ уа, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ дӕттой фарстатӕ ӕмӕ-иу сын сӕ ныхасмӕ лӕмбынӕг байхъусой.

Дӕлдӕр цы цӕвиттонтӕ ис, уыдон ӕрыгон Ӕвдисӕнтӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзысты, се ’мкъласонтимӕ куыд хъуамӕ ныхас кӕной, уымӕн. Наизусть ахуыр кӕнын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц, стӕй алыхуызон уавӕрты фӕхъӕуы алыхуызон дзуапп дӕттын. Фӕлӕ хъуамӕ уыцы цӕвиттонтӕн сӕ хъуыды сӕ зӕрдыл дарой, сӕхи ныхӕстӕй-иу сӕ радзурой ӕмӕ дзы алыхуызон уавӕрты пайда кӕной. Кӕд дӕ сывӕллӕттӕ скъоламӕ цӕуынц, уӕд ацы цӕвиттонтӕм гӕсгӕ арепетици кӕнут.

Сывӕллӕттӕ ахуыр кӕнынӕн хъӕуы рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ. Чырыстон ныййарджытӕ архайынц, цӕмӕй сын Библийы фӕдзӕхстытӕ сӕ зӕрдӕты арф нывӕрой ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕной, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрой (Дык. з. 6:7; 2 Тим. 3:14).

Иннӕ хатт уӕ бинонты ахуыры рӕстӕг ацы цӕвиттонтӕ арепетици кӕнут. Ахъуыды-иу кӕнут, цавӕр уавӕрты сын баххуыс кӕндзысты, ууыл. Уӕ зӕрдыл дарут, сӕйрагдӕр уый нӕу, цӕмӕй дзуаппытӕ ӕмӕ ныхӕстӕ наизусть сахуыр кӕной. Уӕ бон у цалдӕр хатты дӕр репетици скӕнын, ӕрмӕст-иу алыхатт алыхуызон дзуаппытӕ дӕтт ӕмӕ-иу кӕс, цы дзурдзысты, уымӕ. Ӕмӕ сӕ уырнындзинады сӕрыл куы дзурой, уӕд-иу сын ӕххуыс кӕн, цӕмӕй ныхас кӕной фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй. Афтӕмӕй уӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕндзыстут сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын се ’мкъласонты, сыхӕгты ӕмӕ ахуыргӕнджыты раз.

[Рамкӕ/Нывтӕ 4, 5 фӕрстыл]

ГУЫРӔНБОНТӔ БӔРӔГ КӔНЫН

Дианӕ: Алан, мӕ гуырӕнбонмӕ дӕ хонын. Ӕрбацӕудзынӕ?

Алан: Бузныг, кӕй мӕ нӕ ферох кодтай. Зӕгъ-ма, дӕ гуырӕнбон цӕмӕн кӕныс?

Дианӕ: Цӕмӕн? Ӕмӕ цы, ды йӕ нӕ фӕкӕныс?

Алан: Нӕ, нӕ йӕ фӕкӕнын.

Дианӕ: Цӕуылнӕ? Ӕз куы райгуырдтӕн, уӕд мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд тынг цин кодтой.

Алан: Ӕз дӕр куы райгуырдтӕн, уӕд мӕнӕн дӕр мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд тынг цин кодтой. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый тыххӕй алы аз гуырӕнбон кӕнын раст нӕу. Бирӕтӕм сӕ гуырӕнбоны афтӕ фӕкӕсы, цымӕ уыдонӕй хуыздӕр ничи ис. Фӕлӕ ӕппӕты хуыздӕр Хуыцау нӕу? Хуыцау нын цард кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг хъуамӕ мӕ уӕм?

Дианӕ: Уӕдӕ мӕ гуырӕнбон хъуамӕ ма скӕнон?

Алан: Уый дӕхи хъуыддаг у. Фӕлӕ ма ахъуыды кӕн: бирӕтӕ уарзынц сӕ гуырӕнбонты лӕвӕрттӕ исын, Библийы та афтӕ фыст ис, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг кӕй у. Нӕ гуырӕнбоны нӕхиуыл хъуыды кӕныны бӕсты, хуыздӕр нӕ уаид, Хуыцауӕй бузныг куы уаиккам? Афтӕ ма, иннӕтыл куы хъуыды кӕниккам ӕмӕ сын хорздзинад куы аразиккам?

Дианӕ: Ууыл никуы ахъуыды кодтон. Фӕлӕуу-ма, уӕдӕ дын дӕ ныййарджытӕ никуы ницы балӕвар кӕнынц?

Алан: Куыннӕ. Мӕ ныййарджытӕ мын мӕ гуырӕнбонмӕ нӕ фенхъӕлмӕ кӕсынц. Куы сӕ фӕфӕнды, уӕд мын исты балӕвар кӕнынц. Дианӕ, нӕ дӕ фӕндид базонын, адӕм гуырӕнбонтӕ кӕнын кӕд райдыдтой?

Дианӕ: Фӕнды.

Алан: Хорз, райсом дын радзурдзынӕн иу гуырӕнбоны тыххӕй. Уыцы хабар раджы ӕрцыд.

ГИМН ЗАРЫН

Зӕринӕ: Дзерӕ, зӕгъ-ма, иннӕтӕ гимн куы фӕзарынц, уӕд ды цӕуылнӕ фӕзарыс?

Дзерассӕ: Зӕгъдзынӕн дын ӕй, фӕлӕ ма уал мын ды зӕгъ, ды гимн цӕмӕн фӕзарыс?

Зӕринӕ: Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕ бӕстӕ тынг уарзын.

Дзерассӕ: Ӕз дӕр ӕй уарзын. Фӕлӕ иннӕ бӕстӕтӕ дӕр ӕвзӕрдӕр не сты.

Зӕринӕ: Раст зӕгъыс, не сты.

Дзерассӕ: Зӕри, ахъуыды-ма кӕн: дӕ зӕрдӕмӕ цы адӕймаг фӕцӕуы, уый раз-иу хъуамӕ ӕнӕмӕнг сыстай ӕмӕ-иу ын азарай?

Зӕринӕ: Нӕ, цӕмӕн? Раст зӕгъгӕйӕ, гимн цӕмӕн фӕзарын, уый нӕ зонын. Ӕвӕццӕгӕн, иннӕтӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй.

Дзерассӕ: Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, цыма сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ хуыздӕр нӕй. Сӕ райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй алцӕуыл дӕр разы сты, фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ хъуыды кӕнын. Ӕз хӕстмӕ ницӕй тыххӕй ацӕуин ӕмӕ мӕ бӕстӕйы тыххӕй мӕ цард дӕр нӕ раттин. Хуыцау хӕстытӕ нӕ уарзы, стӕй иу адӕмы дӕр иннӕ адӕмӕй хуыздӕрыл нӕ нымайы. Ӕз дӕр афтӕ хъуыды кӕнын. Кӕд мӕ райгуырӕн бӕстӕ уарзын, уӕддӕр гимн нӕ зардзынӕн.

Зӕринӕ: О, ӕмбарын дӕ.

Дзерассӕ: Зӕри, цы хорз у, кӕй мӕ бафарстай. Кӕд дӕ фӕнды базонын, цыдӕр цӕмӕн фӕаразын кӕнӕ цӕуылнӕ фӕаразын, уӕд-иу мӕ бафӕрс. Библийӕ дын иу хабар радзурдзынӕн. Раджы заман Вавилоны паддзах сарӕзта стыр цырт. Ӕмӕ адӕмӕн загъта, цӕмӕй йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдаиккой. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ сӕ зонгуытыл не ’рлӕууыдысты, кӕд сӕ уый тыххӕй маргӕ дӕр акодтаиккой, уӕддӕр.

Зӕринӕ: Ӕцӕгдӕр? Ӕмӕ цы баисты?

Дзерассӕ: Уый дын стыр переменӕйы радзурдзынӕн.

ХЪӔЛӔС КӔНЫН

Марат: Арсен, хъӕлӕс кӕныны бар дын куы уаид, уӕд кӕуыл схъӕлӕс кӕнис?

Арсен: Никӕуыл.

Марат: Цӕуылнӕ?

Арсен: Уымӕн ӕмӕ схъӕлӕс кодтон.

Марат: Ӕмӕ дӕуӕн нырма хъӕлӕс кӕныны бар куы нӕй.

Арсен: Ис, ӕмӕ равзӕрстон ӕппӕты хуыздӕр хицауад.

Марат: Цавӕр хицауад?

Арсен: Йӕ хицау Йесо кӕмӕн у, уый. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр хицау нӕй. Цӕмӕн, уый зоныс?

Марат: Нӕ, нӕ зонын.

Арсен: Кӕд дӕ фӕнды, уӕд дын ӕй уый фӕстӕ зӕгъдзынӕн.

[Ныв]

«Алан, мӕ гуырӕнбонмӕ дӕ хонын. Ӕрбацӕудзынӕ?»

[Ныв 3 фарсыл]

«Иннӕтимӕ гимн цӕуылнӕ фӕзарыс?»