Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зынгзӕрдӕйӕ архай Хуыцауы хъуыддаджы

Зынгзӕрдӕйӕ архай Хуыцауы хъуыддаджы

Зынгзӕрдӕйӕ архай Хуыцауы хъуыддаджы

«Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл» (МАТФ. 9:37).

1. Адӕймаджы ӕвӕстиатӕй исты бакӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд цы фӕаразы?

ЗӔГЪӔМ, изӕры онг дӕ хъӕуы кӕмӕдӕр иу ахсджиаг документ фӕхӕццӕ кӕнын. Куыд бакӕндзынӕ? Йӕ уӕлӕ йын афысдзынӕ, «ӕнӕмӕнгӕй йӕ хъӕуы фӕхӕццӕ кӕнын», зӕгъгӕ. Таксийы абадтӕ, ӕмӕ фӕцӕуыс. Фӕлӕ рӕджы кӕныс. Ӕмӕ шофырӕн зӕгъыс: «Кӕд гӕнӕн ис, уӕд-ма гыццыл тагъддӕр цу. Байрӕджы мын ис!» Адӕймаджы исты хъуыддаг куы фӕхъӕуы саразын, фӕлӕ йын бирӕ рӕстӕг куы нал баззайы, уӕд тынг стыхсы. Йӕ зӕрдӕ тынгдӕр кусын райдайы, ӕмӕ уыцы хъуыддаг саразыныл йӕ удӕй бацӕуы. Адӕймаг афтӕ фӕкӕны, исты ахсджиаг хъуыддаг ӕй ӕвӕстиатӕй саразын куы фӕхъӕуы, уӕд!

2. Абон ӕцӕг чырыстӕттӕн уӕлдай ахсджиагдӕр цавӕр хъуыддаг у?

2 Абон ӕцӕг чырыстӕттӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынӕй ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй (Матф. 24:14; 28:19, 20). Йесойы ахуыргӕнинаг Марк куыд фыста, афтӕмӕй, цалынмӕ дунейы кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ «уал раздӕр» хъуамӕ уыцы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ уа (Марчы 13:10). Фӕстиат кӕнӕн нӕй. Йесо загъта: «Кӕрдинаг бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл». О, кӕрдинаг бирӕ ис, ӕмӕ цалынмӕ рӕстӕг амоны, уӕдмӕ йыл хъӕуы аххӕссын (Матф. 9:37).

3. Хорз хабар хъусын кӕнынӕй ахсджиагдӕр кӕй ницы ис, уый тыххӕй бирӕтӕ цы сарӕзтой?

3 Хорз хабар хъусын кӕнынӕй нын ахсджиагдӕр кӕй ницы ис, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма ’вгъау кӕнӕм нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ. Ӕмӕ бирӕтӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сты раппӕлинаг. Иуӕй-иутӕ сӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кодтой, ӕмӕ райдыдтой ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын: чи пионерӕй, чи миссионерӕй, чи та Вефилы. Уыдон тынг ӕнӕвдӕлон сты. Сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕртӕй фӕцух кодтой. Ӕмӕ кӕд алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр сӕ Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын кӕны. Мах ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй стӕм буц. (Бакӕс Лукайы 18:28–30.) Иннӕтӕн та кӕд сӕ бон нӕу ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, уӕддӕр, сӕ рӕстӕг цас амоны, уыйбӕрц архайынц уыцы цардирвӕзынгӕнӕн куысты. Ӕххуыс ма кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн дӕр, цӕмӕй фервӕзой (Дык. з. 6:6, 7).

4. Ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый иуӕй-иуты цӕмӕн ферох вӕййы?

4 Куыд федтам, афтӕмӕй тагъд кӕнын фӕхъӕуы ӕви нӕ, уый баст у, рӕстӕг цас вӕййы, ууыл. Мах цӕрӕм кӕроны рӕстӕг, ӕмӕ уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис Библийы дӕр ӕмӕ царды дӕр (Матф. 24:3, 33; 2 Тим. 3:1–5). Ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый иу адӕймаг дӕр нӕ зоны. «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг», уый тыххӕй Йесо загъта: «Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд» (Матф. 24:36). Хъуыддаг афтӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иуты, азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ айрох вӕййы, ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъӕуы, уый, уӕлдайдӕр рӕстдзинад рагӕй чи зоны, уыдоны (Ӕмб. 13:12). Мыййаг дӕу дӕр ферох вӕййы? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нын Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти цы хъуыддаг бахӕс кодтой, уый ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кӕнӕм?

Йесойы фӕзмӕм

5. Хуыцауы ныхас ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый Йесо куыд равдыста?

5 Хуыцауы ныхас ӕвӕстиатӕй чидӕриддӕр хъусын кӕны, уыдоны фыццаджыдӕр хъӕуы Йесо Чырыстийы фӕзмын. Йесо уыцы хъуыддаг ӕвӕстиатӕй уый тыххӕй арӕзта, ӕмӕ йӕ зыдта, ӕртӕ азы ӕмӕ йын ӕрдӕг йеддӕмӕ кӕй нӕй. Чырысти Хуыцауы хъуыддаджы тыххӕй цас сарӕзта, уыйбӕрц ничи. Йӕ Фыды ном ӕмӕ йӕм цы фӕндон ис, уый адӕмӕн дзырдта, Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кодта, дины разамонджыты цӕстмӕ митӕ ӕмӕ мӕнгахуырӕдтӕ хурмӕ хаста. Йесо Чырысти Йегъовӕйыл суанг мӕлӕты онг уыд иузӕрдион. Чырысти йӕ хъарутӕ иууылдӕр сарӕзта уымӕ, цӕмӕй алы ран дӕр адӕмӕн Хуыцауы ныхас амыдтаид, ӕххуыс сын кодтаид ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтаид (Матф. 9:35). Цыбыр рӕстӕгмӕ йын цы бантыст, уый ӕндӕр никӕмӕн. Уымӕй тынгдӕр йӕ удӕй арт ничи цагъта (Иоан. 18:37).

6. Йесойӕн йӕ царды сӕйрагдӕр цы уыди?

6 Йесо йӕ хъарутыл цӕуылнӕ ауӕрста? Ӕвӕццӕгӕн, Данелы пехуымпар-ныхӕстӕй зыдта, Йегъовӕ йын цы рӕстӕг рахицӕн кодта, уый (Дан. 9:27). Зӕххыл хъуамӕ фӕлӕггад кодтаид «къуырийы» ӕрдӕг, ома ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг. Н. э. 33 азы Иерусалиммӕ паддзахы цыд куы бакодта, уый хӕдфӕстӕ загъта: «Ӕрхӕццӕ уыцы сахат, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт скадджын уыдзӕн» (Иоан. 12:23). Йесо зыдта, кӕй амӕлдзӕн, фӕлӕ йе ’ргом тынгдӕр уымӕ не здӕхта. Уый алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй йӕ Фыды фӕндон ӕххӕст кодтаид ӕмӕ адӕмӕн ӕвдыстаид, бирӕ сӕ кӕй уарзы, уый. Уыцы уарзт ӕй разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕхицӕн ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд кодтаид, сахуыр сӕ кодтаид ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ ’рвыстаид. Афтӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаикой, цы куыст райдыдта, уый. Ӕмӕ сӕ бон суыдаид Йесойӕ стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразын. (Бакӕс Иоанны 14:12.)

7, 8. Йесо кувӕндон кӕй ссыгъдӕг кодта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта ӕмӕ Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта?

7 Йесо зынгзӕрдӕ кӕй уыд, уый бӕрӕг у иу хабарӕй. Уыцы хабар ӕрцыд н. э. 30 азы Куадзӕны, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Иерусалиммӕ бацыд ӕмӕ «кувӕндоны федта, галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдоны, стӕй, сӕ бынӕтты чи бадт ӕмӕ ӕхца чи ивта, уыдоны дӕр». Йесо уыдӕттӕ куы федта, уӕд цы бакодта ӕмӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд бандӕвта? (Бакӕс Иоанны 2:13–17.)

8 Йесо уӕд цы сарӕзта ӕмӕ цы загъта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууын кодта псаломзарӕггӕнӕг Давиды ныхӕстӕ: «Дӕ хӕдзары мӕт мӕ хӕры» (Пс. 69:9). Ацы стихы дзырд «мӕт»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «зынгзӕрдӕдзинад». Уыцы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууыдысты? Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр зынгзӕрдӕ адӕймаджы бон уыди йӕхи ахӕм тӕссаг уавӕры баппарын. Кувӕндоны хицӕуттӕ – сауджынтӕ, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕтӕ – кодтой, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Йесо сын сӕ хинӕйдзаг хъуыддӕгтӕ кӕй ӕргом кодта ӕмӕ сын сӕ фыдвӕндтӕ кӕй халдта, уый тыххӕй се знаг сси. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ рӕстытӕ дзырдтой – бӕрӕг уыди, Хуыцауы хӕдзары мӕт ӕй кӕй хордта, ома, зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайдта, уый. Цы у зынгзӕрдӕдзинад? Цымӕ зынгзӕрдӕдзинад, ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уымӕй хицӕн кӕны?

Цӕмӕй хицӕн кӕнынц ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын ӕмӕ зынгзӕрдӕдзинад

9. Дзырд «зынгзӕрдӕдзинад» цы нысан кӕны?

9 Дзырд «зынгзӕрдӕдзинад» нысан кӕны, цавӕрдӕр хъуыддаг зӕрдиагӕй кӕнӕ зӕрдӕбынӕй аразын. Йӕ синонимтӕ сты истӕмӕ тырнын ӕмӕ зӕрдӕргъӕвдӕй архайын. Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы миниуджытӕ иууылдӕр уыдысты. Ацы стих ӕндӕр тӕлмацы та у афтӕ: «О Хуыцау, дӕ хӕдзар дын афтӕ тынг уарзын, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ пиллон артау судзы» («Today’s English Version»). Иуӕй-иу скӕсӕйнаг ӕвзӕгтыл «зынгзӕрдӕдзинад» конд у дыууӕ хайӕ «зынг» ӕмӕ «зӕрдӕ»-йӕ, ӕмӕ нысан кӕны «зӕрдӕ судзы». Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Давиды ныхӕстӕ кӕй ӕрхъуыды кодтой, кувӕндон сыгъдӕггӕнгӕ йӕ куы федтой, уӕд. Чырыстийы зӕрдӕ цӕмӕн ссыгъд ӕмӕ афтӕ цӕмӕн бакодта?

10. Библимӕ гӕсгӕ «зынгзӕрдӕдзинад» цы у?

10 Дзуттаг дзырд «зынгзӕрдӕдзинад» «Ног дунейы тӕлмац»-ы кӕмдӕрты тӕлмац ӕрцыд «иузӕрдиондзинад»-ӕй. (Бакӕс Рацыд 20:5; 34:14; Йесо Навин 24:19.) Ацы дзуттаг дзырд Библийы бирӕ рӕтты ӕмбӕлы, ӕмӕ арӕх фӕхауы бинонты цардмӕ. Лӕджы кӕнӕ усы куыд фӕфӕнды, цӕмӕй йыл йӕ цардӕмбал иузӕрдион уа, афтӕ Хуыцауы дӕр фӕнды, цӕмӕй йыл йӕ адӕм иузӕрдион уой. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы дзырд «зынгзӕрдӕдзинад» ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ исты хъуыддаг тынг уарзай ӕмӕ йыл зӕрдӕйӕ уай, зӕгъӕм, фанаттӕ цавӕрдӕр спортыл куыд ӕнувыд вӕййынц, афтӕ. Давид Хуыцауы хӕдзарыл уыцы хуызы мӕт кодта, йе та зынгзӕрдӕ уыцы хуызы уыди, ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕ уӕлдай адӕм ӕндӕр хуыцӕуттӕн куы куывтой кӕнӕ та йын йӕ номыл цъыф куы калдтой, уӕд-иу мӕстӕй рафыхт. Кӕнӕ та-иу йӕ удӕй бацыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ном сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕдтаид, йе та йын цы зиан ӕрхастой, уый сраст кодтаид.

11. Йесо афтӕ зынгзӕрдӕ цӕмӕн уыд?

11 Йесо кувӕндоны цы сарӕзта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Давиды ныхӕстимӕ кӕй бастой, уымӕй нӕ рӕдыдысты. Йесо афтӕ зынгзӕрдӕйӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ архайдта, ӕмӕ йын гыццыл рӕстӕг уыд, фӕлӕ йӕ Фыды ном ӕмӕ раст дин тынг кӕй уарзта, уый тыххӕй. Йесо куы федта, Хуыцауы номыл цъыф кӕй калынц, уӕд йӕ зӕрдӕ пиллон артау ссыгъд. Стӕй-иу куы уыдта, дины разамонджытӕ мӕгуыр адӕмы куыд ӕфхӕрынц ӕмӕ сӕ куыд ссӕндынц, уӕд-иу сын баххуыс кодта ӕмӕ-иу дины разамонджытӕн карзӕй бауайдзӕф кодта (Матф. 9:36; 23:2, 4, 27, 28, 33).

Зӕрдиагӕй архай Хуыцауы хъуыддаджы

12, 13. Дины разамонджытӕ цы бакодтой а) Хуыцауы номӕн ӕмӕ ӕ) Хуыцауы Паддзахады хабарӕн?

12 Дины разамонджытӕ Чырыстийы рӕстӕг цы митӕ кодтой, ахӕм митӕ кӕнынц абон дӕр, кӕд фыддӕр нӕ фесты, уӕд. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын фыццаг Хуыцауы номы тыххӕй куыд загъта: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Цымӕ абон дины разамонджытӕ, уӕлдайдӕр та чырыстон дины разамонджытӕ Хуыцауы ном адӕмӕн ӕргом кӕнынц, рухс ӕй кӕнынц ӕмӕ йӕ кадджын кӕнынц? Уыдон Хуыцауы ном чъизи кӕнынц мӕнгахуырӕдтӕй, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауӕн ӕртӕ цӕсгомы ис, адӕймаджы уд нӕ мӕлы ӕмӕ фыдгӕнджытӕ зындоны хъизӕмар кӕнынц. Ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй афтӕ уайы, цыма Хуыцауы базонӕн нӕй, стӕй, ӕгъатыр ӕмӕ хъӕбӕрзӕрдӕ кӕй у. Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы худинаг кӕнынц се ’взӕр хъуыддӕгтӕй ӕмӕ сӕ цӕстмӕ митӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 2:21–24.) Стӕй ма алцыдӕр аразынц, цӕмӕй адӕм Хуыцауы ном ма базоной, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕй айстой. Уыдон адӕмы Хуыцауӕй адард кодтой (Иак. 4:7, 8).

13 Йесо Чырысти ма йӕ фӕдылдзӕуджыты ахуыр кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 6:10). Кӕд дины разамонджытӕ ацы ныхӕстӕ арӕх фӕдзурынц, уӕддӕр адӕмы фӕразӕнгард кӕнынц, цӕмӕй политикӕйы архайой ӕмӕ алыхуызон организацитыл сӕ ныфс дарой. Уый нӕ, фӕлӕ ма, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кӕны, уыдоны ницӕмӕ дарынц. Стӕй ма, йӕхи Хуыцауӕн кувӕг чи хоны, уыдон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕдӕр дзургӕ кӕнынц, нӕдӕр ыл ӕууӕндгӕ кӕнынц.

14. Чырыстон дины разамонджытӕ Хуыцауы Ныхас куыд сзыгъуыммӕ кодтой?

14 Иухатт, Йесо йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ загъта: «Дӕ ныхас у рӕстдзинад» (Иоан. 17:17). Цалынмӕ уӕлӕрвтӕм не ссыд, уӕдмӕ загъта, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кӕй сӕвӕрдзӕн, цӕмӕй йӕ адӕмӕн хӕринаг дӕтта (Матф. 24:45). Кӕд чырыстон дины разамонджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, адӕмӕн Хуыцауы Ныхас амонӕм, уӕддӕр цымӕ ӕххӕст кӕнынц, Хицау сын сӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый? Нӕ, не ’ххӕст кӕнынц. Уыдон дзурынц, Библи, дам, у аргъӕуттӕ ӕмӕ таурӕгъты чиныг. Сӕ адӕмы зӕрдӕтӕ сын чи ӕрсабыр кӕндзӕн ӕмӕ сын зонындзинӕдтӕ чи ратдзӕн, ахӕм хӕринаг сын нӕ дӕттынц. Фӕлӕ сын амонынц алыхуызон философитӕ. Уымӕй уӕлдай ма, Хуыцау ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон сӕхи закъӕттӕй баивтой (2 Тим. 4:3, 4).

15. Дины разамонджытӕ Хуыцауы номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

15 Чырыстон дины разамонджытӕ Хуыцауы номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уый тыххӕй бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Хуыцауӕй ӕмӕ Библийӕ фӕфыдӕнхъӕл сты кӕнӕ та ницӕуыл уал ӕууӕндынц. Уыдон баисты Сайтаны ӕмӕ йӕ фыддунейы амӕттаг. Ахӕм хабӕрттӕ куы фехъусыс, уӕд дӕм цавӕр хъуыдытӕ фӕзыны? Хуыцауы ном куы фӕхудинаг кӕнынц ӕмӕ йыл цъыф куы фӕкалынц, уӕд дӕ нӕ фӕфӕнды уыцы адӕмы зондахаст сраст кӕнын? Ӕнӕхин ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмыл сайдӕй куы фӕцӕуынц ӕмӕ сӕ куы фефхӕрынц, уӕд дӕ нӕ фӕфӕнды сӕ зӕрдӕты ныфс бауадзын? Йесо куы федта, адӕм «ӕнӕфыййау фыстау, ӕфхӕрд ӕмӕ дзӕгъӕл» кӕй сты, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ «сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын» (Матф. 9:36; Марчы 6:34). Махӕн дӕр нӕ бон у, цӕмӕй Йесойау Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕ уӕм.

16, 17. а) Удуӕлдайӕ цӕмӕн лӕггад кӕнӕм? ӕ) Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

16 Нӕ лӕггадмӕ ахӕм зӕрдӕ куы фӕдарӕм, уӕд апостол Павел 1 Тимофеймӕ 2:3, 4 цы загъта, уый ноджы хуыздӕр фембарӕм. (Бакӕс сӕ.) Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, удуӕлдайӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ ма йӕ ӕмбарӕм, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм рӕстдзинад базоной, сахуыр уой уымӕн лӕггад кӕнын, ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уой. Стӕй уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ ацы дунейӕн бирӕ нал баззад, фӕлӕ ма нӕ фӕнды Хуыцауы ном кадджын кӕнын ӕмӕ адӕмӕн йӕ фӕндоны тыххӕй дзурын. Уӕдӕ Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайӕм (1 Тим. 4:16).

17 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм ӕрхауд стыр кад – Хуыцаумӕ адӕмы ӕмӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый бӕлвырд зонынц. Махӕн нӕ бон у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй амондджын уой ӕмӕ сӕ фидӕнӕй фидар ныфс уа. Нӕ бон ма сын у ӕмбарын кӕнын, цы хъуамӕ аразой, цӕмӕй Сайтаны дунеимӕ ма фесӕфой (2 Фес. 1:7–9). Ӕмӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕйы бон фӕстиат кӕны, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс асӕтты, уӕддӕр хъуамӕ цин кӕнӕм, рӕстӕг ма нын кӕй ис Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайынӕн (Мих. 7:7; Ав. 2:3). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм? Уымӕ ӕркӕсдзыстӕм иннӕ статьяйы.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Йесо йӕ хъарутыл цӕуылнӕ ауӕрста?

• Библимӕ гӕсгӕ «зынгзӕрдӕдзинад» цы у?

• Абон Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Йесо ӕххӕст кодта йӕ Фыды фӕндон ӕмӕ, адӕмы кӕй уарзта, уый ӕвдыста

[Ныв 10 фарсыл]

Хуыцауы хъуыддаджы зынгзӕрдӕйӕ архайӕм