Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг»

«Уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг»

«Уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг»

«Уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг. Ныр у ирвӕзындзинады бон» (2 КОР. 6:2).

1. Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

«АЛЦӔМӔН дӕр ис йӕхи афон, арвы бын алы хъуыддагӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг» (Еккл. 3:1). Соломон фыста, адӕймаг алы хъуыддагӕн дӕр рӕстӕг кӕй хъуамӕ ара, зӕгъӕм, зӕххы куыстӕн, балцы цӕуынӕн, ӕлхӕнынӕн, уӕй кӕнынӕн ӕмӕ иннӕтимӕ рӕстӕг ӕрвитынӕн. Уӕдӕ мах дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын, ахсджиагдӕр нын цавӕр хъуыддӕгтӕ сты, ууыл. Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ бӕлвырдӕй зонӕм, царды нын сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, уый.

2. Йесо цы рӕстӕджы цард, уый хорз кӕй ӕмбӕрста, уый кӕцӕй зонӕм?

2 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд хорз ӕмбӕрста, цы рӕстӕджы цард ӕмӕ цы хъуамӕ арӕзтаид, уый. Нӕ рох кодта, сӕйрагдӕр ын цавӕр хъуыддӕгтӕ уыдысты, уый дӕр. Зыдта, бирӕ азты размӕ Мессийӕйы тыххӕй цы бирӕ пехуымпар-ныхӕстӕ уыд загъд, уыдон тагъд кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой (1 Пет. 1:11; Рарг. 19:10). Стӕй ма Йесо хъуамӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтаид, цӕмӕй адӕм бамбӕрстаиккой, Мессийӕ кӕй уыд, уый. Хъуамӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар бӕстон хъусын кодтаид ӕмӕ, йемӕ уӕлӕрвты йе ’мпаддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдоны ӕрӕмбырд кодтаид. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ чырыстон ӕмбырдӕн бындур ӕрӕвӕрдтаид, цӕмӕй чырыстӕттӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой (Марчы 1:15).

3. Йесойы ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъуыд, уый тыххӕй цы арӕзта?

3 Йесойы ӕвӕстиатӕй архайын кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ Фыды фӕндон зынгзӕрдӕйӕ ӕххӕст кодта. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг, бӕгуыдӕр, бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Лук. 10:2; Мал. 4:5, 6). Фыццаг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй равзӕрста 12, уый фӕстӕ та – 70, ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ адӕмӕн диссаджы хабар хъусын кӕной: «Уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг, зӕгъгӕ». Йесо та йӕхӕдӕг, «йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн, куыд ӕмӕ сӕ цы кӕнын хъӕуы, уыдӕттӕ куы бацамыдта, уӕд уырдыгӕй ацыди, цӕмӕй иннӕ горӕтты дӕр адӕмы ахуыр кодтаид ӕмӕ сын хъусын кодтаид» (Матф. 10:5–7; 11:1; Лук. 10:1).

4. Павел Йесойы цавӕр хъуыддӕгты фӕзмыдта?

4 Чырысти куыд зынгзӕрдӕ ӕмӕ куыд иузӕрдион уыд, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыди фӕзминаг. Апостол Павел уый тыххӕй йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Кор. 11:1). Павел Чырыстийы цавӕр хъуыддӕгты фӕзмыдта? Фыццаджыдӕр, хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста, уымӕй. Павел ӕмбырдтӕм цы фыстӕджытӕ ныффыста, уым ӕмбӕлынц ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъӕм, «уӕ хъуыддӕгты зивӕггӕнаг ма ут», «Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут», «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнут Хицауы хъуыддаджы» ӕмӕ «цыфӕнды ма аразат, аразут ӕй ӕппӕт удӕй... Йегъовӕйӕн» (Ром. 12:11; 1 Кор. 15:58; Кол. 3:23). Павелы никуы ферох ис, Дамаскмӕ цӕугӕйӕ йыл цы ’рцыд, уый ӕмӕ, Йесо Ананийӕн Павелы тыххӕй кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Уый у ме ’взӕрст лӕг – уый мын мӕ ном хъусын кӕндзӕн ӕндӕр адӕмтӕн, стӕй паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы фырттӕн дӕр» (Ап. хъ. 9:15; Ром. 1:1, 5; Гал. 1:16).

«Уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг»

5. Павел зынгзӕрдӕйӕ цӕмӕн хъусын кодта?

5 Хъуыддӕгты чиныгӕй бӕрӕг у, Павел хорз хабар хъӕбатырӕй ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодта, уый (Ап. хъ. 13:9, 10; 17:16, 17; 18:5). Павел ӕмбӕрста, цы рӕстӕджы цард, уый, ӕмӕ загъта: «Уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг. Ныр у ирвӕзындзинады бон» (2 Кор. 6:2). Н. э. размӕ 537 азы Вавилоны уацары чи уыд, уыдонӕн ӕрцыд «хорзӕхы рӕстӕг» – фадат сын фӕзынд, цӕмӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ аздӕхтаиккой (Ис. 49:8, 9). Цымӕ Павел бӕлвырдӕй цӕй кой кодта? Иннӕ стихтӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд ӕй бамбардзыстӕм.

6, 7. Абон сӕрст чырыстӕттӕм ӕмӕ «иннӕ фыстӕм» цавӕр кад ӕрхауд?

6 Уымӕй гыццыл раздӕр Павел йӕ фыстӕджы ныффыста, йӕхимӕ ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕм цы стыр кад ӕрхауд, уый тыххӕй. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 5:18–20.) Уый бамбарын кодта, Хуыцау сӕ бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй кӕй равзӕрста – хъуамӕ «фидауынгӕнӕн куыст» кодтаиккой, ӕмӕ адӕмӕн лӕгъстӕ кодтаиккой, «Хуыцауимӕ бафидаут», зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцаумӕ раздӕхтаиккой.

7 Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ адӕм Хуыцауӕй тынг адард сты (Ром. 3:10, 23). Уый тыххӕй сты талынджы, хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц ӕмӕ мӕлынц. Павел ныффыста: «Мах ӕй зонӕм, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй кӕй дзыназынц ӕмӕ кӕй удхар кӕнынц абоны онг дӕр» (Ром. 8:22). Фӕлӕ Хуыцау адӕмы хоны, «лӕгъстӕ сын кӕны», цӕмӕй йӕм раздӕхой ӕмӕ йемӕ бафидауой. Уыцы хъуыддаг Хуыцау бабар кодта Павелӕн ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн. Йесойыл чи баууӕндыдаид, уыдонӕн уыцы «хорзӕхы рӕстӕг» уыди сӕ «ирвӕзындзинады бон». Сӕрст чырыстӕттӕ иууылдӕр ӕмӕ «иннӕ фыстӕ» иумӕ кусынц ӕмӕ адӕмы хонынц, цӕмӕй сын «хорзӕхы рӕстӕг» арфӕдзинад ӕрхӕсса (Иоан. 10:16).

8. Хуыцау адӕмы йӕхиимӕ кӕй бафидауын кодта, уый диссаг цӕмӕн у?

8 Хуыцау адӕмы йӕхиимӕ кӕй бафидауын кодта, уый диссаг у, уымӕн ӕмӕ Едемы цӕхӕрадоны нӕ рагфыдӕлтӕ рацыдысты Хуыцауы ныхмӕ, ӕмӕ дзы адард сты. Ӕмӕ Хуыцау фыццаг йӕхӕдӕг бацархайдта, цӕмӕй адӕмы йӕхимӕ ӕрбаввахс кодтаид (1 Иоан. 4:10, 19). Ӕмӕ уый тыххӕй цы сарӕзта? Павел афтӕ загъта: «Хуыцау Чырыстийы фӕрцы дуне йӕхиимӕ фидауын кӕны ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзуапп нӕ домы. Фидыды хабар хъусын кӕнын та бахӕс кодта махӕн» (2 Кор. 5:19; Ис. 55:6).

9. Павел Хуыцауӕй йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй бузныг кӕй уыд, уый куыд равдыста?

9 Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцау адӕмӕн фадат радта, цӕмӕй йыл чи ӕууӕнды, уыдон сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдаиккой ӕмӕ йӕм ӕрбаввахс уыдаиккой. Хуыцау йӕ минӕвӕртты алы рӕттӕм ӕрвыста, цӕмӕй адӕм йемӕ бафидыдтаиккой, цалынмӕ сын фадат уыди, уӕдмӕ. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:3–6.) Павел Хуыцауы фӕндон кӕй зыдта ӕмӕ цы рӕстӕджы цард, уый кӕй ӕмбӕрста, уымӕ гӕсгӕ «фидауынгӕнӕн куыст» кӕнгӕйӕ йӕхиуыл ӕппындӕр нӕ ауӕрста. Абон дӕр Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Павелы ныхӕстӕ, «уӕлдайдӕр ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг» ӕмӕ «ныр у ирвӕзындзинады бон», зӕгъгӕ, хауынц мах рӕстӕгмӕ дӕр. Ӕвӕдза, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у (Рац. 34:6, 7).

«Цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд»

10. «Ирвӕзындзинады бон» сӕрст чырыстӕттӕн фыццаг ӕнусы цӕуыл дзурӕг уыди, абон та?

10 Хуыцауимӕ фыццаг бафидыдтой, «Чырыстиимӕ иудзинады» чи уыд, уыдон (2 Кор. 5:17, 18). Уыдонӕн «ирвӕзындзинады бон» райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдон хъусын кӕнынц «фидыды хабар». Абон дӕр сӕрст чырыстӕттӕ кӕнынц «фидауындзинады куыст». Уыдон зонынц, апостол Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта, уыцы цыппар зӕды «фидар [кӕй] хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл, цӕмӕй ма дымдтаиккой мадӕр зӕххыл, мадӕр денджызыл, мадӕр бӕлӕстыл». Абон дӕр у «ирвӕзындзинады бон» ӕмӕ «хорзӕхы рӕстӕг» (Рарг. 7:1–3). Уый тыххӕй, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон 20 ӕнусӕй нырмӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕнынц уыцы куыст – «фидауынгӕнӕн куысты» тыххӕй дзурынц зӕххыл алы рӕтты.

11, 12. Сӕрст чырыстӕттӕ 20 ӕнусы райдианы куыд равдыстой, цы рӕстӕджы цардысты, уый кӕй ӕмбӕрстой? (Кӕс нывы 15 фарсыл.)

11 Чиныг «Свидетели Иеговы – Возвещатели Царства Бога»-йы фыст ис, зӕгъгӕ, 20 ӕнусы райдианы «Ч. Т. Расселлы ӕмӕ йе ’мбӕлтты фидарӕй уырныдта, кӕрдыны афон кӕй цӕрынц ӕмӕ адӕм ирвӕзындзинады тыххӕй ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ фехъусой». Уый тыххӕй цы арӕзтой? Кӕрдыны афон ӕмӕ «хорзӕхы рӕстӕг» кӕй уыд, уый кӕй ӕмбӕрстой, уымӕ гӕсгӕ адӕмы ӕрмӕст ӕмбырдтӕм нӕ хуыдтой. Афтӕ кодтой чырыстон дины разамонджытӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы. Фӕлӕ сӕрст чырыстӕттӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕнын райдыдтой. Стӕй ма пайда кодтой ног технологитӕй дӕр.

12 Цӕмӕй адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар фехъуыстаиккой, уый тыххӕй уыцы зынгзӕрдӕ гыццыл къорд райдыдта трактаттӕ, брошюрӕтӕ, журналтӕ ӕмӕ чингуытӕ парахат кӕнын. Стӕй ма алыхуызон докладтӕ ӕмӕ статьятӕ мыхуыр кодтой мингай газетты. Радиойы дӕр сын уыди программӕтӕ, ӕмӕ сӕм адӕм бирӕ бӕстӕты хъуыстой. Истой ма кинонывтӕ ӕмӕ сӕ алы бӕстӕты адӕмӕн ӕвдыстой. Не ’фсымӕртӕ цы кинотӕ истой, ахӕмтӕ кинематографийы уӕдмӕ нӕма уыд. Афтӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы сын цы бантыст? «Хуыцауимӕ [чи] бафидыдта» ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ чи хоны, уыдон абон сты 7 милуанӕй фылдӕр. Уӕдӕ, ӕцӕгдӕр, уыцы рагон лӕггадгӕнджытӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайдтой, уымӕй сты фӕзминаг, кӕд сӕ уавӕртӕ къуындӕг уыдысты, уӕддӕр.

13. Хуыцауы фӕнд цы у?

13 Павелы ныхӕстӕ, «ныр у йӕ хорзӕхы рӕстӕг», зӕгъгӕ, хауынц нӕ рӕстӕгмӕ дӕр. Мах Йегъовӕйы стыр хорзӕхӕй хайджын стӕм ӕмӕ дзы бузныг стӕм, ахӕм кад нӕм кӕй ӕрхауд ӕмӕ фидыды хабар кӕй фехъуыстам, уый тыххӕй. Мах нӕхицӕй нӕ ныббуц стӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕмӕ айстам Павелы иннӕ ныхӕстӕ: «Ӕмӕ уын ноджыдӕр лӕгъстӕ кӕнӕм: цы стыр хорзӕхӕй уын бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стут хайджын, уый уӕ ма ферох уӕд» (2 Кор. 6:1). Хуыцауы фӕнд у, «Чырыстийы фӕрцы дуне йӕхиимӕ» бафидауын кӕнын (2 Кор. 5:19).

14. Бирӕ бӕстӕты адӕм хорз хабармӕ цӕмӕн райдыдтой хъусын?

14 Хӕйрӕг тынг бирӕ адӕмы бакуырм кодта. Уыдон Хуыцауӕй тынг адард сты ӕмӕ йын йӕ фӕндон ницӕмӕ дарынц (2 Кор. 4:3, 4; 1 Иоан. 5:19). Фӕлӕ дунейы уавӕртӕ фыддӕр кӕй кӕнынц, уый тыххӕй бирӕтӕ хуыздӕр байхъусынц, куы сын бамбарын кӕнынц, адӕм Хуыцауӕй кӕй адард сты, хъизӕмар дӕр уый тыххӕй кӕй кӕнынц. Суанг, рӕстдзинадмӕ уазалзӕрдӕ кӕм дардтой, уыцы бӕстӕты дӕр ныр бирӕтӕ хорз хабармӕ байхъусынц ӕмӕ бацархайынц, цӕмӕй Хуыцауимӕ бафидауой. Цымӕ йӕ ӕмбарӕм, ныр нӕ уӕлдай зынгзӕрдӕйӕ дӕр кӕй хъӕуы адӕмӕн дзурын, «Хуыцауимӕ бафидаут», зӕгъгӕ?

15. Адӕмы зӕрдӕтӕ сабыр кӕныны бӕсты, алы ран дӕр цӕй тыххӕй дзурӕм?

15 Махӕн нӕ хӕс канд уый нӕу, цӕмӕй адӕмӕн дзурӕм, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ куы раздӕхат, уӕд уӕ уе ’ппӕт зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ уын фенцондӕр уыдзӕн. Бирӕтӕ аргъуантӕм ӕрмӕст уый тыххӕй фӕцӕуынц. Ӕмӕ аргъуантӕ тынг архайынц, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕ рӕвдауой (2 Тим. 4:3, 4). Фӕлӕ мах хорз хабар уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм. Мах адӕмӕн дзурӕм, Йегъовӕ нӕ тынг кӕй уарзы, уый тыххӕй нын нӕ тӕригъӕдтӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы хатыр кӕны. Уый руаджы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уой ӕмӕ йемӕ бафидауой (Ром. 5:10; 8:32). Фӕлӕ «хорзӕхы рӕстӕг» тагъд фӕуыдзӕн.

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕ удӕй арт уадзут»

16. Павел хъӕбатыр ӕмӕ зынгзӕрдӕ цӕй фӕрцы уыд?

16 Цӕмӕй зынгзӕрдӕ уӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы аразын? Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сты ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ сын зын вӕййы сӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзурын. Фӕлӕ хъӕуы иу хъуыддаг ӕмбарын: йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ сӕрибарӕй чи дзуры, уый зынгзӕрдӕ адӕймаг нӕй схонӕн, стӕй уый нӕхицӕй кӕнгӕ дӕр нӕу. Апостол Павел бамбарын кодта, уый цӕмӕй кӕнгӕ у, ӕмӕ йе ’мчырыстӕтты разӕнгард кодта: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы уӕ удӕй арт уадзут» (Ром. 12:11). Павел хорз хабар ныфсджынӕй ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кодта Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уый зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта 30 азы бӕрц, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ: Чырысти йӕ куы равзӕрста ӕмӕ йӕ Ромы фӕстаг хатт ахӕстоны куы бакодтой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕдмӕ. Павел алы хатт дӕр Хуыцауӕй ӕххуыс куырдта ӕмӕ йын Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы уылты хъару лӕвӕрдта. Павел афтӕ загъта: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13). Павелы цӕвиттонӕй бирӕ цӕуылдӕртыл ахуыр кӕнӕм.

17. Цӕмӕй «нӕ удӕй арт уадзӕм», уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

17 Дзырдбаст «удӕй арт уадзын» комкоммӕ нысан кӕны «фыцын» («Kingdom Interlinear»). Цӕмӕй аджы дон рафыца, уый тыххӕй йын хъӕуы йӕ бынмӕ ӕдзух сугтӕ ӕппарын. Афтӕ мах дӕр, цӕмӕй нӕ «удӕй арт уадзӕм», уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕдзух Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ пайда кӕнӕм, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цыдӕриддӕр дӕтты, уымӕй. Хъуамӕ уӕлӕнгай цӕстӕй ма кӕсӕм нӕ бинонты ахуырмӕ ӕмӕ не ’мбырдтӕм. Ӕдзух Библи ахуыр кӕнӕм нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ бинонтимӕ дӕр, ӕдзух кувӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм. Уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы арт судздзӕн ӕмӕ «фыцдзыстӕм», ома «нӕ удӕй арт уадздзыстӕм». (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 4:20; 18:25.)

18. Нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ нысан цавӕр хъуамӕ уа?

18 Йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, ахӕм адӕймаг иууылдӕр йӕ хъуыдытӕ йӕ нысанмӕ саразы ӕмӕ йӕ уыцы нысанмӕ тырнгӕйӕ ницы бакъуылымпы кӕны ӕмӕ йӕ къухтӕ не ’руадзы. Мах нӕхи Йегъовӕйӕн кӕй снывонд кодтам, уымӕ гӕсгӕ нӕ нысан у, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый аразын. Афтӕ кодта Йесо дӕр (Дзут. 10:7). Абон Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йемӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм бафидауа. Уӕдӕ Йесойы ӕмӕ Павелы фӕзмӕм – зынгзӕрдӕйӕ архайӕм ацы ахсджиаг ӕмӕ ӕвӕстиатӕй кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы куысты.

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцау Павелӕн ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕн цы бабар кодта?

• Сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон «хорзӕхы рӕстӕгӕй» куыд пайда кӕнынц?

• Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у сӕ «удӕй арт уадзын»?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Павелӕй нӕ рох кодта, Дамаскмӕ цӕугӕйӕ йыл цы ’рцыд, уый