Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Кӕсджыты фарстатӕ

Райдианы 6:3 фыст ис: «Мӕ уд адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ быхсдзӕн, уымӕн ӕмӕ адӕймаг йеддӕмӕ ницы у. Гъемӕ ма цӕрӕд сӕдӕ дыууын азы». Цымӕ ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ Йегъовӕ адӕймаджы цард 120 азы онг фӕцыбыр кодта? Ӕмӕ Ной Доны хъаймӕты тыххӕй 120 азы хъусын кодта?

Ацы фарстатӕн ис раттӕн ӕрмӕстдӕр иу дзуапп: нӕ.

Доны хъаймӕты размӕ адӕм бирӕ цардысты. Хъаймӕт куы райдыдта, уӕд Нойыл цыди 600 азы. Ӕдӕппӕтӕй та фӕцард 950 азы (Райд. 7:6; 9:29). Доны хъаймӕты фӕстӕ чи райгуырд, уыдонӕй иуӕй-иутӕ 120 азӕй фылдӕр фӕцардысты, зӕгъӕм, Арфаксад фӕцард 438 азы, Селӕ та – 433 азы (Райд. 11:10–15). Фӕлӕ Моисейы рӕстӕджы онг адӕймаджы цард дзӕвгар фӕкъаддӕр ис: 70–80 азы бӕрц (Пс. 90:10). Уымӕ гӕсгӕ Райдианы 6:3 афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цард 120 азы онг фӕцыбыр кодта.

Уӕдӕ ацы стих афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ Хуыцау Нойӕн загъта, зӕгъгӕ, Доны хъаймӕт 120 азы фӕстӕ ӕрцӕудзӕн? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Хуыцау Ноимӕ бирӕ хӕттыты ныхас кодта. Ӕмӕ уыцы сӕры дӕс стихы фӕстӕ фыст ис: «Хуыцау Нойӕн загъта: „Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын, уымӕн ӕмӕ зӕхх... байдзаг фыдмитӕй“». Хуыцау Нойӕн цы стыр хъуыддаг бахӕс кодта, уый конд куы фӕци, ома нау куы сарӕзта, уӕд «Йегъовӕ Нойӕн загъта: „Дӕ бинонтимӕ наумӕ бацу“» (Райд. 6:13; 7:1). Йегъовӕ ма Нойӕн ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй дӕр амындтӕ лӕвӕрдта (Райд. 8:15; 9:1, 8, 17).

Уӕдӕ Райдианы 6:3 стих ӕндӕргомау ӕмбаргӕ у. Уыцы стихы нӕдӕр Нойы кой ис, нӕдӕр дзы афтӕ фыст ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ныхас кодта, зӕгъгӕ. Фыст дзы ис, Хуыцау цы саразинаг уыд, уый тыххӕй. (Абар Райдиан 8:21.) Зӕгъын ма хъӕуы, ӕмӕ Райдианы чиныджы Адамы фӕзынды размӕ цы хабӕртты кой цӕуы, уым ис ахӕм ныхӕстӕ, «Хуыцау загъта», зӕгъгӕ (Райд. 1:6, 9, 14, 20, 24). Ӕмӕ Йегъовӕ уӕд адӕймагимӕ нӕ ныхас кодта, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы нӕма сфӕлдыста.

Уӕдӕ скӕнӕн ис ахӕм хатдзӕг, ӕмӕ Райдианы 6:3 ныхас цӕуы, Хуыцау фыддуне фесафынвӕнд кӕй скодта, ууыл. Йегъовӕ цы тӕрхон рахаста, уый хъуамӕ сӕххӕст кодтаид 120 азмӕ, ӕмӕ Ной уый тыххӕй ницы зыдта. Фӕлӕ Хуыцау ахӕм ӕмгъуыд цӕмӕн скодта? Уыйбӕрц рӕстӕг цӕмӕн хъуыди ӕнхъӕлмӕ кӕсын?

Апостол Петр дӕтты дзуапп: «Хуыцау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ нау арӕзт ӕрцыдаид, уӕдмӕ. Уыцы нау цалдӕр адӕймаджы, бӕлвырдӕй та аст уды, рахаста доны сӕрты, ӕмӕ аирвӕзтысты» (1 Пет. 3:20). Хуыцау 120 азы тыххӕй уынаффӕ куы рахаста, уӕд ма бирӕ цыдӕртӕ хъуыди саразын. Уымӕй 20 азы бӕрц куы рацыд, уӕд Ной ӕмӕ йӕ усӕн зӕнӕг рацыд (Райд. 5:32; 7:6). Се ’ртӕ фырты сыстыр сты, устытӕ ракуырдтой ӕмӕ баисты «аст уды». Стӕй ма сӕ хъуыди нау саразын дӕр. Фӕлӕ нау тынг стыр кӕй хъуамӕ уыдаид, уымӕ гӕсгӕ йӕ аст адӕймаджы тагъд нӕ сарӕзтаиккой. Хуыцау 120 азы кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый руаджы уыцы хъуыддӕгтӕ арӕзт ӕрцыдысты ӕмӕ ма уый фӕрцы аст адӕймаджы аирвӕзтысты.

Библийы никуы ис фыст, Доны хъаймӕт кӕд уыдзӕн, уый тыххӕй Йегъовӕ Нойӕн кӕй загъта. Нойы фырттӕ устытӕ куы ракуырдтой, уый фӕстӕ ма Доны хъаймӕтмӕ баззад 40–50 азы бӕрц. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта: «Ӕз ӕй уынын, адӕмы се ’ппӕты дӕр кӕй хъӕуы фесафын». Стӕй ма загъта, Нойы стыр нау саразын кӕй хъӕуы ӕмӕ уырдӕм йӕ бинонтимӕ кӕй хъуамӕ бацӕуа (Райд. 6:13–18). Цы рӕстӕг ма баззад, уыцы рӕстӕг Ной ӕрмӕст рӕстаг цард нӕ кодта, фӕлӕ ма уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр – хъусын кодта, Хуыцау кӕй сфӕнд кодта ӕнӕхуыцау адӕмы фесафын. Ной нӕ зыдта, уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн, уый, фӕлӕ зыдта, ӕнӕмӕнгдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ уыцы хабар ды дӕр куыннӕ зоныс (2 Пет. 2:5).