Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Хӕйрӕг Евӕимӕ калмы уылты цӕмӕн ныхас кодта?

Хӕйрӕг Евӕимӕ калмы уылты цӕмӕн ныхас кодта?

▪ Ӕвӕццӕгӕн разы дӕ, 8 фарсыл дзырд цӕуыл цыд, уыимӕ, ома калмы уылты Евӕимӕ Хӕйрӕг кӕй ныхас кодта. Афтӕ зӕгъы Библи. Фӕлӕ дӕм, чи зоны, диссаг кӕсы, Хӕйрӕг калмы уылты цӕмӕн дзырдта.

Библийы Хӕйрӕджы тыххӕй фыст ис, хинӕй кӕй архайы. Уый нын ӕххуыс кӕны, Евӕимӕ калмы уылты цӕмӕн ныхас кодта, уый бамбарынӕн (Ефесӕгтӕм 6:11). Едемы цӕхӕрадоны калм адӕймаджы ’взагӕй кӕй «сдзырдта», уый аргъау нӕу. Уыцы хабар хорз ӕвдисы, Хӕйрӕг куыд фыдзӕрдӕ у ӕмӕ куыд хинӕй архайы, цӕмӕй адӕмы Хуыцауӕй аздаха. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

Хӕйрӕг Евӕмӕ хуымӕтӕджы нӕ бахъавыд. Хуыцау Евӕйы сфӕлдыста фӕстагмӕ, Дун-дунейы уымӕй ӕрыгондӕр ничи уыд. Евӕ ӕрыгон кӕй уыд, уый фӕрцы йӕ Хӕйрӕг фӕсайдта ӕмӕ йӕ фӕрӕдийын кодта. Хӕйрӕг Евӕйӕн йӕхи кӕй нӕ равдыста, фӕлӕ йемӕ калмы уылты кӕй ныхас кодта, уый руаджы йӕ хиуарзон ӕмӕ йӕ кадмондаг фӕндтӕ уайтагъд нӕ раргом сты (Райдиан 3:1). Ӕркӕсӕм, уый фӕрцы ма йын цы бантыст, уымӕ.

Хӕйрӕджы къухы бафтыд цалдӕр хъуыддаджы. Фыццаг: йӕ бон баци Евӕйы ’ргом йӕхимӕ раздахын. Евӕ зыдта, кӕлмытӕ дзургӕ кӕй нӕ кӕнынц. Йӕ лӕг, Адам, цӕрӕгойтӕн нӕмттӕ куы хъуамӕ радтаид, уӕд уал дзы фыццаг алкӕцымӕ дӕр лӕмбынӕг фӕкаст, ӕмӕ уыцы цӕрӕгойтӕй иу уыди калм (Райдиан 2:19). Уӕдӕ Евӕ дӕр уымӕй размӕ куыннӕ федтаид уыцы къӕрцхъус цӕрӕгойы. Ӕмӕ йӕм калм адӕймаджы ӕвзагӕй кӕй сдзырдта, уый йӕм тынг диссаг фӕкаст. Сылгоймаг йӕ цӕст нал иста, ӕнӕхъӕн цӕхӕрадоны йын цы иунӕг бӕласӕй хӕрӕн нӕ уыд, уымӕй. Дыккаг: цымӕ Евӕ калмы уыцы бӕласы къалиуты ’хсӕн куы федта, уӕд цы ахъуыды кодта? Цымӕ йӕм ахӕм хъуыды нӕ фӕзынд, зӕгъгӕ, ацы ӕгомыг цӕрӕгой бӕласы дыргътӕй кӕй бахордта, мыййаг, уый тыххӕй сдзырдта? Мыййаг афтӕ ахъуыды кодта, калм дзурын кӕм райдыдта, уым мӕнӕн та уыцы дыргъ цас фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн, зӕгъгӕ? Мах ӕй бӕлвырд нӕ зонӕм, Евӕ цы хъуыды кодта, стӕй калм ӕцӕгӕй дӕр бӕласы дыргътӕй бахордта, ӕви нӕ. Фӕлӕ калм Евӕйӕн афтӕ куы загъта, бӕласӕй куы бахӕрай, уӕд «Хуыцауы хуызӕн» суыдзынӕ, зӕгъгӕ, уӕд Евӕ уыцы мӕнг ныхасыл баууӕндыд.

Хӕйрӕг цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дӕр бирӕ цӕуылдӕрты дзурӕг сты. Йӕ фӕнд уыди, цӕмӕй Евӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтаид, ӕмӕ дзы Хуыцау цыдӕр хорздзинад кӕй ӕмбӕхсы ӕмӕ йын фаг бартӕ кӕй нӕ дӕтты. Хӕйрӕгӕн йӕ фыдвӕнд йӕ къухы бафтыдаид, Евӕ фылдӕр йӕхиуыл куы ахъуыды кодтаид, ӕппӕт дӕр ын чи радта, уыцы Хуыцауыл нӕ, фӕлӕ (Райдиан 3:4, 5). Ӕмӕ, хъыгагӕн, Хӕйрӕгӕн йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд. Адам ӕмӕ Евӕ хъуамӕ Йегъовӕйы уарзтаиккой ӕмӕ йын йӕ хорздзинӕдтӕн аргъ кодтаиккой, фӕлӕ сӕ иу дӕр ууыл нӕ хъуыды кодта. Цымӕ Хӕйрӕг абон дӕр адӕмы ахӕм зондыл нӕ аразы, цӕмӕй ӕрмӕст сӕхиуыл хъуыды кӕной?

Фӕлӕ Хӕйрӕг афтӕ цӕмӕн бакодта? Ӕмӕ уый фӕстӕ цы баци? Едемы цӕхӕрадоны цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕджы кӕй фӕндыд, цӕмӕй, чи уыд ӕмӕ йӕм цы фӕндтӕ уыд, уый ма рабӕрӕг уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр фӕстӕдӕр йӕхи схъӕр кодта. Йесо Чырыстийы фӕрӕдийын кӕнынмӕ куы хъавыд, уӕд ӕй зыдта, ацы хатт ын йӕхи бамбӕхсын кӕй нӕ рауайдзӕн ӕмӕ йын комкоммӕ загъта, дӕ зонгуытыл ӕрхау ӕмӕ мын бакув, зӕгъгӕ (Матфейы 4:9). Ӕвӕццӕгӕн, Хӕйрӕг рагӕй бӕллыд, Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кодтой, афтӕ уымӕн куы лӕггад кӕниккой. Уый цыфӕнды дӕр бакӕндзӕн, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйӕн ӕппындӕр кӕнӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ма лӕггад кӕной. Хӕйрӕгмӕ уымӕй хуыздӕр ницы кӕсы, искӕй Хуыцауӕй куы аздахы.

Уӕдӕ нын Библи ӕргом кӕны: иугӕр Хӕйрӕг йӕ хъавд кӕмӕдӕр скодта, уӕд цыфӕнды дӕр бакӕндзӕн, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта. Фӕлӕ цы хорз у, Евӕйӕ уӕлдай махӕн ӕнӕзонгӕ кӕй нӕу, куыд архайы, уый (2 Коринфӕгтӕм 2:11).