Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ЦЫМӔ, официанткӕйӕ чи куыста ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй чи дзырдта, фыднозт чи кодта ӕмӕ наркотиктыл хӕст чи уыд, уыцы сылгоймагӕн йӕ бон куыд баци йӕ цард аивын? Раздӕр политик чи уыд ӕмӕ динтӕ чи нӕ уарзта, уый Хуыцауӕн лӕггад кӕнын цӕмӕн райдыдта? Уӕрӕсейы милицӕйы кусӕджы йӕ царды цы хъуыди аивын, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаид? Бакӕс, уыцы адӕм сӕхӕдӕг цы дзурынц, уый.

«Мӕ мадимӕ кӕрӕдзи ӕмбарын райдыдтам» (НАТАЛИ ХАМ).

РАЙГУЫРД 1965 АЗЫ

ЦӔРЫ АВСТРАЛИЙЫ

РАЗДӔР УЫД НАРКОТИКТЫЛ ХӔСТ

Ӕз схъомыл дӕн Хуссар Австралийы, кӕсагахсыны куыст кӕм кӕнынц, иу ахӕм гыццыл горӕты, Роб, зӕгъгӕ. Ахӕм горӕтты цӕрджытӕ арӕхдӕр фембӕлынц бынӕттон уазӕгдзӕрӕны – уым вӕййы абадӕн дӕр ӕмӕ аныхас кӕнӕн дӕр. Адӕм фылдӕр рӕстӕг уым кӕй фервитынц, уымӕ гӕсгӕ сывӕллӕттӕ сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ фӕуынынц, сӕ ныййарджытӕ фыднозт куыд кӕнынц, тамако куыд дымынц ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй куыд дзурынц.

12 азы мыл нӕма цыд, афтӕ тамако дымын райдыдтон, стӕй ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон ӕмӕ ӕдзух мӕ мадимӕ хыл кодтон. 15 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты. Уымӕй афӕдз ӕмӕ ӕрдӕг куы рацыд, уӕд хӕдзарӕй ацыдтӕн. Нозтыл ӕмӕ наркотиктыл бафтыдтӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтон. Мӕ зӕрдӕ уыд мастӕй дзаг, ӕмӕ, цӕмӕн цӕрын, уый нӕ зыдтон. Фӕлӕ фондз азы фӕцыдтӕн, хыл кӕнын кӕм ахуыр кӕнынц, ахӕм секцимӕ ӕмӕ, сылгоймаг йӕхи фыдгӕнджытӕй куыд бахъахъхъӕна, ууыл кӕм ахуыр кӕнынц, ахӕм курстӕм, ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ничи мын ницы ракӕндзӕн. Фӕлӕ-иу уӕддӕр иунӕгӕй куы баззадтӕн ӕмӕ-иу хъуыдыты куы ацыдтӕн, уӕд-иу ӕрӕнкъард дӕн ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ куывтон, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ. «Ӕрмӕст мӕ аргъуанмӕ ма ацӕуын кӕн»,– куырдтон-иу дзы ӕз.

Иуцасдӕр куы рацыд, уӕд мын ме ’мбӕлттӕй иу радта Библи. Йӕхӕдӕг Хуыцауыл ӕууӕндыд, фӕлӕ бӕлвырд никӕцы диныл хӕст уыд. Мӕ иннӕ ӕмбӕлттау уый дӕр хъылма дымдта. Фӕлӕ дзырдта, Хуыцау ӕй кӕй уырны ӕмӕ мӕ ӕппынфӕстаг донаргъуыд райсыныл сразы кодта. Хӕстӕг нӕм цы цад уыд, уырдӕм мӕ акодта ӕмӕ мын донаргъуыд радта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ Хуыцаумӕ феввахсдӕр дӕн. Фӕлӕ мӕ Библи бакӕсынмӕ никуы равдӕлд.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД КУЫД ФӔИВТА. 1988 азы мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дыууӕ мӕ дуар ӕрбахостой. Сӕ иу мӕ бафарста: «Хуыцауы ном куыд у, уый зоныс?». Стӕй мын йӕ Библийӕ бакаст Псалом 83:18: «Цӕмӕй йӕ адӕм зоной, ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды кӕй дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн». Ӕз джихӕй баззадтӕн. Куы ацыдысты, уӕд машинӕйы сбадтӕн ӕмӕ 56 километры фӕцыдтӕн, чырыстон дины чингуытӕ кӕм уӕй кодтой, уыцы дуканимӕ, цӕмӕй Библийы ӕндӕр тӕлмацтӕм дӕр ӕркастаин. Уый фӕстӕ бакастӕн, уыцы номы тыххӕй дзырдуаты цы фыст ис, уый. Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, ууыл куы нал дызӕрдыг кодтон, уӕд хъуыды кӕнын райдыдтон, зӕгъын ма ноджыдӕр цы нӕ зонын, цымӕ.

Мӕ мад мын дзырдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, цыдӕр ӕнахуыр адӕм сты. Хорз сӕ нӕ зыдтон, фӕлӕ сӕ цы зыдтон, уымӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ ӕгӕр карз ӕгъдӕуттыл хӕст сты ӕмӕ цин кӕнын дӕр нӕ зонынц. Мӕхицӕн загътон, зӕгъын та ногӕй куы ’рбацӕуой, уӕд сын дуар нӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй афтӕ фенхъӕлой, ӕмӕ хӕдзары нӕ дӕн. Фӕлӕ куы ’рбацыдысты, уӕд сӕ мидӕмӕ ’рбахуыдтон, ӕмӕ раст уыцы бон Библи ахуыр кӕнын райдыдтам.

Ногӕй-иу цы базыдтон, уый-иу радзырдтон мӕ уарзонӕн, Крейгӕн. Иухатт Крейг афтӕ рамӕсты, ӕмӕ мын мӕ чиныг мӕ къухӕй стыдта, ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг кӕсын райдыдта. Ӕртӕ къуырийы фӕстӕ загъта, Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад кӕй ссардта. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ нӕ дыууӕ дӕр наркотиктӕ ӕмӕ нозт ныууагътам. Официанткӕйы куыст дӕр ныууагътон. Цӕмӕй нӕ царды уаг Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ уа, уый тыххӕй Крейгимӕ нӕ къухтӕ ӕрфыстам.

МӔ ЦАРД КУЫД ФӔХУЫЗДӔР. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы нӕма райдыдтам, уӕд Крейгимӕ кӕрӕдзиимӕ нал фидыдтам ӕмӕ хъуыды кодтам, иумӕ цӕргӕ нын кӕй нал у. Фӕлӕ абон стӕм амондджын бинонтӕ, ӕмӕ Крейгӕй мӕ бон рахъаст кӕнын ницӕмӕй у. Ис нын дыууӕ сывӕллоны – фыры хъулы хуызӕн лӕппутӕ. Стӕй ма нын ис хорз ӕмбӕлттӕ, уыдон дӕр сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Мӕ мад ӕй куы базыдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕм цӕуынц, уӕд фыццаг мӕсты кодта. Фӕлӕ мын фылдӕр уый тыххӕй тарсти, ӕмӕ сӕ хорз кӕй нӕ зыдта. Ныр та мӕ мадимӕ кӕрӕдзи ӕмбарын райдыдтам. Кӕддӕр мӕм мӕ цард ницы каст, фӕлӕ ныр афтӕ нал хъуыды кӕнын. Ныр ӕй зонын, цӕй тыххӕй цӕрын ӕмӕ мӕ цард куыд аразон, уый. Ӕмӕ цин кӕнын, Хуыцауимӕ ӕнгомӕй-ӕнгомдӕр кӕй кӕнын, ууыл (Матфейы 5:3).

«Библийӕ базыдтон, дисы мӕ чи бафтыдта, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ» (ИЗАКАЛА ПАЕНИУ).

РАЙГУЫРД 1939 АЗЫ

ЦӔРЫ ТУВАЛУЙЫ

РАЗДӔР УЫД ПОЛИТИК

Ӕз райгуырдтӕн, Нукулаэлаэ чи хуыйны, уыцы сакъадахыл. Ацы рӕсугъд сакъадах ис Сабыр океаны, ныр хауы Тувалуйы бӕстӕмӕ. Сакъадӕхтыл бартӕ уыдысты сауджынты къухы. Уыцы сауджынтӕ-иу дины ахуыр райстой Самоайы университеты. Сакъадахыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ хӕс уыд, цӕмӕй-иу сауджынтӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн радтаиккой цӕрӕнуат, алы бон дӕр сын хӕринаг хастаиккой, иу дзырдӕй, хуыздӕрӕй сӕм цы уыд, уый сын лӕвӕрдтаиккой. Адӕм-иу сӕхи бинонтыл дӕр куы не ’ххӕссыдысты, уӕд дӕр-иу хъуамӕ сауджынты цух мацӕмӕй уагътаиккой.

Нӕ сакъадахыл цы сауджын уыд, уый куыста нӕ хъӕуы скъолайы ӕмӕ амыдта дин, математикӕ ӕмӕ иуӕй-иу хатт – географи. Ӕз-иу мӕхи цӕстӕй федтон, сауджын-иу ахуыргӕнинӕгты ахӕм над куыд фӕкодта, ӕмӕ-иу сӕ тугтӕ фӕкалдысты. Фӕлӕ йӕм сдзурын ничи уӕндыд, суанг ныййарджытӕ дӕр. Сауджынмӕ ахӕм цӕстӕй кастысты, раст цыма Хуыцау уыд, афтӕ.

Кӕм цардыстӕм, уым уыд ӕрмӕстдӕр иунӕг паддзахадон скъола. Уый уыд иннӕ сакъадахыл. Дӕс азы мыл куы цыд, уӕд ацыдтӕн хӕдзарӕй, цӕмӕй уыцы скъоламӕ бацыдаин. Каст ӕй куы фӕдӕн, уӕд паддзахадон куыст кӕнын райдыдтон. Уӕды рӕстӕг уыцы сакъадӕхтӕ хаудысты Британийы колонимӕ, хуыдтой сӕ Гилберт ӕмӕ Эллисы сакъадӕхтӕ. Цасдӕр рӕстӕг акуыстон алыхуызон хайӕдты, стӕй сдӕн хицауады ӕрвылкъуырион газеты редактор. Алцыдӕр уыд хорз, цалынмӕ иухатт кӕсджытӕй иуӕн йӕ писмо нӕ ныммыхуыр кодтон, уӕдмӕ. Уыцы писмойы фыста, Уэлсы принцы ’рцыдмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ хицауад дуне ӕхца кӕй бахардз кодта, уый тыххӕй. Писмойы йӕ ӕцӕг ном нӕ ныффыста, ӕмӕ мӕ хицауы бафӕндыд базонын, ӕцӕгӕй чи уыд, уый. Ӕз ын ӕй не схъӕр кодтон, ӕмӕ уыйадыл фӕбыцӕу стӕм. Уыцы быцӕуы хабар бирӕтӕ базыдтой.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ куыст ныууагътон ӕмӕ ме ’ргом политикӕмӕ аздӕхтон. Нукулаэлаэйы ӕвзӕрстытӕ куы уыд, уӕд мӕ сӕвзӕрстой базарады ӕмӕ ӕрдзон фӕрӕзты министрӕй. Фӕстӕдӕр, Кирибатийы (раздӕр Гилберт) ӕмӕ Тувалуйы (раздӕр Эллис) сакъадӕхты адӕм ууыл куы тох кодтой, цӕмӕй Британийы дӕлбар мауал уыдаиккой, уӕд мын бӕстӕйы хицау загъта, Тувалуйы администрацийы сӕргълӕууӕг у, зӕгъгӕ. Фӕлӕ мӕн нӕ фӕндыд, цӕмӕй искӕмӕ афтӕ фӕкастаид, цыма, нӕ бӕстӕйӕн йӕхи чи схицау кодта, уыдонимӕ баст дӕн, ӕмӕ не сразы дӕн. Хицауады ’рдыгӕй мыл фӕхӕцӕг нал уыд, фӕлӕ уӕддӕр, министры бынатмӕ ӕвзӕрстытӕ куы уыд, уӕд ӕз дӕр мӕ кандидатурӕ балӕвӕрдтон. Фӕлӕ нӕ рамбылдтон. Уый фӕстӕ мӕ бинойнагимӕ сфӕнд кодтам фӕстӕмӕ мӕ райгуырӕн сакъадахмӕ аздӕхын, цӕмӕй хуымӕтӕг хъӕууон цард кодтаиккам.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД КУЫД ФӔИВТА. Нӕ сакъадӕхтыл хуыцаубон нымад уыди табуйаг боныл, хуыдтой йӕ сабатбон. Фӕлӕ йӕ ӕз ахӕм боныл нӕ нымадтон. Уыцы бон-иу ӕз цыдтӕн денджызмӕ кӕсаг ахсынмӕ. Нӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм афтӕ хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ ӕз дӕр сӕ диныл хӕст дӕн. Мӕ фыд мын дзырдта, уый уымӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр тынг хъыг кӕй у. Фӕлӕ мӕн нӕ фӕндыд, цӕмӕй мын аргъуан мӕ цардмӕ исты бар дардтаид.

Иухатт та ацыдтӕн Фунафутимӕ, Тувалуйы сӕйраг горӕт кӕм ис, уыцы сакъадахмӕ. Ӕмӕ мӕ уӕд мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр йемӕ ахуыдта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Уый фӕстӕ мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу миссионер радта иудзӕвгар журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Радта ма мын иу чиныг дӕр – дзырд дзы цыди, «чырыстон» аргъуантӕй бирӕтӕ цы ӕгъдӕуттӕ амонынц, уыдон мӕнг хуыцӕуттӕн кувыны ӕгъдӕуттӕй кӕй равзӕрдысты, ууыл. Уыцы чиныг бакастӕн цалдӕр хатты. Уӕд ӕз Библийӕ базыдтон, дисы мӕ чи бафтыдта, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, чырыстӕтты сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Цы базыдтон, уый мӕ бинойнагӕн дӕр радзырдтон, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ аргъуанмӕ никуыуал ацыд.

Фӕлӕ уӕддӕр ӕз мӕ ныхасыл фидар хӕцыдтӕн – динимӕ мын иумӕйагӕй хъуамӕ мацы уыдаид. Рацыд дыууӕ азы, фӕлӕ, Библийӕ цы базыдтон, уый мӕ нӕ рох кодта. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг, Фунафутийы цы миссионер уыд, уымӕ ныффыстон, зӕгъын, мӕ хъуыды аивтон ӕмӕ мӕ цы бакӕнын хъӕуы. Уыцы миссионер мын мӕ писмо куы райста, уӕд ын куыддӕр фадат фӕци, афтӕ мӕм ӕрцыд, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид Библи хуыздӕр базонынӕн. Мӕ фыд уый куы базыдта, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн хъуамӕ суон, уӕд мӕстӕй фӕцӕйтыдта. Фӕлӕ йын ӕз загътон, зӕгъын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фӕрцы Библийӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ базыдтон, ӕмӕ мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн.

МӔ ЦАРД КУЫД ФӔХУЫЗДӔР. 1986 азы райстон донаргъуыд ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн. Иу азы фӕстӕ та донаргъуыд райста мӕ бинойнаг. Библи ахуыр кодтой нӕ дыууӕ чызджы дӕр ӕмӕ уыдон дӕр систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм куыд уыд, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр сӕ кӕрӕдзийы сауджынтӕ ӕмӕ ӕнӕуи адӕмыл нӕ дих кӕнынц. Ӕмӕ мӕхи амондджын хонын, ахӕм адӕмы ’хсӕн кӕй дӕн (Матфейы 23:8–12). Уыдон сӕрныллӕгӕй фӕзмынц Йесо Чырыстийы ӕмӕ хъусын кӕнынц Хуыцауы хицауады тыххӕй – йӕ уӕларвон Паддзахады тыххӕй (Матфейы 4:17). Куыд бузныг дӕн Хуыцау Йегъовӕйӕ, йӕ рӕстдзинад мын кӕй раргом кодта ӕмӕ мын йӕхи ӕмӕ йӕ адӕмы кӕй базонын кодта!

«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мын зӕндтӕ нӕ амыдтой» (АЛЕКСАНДР СОСКОВ).

РАЙГУЫРД 1971 АЗЫ

ЦӔРЫ УӔРӔСЕЙЫ

РАЗДӔР УЫД МИЛИЦӔЙЫ КУСӔГ (ИНСТРУКТОР ПО РУКОПАШНОМУ БОЮ)

Ӕз райгуырдтӕн Мӕскуыйы, Советон Цӕдисы сӕйраг горӕты. Мах цардыстӕм бирӕуӕладзыгон хӕдзары. Нӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ куыстой иу заводы. Мӕ зӕрдыл лӕууы, куыд мӕ хъаст кодтой, фыдуаг кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй ӕмӕ-иу куыд дзырдтой, зӕгъгӕ, ай кӕнӕ исчи амардзӕн кӕнӕ та йӕ кӕрон ахӕстонмӕ ӕрцӕудзӕн. Дӕс азы мыл нӕма цыди, афтӕ уыдтӕн милицӕйы учёты.

Ӕстдӕс азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ акодтой ӕфсадмӕ ӕмӕ уыдтӕн арӕнхъахъхъӕнӕг. Дыууӕ азы фӕстӕ хӕдзармӕ ӕрыздӕхтӕн ӕмӕ бацыдтӕн заводмӕ кусынмӕ. Фӕлӕ куыстӕй тагъд сфӕлмӕцыдтӕн. Ӕмӕ уӕд бацыдтӕн ОМОН-мӕ (отряд милиции особого назначения). Уым куыстон инструкторӕй – милицӕйы кусджыты ахуыр кодтон хыл кӕнын. Мӕскуыйы-иу ахстам гӕрзифтонг фыдгӕнджыты, стӕй-иу нӕ арвыстой, нӕ бӕстӕйы-иу змӕстытӕ кӕм уыд, уыцы рӕттӕм. Уыцы куыст мын мӕ нервытӕ бынтондӕр фехӕлдта. Хӕдзармӕ-иу куы ’рбаздӕхтӕн, уӕд-иу хатт хицӕнӕй схуыссыдтӕн, уымӕн ӕмӕ-иу тарстӕн, фынӕйӕ мӕ бинойнаджы куы ныццӕвон, уымӕй.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД КУЫД ФӔИВТА. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд базыдтон, мӕ куыст Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ тыхмиимӕ баст у. Уымӕй уӕлдай бамбӕрстон, мӕ тамако кӕй хъуамӕ ныууадзон ӕмӕ мӕ нозтӕй дӕр бӕрц зонын кӕй хъӕуы. Ӕндӕр куыст ссарыны тыххӕй дӕр хъуыды кодтон, фӕлӕ мӕ ныфс нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр ницы зыдтон, мӕ бинонты та мӕ дарын хъуыд. Стӕй мӕм афтӕ каст, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтау Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын мӕ бон никуы бауыдзӕн.

Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ бамбӕрстон, Библийы цыдӕриддӕр фыст ис, уый раст кӕй у. Тынг мын баххуыс кодтой Йезекилы 18:21, 22 стихты фыст ныхӕстӕ: «Фыдгӕнӕг, цы тӕригъӕдтӕ арӕзта, уыдонӕй иу дӕр куы нал араза... [уӕд] цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уыдонӕй йын иу дӕр нал ӕрхъуыды кӕндзысты».

Мӕ зӕрдӕмӕ уый цыдис, ӕмӕ мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕндтӕ нӕ амыдтой, фӕлӕ мын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй-иу, цы базыдтон, ууыл хъуыды кодтаин. Ӕз сӕ райстон бирӕ журналтӕ, иу-40 бӕрц, ӕмӕ сӕ ӕртӕ къуыримӕ бакастӕн. Цы базыдтон, уымӕй бамбӕрстон: раст дин адонмӕ ис.

МӔ ЦАРД КУЫД ФӔХУЫЗДӔР. Цалынмӕ Библи ахуыр кӕнын нӕ райдыдтон, уӕдмӕ нӕ мӕ бинойнагимӕ ахицӕн кӕнынмӕ бирӕ нал хъуыди. Ныр та «а» ӕмӕ «о»-йӕ цӕрӕм. Мӕ цардӕмбалимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам иу рӕстӕг, ӕмӕ нӕ дыууӕйы дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ ныр стӕм амондджын бинонтӕ. Библийы фӕдзӕхстыты ныхмӕ чи нӕу, ахӕм куыст дӕр ссардтон.

Фыццаг хатт хӕдзарӕй хӕдзармӕ Хуыцауы ныхас куы хъусын кодтон, уӕд тыхстӕн, раздӕр-иу мӕ ОМОНЫ-ы кусгӕйӕ фыдгӕнджыты ахсынмӕ куы арвыстой, уӕд-иу мӕхимидӕг куыд тыхстӕн, афтӕ. Фӕлӕ ныртӕккӕ та мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, исчи мӕ куы къаха, уӕд дӕр мӕхиуыл кӕй фӕхӕцдзынӕн. Ныр адӕмӕн фылдӕр барын сахуыр дӕн. Ӕз фӕсмон кӕнын, уал азы дзӕгъӕлы кӕй фӕцардтӕн, фӕлӕ ныр мӕ цардӕн ис нысан. Ме ’ппӕт хъарутӕ сарӕзтон, цӕмӕй Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнон ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнон.