Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн ӕмӕ-иу мын дӕ цӕст хорздзинад бауарзӕд»

«О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн ӕмӕ-иу мын дӕ цӕст хорздзинад бауарзӕд»

«АФТӔ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ Йегъовӕ никуы бауарздзӕн ӕмӕ мӕ йӕ зӕрдӕ никуы барухс уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ, цы дӕн, уый хорз зоны»,– ныффыста иу сылгоймаг, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг. Йӕхимӕ каст тынг ницӕйаг ӕмӕ йын уыцы хъуыды ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Дӕумӕ дӕр фӕзыны ахӕм хъуыдытӕ? Мыййаг, дӕумӕ дӕр афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дӕм Хуыцау йе ’ргом раздаха, уый аккаг нӕ дӕ, ӕмӕ дӕ йӕ зӕрдӕ та ӕппындӕр никуы барухс уыдзӕн? Кӕд о, уӕд дын стыр ныфсы хос фӕуыдзысты Нееми 13:31 стихы фыст ныхӕстӕ.

Нееми царди н. э. размӕ фӕндзӕм ӕнусы, уыди дзуттӕгты хицау. Нееми ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтаид. Йӕ разамындӕй дзуттӕгтӕ Иерусалимы къултӕ ногӕй сарӕзтой, кӕд сӕ знӕгтӕ къуылымпы кодтой, уӕддӕр. Нееми архайдта, цӕмӕй дзуттӕгтӕ Хуыцауы Закъон ӕххӕст кодтаиккой, тыхстис мӕгуыр адӕмыл ӕмӕ фидар кодта йе ’фсымӕрты, израилӕгты, уырнындзинад. Цымӕ Хуыцау уыцы иузӕрдион адӕймагӕн йӕ хорз хъуыддӕгтӕ бафиппайдта? Йегъовӕ Неемийӕ райгонд уыд? Дзуапп ссарынӕн нын баххуыс кӕндзысты, Библийы Неемийы чиныджы фӕстагмӕ цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон.

Нееми куывта: «О мӕ Хуыцау, ӕрхъуыды-иу мӕ кӕн ӕмӕ-иу мын дӕ цӕст хорздзинад бауарзӕд» *. Цымӕ Нееми уымӕй тарст, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ уыны кӕнӕ йӕ кӕй ферох кӕндзӕн? Нӕ. Нееми, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдта, Библи фысджытӕ Йегъовӕйы тыххӕй раздӕр цы ныффыстой, уый, ома Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй уыны ӕмӕ дзы сӕ хорз хъуыддӕгтӕ рох кӕй не сты (Рацыд 32:32, 33; Псалом 56:8). Уӕдӕ уӕд йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Цы куры Хуыцауӕй? «Ӕрхъуыды кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд тӕлмац у, уый тыххӕй иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы дзырд амоны «искӕуыл хъуыды кӕнын ӕмӕ йӕ дӕ хъуыдыйы кӕй дарыс, уый исты хъуыддагӕй равдисын». Нееми ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау ын йӕ куывдтытӕ кӕй хъуыста, ууыл ӕмӕ дзы куырдта, цӕмӕй йӕ йӕ хъуыдыйы дара ӕмӕ йын раарфӕ кӕна (Нееми 2:4).

Цымӕ Йегъовӕ Неемийы курдиат сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ йӕ хъуыдыйы дардзӕн? Иуырдыгӕй йын уыцы курдиат нырмӕ дӕр сӕххӕст кодта. Йегъовӕ Неемийы куывд йӕ Ныхасы ныффыссыны аккагыл кӕй банымадта, уый дӕр ууыл дзурӕг у, Нееми дзы рох кӕй нӕу, йӕ хъуыдыйы йӕ кӕй дары. Фӕлӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» сараздзӕн ноджы фылдӕр, цӕмӕй Неемийы зӕрдӕбын курдиат сӕххӕст кӕна (Псалом 65:2).

Нееми Хуыцауы сыгъдӕг дины тыххӕй бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йын Йегъовӕ ноджыдӕр раарфӕ кӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 11:6). Йегъовӕ Неемийы мӕрдтӕй райгас кӕндзӕн, зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уый куы ’рцӕуа, уӕд (2 Петры 3:13; Раргомад 21:3, 4). Нееми ӕнустӕм цӕрдзӕн дзӕнӕты зӕххыл ӕмӕ уӕд фендзӕн, Йегъовӕ йӕ ӕцӕгдӕр кӕй нӕ ферох кодта ӕмӕ йын йӕ цӕст ӕнусон хорздзинӕдтӕ кӕй бауарзта.

Неемийы куывд бӕлвырд кӕны паддзах Давиды ныхӕсты рӕстдзинад: «Ды, о Йегъовӕ, рӕстгӕнӕгӕн раарфӕ кӕндзынӕ, ӕмӕ йӕ дӕ хорзӕх стыр уартау алырдыгӕй хъахъхъӕндзӕн» (Псалом 5:12). Хуыцау уыны, йӕ хорзӕх ссарыныл зӕрдиагӕй кӕй архайӕм, ӕмӕ нын нӕ фыдӕбонӕн аргъ кӕны. Уӕдӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразай ӕмӕ афтӕмӕй куы лӕггад кӕнай Хуыцауӕн, уӕд дӕ йӕ хъуыдыйы дардзӕн ӕмӕ дын рӕдауӕй арфӕ кӕндзӕн.

Февралы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Нееми 1–13

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Неемийы чиныджы цыппар ран фыст ис, Нееми Хуыцаумӕ куыд кувы, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кӕна, ӕмӕ уыцы цыппар стихӕй ацы стих у фӕстаг (Нееми 5:19; 13:14, 22, 31).