Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ацы азы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ цӕттӕ дӕ?

Ацы азы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ цӕттӕ дӕ?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ мӕлӕты размӕ изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, йӕ мӕлӕт ын сӕ зӕрдыл куыд хъуамӕ лӕууын кӕной, уый. Уыцы хабар райдыдтой хонын «Хицауы ӕхсӕвӕр» (1 Коринфӕгтӕм 11:20). Йӕ мӕлӕты бон бӕрӕг кӕнын куыд ахсджиаг у, уый равдисынӕн Йесо Чырысти бафӕдзӕхста: «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй» (Лукайы 22:19). Дӕу дӕр фӕнды Чырыстимӕ хъусын? Кӕд о, уӕд ын йӕ мӕлӕты бон нымайдзынӕ афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр боныл.

Фӕлӕ уыцы хабар бӕлвырдӕй та кӕд хъӕуы бӕрӕг кӕнын? Ӕмӕ дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уыцы бонмӕ дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕнай, ома дын цы баххуыс кӕндзӕн уыцы хабарыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ, куыд ахсджиаг у, уый бамбарынӕн? Ацы фарстатӕ ахъуыдыйаг сты алы чырыстонӕн дӕр.

Афӕдз цал хатты?

Ахсджиаг хабӕрттӕ адӕм фӕбӕрӕг кӕнынц афӕдз иу хатт. Зӕгъӕм, 2004 азы 3 сентябры Беслӕны скъолайы йӕ хиуӕттӕ кӕмӕн фӕмардысты, уыдонӕн кӕд уыцы ӕвирхъау хабар сӕ хъуыдыйӕ нӕ хицӕн кӕны, уӕддӕр ыл уӕлдай тынгдӕр фӕхъуыды кӕнынц, алы аз дӕр 3-ӕм сентябрь куы ралӕууы, уӕд.

Афтӕ уыди раджы заманты дӕр – адӕм-иу ахсджиаг хабӕрттӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой алы аз дӕр (Есфир 9:21, 27). Зӕгъӕм, Хуыцау Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу алы аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой, Египетӕй сӕ уацарӕй кӕй ссӕрибар кодта, уыцы хабар. Библи уыцы бӕрӕгбон хоны Куадзӕн, ӕмӕ йӕ израилӕгтӕ бӕрӕг кодтой афӕдз иу хатт, цы бон ссӕрибар сты, растдӕр уыцы бон (Рацыд 12:24–27; 13:10).

Чырысти йӕ апостолтимӕ Куадзӕн куы сбӕрӕг кодта, уӕд уый хӕдфӕстӕ бындур ӕрӕвӕрдта ног ӕгъдауӕн – йӕ мӕлӕт ын сӕ зӕрдыл куыд хъуамӕ лӕууын кодтаиккой, уымӕн (Лукайы 22:7–20). Куадзӕн бӕрӕг кодтой афӕдз иу хатт. Уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Куадзӕны бӕрӕгбон цы ног ӕгъдауӕй ивд ӕрцыд, уый дӕр кӕй хъӕуы афӕдз иу хатт кӕнын. Фӕлӕ бӕлвырдӕй кӕд?

Кӕд?

Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы зонын дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: раджы заманты-иу израилӕгтӕ бонтӕ нымадтой хурныгуылдӕй хурныгуылдмӕ. Уӕдӕ-иу бон райдыдта изӕрӕй ӕмӕ-иу фӕци иннӕ изӕр (Левит 23:32).

Дыккаг: абоны къӕлиндар ӕмӕ, уӕды заман дзуттӕгтӕн цы къӕлиндар уыд, уыдон кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Зӕгъӕм, Библийы нӕй мартъи ӕмӕ апрелы кой, фӕлӕ дзы ис адар ӕмӕ нисаны кой (Есфир 3:7). Дзуттӕгтӕ мӕйтӕ нымадтой ногмӕйӕ ногмӕймӕ. Куадзӕн бӕрӕг кодтой, сӕ къӕлиндармӕ гӕсгӕ фыццаг цы мӕй уыд, нисан, зӕгъгӕ, уымӕн йӕ 14-ӕм бон (Левит 23:5; Нымӕцтӕ 28:16). Йесо Чырыстийы дӕр ромӕгтӕ хъӕдыл 14 нисаны байтыгътой. Чырысти амард, Куадзӕн фыццаг хатт куы сбӕрӕг кодтой, уымӕй 1 545 азы фӕстӕ. Уӕдӕ 14 нисан ахсджиаг бон куыннӕ у!

Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ та 14 нисан кӕцы бонмӕ хауы? Уый банымайын зын нӕу. Сбӕрӕг уал кӕнӕм, 1 нисан кӕд райдайы, уый. Уалдзӕджы ӕхсӕв ӕмӕ бон ӕмиас куы свӕййынц (ома зӕххы къорийы цӕгат фарс уалдзӕг куы райдайы), уый фӕстӕ Иерусалимы хурныгуылӕны рӕстӕг арвыл ног мӕй фыццаг хатт цы изӕр фӕзыны, уыцы изӕр райдайы 1 нисан. Уымӕй 14 боны куы анымайӕм, уӕд уыдзӕн 14 нисан. Уыцы бон арӕхдӕр ӕрхауы, мӕй цалхыдзаг куы вӕййы, уӕдмӕ. Ацы нымадмӕ гӕсгӕ 14 нисан ацы аз райдайдзӕн 17 апрелы, хуыцаубоны хур куы аныгуыла, уӕд *.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныр цӕттӕ кӕнынц, цӕмӕй та ацы аз дӕр ӕрӕмбырд уой,– сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ма кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдон дӕр,– ӕмӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕной Йесо Чырыстийы мӕлӕт. Ӕмӕ дӕу дӕр зӕрдиагӕй хонынц. Дӕ хорзӕхӕй, бафӕрс Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзысты, цал сахатыл ӕмӕ йӕ кӕм бӕрӕг кӕндзысты. Бӕрӕг ӕй кӕндзысты райсомӕй кӕнӕ сихорӕй нӕ, фӕлӕ изӕрӕй, хурныгуылды фӕстӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ, Библимӕ гӕсгӕ, уый хъуамӕ уа «ӕхсӕвӕры» рӕстӕг (1 Коринфӕгтӕм 11:25). 1 978 азы размӕ Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн равдыста, йӕ мӕлӕт ын сӕ зӕрдыл куыд хъуамӕ лӕууын кодтаиккой, уый. Ӕмӕ ацы аз уыцы бӕрӕгбон уыдзӕн 17 апрелы, хуыцаубоны изӕрӕй. Растдӕр уӕд райдайдзӕн 14 нисан, Йесо Чырысти цы бон амард, уый. Уӕдӕ ма хуыздӕр кӕцы бон ӕрлӕууын кӕнӕм нӕ зӕрдыл йӕ мӕлӕт!

Куыд бацӕттӕ кӕнӕн ӕм ис

Куыд у дӕ бон ацы ӕрвылазон хабармӕ дӕхи бацӕттӕ кӕнын? Зӕгъӕм, дӕ бон у хъуыды кӕнын, Йесо Чырысти мах тыххӕй цы сарӕзта, ууыл (Матфейы 20:28).

Цӕмӕй ацы ахсджиаг хабар нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм, уый тыххӕй ма хорз уыдзӕн бакӕсын, Йесо Чырыстийы зӕххон царды фӕстаг бонты цы ’рцыд, уый тыххӕй дӕр. Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн, иннӕ дыууӕ фарсыл цы таблицӕ ис, уый. Таблицӕйы галиуырдыгӕй фыст сты бонтӕ – нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ ӕмӕ рагон дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ. Астӕуӕй дзы цыбыртӕй фыст сты, уыцы бонты цы хабӕрттӕ цыди, уыдон. Рахизырдыгӕй та дзы фыст ис, уыцы хабӕртты тыххӕй Библийы ӕмӕ чиныджы, «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг» *, зӕгъгӕ, кӕм ис бакӕсӕн, уый. Хорз уаид, таблицӕйы алы бонмӕ дӕр Библийӕ цы скъуыддзӕгтӕ амынд ис, уыдонӕй искӕцытӕ уӕддӕр куы бакӕсис. Уый фӕрцы дӕхи бацӕттӕ кӕндзынӕ ацы азы ӕппӕты ахсджиагдӕр бонмӕ.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. Ацы бон, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзуттӕгты Куадзӕны бонмӕ ма ’рхауа. Цӕуылнӕ? Абон дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Куадзӕн фӕкӕнынц 15 нисаны, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Рацыд 12:6 стихы дзырд уыцы боныл цӕуы. (Кӕс «Статьи для изучения из прошлых номеров „Сторожевой башни“», 1990 аз, 2-аг брошюрӕ, 16 фарс.) Фӕлӕ йӕ Чырысти бӕрӕг кодта 14 нисаны, Моисейы закъон куыд амыдта, афтӕ. Ацы бон куыд банымайӕн ис, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 1978 азы 1 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ӕй, 14 фарс (уырыс.).

^ 15 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Хицӕнгонд текст 22 фарсыл]

Ӕрбацӕут Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысынмӕ 2011 азы 17 апрелы, хуыцаубоны

[Таблицӕ/Нывтӕ 23, 24 фӕрстыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ФӔСТАГ КЪУЫРИ

2011 12 апрель, дыццӕг

Сабатбон

Иоанны 11:55–12:1

gt 101 сӕр, 2–4 абз. *

9 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

Раджы заманты бон нымадтой хурныгуылдӕй хурныгуылдмӕ

Куывд хъотырджын Симоны хӕдзары

Марийӕ Чырыстийы хӕрздӕф сойӕ байсӕрста

▪ Дзуттӕгтӕ ӕрбацыдысты Йесо ӕмӕ Лазӕры уынӕг

Матфейы 26:6–13

Марчы 14:3–9

Иоанны 12:2–11

gt 101 сӕр, 5–9 абз.

2011 13 апрель, ӕртыццӕг

Йесо кадджын цыд бакодта Иерусалиммӕ

▪ Адӕмы кувӕндоны ахуыр кӕны

Матфейы 21:1–11, 14–17

Марчы 11:1–11

Лукайы 19:29–44

Иоанны 12:12–19

gt 102 сӕр

10 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

Ӕхсӕв Вифанийы ныллӕууыд

2011 14 апрель, цыппӕрӕм

Сӕумӕрайсомӕй Иерусалиммӕ ацыд

▪ Кувӕндонӕй уӕйгӕнджыты ӕмӕ ӕлхӕнджыты ратардта

▪ Йегъовӕйы хъӕлӕс уӕлӕрвтӕй райхъуыст

Матфейы 21:12, 13, 18, 19

Марчы 11:12–19

Лукайы 19:45–48

Иоанны 12:20–50

gt 103 ӕмӕ 104 сӕртӕ

11 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

2011 15 апрель, майрӕмбон

Адӕмы ахуыр кӕны фӕсномыг ныхӕстӕй

▪ Карзӕй бауайдзӕф кодта фарисейтӕн

▪ Федта, идӕдз ус мысайнаг куыд нывӕрдта

▪ Загъта, Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты

▪ Загъта, паддзах куы суа, уӕд цытӕ цӕудзӕн

Матфейы 21:19–25:46

Марчы 11:20–13:37

Лукайы 20:1–21:38

gt 105–112 сӕр, 1 абз.

12 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

2011 16 апрель, сабат

Ӕнӕхъӕн бон арвыста йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Вифанийы

▪ Иудӕ баныхас кодта

Матфейы 26:1–5, 14–16

Марчы 14:1, 2, 10, 11

Лукайы 22:1–6

gt 112 сӕр, 2–4 абз.

13 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

2011 17 апрель, хуыцаубон

Петр ӕмӕ Иоанн Куадзӕнмӕ алцыдӕр бацӕттӕ кодтой

▪ Изӕрырдӕм сӕм Йесо ӕмӕ иннӕ дӕс апостолы ӕрбаиу сты

Матфейы 26:17–19

Марчы 14:12–16

Лукайы 22:7–13

gt 112 сӕр, 5 абз.113 сӕр, 1 абз.

14 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

Куадзӕн сбӕрӕг кодта

▪ Апостолты къӕхтӕ ныхсадта

▪ Иудӕйы арвыста

▪ Бындур ӕрӕвӕрдта Ӕрымысӕн изӕрӕн

Матфейы 26:20–35

Марчы 14:17–31

Лукайы 22:14–38

Иоанны 13:1–17:26

gt 113 сӕр, 2 абз.–116 сӕр

ӕмбисӕхсӕв

2011 18 апрель, къуырисӕр

Иудӕ йӕ ауӕй кодта; Гефсиманы дыргъдоны йӕ ӕрцахстой

▪ Апостолтӕ алыгъдысты

▪ Сӕйраг тӕрхондоны йын йӕ хъуыддаг ӕвзарынц

▪ Петр Чырыстийӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

Матфейы 26:36–75

Марчы 14:32–72

Лукайы 22:39–62

Иоанны 18:1–27

gt 117–120 сӕртӕ

▪ Ногӕй та Сӕйраг тӕрхондоны раз ӕрлӕууыд

▪ Акодтой йӕ Пилатмӕ, стӕй Иродмӕ, ӕмӕ та Пилатмӕ

▪ Мӕлӕты тӕрхон ын рахастой, хъӕдыл ӕй байтыгътой

▪ Боны ӕртӕ сахатмӕ ’ввахс амард

▪ Йӕ буар ын ӕристой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой

Матфейы 27:1–61

Марчы 15:1–47

Лукайы 22:63–23:56

Иоанны 18:28–40

gt 121–127 сӕр, 7 абз.

15 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

▪ Сабатбон

2011 19 апрель, дыццӕг

Пилат бар радта, цӕмӕй Йесойы зӕппадзы цур хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтаиккой

Матфейы 27:62–66

gt 127 сӕр, 8, 9 абз.

16 НИСАН (райдайы хурныгуылдӕй)

2011 20 апрель, ӕртыццӕг

Чырысти райгас

▪ Йӕ апостолтӕм фӕзынд

Матфейы 28:1–15

Марчы 16:1–8

Лукайы 24:1–49

Иоанны 20:1–25

gt 127 сӕр, 10 абз.–129 сӕр, 10 абз.

[Фиппаинаг]

^ 27 абз. Ацы дамгъӕтӕ (gt) амонынц чиныгмӕ «Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг». Чырыстийы лӕггады фӕстаг бонты тыххӕй Библийы кӕм фыст ис, уый фӕдыл бакӕсӕн ис, «Чырыстон Грекъаг Фыстыты – Ног дунейы тӕлмац»-ы Уӕлӕмхасӕны цы таблицӕ ис, уым, 607–609 фӕрстыл. Мыхуыры сӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.