Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕн уӕздандзинадыл

Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕн уӕздандзинадыл

Дӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕн уӕздандзинадыл

ИУ ИРОН ӕмбисонд зӕгъы: «Адӕймаг кӕд истӕмӕй фӕзминаг у, уӕд йӕ уӕздан ӕфсарм ӕмӕ йӕ хорз ӕгъдауӕй». Ацы ӕмбисондӕй куыд зыны, афтӕмӕй уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын адӕймагмӕ иннӕтӕ хуыздӕр цӕстӕй фӕкӕсынц ӕмӕ йӕ фылдӕр фӕуарзынц.

Уӕздан сывӕллӕттӕ цины хос вӕййынц! Гондурасы иу цӕуӕг цӕстдарӕг арӕх хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕны алыхуызон хъусынгӕнджытимӕ, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Уацамынды адӕмыл тынгдӕр бандавынц мӕ ныхӕстӕ нӕ, фӕлӕ кӕимӕ фӕхъусын кӕнын, уыцы сывӕллӕтты уӕздандзинад ӕмӕ ӕгъдау».

Ахӕм рӕстӕг скодта, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийы хъӕр нал ӕмбарынц, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсарм цы у, уый нал зонынц. Фӕлӕ, иннӕтимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уый куы зонӕм, уӕд нын уый бирӕ пайда ӕрхӕсдзӕн. Уымӕй уӕлдай ма нын Фыстад дзуры, цӕмӕй «цӕрӕм, нӕ цард Чырыстийы тыххӕй хорз хабары аккаг куыд уа», афтӕ (Фил. 1:27; 2 Тим. 3:1–5). Мах хъуамӕ нӕ сывӕллӕтты сахуыр кӕнӕм иннӕтӕн кад кӕнын. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй уыцы миниуӕг сӕ удыхъӕды уа? *

Сывӕллон цы уыны, уый кӕны

Сывӕллон уынгӕ цы фӕкӕны, кӕнгӕ дӕр уый фӕкӕны. Хъомылады сӕйраг чиныг ӕмӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕг сывӕллонӕн сӕйрагдӕр у ныййарӕг. Уымӕ гӕсгӕ ныййарӕг хъуамӕ фӕзминаг уа йӕ уӕздандзинадӕй ӕмӕ хорз ӕгъдауӕй (Дык. з. 6:6, 7). Уӕздандзинад цы у, ууыл ныхас кӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы, фӕлӕ уый фаг нӕу. Ныййарӕг йӕ цотӕн хъуамӕ уа алкӕддӕр ӕмӕ алцӕмӕй дӕр фӕзминаг.

Ӕркӕсӕм Паулайы * хабармӕ. Йӕ мад уыди Ӕвдисӕн, ӕмӕ сӕ иунӕгӕй хъомыл кодта. Иннӕтӕн кад кӕнын ын зын никуы уыд. Цӕуылнӕ? Паула дзуры: «Уыцы хъуыддаджы нӕ мад алкӕддӕр уыд фӕзминаг, ӕмӕ иннӕтӕн кад кӕнын махӕн дӕр нӕ удыхъӕды бацыди». Иу ӕфсымӕр Уолтер, зӕгъгӕ, йӕ фыртты ахуыр кодта сӕ ӕнӕуырнӕг мадӕн кад кӕнын, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Ӕз архайдтон, цӕмӕй мӕ фырттӕн фӕзминаг уыдаин, сӕ мадӕн куыд хъуамӕ уой, уымӕй. Мӕ сывӕллӕттӕн хъазгӕйӕ дӕр сӕ мадӕй ӕвзӕр никуы ницы загътон». Уолтер йӕ лӕппуты алкӕддӕр Хуыцауы Ныхасыл ахуыр кодта ӕмӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕ куырдта. Ныр сӕ иу лӕггад кӕны Вефилы иннӕ та у пионер. Йӕ фырттӕ сӕ ныййарджыты тынг уарзынц ӕмӕ сын аргъ кӕнынц.

Библи дзуры: «Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау ма уа, уый у фарны Хуыцау» (1 Кор. 14:33). Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй иумӕ дӕр фау ӕрхӕссӕн нӕй. Чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ ацы миниуӕг фӕзмой ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ӕфснайдӕй ӕмӕ сыгъдӕгӕй дарой. Чидӕртӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, цӕмӕй алы бон дӕр сӕ хуыссӕнтӕ ӕфснайой, сӕ дзаумӕттӕ сӕ бынӕтты ӕвӕрой ӕмӕ хӕдзары куыстытӕй дӕр истытӕ кӕной. Сывӕллӕттӕ куы уыной, ныййарджытӕ сӕхӕдӕг алцыдӕр сӕ бынӕтты кӕй ӕвӕрынц ӕмӕ алцыдӕр сыгъдӕг кӕй дарынц, уӕд сӕ тынгдӕр фӕнддзӕн сӕ уат дӕр ӕмӕ сӕ дзаумӕттӕ дӕр сыгъдӕг дарын.

Уӕ сывӕллӕттӕ ахуырмӕ цы цӕстӕй кӕсынц? Сӕ ахуыргӕнджытӕй бузныг сты? Ныййарджытӕ, сымах та? Сымах скъолайы ахуырмӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕм цы цӕстӕй кӕсут, уӕ сывӕллӕттӕ дӕр сӕм ахӕм цӕстӕй кӕсдзысты. Хорз нӕ уаид, куы сӕ ахуыр кӕниккат, цӕмӕй сӕ ахуыргӕнджытӕн бузныг дзурой? Ахуыргӕнджытӕн, дохтыртӕн, дуканигӕстӕн йе та ӕндӕр искӕмӕн сывӕллӕттӕ бузныг куы дзурой, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн сӕ уӕздандзинад (Лук. 17:15, 16). Йе ’мкъласонтӕй йӕ уӕздандзинад ӕмӕ хорз уагахастӕй чи хицӕн кӕны, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕ раппӕлинаг сты.

Чырыстӕттӕ хъуамӕ фӕзминаг уой се ’гъдауӕй. Куыд хорз вӕййы ӕмбырды ӕрыгӕттӕй фехъусын ахӕм ныхӕстӕ, «дӕ хорзӕхӕй» ӕмӕ «бузныг»! Ӕмбырды фембӕлдты цы амындтӕ райсӕм, уымӕн хистӕртӕ куы фӕаргъ кӕнынц, уӕд ӕрыгӕтты дӕр бафӕнды афтӕ кӕнын. Сывӕллӕттӕ иннӕтӕн кад кӕнын сахуыр уыдзысты, Паддзахады залы сын хорз цӕвиттонтӕ куы уа, уӕд. Зӕгъӕм, 4-аздзыд Андрей Паддзахады залы хистӕрты ’хсӕн куы ахизы, уӕд фӕзӕгъы, «бахатыр кӕнут», зӕгъгӕ.

Ныййарджытӕн ма сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ ӕгъдауджын уой? Ныййарджытӕ хъуамӕ рӕстӕг арой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн дзурой, Хуыцауы Ныхасы цы цӕвиттонтӕ ис, уыдоны тыххӕй (Ром. 15:4).

Ахуыр сӕ кӕнут Библийы цӕвиттонтыл

Иаков йӕ бинонтимӕ фӕстӕмӕ Ханааны зӕхмӕ куы здӕхт, уӕд фӕндагыл хъуамӕ Исавыл фембӕлдаид. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сывӕллӕттӕн загъта, цӕмӕй йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтаиккой (Райд. 33:3, 6, 7). Сымах дӕр уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут ахӕм ныхӕстыл, зӕгъӕм, «дӕ райсом хорз», «дӕ бон хорз», «дӕ изӕр хорз», йе та кӕм цӕрут, уым адӕм арӕхдӕр куыд фӕдзурынц, афтӕ. Уӕздан сывӕллӕттӕ кад фӕхӕссынц Йегъовӕйӕн ӕмӕ сӕ сӕ ныййарджытӕ дӕр сӕрыстыр вӕййынц.

Хорз уаид Библийӕ хӕссын, кад кӕнын ӕмӕ ӕгад кӕнын хорз кӕм зынынц, ахӕм цӕвиттонтӕ. Зӕгъӕм, Израилы ӕвзӕр паддзах Ахазы пехуымпар Илийайы фенын куы фӕндыд, уӕд ӕм йӕ «фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕры йӕ фӕндзай ӕфсӕддонимӕ арвыста», цӕмӕй йӕ ӕрбакодтаиккой. Ӕфсӕддонты хистӕр домдта, цӕмӕй пехуымпар йемӕ рацыдаид. Хуыцауы минӕваримӕ йын афтӕ ныхас кӕнын не ’мбӕлди. Илийа йын цы загъта? «Кӕд ӕз Хуыцауы адӕймаг дӕн, уӕд уӕларвӕй арт ӕрцӕуӕд ӕмӕ дӕу дӕр ӕмӕ дӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырӕд». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. «Уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ уыцы хистӕры ӕмӕ йын йӕ фӕндзай ӕфсӕддоны дӕр аныхъуырдта» (2 Пад. 1:9, 10).

Ахаз та Илийамӕ ногӕй арвыста ӕндӕр фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕры. Уый дӕр Илийайӕ домдта, цӕмӕй йемӕ рацыдаид. Ӕмӕ та ногӕй уӕларвӕй арт ӕрцыд. Фӕлӕ та фӕстӕдӕр Илийамӕ ссыд ӕртыккаг фӕндзай ӕфсӕддоны хистӕр. Уыцы лӕг ын скад кодта. Уый Илийаимӕ схъӕл ныхас нӕ кодта, фӕлӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг, курӕг дӕ дӕн, мӕнӕн дӕр ӕмӕ ацы фӕндзай лӕгӕн дӕр, дӕ цагъартӕн, батӕригъӕд кӕн ӕмӕ нӕ ма фесаф. Мӕ размӕ дӕм цы дыууӕ ӕфсӕддон хистӕры ӕрбацыд ӕмӕ сӕ алкӕимӕдӕр цы фӕндзай ӕфсӕддоны уыд, уыдоныл уӕларвӕй арт ӕрцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта, фӕлӕ мӕнӕн батӕригъӕд кӕн, ма мӕ фесаф». Цымӕ Хуыцауы пехуымпар уӕларвӕй арт ӕруадзын кодтаид, исчи йемӕ афтӕ уӕзданӕй куы ныхас кодтаид, уӕд? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Фӕлӕ Йегъовӕйы зӕд Илийайӕн загъта, цӕмӕй уыцы ӕфсӕддонимӕ ацыдаид (2 Пад. 1:11–15). Иннӕтӕн кад кӕнын ахсджиаг кӕй у, уый ацы хабарӕй хорз нӕ зыны?

Ромаг ӕфсӕддонтӕ кувӕндоны апостол Павелы куы ӕрцахстой, уӕд семӕ тых ныхас нӕ кодта. Павел ӕфсады сӕргълӕууӕгӕн уӕзданӕй афтӕ бакодта: «Иу ныхас зӕгъыны бар мын ис?» Ӕппынфӕстаг ын фадат радтой, цӕмӕй йӕ бартыл сдзырдтаид (Хъуыд. 21:37–40).

Иу хатт Йесойы йе знӕгтӕй иу ныдздзӕхст кодта. Фӕлӕ Йесо зыдта, знӕгтимӕ куыд ныхас кӕнын хъӕуы, уый. Ӕмӕ йын Йесо загъта: «Кӕд исты раст нӕ загътон, уӕд мын ӕй зӕгъ. Фӕлӕ кӕд раст загътон, уӕд мӕ цӕмӕн цӕвыс?» Йесойы ныхасмӕ фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыд (Иоан. 18:22, 23).

Хуыцауы Ныхасы ма ис ӕндӕр цӕвиттонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, карз ӕфхӕрд баййафгӕйӕ сабырӕй куыд дзурӕм ӕмӕ, нӕхи уӕзданӕй куыд дарӕм, исчи нӕ куы фӕхъыг кӕна йе та нӕ куы ницӕмӕ ӕрдара, уӕд (Райд. 41:9–13; Хъуыд. 8:20–24). Ӕркӕсӕм Авигейӕйы хабармӕ. Уый Давидӕй хатыртӕ фӕкуырдта, йӕ лӕг Навал Давидӕн алывыдтӕ куы акалдта, уӕд. Ӕмӕ дзы ӕрмӕст хатыртӕ нӕ ракуырдта, фӕлӕ ма рӕдаудзинад дӕр равдыста, ӕмӕ Давидӕн стыр лӕвӕрттӕ скодта. Авигейӕ йӕхи куыд дардта, уый Давиды зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ Навал куы амард, уӕд ӕй ракуырдта (1 Сам. 25:23–41).

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут, цӕмӕй кӕддӕриддӕр уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын уой, зын уавӕрты дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр. Цӕй уӕдӕ афтӕмӕй «нӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй нын нӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ нын нӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матф. 5:16).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн амоной, хорз хистӕртӕн кад кӕнын цӕмӕй хицӕн кӕны, исты зиан сын чи ӕрхӕсса, ахӕм хистӕрты коммӕ кӕсынӕй. Кӕс 2007 азы октябры «Райхъал ут!», 3–11 фӕрстӕ, (уыр.).

^ 7 абз. Нӕмттӕй иуӕй-иутӕ сты ивд.