Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы у хорз хабар?

Цы у хорз хабар?

«Ацы хорз хабар...» (МАТФЕЙЫ 24:14).

ЧЫРЫСТӔТТӔ хъуамӕ хъусын кӕной «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» – адӕмӕн дзурой уыцы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын ӕмбарын кӕной, уыцы Паддзахад кӕй у, фидӕны ӕгас зӕххӕн дӕр разамынд чи дӕтдзӕн ӕмӕ рӕстӕй чи архайдзӕн, уыцы хицауад. Фӕлӕ Библийы дзырдбаст «хорз хабар» амоны ӕндӕр цӕмӕдӕрты дӕр. Зӕгъӕм, ис дзы ахӕм ныхӕстӕ, «хорз хабар, [Йегъовӕ] цы ирвӕзындзинад дӕтты, уый тыххӕй» (Псалом 96:2), «Хуыцауы хорз хабар» (Ромӕгтӕм 15:16) ӕмӕ «Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар» дӕр (Марчы 1:1).

Цыбыртӕй куы зӕгъӕм, уӕд хорз хабармӕ хауынц, Йесо Чырысти цы амыдта ӕмӕ стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы ныффыстой, ӕппӕт уыдӕттӕ. Уӕларвмӕ ссӕуыны размӕ Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матфейы 28:19, 20). Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурой, фӕлӕ ма цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр цӕттӕ кӕной.

Цымӕ уыцы хъуыддаджы аргъуантӕй цы зӕгъӕн ис? Хуыцауы Паддзахад цы у, уый чи не ’мбары (ӕмӕ ахӕмтӕ та бирӕ ис), уыдон ӕй иннӕтӕн раст куыд хъуамӕ бамбарын кӕной? Уый бӕсты аргъуанты фӕкӕнынц зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ – Хуыцау уын уӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны, ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндут ӕмӕ алцыдӕр хорз уыдзӕн, зӕгъгӕ. Цӕмӕй сӕм фылдӕр адӕм цӕуа, уый тыххӕй ма архайынц адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл, мӕгуыртӕн аразынц рынчындӕттӕ, скъолатӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ. Ахӕм хъуыддӕгты фӕрцы аргъуантӕм, чи зоны, фылдӕр адӕм цӕуын райдайы, фӕлӕ афтӕмӕй уыцы адӕм не свӕййынц ӕцӕг чырыстӕттӕ, Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕххӕст кӕны, ахӕмтӕ.

Иу диниртасӕг фыссы: «Чырыстон диниртасджытӕ ӕмӕ разамонджытӕн сӕ фылдӕр зонынц, махӕн нӕ хӕс кӕй у Йесо Чырыстийӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын, цӕмӕй ӕххӕст кӕной, Чырысти цы дзырдта, ӕппӕт уыдӕттӕ. [...] Ацы куысты фӕдыл Йесо Чырысти радта бӕлвырд амындтӕ. Фӕлӕ ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд, Чырысти цы бафӕдзӕхста, уый нӕ аразӕм. Уыцы куыстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕм. Ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, куыд ӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый дӕр нӕ зонӕм».

Америкӕйы Иугонд Штатты католикон диныл хӕст адӕмӕй кӕйдӕрты куы бафарстой, уӕд уыцы адӕмӕн дӕр сӕ 95 проценты сразы сты, хорз хабар хъусын кӕнын сӕ динмӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг кӕй у. Фӕлӕ сӕ фылдӕр загътой, зӕгъгӕ, уымӕн ӕппӕты хуыздӕр амал у, дзургӕ йыл куы нӕ кӕнай, фӕлӕ дӕхи афтӕ куы дарай, цӕмӕй иннӕтӕн фӕзминаг уай. Кӕй фарстой, уыдонӕй иу сылгоймаг загъта: «Хорз Хабар хъусын кӕнын уый нӕу, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр дзурай, дзурай ӕмӕ дзурай. Уыцы Хорз Хабар хъуамӕ нӕхӕдӕг уӕм». Адӕмы чи фарста, уыцы журналы редакци куыд ныффыста, афтӕмӕй бирӕты сӕ дины тыххӕй дзурын уымӕн нӕ фӕнды, ӕмӕ «аргъуантӕ сӕ кад фесӕфтой, ӕрӕджы цы хабӕрттӕ рабӕрӕг, уыдоны тыххӕй – аргъуаны кусджытӕ сывӕллӕттӕн тыхми кӕй кодтой, стӕй ма аргъуаны дзырддаг ахуырӕдты тыххӕй дӕр» («U.S. Catholic»).

Методистты епископ та хъаст кодта, зӕгъгӕ, нӕ аргъуантӕм чи цӕуы, уыдоны ’хсӕн иудзинад нӕй, цы кӕной, уый нӕ зонынц, ӕмӕ сӕм уыцы ныфс нӕй, цӕмӕй, цы хӕс ӕвӕрд сыл ис, уый ӕххӕст кӕной. Стӕй ма загъта, сӕ аргъуантӕм чи цӕуы, уыдонӕн сӕ цард иннӕ адӕмы цардӕй ӕппындӕр кӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны. Уый фӕстӕ ныфссастхуызӕй загъта: «Чи у уый аккаг, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕна ӕмӕ уыцы куыст чи кӕны?»

Ацы епископ йӕ фарстайӕн дзуапп нӕ радта. Фӕлӕ йын дзуапп ис, ӕмӕ йӕ иннӕ статьяйӕ базондзынӕ.

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Хорз хабармӕ хауы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл куы ’ууӕндӕм, уӕд кӕй фервӕздзыстӕм, уыцы хабар