Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи хъусын кӕны хорз хабар?

Чи хъусын кӕны хорз хабар?

«...хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (МАТФЕЙЫ 24:14).

ХОРЗ ХАБАР ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ уый аразынц алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы. Цымӕ цавӕр мадзӕлттӕ сты?

Адӕмимӕ ныхас кӕнынц. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд кодтой, раст афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр адӕммӕ хорз хабар хӕссынц (Лукайы 8:1; 10:1). Уыдон не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, адӕм сӕм кӕд ӕрбацӕудзысты, фӕлӕ сӕм сӕхӕдӕг цӕуынц. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕны алы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр, абон сты авд милуанӕй фылдӕр. Хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, уынджы, телефонӕй ӕмӕ ӕндӕр хуызы дӕр. Фӕстаг аз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хъуыддаджы архайдтой 1,5 миллиард сахатӕй фылдӕр.

Уыдон адӕмӕн ӕрмӕст Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ дзурынц, фӕлӕ сын Йесо Чырысти «цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕтты» тыххӕй дӕр (Матфейы 28:20). Адӕмимӕ ахуыр кӕнынц Библи, фӕлӕ сӕ уый тыххӕй ӕхца нӕ исынц. Ахӕм ахуыртӕ сын алы мӕй дӕр ӕмткӕй райсгӕйӕ вӕййы аст милуанӕй фылдӕр.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц ӕппӕт дунейы дӕр, 236 бӕстӕйы. Уыдон ныхас кӕнынц алкӕимӕ дӕр, хъулон никӕй кӕнынц. Хъусын кӕнынц хъӕуты ӕмӕ горӕтты, Амазонийы джунглиты ӕмӕ Сыбыры тархъӕдты, Африкӕйы ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ Гималайы хӕхты. Уыцы куысты тыххӕй сын ӕхца нӕ фидынц, кӕнынц ӕй сӕхи хардзӕй. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддагӕн сӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн пайда кӕнынц ӕндӕр мадзалӕй дӕр.

Мыхуыр кӕнынц литературӕ. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад» цӕуы 185 ӕвзагыл, алы номыры тираж дӕр вӕййы 42 милуанӕй фылдӕр. Журнал «Райхъал ут!» дӕр хъусын кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, уый та цӕуы 83 ӕвзагыл, йӕ алы номыры тираж вӕййы 40 милуаны бӕрц.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм чингуытӕ, брошюрӕтӕ, трактаттӕ, CD ӕмӕ MP3 дисктӕ, стӕй DVD-тӕ рауагътой иу-540 ӕвзагыл. Уыцы литературӕ ӕмӕ дисктӕй ӕрмӕст фӕстаг дӕс азы дӕргъы рауагътой ӕмӕ адӕмыл байуӕрстой 20 миллиардӕй фылдӕр. Ацы нымӕц зӕххы цӕрджыты нымӕцыл куы адих кӕнай, уӕд дзы алкӕмӕ дӕр ӕрхаудзӕн иу-ӕртӕ!

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма сӕхи типографиты мыхуыр кодтой кӕнӕ ӕндӕр типографиты заказ кодтой Библийы алыхуызон тӕлмацтӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи сӕхӕдӕг дӕр ратӕлмац кодтой, ӕмӕ йӕ мыхуыр дӕр ӕмӕ парахат дӕр сӕхӕдӕг кӕнынц. Уыцы тӕлмац хуыйны «Библи – Ног дунейы тӕлмац», ӕмӕ абон ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 96 ӕвзагыл. Ныронг дзы байуӕрстой 166 милуанӕй фылдӕр. Хорз хабар хъусын кӕнынӕн ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кӕнынц ӕндӕр мадзалӕй дӕр.

Ахуыр кӕнынц чырыстон ӕмбырдты. Алы къуыри дӕр сын вӕййы ӕмбырдтӕ. Кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ хуыйнынц Паддзахады залтӕ. Уырдӕм ӕрмӕст Хуыцауӕн бакувынмӕ не ’рбацӕуынц, фӕлӕ ахуыр кӕнынмӕ дӕр. Вӕййы дзы раныхӕстӕ Библийӕ алыхуызон фарстаты фӕдыл, стӕй дзы алыхуызон публикациты фӕрцы фӕахуыр кӕнынц Библи. Ӕмбырдты ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахуыр кӕнынц, хорз хабар ноджы хуыздӕр куыд хъусын кӕной, ууыл дӕр.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы дӕр ис 107 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Фӕахуыр дзы кӕнынц уыцы иу программӕмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы се ’хсӕн ис иудзинад. Се ’мбырдтӕм алкӕй бон дӕр у ӕрбацӕуын. Ӕхца дзы нӕ фембырд кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар цы мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнынц, уыдонӕй иуӕй дӕр ницы пайда уаид, цы дзурынц, уый хъуыддагӕй куы не ’вдисиккой, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц ноджыдӕр иу хъуыддагыл.

Архайынц, цӕмӕй фӕзминаг уой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц, цӕмӕй сӕхи дарой, чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ, сӕхицӕн сӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнынц иннӕтӕн дӕр (Матфейы 7:12). Кӕд ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр кӕнынц, уӕддӕр сӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕнды сӕ уарзондзинад алы адӕймагмӕ дӕр равдисын. Ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕрмӕст хорз хабар нӕ хъусын кӕнынц, фӕлӕ, сӕ бон цӕмӕй вӕййы, уымӕй сын ӕххуыс дӕр бакӕнынц.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнынц, цӕмӕй сын адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ дин райсой. Йегъовӕ куы зӕгъа, ӕмӕ хорз хабар фаг хъуыстгонд ӕрцыд, уӕд, Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрцӕудзӕн кӕрон. Уый зӕххӕн ӕмӕ адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн?

[Ныв 7 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынц ӕппӕт дунейы дӕр