Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Кӕрон» цы у?

«Кӕрон» цы у?

«...Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (МАТФЕЙЫ 24:14).

КӔРОНЫ тыххӕй, ома бӕстысӕфты тыххӕй, фӕстаг рӕстӕг цас дзурынц, афтӕ никуы. Чингуытӕ, журналты ӕмӕ киноты арӕх вӕййы, бӕстысӕфт куыд уыдзӕн, уый кой – райдай хъазӕн ныхӕстӕй ӕмӕ фӕу, ахуыргӕндтӕ цы дзурынц, уымӕй. Кӕрон дзы ӕвдыст фӕцӕуы алы хуызы, зӕгъӕм: адӕм фесӕфдзысты ядерон хӕсты, зӕххыл астероид сӕмбӕлдзӕн, адӕмыл мӕлӕтдзаг низ сыстдзӕн, климӕт тынг фӕивдзӕн кӕнӕ нӕм космосӕй чидӕртӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕуыдзыстӕм.

Динтӕ дӕр ацы хъуыддаджы иу зондыл хӕст не сты. Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, «кӕрон» куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл удӕгасӕй ничиуал баззайдзӕн. Матфейы 24:14 стихы фӕдыл иу диниртасӕг загъта, адӕймагыл тас чи ӕфтауы, ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы Ныхасы амӕй ахсджиагдӕр стих нӕй... Нӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр бӕллӕх. Уый цы ӕвирхъау хабар уыдзӕн, ууыл нӕ бирӕты хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕнды».

Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдонӕй ферох вӕййы иу ахсджиаг хъуыддаг: Хуыцау Йегъовӕ зӕхх «фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, [фӕлӕ йӕ] скодта... цӕрынӕн» (Исай 45:18). Уӕдӕ Чырысти «кӕроны» кой куы кодта, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ зӕхх кӕй фесӕфдзӕн, стӕй афтӕ зӕгъынмӕ дӕр нӕ хъавыд, ӕмӕ адӕм бындзагъд фӕуыдзысты. Чырыстийы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ фесӕфдзысты фыдгӕнджытӕ, ома, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыцы хивӕнд адӕм.

Зӕгъӕм, ис дын рӕсугъд хӕдзар, ӕмӕ дзы адӕм бауагътай, цӕмӕй дзы лӕвар цӕрой. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынц ӕмӕ дын дӕ хӕдзармӕ дӕр зилынц. Иннӕтӕй та зиан йеддӕмӕ пайда ницы ис – кӕрӕдзийы дӕр хӕрынц ӕмӕ иннӕты дӕр ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц. Уымӕй уӕлдай хӕдзары дзаумайыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ сын кӕд дзурыс, ма кӕнут, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕм дӕ ныхӕстӕ хъаргӕ дӕр нӕ кӕнынц.

Ахӕм уавӕры цы бакӕнис? Дӕ хӕдзар ныппырх кӕнис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Ӕвӕццӕгӕн уыцы ӕдзӕсгом адӕмы ратӕрис ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ базилис.

Йегъовӕ дӕр раст афтӕ бакӕндзӕн. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕн ныффыссын кодта ахӕм ныхӕстӕ: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты. Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:9–11).

Апостол Петр дӕр уый тыххӕй дзырдта. Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Рагзаманты дӕр... уыди арв ӕмӕ зӕхх – Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ уыцы фидар зӕхх зынди донӕй ӕмӕ лӕууыд дӕтты астӕу. Ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (2 Петры 3:5, 6). Ацы стихты Петр кодта, Нойы рӕстӕг цы Доны хъаймӕт уыди, уый кой. Уӕд зӕхх нӕ фесӕфт, фӕлӕ ӕнӕхуыцау адӕм. Ӕнӕхъӕн зӕххыл цы Доны хъаймӕт уыди, уый хорз ӕвдисы, «фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый» (2 Петры 2:6).

Петр ма загъта: «Арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ». Дарддӕр цы загъта, уый куы нал бакӕсӕм, уӕд, чи зоны, хъуыддаг раст ма бамбарӕм. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, ацы стихы ма цы фыст ис, уымӕ: «Ӕнӕхуыцау адӕм... фесӕфдзысты». Уӕдӕ сӕфгӕ зӕхх нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ ӕнӕхуыцау адӕм. Стӕй та цы уыдзӕн? Петр ныффыста: «Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв [Хуыцауы Паддзахад] ӕмӕ ног зӕхмӕ [ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы раст адӕм]» (2 Петры 3:7, 13).

Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, «кӕрон» тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн. Бакӕс-ма Матфейы 24:3–14 ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихтӕ. Уым ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уыцы рӕстӕг ӕцӕгдӕр хӕстӕг кӕй у, уымӕн.

Матфейы 24:14 стихы фыст ныхӕстӕ афтӕ хуымӕтӕг сты, ӕмӕ сӕ сывӕллон дӕр бамбардзӕн. Ӕмӕ дӕм уӕд диссаг нӕ кӕсы, бирӕтӕ сӕ цӕуылнӕ ӕмбарынц, уый? Афтӕ цӕмӕн у, уый Библи хорз ӕмбарын кӕны. Хӕйрӕг адӕмы бакуырм кодта, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы ахсджиаг хабӕрттӕ ис, уыдон ма уыной (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Уымӕй уӕлдай, Хуыцау йӕ фӕндтӕ сусӕг кӕны сӕрыстыр адӕмӕй ӕмӕ сӕ ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн. Чырысти уый фӕдыл афтӕ загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй» (Матфейы 11:25). Тынг бирӕ сӕрныллӕг адӕм ӕмбарынц, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгдӕр цы у ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонмӕ. Уыцы адӕмы ’хсӕн уай, уый цӕй стыр кад у!

[Ныв 9 фарсыл]

Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт фыддзинадӕн дӕр «кӕрон» скӕндзӕн