Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», уыцы зӕхх

«Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», уыцы зӕхх

ХУЫЦАУ ЙЕГЪОВӔ израилӕгты Египетӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд сын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй сӕ бакӕндзӕн «хъӕздыг зӕхмӕ, зӕхх парахат кӕм у, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уырдӕм» (Рацыд 3:8).

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл куы ’рцардысты, уӕд райдыдтой стуртӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ дарын, ӕмӕ уый фӕрцы ӕхсырӕй хъуаг не ’ййӕфтой. Ӕмӕ сӕм мыды хабар та куыд уыди? Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библийы Зӕрдӕвӕрд зӕххы кой кӕм цӕуы, уым дзырд «мыд» амоны финиктӕй, легъуитӕй кӕнӕ сӕнӕфсирӕй конд адджын донмӕ. Стӕй, Библийы бындзыты мыды кой кӕм ис, уым дӕр фылдӕр хатт дзырд фӕцӕуы, хӕдзары кӕй дарынц, ахӕм бындзыты мыдыл нӕ, фӕлӕ хъӕддаг бындзыты мыдыл (Тӕрхонгӕнджыты 14:8, 9; 1 Самуилы 14:27; Матфейы 3:1, 4). Уыцы зӕххы, цымӕ, мыд дӕр ӕхсырау «калди»?

Ацы хъуыддаджы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис, ӕрӕджы археологтӕ Израилы цы ссардтой, уымӕй. Ахуыргӕндтӕ цы ссардтой, уый тыххӕй Дзуттаг университет рауагъта статья, ӕмӕ уым фыст уыд: «Профессор (Амихай) Мазар куыд загъта, афтӕмӕй, археологтӕ зӕххы бынӕй цы мыды чыргъӕдтӕ скъахтой, уыдонӕй рагондӕр Ӕввахс Скӕсӕны нырмӕ никуы ссардтой. Уыцы чыргъӕдтӕ арӕзт ӕрцыдысты н. э. размӕ 10-ӕм ӕнусӕй 9-ӕм ӕнусы райдианы онг».

Археологтӕ ссардтой 30 чыргъӕдӕй фылдӕр, уыдысты ӕртӕ рӕнхъӕй ӕвӕрд. Ӕмӕ, куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы ран ӕдӕппӕтӕй уыдаид 100 чыргъӕды бӕрц. Мыды чыргъӕдтӕй цы баззад, уымӕ лӕмбынӕг куы ’ркастысты, уӕд дзы ссардтой мыдыбындзыты буары хӕйттӕ ӕмӕ мыдадзы молекулӕтӕ. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, «уыцы чыргъӕдтӕй алы аз дӕр уыдаид сисӕн тоннӕйы ’рдӕг мыд».

Раджы заман адӕм мыды чыргъӕдтӕй истой фӕзгъӕр мыд – диссаджы адджын хӕринаг. Мыдадзӕй та пайда кодтой, згъӕр ӕмӕ сӕракимӕ чи куыста, уыдон. Уымӕй уӕлдай ма мыдадзыл кодтой фысгӕ дӕр: фӕйнӕджы гӕбазыл-иу ӕй рауагътой, ӕмӕ-иу куы ахъӕбӕр, уӕд-иу ыл фыстой. Уыцы мыдадз уый фӕстӕ уыди ногӕй бадон кӕнӕн ӕмӕ та дзы уыд спайда кӕнӕн. Цымӕ, Израилы мыды чыргъӕдтӕ кӕй ссардтой, уый ахуыргӕндты цавӕр хъуыдымӕ ӕркодта?

Уӕлдӕр цы статьяйы кой цыд, уым дарддӕр фыст уыди: «Уӕды заманты Израилы адӕм мыдыбындзытӕ дардтой ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст, фӕлӕ Тель-Реховы цы бындздарӕн ссардтой, уымӕй бӕрӕг у, Фыццаг Кувӕндоны [Соломоны кувӕндоны] рӕстӕджы дӕр израилӕгтӕ мыдыбындзытӕ дарынмӕ ӕмӕ мыд дуцынмӕ хорз кӕй арӕхстысты. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, Библийы дзырд „мыд“ кӕй амоны бындзыты мыдмӕ».

[Ныв барлӕвӕрдӕй 15 фарсыл]

Institute of Archaeology/​Hebrew University © Tel Rehov Excavations