Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц...

Хӕйрӕджы Хуыцау сфӕлдыста?

Хӕйрӕджы Хуыцау сфӕлдыста?

▪ Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ Хуыцау «ӕппӕтсфӕлдисӕг» у, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ, чи зоны, хъуыды кӕнынц, Хӕйрӕджы дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста (Ефесӕгтӕм 3:9; Раргомад 4:11). Фӕлӕ Библи бӕлвырд ӕмбарын кӕны, уый афтӕ кӕй нӕу.

Йегъовӕ сфӕлдыста Хӕйрӕджы нӕ, фӕлӕ, фӕстӕдӕр Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕды. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы фыдызнаг Хӕйрӕг кӕй ис ӕмӕ нын Библи Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй цы дзуры, уыцы дыууӕ хъуыддагӕй афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ сты. Хуыцауы тыххӕй Библийы фыст ис: «Йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дыккаг закъон 32:3–5). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Хӕйрӕг райдианы кӕй уыди ӕххӕст ӕмӕ рӕстаг, бӕлвырдӕй та, Хуыцауы уӕларвон фырттӕй иу. Иоанны 8:44 стихӕй нӕ бон фенын у, Чырысти Хӕйрӕджы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд». Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Хӕйрӕг кӕддӕр кӕй уыди раст ӕмӕ ӕнаххос.

Фӕлӕ алы зӕдӕн дӕр ӕмӕ алы адӕймагӕн дӕр Хуыцау цы сӕрибардзинад радта, ахӕм сӕрибардзинад уыд, Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕдӕн дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, йӕхӕдӕг ӕвзӕрста, хорздзинад арӕзтаид ӕви ӕвзӕрдзинад. Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд ӕмӕ фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы дӕр йӕ зондыл кӕй акодта, уый тыххӕй сси Сайтан, ома «ныхмӕлӕууӕг» (Райдиан 3:1–5).

Уымӕй уӕлдай ма уыцы зӕд сси Хӕйрӕг дӕр. Ацы ныхас та нысан кӕны «фыдкойгӕнӕг». Калмы уылты Евӕимӕ ныхас кодта Хӕйрӕг, уый йӕ асайдта, цӕмӕй Хуыцауы закъоны сӕрты ахызтаид. Ӕмӕ йӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй схуыдта «мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44).

Фӕлӕ цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй, иу хъӕндзинад дӕр кӕмӕ нӕ уыд ӕмӕ ӕвзӕр зондыл дӕр кӕй ничи ардыдта, уый ӕвзӕрдзинады фӕндагыл ныллӕууыдаид? Хӕйрӕджы, ӕвӕццӕгӕн, тынг бафӕндыд, цӕмӕй иууылдӕр, Хуыцаумӕ куыд куывтой, афтӕ уымӕн куывтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ, ӕрхъуыды кодта, цы уыд бакӕнӕн, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйы коммӕ ма кастаиккой, фӕлӕ уый коммӕ. Уыцы хъуыды йӕхицӕй нӕ фӕсырдта, фӕлӕ йӕ йӕ зӕрдӕйӕн садджын кодта ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг кӕнгӕ дӕр бакодта. Фӕнд хъуыддагмӕ куыд ӕркӕны, уый тыххӕй Иаковы чиныджы фыст ис: «Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый. Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ» (Иаковы 1:14, 15; 1 Тимофеймӕ 3:6).

Зӕгъӕм, бухгалтерӕн фадат ис йӕ гӕххӕттыты исты фӕивынӕн, цӕмӕй ӕхца радава. Йӕ бон у уыцы хъуыды йӕ сӕрӕй фӕсурын, куыддӕр ӕм фӕзына, афтӕ. Фӕлӕ хъуыддагыл дарддӕр куы хъуыды кӕна, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн садджын уыдзӕн ӕмӕ йӕ кӕнгӕ дӕр бакӕндзӕн. Куы йӕ бакӕна, уӕд суыдзӕн давӕг. Стӕй, хабар басусӕг кӕныны тыххӕй мӕнг ныхас куы зӕгъа, уӕд ӕй схонӕн уыдзӕн мӕнгард адӕймаг. Афтӕ рауад йӕ хабар, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыцы зӕдӕн дӕр. Сӕрибардзинад ын лӕвӕрд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йе ’взӕр фӕндтӕн уый бар радта, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы уидаг ауагътаиккой, ӕмӕ йӕ уый ӕркодта фыдракӕндмӕ – мӕнгард ми бакодта ӕмӕ йӕ Фыды ныхмӕ рацыд. Афтӕмӕй сси Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг.

Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕг Хӕйрӕгӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн (Ромӕгтӕм 16:20). Уый цины хабар куыннӕ у! Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та Хуыцау Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕнӕ ӕххуысӕй нӕ уадзы: ӕргом сын кӕны, Хӕйрӕг куыд архайы, ӕмӕ сӕ йӕ хинмитӕй хъахъхъӕны (2 Коринфӕгтӕм 2:11; Ефесӕгтӕм 6:11). Уӕдӕ «йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн» (Иаковы 4:7).

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Ӕххӕст зӕд Хуыцауы ныхмӕ рацыд, ӕмӕ сси Сайтан