Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ»

«Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ»

УЫМӔЙ зындӕр ницы ис, дӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ адӕймагӕн йӕ хъизӕмӕрттӕм кӕсай ӕмӕ йын йӕ мӕлӕт фенай! Ахӕм рӕстӕг тынг фӕмаст кӕнӕм. Фӕлӕ нын стыр ныфсы хос у, кӕй йӕ зонӕм, не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ нын нӕ рыст кӕй ӕмбары. Ӕмӕ нын ӕрмӕст нӕ рыст не ’мбары, фӕлӕ ма йӕ тынг фӕнды, цы стыр хъару йӕм ис, уый фӕрцы мӕрдты райгас кӕнын дӕр. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иов 14:13–15 стихты цы диссаджы ныфсы ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ.

Нӕ зӕрдыл уал ӕрлӕууын кӕнӕм, Иов ацы ныхӕстӕ цӕмӕн загъта, уый. Иов, Хуыцаумӕ кувӕг адӕймаг, иухатт стыр фӕлварӕнты бахауд – йе ’ппӕт фӕллӕйттӕ фесӕфтысты, йӕ хъӕбултӕ фӕмард сты, йӕхӕдӕг та уӕззау низӕй фӕрынчын. Иов афтӕ тыхст уыди, ӕмӕ Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Тӕхуды, ингӕны мӕ куы бамбӕхсис» (13-ӕм стих). Иовы фӕндыд, йӕ хъизӕмӕрттӕй ингӕны куы фервӕзтаид. Хӕзна куыд бамбӕхсынц, афтӕ йӕ Хуыцау уым куы бамбӕхстаид, уӕд йӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ рыстӕй фервӕзтаид *.

Цымӕ Иов ӕнустӕм хъуамӕ ингӕны баззадаид? Ныфс ӕй уыд, кӕй нӕ баззайдзӕн. Уый бӕрӕг у йӕ куывдӕй: «Тӕхуды... ӕмгъуыд мын куы снысан кӕнис ӕмӕ мӕ куы ’рхъуыды кӕнис!» Иов нӕ дызӕрдыг кодта, ингӕны ӕрмӕст рӕстӕгмӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ кӕй нӕ ферох кӕндзӕн. Ингӕны цы рӕстӕг хъуамӕ фӕуыдаид, уый Иов абарста цагъары куыстимӕ. Цагъарӕн та йӕхицӕй кӕнгӕ нӕу, йӕ куыстӕй кӕд ссӕрибар уыдзӕн, уый. Цымӕ Иов ингӕны кӕдмӕ хъуамӕ уыдаид? «Цалынмӕ не ссӕрибар уон, уӕдмӕ»,– загъта Иов (14-ӕм стих). Йӕ ныхӕстӕ, «ссӕрибар уон», зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбаргӕ сты, ӕмӕ ингӕнӕй фервӕздзӕн, ома райгас уыдзӕн.

Цымӕ Иовы афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта, кӕй райгас уыдзӕн, уый? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй чи амӕлы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, уый. Иов загъта: «Ды мӕм фӕдзурдзынӕ, ӕмӕ дын ӕз дзуапп ратдзынӕн. Дӕ къухтӕ кӕуыл фӕфыдӕбон кодтой, уый фенынмӕ бӕлдзынӕ» (15-ӕм стих). Иов зыдта, Йегъовӕ йӕ кӕй сфӕлдыста. Уӕдӕ йын цард чи радта, йӕ мады гуыбыны йӕ чи сӕвзӕрын кодта, уымӕн йӕ бон у, ӕмӕ йӕ мӕрдтӕй дӕр райгас кӕна (Иов 10:8, 9; 31:15).

Иовы ныхӕстӕй базонӕн ис, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у, уый: Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн зынаргъ сты уыцы адӕм, йӕхи Иовау йӕ къухтӕм чи ратты, цӕмӕй сӕ аива, сӕ удыхъӕд сын срӕсугъд кӕна, дурынгӕнӕг ӕлыгӕй мигӕнӕн куыд скӕны ӕмӕ йӕ куыд срӕсугъд кӕны, афтӕ (Исай 64:8). Йегъовӕ стыр аргъ кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн. Исчи сӕ куы амӕлы, уӕд сӕ фенынмӕ тынг «фӕбӕллы». «Бӕллын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый тыххӕй иу ахуыргонд афтӕ загъта: «Ацы дзырдӕй хуыздӕр дзырд ссарӕн нӕй, кӕйдӕр цыдӕр тынг кӕй фӕнды, уый равдисынӕн». Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ лӕууынц, фӕлӕ ма йӕ тынг фӕнды, цӕмӕй сӕ райгас кӕна.

Библийы чингуытӕй фыццаг фыст чи ’рцыд, уыдонӕй иу у Иовы чиныг. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ацы чиныджы раргом кодта йӕ диссаджы фӕнд – мӕрдты кӕй ӕгас кӕндзӕн *. Тынг ӕй фӕнды, цӕмӕй та ногӕй фенай, бирӕ кӕй уарзтай, фӕлӕ абон демӕ чи нал ис, уыдоны. Адӕймаг ууыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд ын ӕнцондӕр вӕййы хионы мӕлӕт сфӕразын. Фӕнды дӕ фылдӕр базонын нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы тыххӕй, стӕй дӕ цы бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй дӕ уый аккаг скӕна, ӕмӕ дӕхи цӕстӕй фенай, уыцы фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый?

Мартъийы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын

Есфир 1–10Иов 1–15

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Иу чиныджы фыст ис, Иовы ныхӕстӕ, «куы [мӕ] бамбӕхсис», зӕгъгӕ, афтӕ бамбарӕн дӕр кӕй ис «ӕдас бынаты мӕ ӕхцайау бафснай». Ӕндӕр чиныгмӕ гӕсгӕ та, ацы ныхӕстӕ, чи зоны, нысан кӕной, «хӕзнайау мӕ бамбӕхс», зӕгъгӕ.

^ 6 абз. Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, Библи зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, ног дунейы мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй, уӕд кӕс www.watchtower.org