Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у?

Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у?

Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у?

«Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд горӕт ӕгасӕй дӕр ӕмызмӕлд сси, ӕмӕ адӕм кӕрӕдзи фарстой: „Чи у ацы адӕймаг?“ Ӕмӕ дзырдтой: „Уый у пехуымпар Йесо галилейаг горӕт Назаретӕй!“» (МАТФЕЙЫ 21:10, 11).

УЫЦЫ хабар ӕрцыд н. э. 33 азы уалдзӕджы. Цымӕ, Йесо Чырысти * Иерусалиммӕ куы бацыд, уӕд горӕт ӕмызмӕлд цӕмӕн сси? Горӕты бирӕтӕ фехъуыстой Йесойы тыххӕй ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ ӕндӕр кой нӕ кодтой (Иоанны 12:17–19). Фӕлӕ кӕцӕй зыдтаиккой уыцы адӕм, се ’хсӕн цы адӕймаг уыд, уымӕн йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдтӕ ӕнӕхъӕн дунейы адӕмыл дӕр кӕй фӕзындзысты ӕмӕ суанг абоны онг дӕр кӕй ахаддзысты!

Йесо адӕмы царды стыр фӕд кӕй ныууагъта, уый бӕрӕг у мӕнӕ ацы цалдӕр хъуыддагӕй дӕр.

▪ Бирӕ бӕстӕты цы къӕлиндарӕй пайда кӕнынц, уым азтӕ нымад цӕуынц, Чырысти цы аз райгуырд (куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй), уымӕ гӕсгӕ.

▪ Дыууӕ миллиард адӕймагмӕ ’ввахс – зӕххы цӕрджытӕн се ’ртыккаг хайы бӕрц – сӕхи хонынц чырыстӕттӕ.

▪ Пысылмон дин амоны, Йесо Чырысти кӕй у «Авраам, Ной ӕмӕ Моисейӕ стырдӕр пехуымпар» (пысылмӕттӕ та сты иу миллиард адӕймагӕй фылдӕр).

▪ Чырыстийы ныхӕстӕй бирӕтӕ, гыццыл ӕндӕрхуызонӕй, арӕх ис фехъусӕн адӕмӕй. Зӕгъӕм:

Макӕй кой кӕн, ӕмӕ дӕ кой дӕр ничи кӕндзӕн (МАТФЕЙЫ 7:1).

Дӕхӕдӕг цы барӕнӕй барай, ахӕм барӕнӕй бардзысты дӕхицӕн дӕр (МАТФЕЙЫ 7:2).

Искӕй цӕсты ӕрду уыны, йӕхи цӕсты та къалабӕлас дӕр нӕ уыны (МАТФЕЙЫ 7:3).

Агурут, ӕмӕ ссардзыстут (МАТФЕЙЫ 7:7).

Адӕмӕн дӕхӕдӕг куыд уай, уыдон дӕр дын афтӕ уыдзысты (МАТФЕЙЫ 7:12).

Чырысти адӕмы царды стыр фӕд кӕй ныууагъта, ууыл дзырд дӕр нӕй. Фӕлӕ, чи у, уый тыххӕй иутӕ иу дзурынц, иннӕтӕ та – бынтон ӕндӕр. Ӕмӕ чи зоны, ды дӕр хъуыды кӕныс: «Йесо Чырысти ӕцӕгӕй чи у?» Ӕрмӕстдӕр Библийӕ ис базонӕн, Йесо кӕцӕй ӕрцыд, куыд цард ӕмӕ цӕмӕн амард. Ацы хабӕрттӕ куы базонай, уӕд уый, гӕнӕн ис, тынг фӕзына дӕ абоны цардыл дӕр ӕмӕ дӕ фидӕныл дӕр.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Ацы назаретаг пехуымпары ном, «Йесо», зӕгъгӕ, нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Дзырд «Чырысти» та у кады ном ӕмӕ нысан кӕны «Сӕрст». Ацы ныхас амоны, Хуыцау ӕй кӕй байсӕрста, ома йын ахсджиаг хъуыддаг кӕй бахӕс кодта.