Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти. Кӕцӕй ӕрцыд?

Чырысти. Кӕцӕй ӕрцыд?

Чырысти. Кӕцӕй ӕрцыд?

«[Пилат] фӕстӕмӕ галуанмӕ бацыд ӕмӕ Йесойы бафарста: „Кӕцӕй дӕ?“ Фӕлӕ йын Йесо ницы загъта» (ИОАННЫ 19:9).

РОМАГ хицау Понтий Пилат ацы фарста Йесо Чырыстимӕ радта, мӕлӕты тӕрхон ын куы рахастой, уый размӕ *. Пилат зыдта, Йесо кӕцон уыд, уый (Лукайы 23:6, 7). Зыдта ма уый дӕр, хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕ уыд. Цымӕ Пилаты уый фӕндыд базонын, Йесо ма уымӕй размӕ дӕр цард ӕви нӕ? Уыцы ӕндӕрбӕстаг хицауы ӕцӕгдӕр рӕстдзинад базонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын фӕндыд? Куыдфӕнды ма уыдаид, Чырысти йын йӕ фарстайӕн дзуапп нӕ радта. Ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр рабӕрӕг, Пилат тынгдӕр йӕ бынатыл кӕй хъуыды кодта, рӕстдзинадыл ӕмӕ раст тӕрхоныл нӕ, фӕлӕ (Матфейы 27:11–26).

Фӕлӕ Йесо кӕцӕй ӕрцыд, уый зонын ӕцӕгӕй кӕй фӕнды, уыдонӕн уый базонын зын нӕу. Уый тыххӕй бӕлвырд фыст ис Библийы. Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм.

Йесо кӕм райгуырд? Йесо райгуырд иу гыццыл иудейаг горӕт Вифлеемы. Ромы паддзах Август бардзырд куы радта, цӕмӕй адӕм иууылдӕр сӕхи ныффыстаиккой, уӕд Йесойы мад Марийӕ ӕмӕ йӕ лӕг Иосиф ацыдысты Вифлееммӕ, Иосифы фыдӕлтӕ кӕцӕй уыдысты, уырдӕм. Марийӕйӕн та «тагъд хъуамӕ сывӕллон райгуырдаид». Вифлеемы уыйбӕрц адӕм уыд, ӕмӕ ӕхсӕвы кӕм ӕрлӕууыдаиккой, ахӕм бынат не ссардтой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ ӕрлӕууын бахъуыд скъӕты. Уым Марийӕйӕн райгуырд Йесо, ӕмӕ йӕ кӕвдӕсы нывӕрдта (Лукайы 2:1–7).

Уыцы хабарӕй цалдӕр ӕнусы раздӕр Библийы фыст ӕрцыд, Йесо кӕм райгуырдзӕн, уый: «Ды дӕр, Вифлеем Ефрафӕ, ӕгӕр гыццыл дӕ, цӕмӕй Иудӕйы минты ’хсӕн уай. Дӕуӕй рацӕудзӕн, Израилы мӕ номӕй чи архайдзӕн, уыцы хицау – раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый» (Михей 5:2) *. Вифлеем, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ гыццыл уыд, ӕмӕ Иудӕйы горӕтты номхыгъды йӕ кой нӕй. Фӕлӕ уыцы гыццыл горӕтмӕ ӕрхауд стыр кад – зӕрдӕвӕрд Мессийӕ, ома Чырысти, хъуамӕ уыдаид Вифлеемӕй (Матфейы 2:3–6; Иоанны 7:40–42).

Кӕм схъомыл? Йесойы бинонтӕ иу гыццыл рӕстӕг Египеты ацардысты ӕмӕ стӕй Назаретмӕ ралыгъдысты. Уыцы горӕт уыд Галилейӕйы, Иерусалимӕй йӕм цӕгатырдӕм цӕуын хъуыди 96 километры. Уӕд Йесойыл ӕртӕ азы дӕр нӕма цыд. Уыцы рӕсугъд бӕсты адӕм кодтой зӕххы, фосы ӕмӕ кӕсагахсыны куыст. Йесо хъомыл кодта стыр бинонты ’хсӕн, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕздыг нӕ цардысты (Матфейы 13:55, 56).

Цалдӕр сӕдӕ азы раздӕр Библийы загъд уыд, Мессийӕйы кӕй хондзысты «назаретаг». Матфейы Евангелийы фыст ис, Йесойы бинонтӕ кӕй ӕрцардысты «Назареты горӕты, цӕмӕй сӕххӕст уыдаид, пехуымпарты уылты цы загъд уыди, уый: „Схондзысты йӕ назаретаг“» (Матфейы 2:19–23). Ӕвӕццӕгӕн, дзырд «назаретаг» баст у, дзырд «тау»-ӕй цы дзуттаг ныхас ӕрцыд тӕлмац, уыимӕ. Ӕмӕ Матфей, ӕвӕццӕгӕн, кодта, пехуымпар Исай цы ныффыста, уый кой: Исай Мессийӕйы схуыдта Йессейы «тау», ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, Мессийӕ кӕй хъуамӕ уыдаид паддзах Давидӕн йӕ фыд Йессейы байзӕддаг (Исай 11:1). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йесо уыд Йессейы байзӕддӕгтӕй, Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Матфейы 1:6, 16; Лукайы 3:23, 31, 32).

Кӕцӕй ӕрцыд? Библимӕ гӕсгӕ, Йесо царди, Вифлеемы куы райгуырд, уымӕй бирӕ раздӕр. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы пехуымпар Михей загъта, Йесо кӕй у «раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый» (Михей 5:2). Йесо у Хуыцауы Фырт, фыццаг кӕй сфӕлдыста, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, цалынмӕ зӕххыл адӕймагӕй нӕ райгуырд, уӕдмӕ уыд уӕларвон зӕд. Чырысти йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз уӕларвӕй... ӕрцыдтӕн» (Иоанны 6:38; 8:23). Цымӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыд?

Хуыцау Йегъовӕ * йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы сарӕзта стыр диссаг: афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ уӕларвон Фырт райгуырдаид, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи никуы ’рцыд, ахӕм дзуттаг ӕрыгон сылгоймаг Марийӕйӕ, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ туджы тӕригъӕд нӕ рахаста. Ахӕм диссӕгтӕ аразын Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн зын нӕу. Марийӕимӕ цы зӕд ныхас кодта, уый хъуыддаг бамбарын кодта афтӕ: «Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (Лукайы 1:30–35, 37).

Фӕлӕ нын Библи, Йесо кӕцӕй ӕрцыд, ӕрмӕст уый не ’ргом кӕны. Матфейы, Марчы, Лукайы ӕмӕ Иоанны Евангелитӕй бирӕ ис базонӕн, Йесо куыд цард, уый тыххӕй.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 3 абз. Чырыстийы куыд ӕрцахстой ӕмӕ йын куыд тӕрхон кодтой, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Зӕххыл уымӕй ӕгаддӕр тӕрхон никуы уыд», ис ацы брошюрӕйы 18–20 фӕрстыл.

^ 6 абз. Куыд зыны, афтӕмӕй Ефрафӕ у Вифлеемы раздӕры ном (Райдиан 35:19).

^ 10 абз. Библи куыд ӕргом кӕны, афтӕмӕй Йегъовӕ у Хуыцауы ном.