Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чырысти. Цӕмӕн амард?

Чырысти. Цӕмӕн амард?

Чырысти. Цӕмӕн амард?

«Адӕймаджы Фырт... ӕрцыд, цӕмӕй... йӕ уд [ома цард] ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (МАРЧЫ 10:45).

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ зыдта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Зыдта йӕ, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзӕн ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг, 33 азы йеддӕмӕ йыл куы нӕ цӕуа, уӕд кӕй амардзысты, ӕмӕ йӕ мӕлӕтмӕ цӕттӕ уыд.

Библимӕ гӕсгӕ Чырыстийы мӕлӕтӕн стыр нысаниуӕг ис. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Йесойы мӕлӕты кой Чырыстон Грекъаг Фыстыты, кӕнӕ Ног Фӕдзӕхсты, комкоммӕ ис иу-175 хатты. Фӕлӕ, цымӕ, Чырысти цӕмӕн хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ амардаид? Мах ӕнӕмӕнг хъӕуы ацы фарстайӕн дзуапп базонын, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕлӕт нӕ цардыл тынг фӕзындзӕн, куы йын саргъ кӕнӕм, уӕд.

Чырыстимӕ цы ӕнхъӕлмӕ каст? Йӕ зӕххон царды фӕстаг аз Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цалдӕр хатты загъта, кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ йӕ кӕй амардзысты, уый тыххӕй. Иерусалиммӕ йӕ фӕстаг Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд йӕ 12 апостолӕн загъта: «Адӕймаджы Фырты ратдзысты сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕсныты къухтӕм, ӕмӕ йын уыдон мӕлӕты тӕрхон рахӕсдзысты. Стӕй йӕ ратдзысты ӕндӕр адӕмты къухмӕ, ӕмӕ дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕндзысты, фӕтутӕ йыл кӕндзысты, ехсӕй йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ йӕ амардзысты» (Марчы 10:33, 34) *. Цымӕ кӕцӕй зыдта, цы йыл хъуамӕ ӕрцыдаид, уый?

Чырысти хорз зыдта, куыд хъуамӕ амӕла, уый фӕдыл Библийы, Дзуттаг Фыстыты, цы бирӕ пехуымпар-ныхӕстӕ фыст ис, уыдон (Лукайы 18:31–33). Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ ӕмӕ, куыд сӕххӕст сты, уый тыххӕй Библийы кӕм фыст ис, уымӕ.

Чырыстийы хъуамӕ...

▪ 30 ӕвзист ӕхцайыл ауӕй кодтаиккой (ЗАХАРИ 11:12; МАТФЕЙЫ 26:14–16).

▪ цавтаиккой ӕмӕ йыл тутӕ кодтаиккой (ИСАЙ 50:6; МАТФЕЙЫ 26:67; 27:26, 30).

▪ хъӕдыл байтыгътаиккой (ПСАЛОМ 22:16, фиппаинаг; МАРЧЫ 15:24, 25).

▪ хъӕдыл байтыгътаиккой ӕмӕ дзы стӕй хынджылӕг кодтаиккой (ПСАЛОМ 22:7, 8; МАТФЕЙЫ 27:39–43).

▪ амардтаиккой, йе стджытӕй иу дӕр саст не ’рцыдаид, афтӕмӕй (ПСАЛОМ 34:20; ИОАННЫ 19:33, 36).

Чырыстийыл сӕххӕст сты ацы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр пехуымпар-ныхӕстӕ. Ӕмӕ зӕгъын хъӕуы, уыцы хабӕрттӕ афтӕ кӕй рауадысты, уый Йесойӕн йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕ уыд. Ацы пехуымпар-ныхӕстӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг, уый бӕлвырд кӕны, Чырысти Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй уыд.

Фӕлӕ, цымӕ, цӕмӕн хъуыди Йесойы фӕхъизӕмар кӕнын ӕмӕ амӕлын?

Чырысти амард, цӕмӕй ахсджиаг дзырддаг фарстатӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид. Йесо хорз зыдта, кӕддӕр Едемы цӕхӕрадоны цы ахсджиаг дзырддаг фарстатӕ фӕзынд, уыдоны тыххӕй. Уыцы фарстатӕ хауынц Дун-дунейы алкӕмӕ дӕр. Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы зӕд Адам ӕмӕ Евӕйы ахӕм зондыл сардыдта, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыды ныхасы сӕрты ахызтаиккой. Йӕ коммӕ кӕй нӕ бакастысты, уый тыххӕй фӕзынд дзырддаг фарста: Хуыцау, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн хорз разамынд дӕтты ӕви нӕ? Тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй ма фӕзынд ӕндӕр фарста дӕр: цымӕ фӕлварӕнты адӕмӕй исчи Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн? (Райдиан 3:1–6; Иов 2:1–5).

Ацы дыууӕ фарстайӕн Чырысти радта ӕппӕты хуыздӕр дзуапп. Алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕс кӕй уыд, суанг «мӕлӕты онг дӕр... хъизӕмӕртты хъӕдыл», уымӕй равдыста, Хуыцау кӕй у ӕппӕты хуыздӕр хицау (Филиппӕгтӕм 2:8). Йесо ма йӕ цардӕй равдыста, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын, цыфӕнды карз фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕла, уӕддӕр.

Чырысти амард, цӕмӕй адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй балхӕдтаид. Пехуымпар Исай загъта, зӕгъгӕ, Чырысти кӕй фӕхъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ кӕй амӕлдзӕн, уый руаджы адӕм сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уыдзысты (Исай 53:5, 10). Йесо уый тынг хорз ӕмбӕрста ӕмӕ барвӕндонӕй «йӕ уд радта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матфейы 20:28). Йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы ӕнӕххӕст адӕмӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уой ӕмӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой. Чырыстийы мӕлӕты руаджы ма нын фӕзынд ноджы иу фадат: ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрын – Адам ӕмӕ Евӕ сӕхи ӕнӕхай кӕмӕй фӕкодтой, ахӕм цардӕй цӕрын (Раргомад 21:3, 4).

Дӕ бон цы у аразын? Ацы цалдӕр статьяйӕ мах базыдтам, Библи Чырыстийы тыххӕй цы дзуры, уый: кӕцӕй ӕрцыд, куыд цард ӕмӕ цӕмӕн амард. Кӕд раздӕр ацы хабӕрттӕ раст не ’мбӕрстам, уӕд сӕ ныр бӕлвырдӕй базыдтам. Фӕлӕ йӕ пайда ӕрмӕст уый нӕу. Цы базыдтам, нӕ цард уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ хорздзинӕдтӕй – абон уыдзыстӕм амондджындӕр, ӕмӕ фидӕны та бафсӕддзыстӕм ӕнусон царды хӕрзтӕй. Библийы фыст ис, цы хъӕуы аразын, цӕмӕй уыцы хорздзинӕдтӕй схайджын уай:

▪ Фылдӕр базон Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕйы фӕндоны цы ахсджиаг бынат ахсы, уый тыххӕй (ИОАННЫ 17:3).

▪ Дӕ цардӕй ӕвдис, Чырыстийы дӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл кӕй нымайыс, ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йыл ӕууӕндыс, уый (ИОАННЫ 3:36; ХЪУЫДДӔГТЫ 5:31).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фылдӕр базонай Хуыцауы «иунӕг Фырт» Йесо Чырыстийы тыххӕй, «ӕнусон царды» лӕвар райсын нӕ бон кӕй фӕрцы у, уый тыххӕй (Иоанны 3:16).

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Чырысти йӕхи арӕх хуыдта «Адӕймаджы Фырт» (Матфейы 8:20). Ацы ныхӕстӕ, Йесо зӕххон адӕймаг кӕй уыд, ӕрмӕст уымӕ нӕ амонынц, фӕлӕ ма, Библийы пехуымпар-ныхасы цы «адӕймаджы фырты» кой ис, уый кӕй уыдис, уымӕ дӕр (Данел 7:13, 14).