Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Вараввӕ цавӕр фыдракӕндты уыд аххосджын?

Цыппар Евангелийы дӕр ис Вараввӕйы кой, ромаг хицау Понтий Пилат Йесойы бӕсты кӕй суӕгъд кодта, уыцы адӕймаджы кой. Библи Вараввӕйы хоны «зындгонд фыдгӕнӕг» ӕмӕ «абырӕг» (Матфейы 27:16; Иоанны 18:40). Вараввӕ бадт ромӕгты ахӕстоны Иерусалимы. Библийы фыст ис: «Йемӕ ма бадт ӕндӕр змӕнтджытӕ дӕр. Бадгӕ та уый тыххӕй кодтой, ӕмӕ змӕсты рӕстӕг кӕйдӕр амардтой» (Марчы 15:7).

Вараввӕ бӕлвырдӕй цы фыдракӕндтӕ ракодта, уый тыххӕй нӕдӕр Библийы фыст ис, нӕдӕр ӕндӕр искуы. Фӕлӕ Библийы афтӕ фыст кӕй ис, змӕнтджытимӕ бадт, зӕгъгӕ, уый тыххӕй иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ ахӕм хъуыдымӕ ӕрцыдысты, Вараввӕ кӕй уыд, хицауады ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы къордтӕй. Ахӕм къордтӕ фыццаг ӕнусы Израилы бирӕ уыд. Историк Иосиф Флавий фыста, зӕгъгӕ, уӕды заман сӕ бартыл чи тох кодта, уыдоны ’хсӕн зынгӕ бынат ахстой фыдгӕнджытӕ. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, мах тох кӕнӕм мӕгуыр дзуттаг адӕмы сӕрыл. Афтӕ нымадтой, ромаг хицауад ӕмӕ дзуттаг хъӕздыг адӕм бирӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕй кӕнынц. Ӕмӕ уый тыххӕй цы змӕстытӕ цыд, уыдон н. э. 1 ӕнусы ӕмбисмӕ ахӕлиу сты ӕгас бӕстӕйыл. Н. э. 66 азы ромӕгты Иудейӕйӕ фӕстейӕ чи асырдта, уыцы дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр уыдысты фыдгӕнджыты къордтӕй.

Иу дзырдуаты фыст ис: «Вараввӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыд, хъӕуты цы абырджыты къордтӕ уыд, уыдонӕй. Хуымӕтӕг адӕмы цӕсты уыцы абырджытӕ кадджын уыдысты, уымӕн ӕмӕ Израилы хъӕздгуыты стыгътой ӕмӕ Ромы хицауады ныхмӕ цыдысты» («The Anchor Bible Dictionary»).

Йесойӕн цы мӕлӕты тӕрхон рахастой, ахӕм тӕрхон Ромы паддзахады цавӕр фыдракӕндты тыххӕй хастой?

Хицауады ныхмӕ чи цыд, уыцы змӕнтджыты ӕмӕ закъонхалджыты-иу ромӕгтӕ мардтой хъизӕмары мардӕй: байтыгътой-иу сӕ, зӕгъӕм, хъӕдыл, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй ныууагътой, цалынмӕ-иу нӕ амардысты, уӕдмӕ. Ахӕм тӕрхон нымад уыд ӕппӕты карздӕрыл.

Иу чиныджы, «Палестинӕ Йесойы рӕстӕджы», зӕгъгӕ, уыцы тӕрхоны тыххӕй фыст ис: «Уый уыд ӕгады ӕмӕ хъизӕмары мӕлӕт. Уыцы тӕрхон ӕххӕст кодтой адӕмы раз, цӕмӕй сӕ тас бацыдаид ӕмӕ хицауады ныхмӕ рацӕуынмӕ йӕ ныфс мачиуал бахастаид» («Palestine in the Time of Jesus»). Фыдгӕнӕджы-иу куыд мардтой, уый тыххӕй иу рагон ромаг фыссӕг ныффыста, уыцы хъуыддагӕн-иу кӕй равзӕрстой, ӕппӕты фылдӕр адӕм кӕм цыд, ахӕм фӕндаг, цӕмӕй йӕ фылдӕр адӕм федтаиккой ӕмӕ сӕ тас бацыдаид.

Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, н. э. 70 азы Титы ’фсад Иерусалимы алыварс куы лӕууыд, уӕд йе ’фсӕддонтӕ дзуттӕгтӕй иу хӕстоны ӕрцахстой ӕмӕ уый дӕр раст афтӕ амардтой, цӕмӕй, горӕт чи хъахъхъӕдта, уыдоны тас бацыдаид ӕмӕ сӕхи ромӕгты къухмӕ раттаиккой. Ӕппынфӕстаг ромӕгтӕ горӕтмӕ куы бабырстой, уӕд ма бирӕты акодтой ахӕм мард.

Ӕппӕты фылдӕр адӕмы та афтӕ амардтой, Спартак хицауады ныхмӕ цы адӕмы растын кодта, уыдоны куы ’рцахстой, уӕд (н. э. размӕ 73–71 азты). Уӕд ахӕм мӕлӕты тӕрхон баййӕфта 6 000 цагъар ӕмӕ гладиаторы. Маргӕ та сӕ акодтой, Капуайӕ Роммӕ чи цыд, уыцы фӕндаджы был.

[Ныв 10 фарсыл]

«Вараввӕйы нын ратт» (Чарлз Мюллер‚ 1878)