Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕ уырнындзинадӕй сты фӕзминаг

«Уырны мӕ»

«Уырны мӕ»

МАРФӔЙЫЛ йӕ дуне баталынг. Ногӕй ӕмӕ ногӕй йӕ цӕстытыл уайы, йе ’фсымӕры йын зӕппадзы куыд бавӕрдтой ӕмӕ йын йӕ бахизӕныл дур куыд бафӕлдӕхтой. Ӕмӕ цыма йӕ зӕрдӕйыл дӕр раст ахӕм уӕззау дур ныффӕлдӕхт, ахӕм рыст ын кӕны. Уырнгӕ дӕр ӕй нӕ кӕны, йӕ зынаргъ ӕфсымӕр Лазӕр кӕй нал ис. Йе ’фсымӕр йӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕдӕй нырмӕ цыппар боны дӕргъы сӕ хӕдзар ӕдзух йедзаг у, йӕ зианыл ын чи хъыг кӕны ӕмӕ тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ чи ’рбацӕуы, уыдонӕй.

Лазӕр тынг кӕй уарзта, уыцы адӕймаг, Йесо Чырысти, сӕ хъӕу Вифанимӕ кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ размӕ рацыд. Фыццаг ӕй куы ауыдта, уӕд йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом тынгдӕр срыст, уымӕн ӕмӕ йын йе ’фсымӕры ӕнӕхъӕн дунейы уый йеддӕмӕ ничи фервӕзын кодтаид. Фӕлӕ Марфӕйӕн уӕддӕр кӕмдӕр фенцондӕр. Иумӕ бирӕ нӕ алӕууыдысты, фӕлӕ та йын йӕ фӕлмӕн цӕстӕнгас йӕ зӕрдӕ батавта. Йесо алы хатт дӕр адӕймагӕн батӕригъӕд кӕнын кӕй зыдта, уый та дзы раздӕрау ныфс бауагъта. Цалдӕр фарстайы фӕрцы Йесо Марфӕйӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ахъуыды кӕна, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл. Йесоимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Марфӕ загъта, йӕ царды мидӕг цы ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕртӕ: «Мӕн уырны, ды кӕй дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт, дунемӕ чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый» (Иоанны 11:27).

Марфӕ уыд диссаджы уырнындзинады хицау. Библийы бирӕ фыст нӕй Марфӕйы тыххӕй, фӕлӕ дзы цы фыст ис, уый тынг фидар кӕны мах уырнындзинад дӕр. Ӕркӕсӕм уал, Марфӕйы кой Библийы фыццаг хатт кӕм ис, уыцы хабармӕ.

«Мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс»

Цалдӕр мӕйы размӕ, Лазӕр ма дзӕбӕх куы уыд, уӕд сӕм Вифанийы сӕ хӕдзармӕ хъуамӕ ӕрбацыдаид кадджын уазӕг – Йесо Чырысти. Лазӕр, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ уыдысты иу мады зӕнӕг ӕмӕ цардысты иу хӕдзары. Библи чи иртасы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, Марфӕ уыд хистӕр, уымӕн ӕмӕ йӕхи дардта хӕдзары ӕфсинау, ӕмӕ Библийы иуӕй-иу рӕтты се ’ртӕйӕ фыццаг уый кой ис (Иоанны 11:5). Искӕмӕн дзы бинонтӕ уыд, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ бӕлвырд у, уыдон кӕй уыдысты Йесойы хорз ӕмбӕлттӕ. Йесо Иудейӕйы куы лӕггад кодта, уӕд-иу ӕрлӕууыд уыдонмӕ. Ӕмӕ кӕд уым бирӕтӕ йӕ ныхмӕ цыдысты, знаджы цӕстӕй йӕм кастысты, уӕд-иу ыл ацы хӕдзары та алкӕддӕр бацин кодтой. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо стыр аргъ кодта, йӕ фысымтӕ йӕ сӕ зӕрдӕйы хъармӕй кӕй тавтой ӕмӕ йын ныфсы хос кӕй уыдысты, уымӕн.

Уазӕгӕн сӕ хӕдзармӕ бацӕуын ӕхсызгон кӕй уыд, уый фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн, Марфӕйӕ кӕнгӕ уыд. Марфӕ уыди куыстуарзаг ӕмӕ сӕрӕн сылгоймаг, иу ран никуы бадти. Ӕмӕ афтӕ уыд, Чырысти сӕм куы ’рбацыд, уӕд дӕр. Уайтагъд ахъуыды кодта, йӕ зынаргъ уазӕгӕн, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, йемӕ чи уыд, уыдонӕн цы ’рцӕттӕ кӕна, ууыл. Уӕды рӕстӕг уазӕг тынг кадджын уыди. Хӕдзармӕ-иу уазӕг куы ’рбацыд, уӕд-иу ын фысымтӕ апъа кодтой. Стӕй йын ӕмбӕлд йӕ дзабыртӕ раласын, йӕ къӕхтӕ ныхсын ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сой рауадзын (Лукайы 7:44–47). Уазӕджы раз-иу ӕрӕвӕрдтой хӕринаджы хуыздӕр, йӕ фӕллад суадзынӕн та-иу ын ӕрцӕттӕ кодтой ӕппӕты хуыздӕр агъуыст.

Уӕдӕ сӕм ахӕм уазӕг кӕй ӕрбацыд, уымӕ гӕсгӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы бирӕ цыдӕртӕ ӕрцӕттӕ кӕнын хъуыд. Иуӕй-иутӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй Марийӕ Марфӕимӕ абаргӕйӕ алцыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр иста, стӕй-иу арӕх хъуыдыты ацыд. Цалынмӕ уазӕг не ’рбацыд, уӕдмӕ Марийӕ йӕ хойӕн ӕххуыс кодта. Фӕлӕ Йесо куы ’рбацыд ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй дзурын куы райдыдта, уӕд Марийӕ уайтагъд йӕ куыстытӕ фӕуагъта. Уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕй уӕлдай, Чырысти сылгоймӕгтӕн аргъ кодта ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕхсызгонӕй дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Марийӕ тынг бацин кодта, Йесомӕ байхъусыны фадат ын кӕй фӕци, ууыл, йӕ къӕхты раз ӕрбадт ӕмӕ ӕгасӕй дӕр хъустӕ фестад.

Уыцы рӕстӕг Марфӕйы зӕрдӕ куыддӕтӕ кодта, уый йӕхи йеддӕмӕ ничи зыдта. Уазджытӕн ӕй бирӕ цыдӕртӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ балӕггад кӕнын кӕй хъуыд, уый тыххӕй тыхсти ӕмӕ, кӕцы куыст кодтаид, уый нал зыдта. Марфӕ куы иуырдӕм згъордта, куы иннӕрдӕм, йӕ хо та ӕнцад бадт ӕмӕ Йесомӕ хъуыста. Уымӕ кӕсгӕйӕ Марфӕйӕн, ӕвӕццӕгӕн, йӕ цӕсгомы хуыз фӕивта, йе ’рфгуытӕ ӕрбалхынцъ сты ӕмӕ-иу йӕ къӕхты бынӕй ныуулӕфыд. Ӕмӕ йӕ бамбарӕн дӕр ис – иунӕгӕй утӕппӕт куыстытыл куыд хъуамӕ аххӕссыдаид!

Фӕстагмӕ Марфӕ йӕ маст нал баурӕдта ӕмӕ Чырыстийы ныхас ӕрдӕгыл фескъуыдта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса» (Лукайы 10:40). Ӕргомдӕр ныхас ма цы хъуамӕ уа! Иуӕй-иу тӕлмацгӕнджытӕ ацы ныхӕстӕ ратӕлмац кодтой афтӕ: «Дӕу ӕвӕццӕгӕн ницы мӕт ис...». Стӕй Марфӕ Йесойӕн загъта, цӕмӕй Марийӕйы йӕ куыстытӕ кӕнынмӕ арвыстаид.

Чырыстийы дзуапп Марфӕмӕ диссаг куыннӕ фӕкастаид. Ӕмӕ ӕрмӕст Марфӕмӕ нӕ, фӕлӕ ацы хабар фӕстӕдӕр Библийы чи каст, уыдонӕй дӕр бирӕтӕм. Йесо йын фӕлмӕнӕй загъта: «Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс. Афтӕмӕй та бирӕ ницы хъӕуы, йе та иу цыдӕр дӕр фаг у. Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн» (Лукайы 10:41, 42). Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Марфӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕй ӕнӕуи хъуыддӕгтыл тынгдӕр тыхсы? Йӕ ныхӕстӕй афтӕ нӕ уад, ӕмӕ Марфӕйы фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы уыдысты?

Нӕ, Чырысти афтӕ зӕгъынмӕ нӕ хъавыд. Уыдта йӕ, цы кодта, уый сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй кодта. Стӕй афтӕ дӕр нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уазӕгӕн хорз фынг ӕрӕвӕрын раст нӕу. Иухатт Йесо йӕхӕдӕг уыд, Матфей йын цы «стыр куывд» скодта, уым (Лукайы 5:29). Хъуыддаг хӕринаджы мидӕг нӕ уыд, фӕлӕ, Марфӕ йе ’ргом тынгдӕр цӕмӕ аздӕхта, уый мидӕг. Дзадджын фынгтӕ ӕрӕвӕрыныл афтӕ тыхст, ӕмӕ, сӕйрагдӕр цы уыд, уый дзы айрох. Ӕмӕ цы уыд сӕйрагдӕр та?

Ахъуыды-ма кӕнӕм: Марфӕмӕ хӕдзары уыд Йесо Чырысти, Хуыцау Йегъовӕйы иунӕггуырд Фырт, ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад. Уымӕй ахсджиагдӕр ницы уыд – нӕдӕр дзаджджын фынгтӕ, нӕдӕр ӕндӕр исты. Йесойӕн ӕхсызгон кӕм уыдаид, Марфӕ уыцы фадатӕй кӕй не спайда кодта, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фӕфидардӕр кодтаид, фӕлӕ уый йӕхи бар уыд. Фӕлӕ Марфӕйӕн уый бар нӕ уыд, йӕхӕдӕг йӕхи ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уымӕй ӕнӕхай фӕкодтаид Марийӕйы дӕр.

Йесо Марийӕмӕ йӕ номӕй фӕлмӕнӕй дыууӕ хатты сдзырдта, цӕмӕй ӕрсабыр уыдаид, ӕмӕ йын стӕй уӕзданӕй йӕ рӕдыдмӕ бацамыдта ӕмӕ йын бамбарын кодта, бирӕ цӕуылдӕрты «мӕт кӕнын ӕмӕ тыхсын» кӕй нӕ хъӕуы. Иу-дыууӕ хӕринаджы дӕр фаг уыдаид, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ сӕхӕдӕг уыдысты дзаджджын хӕринаджы хуызӕн – фидар кодтой уырнындзинад. Уӕдӕ Йесо Марийӕйы ӕнӕхай куыд хъуамӕ фӕкодтаид, цы хуыздӕр хай равзӕрста, ома йӕм кӕй хъуыста, уымӕй!

Ацы цыбыр хабарӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын. Мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр мацы суа (Матфейы 5:3). Мах фӕнды, цӕмӕй мах дӕр Марфӕйау рӕдау ӕмӕ куыстуарзаг уӕм. Фӕлӕ искӕй уазӕгуаты куы фӕхонӕм, уӕд-иу хъуамӕ, ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгтыл ӕгӕр ма стыхсӕм, кӕннод, сӕйрагдӕр цы у, уымӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ уый тыххӕй нӕ фембӕлӕм, цӕмӕй хъӕздыг фынгтыл фӕбадӕм, фӕлӕ цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн бахай кӕнӕм, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй (Ромӕгтӕм 1:11, 12). Ӕмӕ уый тыххӕй та, фынгыл хуымӕтӕг исты куы уа, уӕд уый дӕр фаг у.

Йӕ маст цинмӕ раивта

Цымӕ Марфӕ Йесойы фӕлмӕн уайдзӕф йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ дзы истӕуыл сахуыр? Куыннӕ. Апостол Иоанн Марфӕйы ’фсымӕры хабар райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры» (Иоанны 11:5). Йесо Вифанийы куы уыд, уымӕй рацыд цалдӕр мӕйы. Бӕрӕг у, Марфӕ Йесомӕ йӕ зӕрдӕйы маст кӕй нӕ хаста, уынаффӕ йын кӕй радта, уый тыххӕй, фӕлӕ йын йӕ уынаффӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй айста. Уымӕй нын у фӕзминаг, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы бараст кӕнын.

Марфӕйӕн йе ’фсымӕр куы фӕрынчын, уӕд, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йын фенцондӕр уыдаид ӕмӕ йӕ низӕй фервӕзтаид. Фӕлӕ Лазӕрыл йӕ низ бонӕй-бон тыхджындӕр кодта. Хотӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдысты йӕ уӕлхъус. Цал ӕмӕ-иу цал хатты аззадаид Марфӕ йе ’фсымӕры низвӕллад цӕсгоммӕ кӕсгӕйӕ, ӕмӕ-иу цал ӕмӕ цал хатты ауадаиккой йӕ цӕстытыл сӕ хъӕлдзӕг царды бонтӕ ӕмӕ сӕ мӕстытӕ!

Марфӕ ӕмӕ Марийӕ куы федтой, Лазӕрӕн сӕ бон баххуыс кӕнын кӕй ницӕмӕй у, уӕд Чырыстимӕ арвыстой. Уыцы рӕстӕг Йесо хъусын кодта, Вифанийӕ дыууӕ боны цыд кӕдӕм уыд, ахӕм ран. Арвыстой йӕм цыбыр ныхас: «Хицау, ды кӕй уарзыс, уый рынчын у» (Иоанны 11:1, 3). Уыдон ӕй зыдтой, Йесо сын се ’фсымӕры бирӕ кӕй уарзта ӕмӕ сӕ ныфс уыди, йе ’мбалӕн баххуыс кӕныны тыххӕй, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй бакӕндзӕн. Цымӕ сӕ зӕрдӕ ууыл дардтой, цалынмӕ ӕгӕр нӕ байрӕджы, Чырысти уӕдмӕ кӕй ӕрбацӕудзӕн? Кӕд о, уӕд фыдӕнхъӕл фесты. Лазӕр амард.

Марфӕ ӕмӕ Марийӕ сӕ цӕссыгӕй сӕхи ӕхсадтой, ӕмӕ, се ’фсымӕры баныгӕнынмӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ цӕттӕ кодтой. Уымӕй уӕлдай сӕм Вифанийӕ ӕмӕ хӕстӕг рӕттӕй дуне адӕм цыдысты тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ. Рӕстӕг цыд, фӕлӕ Йесо нӕ зынд, ӕмӕ Марфӕ ууыл тынгӕй-тынгдӕр дис кодта. Ӕппынфӕстаг, Лазӕры мардыл цыппар боны куы рацыд, уӕд Марфӕ фехъуыста, Йесо Вифанимӕ кӕй ӕрбахӕццӕ кӕны. Уыцы уӕззау сахат дӕр Марфӕйӕн йӕ бон иу ран бадын нӕ баци – уайтагъд фестад ӕмӕ, Марийӕйӕн дӕр ницы загъта, афтӕмӕй Йесойы размӕ рацыд (Иоанны 11:20).

Чырыстийы куы ауыдта, уӕд ын загъта, уал боны дӕргъы Марийӕимӕ цӕуыл хъуыды кодтой, уый: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Фӕлӕ Марфӕйӕн йӕ уырнындзинад не ’рлӕмӕгъ ӕмӕ йӕ ныфс нӕ асаст. Уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Фӕлӕ йӕ ныр дӕр зонын: ды Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурай,– сӕххӕст ӕй кӕндзӕн». Йесо йын цы загъта, уый дзы фылдӕр ныфс бауагъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:21–23).

Марфӕ ахъуыды кодта, Йесо, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй кӕй дзуры ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон» (Иоанны 11:24). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уымӕй фӕзминаг куыннӕ уыд. Фӕзминаг та уый тыххӕй уыд, ӕмӕ дзуттаг дины разамонджытӕй иуӕй-иуты, саддукейты, уыцы хабар нӕ уырныдта, кӕд Фыстад уый тыххӕй ӕргом дзырдта, уӕддӕр (Данел 12:13; Марчы 12:18). Марфӕ та зыдта, Чырысти мӕрдты райгасдзинады тыххӕй кӕй дзырдта. Стӕй зыдта, кӕйдӕрты ӕгас дӕр кӕй ракодта, фӕлӕ-иу уыдонӕн сӕ мӕлӕты фӕстӕ бирӕ нӕ рацыд. Фӕлӕ Марфӕйӕн йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, дарддӕр цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый.

Уӕд Йесо загъта мӕнӕ ацы диссаджы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард». Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ Фыртӕн радта уыцы тых, цӕмӕй фидӕны мӕрдты райгас кӕна. Йесо Марфӕйы бафарста: «Уырны дӕ уый?» Ӕмӕ йын уӕд Марфӕ загъта, ацы статьяйы райдианы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон. Уырныдта йӕ, Йесо кӕй у Чырысти, ома Мессийӕ, кӕй у Хуыцау Йегъовӕйы Фырт, стӕй йӕ уырныдта, Йесо кӕй у, пехуымпартӕ кӕй ӕрцыды кой кодтой, уый (Иоанны 5:28, 29; 11:25–27).

Цымӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕн ахӕм уырнындзинад уынын ӕхсызгон у? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, дарддӕр цы ’рцыд, уымӕ. Марфӕ азгъордта, цӕмӕй йӕ хомӕ фӕдзырдтаид. Уый фӕстӕ Марфӕ федта, Йесойӕн йӕ зӕрдӕ куыд суынгӕг, Марийӕимӕ ӕмӕ, йемӕ цы бирӕ хъыггӕнӕг адӕм ӕрбацыд, уыдонимӕ куы ныхас кодта, уӕд, стӕй Лазӕры мӕлӕтыл йӕ зӕрдӕ куыд тынг фӕрыст, уый кӕй не ’мбӕхста ӕмӕ йӕ цӕссыгтӕ куыд ӕркалдысты. Фехъуыста, Йесо куыд загъта, цӕмӕй йын йе ’фсымӕры зӕппадзӕй дур иуварс айстаиккой (Иоанны 11:28–39).

Марфӕ та уайтагъд алцӕуылдӕр ахъуыды кодта ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, ныр цыппар боны рацыд ӕмӕ афонмӕ стӕф кодта. Уӕд ын Йесо загъта: «Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ?» Марфӕйы уырныдта, ӕмӕ федта, Йегъовӕ йӕхи куыд скадджын кодта, уый – Хуыцау йӕ Фыртӕн радта тых, цӕмӕй Лазӕры райгас кодтаид. Марфӕйы зӕрдӕйы цӕрӕнбонтӕм куыннӕ баззадаиккой, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдон. Чырысти хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу». Зӕппадзӕй сабыр уынӕр райхъуыст – Лазӕр, нырма хӕцъилтӕй тыхт уыд, афтӕмӕй сабыргай зӕппадзы дуармӕ рацыд. Чырысти загъта, цӕмӕй йын йӕ хӕцъилтӕ райхӕлдтаиккой ӕмӕ йӕ бон цӕуын уыдаид. Стӕй Марфӕ ӕмӕ Марийӕ се ’фсымӕрмӕ цингӕнгӕ батахтысты ӕмӕ йын ныхъхъӕбыс кодтой (Иоанны 11:40–44). Марфӕйы маст цинмӕ раивта!

Ацы хабарӕй бӕрӕг у, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый хуымӕтӕджы бӕллиц кӕй нӕу, фӕлӕ Библи ӕргом кӕй тыххӕй дзуры ӕмӕ царды бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕмӕн уыд, ахӕм ӕцӕг хабар. Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ Фыртӕн тынг ӕхсызгон у, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдонӕн арфӕ кӕнын. Уый зыны Марфӕ, Марийӕ ӕмӕ Лазӕры хабарӕй дӕр. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо дӕу дӕр бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзысты, дӕ уырнындзинад Марфӕйы уырнындзинады хуызӕн фидар куы уа, уӕд.

«Марфӕ лӕггад кодта»

Марфӕйы кой ма Библийы ис ӕрмӕстдӕр иу ран. Ныхас цӕуы, Чырыстийы мӕлӕтмӕ ма иу къуыри куы баззад, уӕд цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоныл. Йесо хорз зыдта, цы фӕлварӕнтӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый, ӕмӕ та ацы хатт дӕр ӕрлӕууыд Вифанийы, йӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕмы хӕдзары. Уырдӕгӕй хъуамӕ ацыдаид Иерусалиммӕ, хъуыди йӕм 3 километры цӕуын. Йесо ӕмӕ Лазӕр ӕхсӕвӕр кодтой, раздӕр хъотырджын чи уыд, уыцы Симоны хӕдзары. Ӕмӕ ацы ран фӕстаг хатт кӕсӕм Марфӕйы тыххӕй: «Марфӕ [сын] лӕггад кодта» (Иоанны 12:2).

Ӕмӕ ма ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид! Библийы фыццаг хатт Марфӕйы кой кӕм ис, уым кӕны кусгӕ. Фӕстаг хатт кӕм ис йӕ кой, уым дӕр та у хъуыддагыл лӕуд – йӕ удыл нӕ ауӕрды, афтӕмӕй лӕггад кӕны иннӕтӕн. Куыд ӕхсызгон у, абон дӕр чырыстон ӕмбырдты Марфӕйы хуызӕн сылгоймӕгтӕ бирӕ кӕй ис – ныфсджын ӕмӕ рӕдау, иннӕтӕн удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны, ӕмӕ уымӕй йӕ уырнындзинад чи ӕвдисы, ахӕмтӕ. Марфӕ дӕр ӕдзухдӕр афтӕ кодта, ӕмӕ уый дзурӕг уыд йӕ зондыл, уымӕн ӕмӕ йӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст зындзинӕдтӕ.

Цалдӕр боны фӕстӕ федта, афтӕ бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, хъизӕмары мард куыд акодтой, уый. Уымӕй уӕлдай, Йесойы цы ӕгъатыр лӕгмартӕ амардтой, уыдон хъавыдысты Лазӕры амарынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ кӕй райгас, уый тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийыл баууӕндыдысты (Иоанны 12:9–11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппынфӕстаг мӕлӕт фӕхицӕн кодта Марфӕйы ӕмӕ йӕ уарзон хо ӕмӕ ’фсымӕры. Уый кӕд ӕмӕ куыд ӕрцыд, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ фидарӕй нӕ бон у зӕгъын: Марфӕйӕн йӕ диссаджы уырнындзинад баххуыс кодта кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн. Ӕнӕмӕнгӕй, Марфӕйы уырнындзинад у фӕзминаг!

[Ныв 11 фарсыл]

Марфӕ йӕ зын сахат дӕр зӕрдиагӕй хъуыста Йесойы уырнындзинад фидаргӕнӕн ныхӕстӕм

[Ныв 12 фарсыл]

Марфӕ кӕд тынг тыхст уыд, уӕддӕр сӕрныллӕгӕй байхъуыста уайдзӕфмӕ

[Ныв 15 фарсыл]

Марфӕ Йесойыл ӕууӕндыд, ӕмӕ схайджын стыр арфӕдзинадӕй – йе ’фсымӕр райгас