Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Зӕхх у адӕмы хӕдзар. Хуыцау зӕдты уӕлӕрвты цӕрынӕн куы сфӕлдыста, уӕд уый фӕстӕ та сфӕлдыста адӕймаджы зӕххыл цӕрынӕн (Иов 38:4, 7). Йегъовӕ фыццаг адӕймаджы ӕрцӕрын кодта диссаджы дзӕнӕты, Едемы. Йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй адӕм зӕххыл ӕнустӕм цардаиккой (Райдиан 2:15–17; бакӕс Псалом 115:16).

Едемы цӕхӕрадон зӕххыл иу гыццыл бынат йеддӕмӕ нӕ ахста. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн, Адам ӕмӕ Евӕйӕн, хъуамӕ уыдаид цот. Адӕм хъуамӕ сбирӕ уыдаиккой, хъуамӕ зӕхх куыстаиккой ӕмӕ дзы ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт скодтаиккой (Райдиан 1:28). Зӕхх никуы фесӕфдзӕн. (Бакӕс Псалом 104:5.)

2. Абон зӕхх дзӕнӕт цӕуылнӕ у?

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Едемӕй ратардта. Адӕм дзӕнӕтӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ сӕ ныронг никӕмӕн ма бантыст зӕххыл фӕстӕмӕ дзӕнӕт скӕнын. Библи зӕгъы: «Зӕхх лӕвӕрд у фыдгӕнӕджы къухмӕ» (Иов 9:24; бакӕс Райдиан 3:23, 24).

Фӕлӕ Йегъовӕйӕ нӕ ферох, адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уый. Стӕй, Хуыцауы фӕнд ма сӕххӕст уа, уымӕн гӕнӕн нӕй (Исай 45:18). Хуыцау адӕмӕн ногӕй скӕндзӕн, цы царды тыххӕй сӕ сфӕлдыста, ахӕм цард. (Бакӕс Псалом 37:11.)

3. Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй та зӕххыл фарн уа?

Цӕмӕй адӕм фӕрнӕй цӕрой, уый тыххӕй уал Хуыцау хъуамӕ фыдгӕнджыты фесафа. Армагеддоны хӕсты Хуыцауы зӕдтӕ фесафдзысты, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр у, уыдоны. Хӕйрӕг 1 000 азмӕ ахст ӕрцӕудзӕн. Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕм та фервӕздзысты ӕмӕ амондджынӕй цӕрдзысты ног дунейы, дзӕнӕты зӕххыл. (Бакӕс Раргомад 16:14, 16; 20:1–3; 21:3, 4.)

4. Адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?

Чырысти уӕлӕрвты 1 000 азы дӕргъы уыдзӕн Паддзах ӕгас зӕххӕн дӕр ӕмӕ дзы фӕстӕмӕ дзӕнӕт скӕндзӕн. Хуыцауы чи уарзы, уыдоны та тӕригъӕдӕй фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд нал дӕр рынчын кӕндзысты, нал дӕр зӕронд ӕмӕ нал дӕр мӕлгӕ. (Бакӕс Исай 11:9; 25:8; 33:24; 35:1.)

Зӕххыл цы фыддзинад ис, уымӕн Хуыцау кӕрон кӕд скӕндзӕн? Чырысти бамбарын кодта, «цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн», кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Абон дунейы цы уавӕртӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, адӕм сӕфты къахыл кӕй лӕууынц ӕмӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» хӕстӕг кӕй у. (Бакӕс Матфейы 24:3, 7–14, 21, 22; 2 Тимофеймӕ 3:1–5.)

5. Дзӕнӕты чи цӕрдзӕн?

Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной ӕмӕ сӕ ахуыр кӕной Хуыцауы уарзондзинад фӕзмын (Матфейы 28:19, 20). Йегъовӕ ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕмы цӕттӕ кӕны ног дунейы цӕрынмӕ (Софони 2:3). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдты нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ахуыр кӕнынц, сӕ бинонты раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон хуыздӕр ӕххӕст кӕныныл. Сывӕллӕттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ, ӕмбырдты цы базонынц, уый фӕрцы фидарӕй ӕууӕндынц, фидӕны хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн, ууыл. (Бакӕс Михей 4:1–4.)

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды базонгӕ уыдзынӕ, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм адӕмимӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс www.watchtower.org