Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Зӕронд адӕм се ’взонджы бонтӕм раздӕхдзысты

Зӕронд адӕм се ’взонджы бонтӕм раздӕхдзысты

ЗӔХХЫЛ иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй, зӕронд кӕнын кӕй фӕнды. Адӕймагӕн зӕрондӕй йӕ цӕсгом банцъылд вӕййы, цӕстӕй хорз нал фӕуыны, хъусӕй дзӕбӕх нал фӕхъусы ӕмӕ йӕ зӕнгтӕ коммӕ нал фӕкӕсынц. Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Хуыцау нӕ афтӕ цӕмӕн сфӕлдыста, ӕмӕ, ӕрыгонӕй нӕ тых цы фӕкӕнӕм, уый нӕ фӕзонӕм, куы базӕронд вӕййӕм, уӕд та нын нӕ цард ад дӕр нал фӕкӕны?» Ӕхсызгон дын куыннӕ уыдзӕн уый базонын, ӕмӕ нӕ Хуыцау уый тыххӕй не сфӕлдыста. Хуыцау адӕмы уарзы, ӕмӕ афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй иу адӕймаг дӕр зӕронд ма кӕна. Дӕ хъус-ма ӕрдар, кӕддӕр рӕстаг адӕймаг Иовӕн цы ныхӕстӕ загъд уыд, уыдонмӕ. Фыст сты Иов 33:24, 25.

Иов уыди Хуыцауӕн уарзон адӕймаг. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм, цы хабар ыл ӕрцыд, уымӕ. Иов ӕй зонгӕ дӕр нӕ кодта, афтӕмӕй Сайтан Хӕйрӕг сдзырддаг кодта, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый. Хуыцауӕн загъта, зӕгъгӕ, Иов дын ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕны, ӕмӕ йын дзы цыдӕр пайда ис. Йегъовӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Иов ыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн, ууыл. Стӕй зыдта, Иовыл цыфӕнды бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуа, уӕддӕр йӕ бон кӕй у йе стыр хъаруйы фӕрцы афтӕ бакӕнын, ӕмӕ уыцы бӕллӕхтӕй фӕд дӕр мауал баззайа. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хӕйрӕджы бауагъта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид. Гъемӕ Хӕйрӕг «Иовыл сӕрӕй къӕхты бынмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ бафтыдта» (Иов 2:7). Иовӕн йӕ буар лыстӕг кӕлмытӕй нал зынд, йӕ царм схӕлмӕгтӕ, ныссау ӕмӕ лӕбырын райдыдта (Иов 7:5; 30:17, 30). Куыд удхар кодта, уый дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Фӕлӕ Иов уӕддӕр иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ ӕгас уон, уӕдмӕ Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5).

Ӕрмӕст зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Иов иу стыр рӕдыд ӕруагъта. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ мӕлӕты къахыл лӕууы, ӕмӕ ууыл сси, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, фау ӕрхӕссӕн ӕм кӕй ницӕмӕй ис, уый. Йӕ фыртыхстӕй «Хуыцауы нӕ, фӕлӕ йӕхи... хуыдта раст» (Иов 32:2). Хуыцау Елиуйы уылты Иовӕн бауайдзӕф кодта. Фӕлӕ ма йын ныфсы ныхӕстӕ дӕр загъта: «Фервӕзын ӕй кӕн [ома Иовы], ма йӕ бауадз ингӕнмӕ ныххизын! Ӕз ссардтон, цӕмӕй йӕ балхӕнон, уый! Уадз йӕ буар, ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр суӕд, уадз йе ’взонджы бонтӕм раздӕхӕд» (Иов 33:24, 25). Ацы ныхӕстӕ Иовы стыр ныфс куыннӕ бауагътаиккой – бамбӕрста, мӕлӕты онг афтӕ кӕй нӕ хъизӕмар кӕндзӕн. Иовы хъуыди ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ йӕхи балхӕныны тыххӕй Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссын, ӕмӕ йын ӕй Хуыцау айстаид ӕмӕ йӕ йӕ тухитӕй фервӕзын кодтаид *.

Иов сӕрныллӕгӕй байхъуыста зондамындмӕ ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта (Иов 42:6). Куыд зыны, афтӕмӕй Йегъовӕ айста, Иов йӕхи балхӕныны тыххӕй цы нывонд ӕрхаста, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди Иовӕн йӕ тӕригъӕд бамбӕрзын, стӕй ма йӕ йӕ низӕй сдзӕбӕх кӕнын ӕмӕ йӕ схорзӕхджын кӕнын дӕр. Йегъовӕ «Иовӕн фӕстагмӕ йӕ раздӕры бонтӕй ноджы тынгдӕр раарфӕ кодта» (Иов 42:12–17). Хуыцау Иовы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдонӕй иу уыди, уыцы ӕлгъаг низӕй йӕ кӕй фервӕзын кодта, уый. Ахъуыды-ма кӕн, Иов куыд сулӕфыдаид – зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ буар «ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр сси»!

Иов Хуыцауӕн йӕхи тыххӕй цы нывонд ӕрхаста, уымӕн йӕ пайда уыд рӕстӕгмӕ – куыд ӕнӕххӕст адӕймаг уыди, афтӕ ӕнӕххӕстӕй баззад ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Мах тыххӕй та ахӕм нывонд ӕрцыд хаст, ӕмӕ йӕ пайда у ӕнустӕм. Йегъовӕ мах уарзы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нывондӕн ӕрхаста йӕ Фырты, Йесо Чырыстийы, цӕмӕй нӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй балхӕна (Матфейы 20:28; Иоанны 3:16). Уыцы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрыны ныфс. Тагъд ног дунейы Хуыцау афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ йыл иузӕрдион чи у, уыдонӕй зӕронд ничиуал кӕндзӕн. Уӕд зӕронд адӕмӕн сӕ буар суыдзӕн, «ӕрыгонӕй куыд уыд, уымӕй ногдӕр». Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй ды дӕр уыцы ног цард дӕхи цӕстӕй фенай? Нӕ дӕ фӕнды уый тыххӕй фылдӕр базонын?

Апрелы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Иов 16–37 сӕртӕ

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Иов 33:24 стихы «балхӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны «бамбӕрзын». Ӕвӕццӕгӕн, Иовӕн йӕ бон уыди Хуыцауӕн фосы нывонд ӕрхӕссын, цӕмӕй йын йӕ тӕригъӕд бамбӕрзтаид, кӕнӕ ныххатыр кодтаид (Иов 1:5).