Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Искуы дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг дӕ кӕнӕ истӕмӕй фӕтӕрсыс?

Искуы дӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг дӕ кӕнӕ истӕмӕй фӕтӕрсыс?

АБОН бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сты иунӕг, никӕй хъӕуынц ӕмӕ сыл мӕт дӕр ничи кӕны. Ахӕм хъуыдытӕ арӕх фӕзыны стыртӕм. Фӕлӕ абон сывӕллӕттӕй дӕр бирӕтӕм, суанг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ дӕр, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ иунӕг сты, стӕй цӕмӕйдӕрты фӕтӕрсынц. Зоныс, афтӕ сӕм цӕмӕн фӕкӕсы?~ *

Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй. Ӕркӕсӕм Хуыцауы рагон лӕггадгӕнӕг Илийайы хабармӕ. Илийа цард, Йесо куы райгуырд, уымӕй мин азы раздӕр. Йӕ рӕстӕджы израилӕгтӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн нал лӕггад кодтой. Сӕ фылдӕр кувын райдыдтой мӕнг хуыцау Ваалӕн. Илийа загъта: «Ӕрмӕстдӕр ма дзы ӕз баззадтӕн». Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕйӕн Илийайы йеддӕмӕ ӕцӕгдӕр ничиуал лӕггад кодта?~

Кӕд Илийамӕ афтӕ каст, ӕмӕ иунӕгӕй баззад, уӕддӕр израилӕгтӕй уыди ахӕмтӕ, дарддӕр дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кодта. Фӕлӕ уыдон сӕхи ӕмбӕхстой, тӕрсгӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй. Зоныс, цӕмӕй тарстысты?~

Израилы паддзах Ахав Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кодта. Уый куывта, йӕ фыдзонд ус Йезавел кӕмӕн куывта, уыцы мӕнг хуыцау Ваалӕн. Йезавел дӕр ӕмӕ Ахав дӕр агуырдтой, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыдоны ӕмӕ-иу сӕ амардтой. Уӕлдай тынгдӕр та ууыл архайдтой, цӕмӕй Илийайы амардтаиккой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Илийа уырдыгӕй алыгъд. Ӕдзӕрӕг быдыры фӕцыд 480 километры бӕрц ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ. Уыцы бынат ма Библийы хуыйны Синай дӕр. Илийайы заманӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уым радта Дӕс фӕдзӕхсты, стӕй йӕ Закъон ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Гъемӕ Илийа Хоривы лӕгӕты иунӕгӕй ӕмбӕхст. Куыд дӕм кӕсы, Илийайы тӕрсын хъуыди?~

Библийы фыст ис, Йегъовӕ Илийайы къухӕй стыр диссӕгтӕ кӕй сарӕзта. Иухатт Илийа Йегъовӕмӕ куывта, цӕмӕй уӕларвӕй арт рауагътаид ӕмӕ нывонд аныхъуырдтаид, ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ куывд фехъуыста. Афтӕмӕй йын Йегъовӕ равдыста, уый кӕй у ӕцӕг Хуыцау, Ваал нӕ, фӕлӕ. Ныр та Илийа ис лӕгӕты, ӕмӕ Йегъовӕ йемӕ ныхас кӕны.

«Илийа, ам цы кусыс?» – бафарста йӕ Йегъовӕ. Ӕмӕ йын Илийа дзуапп радта: «Дӕ лӕггадгӕнджытӕй ма ӕрмӕстдӕр ӕз баззадтӕн». Уӕд Йегъовӕ Илийайӕн фӕлмӕнӕй зонд бацамыдта. Загъта йын, зӕгъгӕ, мӕнӕн чи кувы, ахӕм адӕймӕгтӕ Израилы нырма авд мины ис. Уый фӕстӕ Йегъовӕ Илийайӕн бамбарын кодта, нырма йӕм бирӕ куыст кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхтаид.

Зӕгъ-ма, Илийайы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?~ Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон дӕр хатт цӕмӕйдӕрты фӕтӕрсынц. Уӕдӕ не ’ппӕты дӕр, гыццылты дӕр ӕмӕ стырты дӕр, хъӕуы Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы ӕххуыс курын. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ».

Илийайы хабарӕй ма ахуыр кӕнӕм ноджыдӕр иу хъуыддагыл: зӕххыл нын алкӕм дӕр ис, Йегъовӕйы дӕр ӕмӕ мах дӕр чи уарзы, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Библи зӕгъы: «Не ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ... ӕвзарынц». Иунӕг кӕй никуы вӕййӕм, уый дын ӕхсызгон нӕу?~

Дӕ Библийы бакӕс

1 Паддзӕхты 19:3–18

Дыккаг закъон 5:1–22

Псалом 145:18

1 Петры 5:9

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Сывӕллонимӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон йӕ хъуыды зӕгъа.