Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» Хуыцауӕн кад хӕссы

«Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» Хуыцауӕн кад хӕссы

«Бирӕ дыргъ куы хӕссат..., уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн» (ИОАН. 15:8).

1, 2. а) Цавӕр фадӕттӕ нын ис иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауынӕн? ӕ) Йегъовӕйӕн цӕй фӕрцы лӕггад кӕнӕм?

 ӔРКӔСӔМ-МА дыууӕ цӕввиттонмӕ. Нӕ хотӕй иу бафиппайдта, иу ӕрыгон хо ӕнкъард кӕй у. Уыцы хо йӕм бацыд, ӕмӕ йӕ уацамындмӕ фӕхуыдта. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ куы хъусын кодтой, уӕд ын ӕрыгон хо радзырдта, цӕуыл тыхст, уый. Уацамынды фӕстӕ уыцы ӕрыгон хо Йегъовӕйӕн бузныг загъта, уыцы фӕлтӕрдджын хо йыл кӕй батыхсти, уый тыххӕй. Уыцы ӕрыгон хойы раст ахӕм ӕххуыс хъуыд. Иннӕ хабар та у ахӕм. Иу лӕг ӕмӕ ус уыдысты ӕндӕр бӕстӕйы хъусын кӕнынмӕ, ӕмӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ ӕрыздӕхтысты. Ӕмӕ иу ран бадты цингӕнгӕйӕ радзырдтой, кӕм хъусын кодтой, уым сыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Сӕ ныхӕстӕм сын лӕмбынӕг хъуыста иу ӕрыгон ӕфсымӕр. Цалдӕр азы рацыд, ӕмӕ уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр йӕхи рӕвдз кодта ӕндӕр бӕстӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуын, ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты уыцы къай ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ. Уыдоны ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ бафӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын.

2 Ацы цӕввитонтӕ кӕсгӕйӕ, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, дӕуӕн дӕр дӕ цард чи фӕивта кӕнӕ ды йӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕмӕн фӕивтай, уыцы адӕймаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймагимӕ куы аныхӕстӕ кӕнай, уӕд ын уый йӕ цард нӕ аивдзӕн. Фӕлӕ нын уӕддӕр алы бон дӕр вӕййы фадӕттӕ, цӕмӕй иннӕты ныфсыл ныфс ӕфтауӕм ӕмӕ сӕ фидар кӕнӕм. Цымӕ цӕй фӕрцы у нӕ бон афтӕ кӕнын? Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагмӕ фӕзыны бирӕ тыхтӕ ӕмӕ хорз миниуджытӕ, ӕмӕ йӕ бон вӕййы йе ’мчырыстӕттӕн фылдӕр ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын (Лук. 11:13). Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ удыхъӕды ӕрфидар вӕййынц рӕсугъд миниуджытӕ, ӕмӕ бӕрӕг вӕййынц нӕ лӕггады алы хъуыддаджы дӕр. Ӕвӕдза, Хуыцау нын куыд тынг ӕххуыс кӕны! (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:22, 23.)

3. а) «Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд Хуыцауы куыд кадджын кӕндзыстӕм? ӕ) Цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм дзуапп?

3 Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ удыхъӕды цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдон сты, чи нын сӕ дӕтты, уымӕ йӕхимӕ дӕр, Йегъовӕ Хуыцаумӕ дӕр (Кол. 3:9, 10). Чырыстӕттӕ Хуыцауы сӕйраджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕзмой, уый тыххӕй Йесо йӕ апостолтӕн афтӕ загъта: «Бирӕ дыргъ куы хӕссат..., уӕд уымӕй мӕ Фыд скадджын уыдзӕн» a (Иоан. 15:8). «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, уӕд уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕмӕ уый та нӕ Хуыцауӕн хӕссы кад (Матф. 5:16). Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, ацы фыддунейы адӕммӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй? Сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый куыд ис нӕ удыхъӕды фидар кӕнӕн? Уыцы хъуыддаг ӕнцон цӕуылнӕ у? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй фыццаг ӕртӕмӕ ӕркӕсын. Уыдон сты уарзондзинад, цин ӕмӕ фарн.

Уарзӕм, Хуыцау куыд уарзы, афтӕ

4. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты цавӕр уарзондзинад ӕвдисынмӕ разӕнгард кодта?

4 Сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагмӕ цы уарзондзинад фӕзыны, уый тынг хицӕн кӕны, ацы дунейы уарзондзинадыл нымад цы у, уымӕй. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы уарзт цӕуы Хуыцауӕй, ӕмӕ йын ӕмбал нӕй. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо хохыл кӕй дзырдта, уыцы зындгонд ныхӕстӕй. (Бакӕс Матфейы 5:43–48.) Йесо загъта, тӕригъӕдджынтӕ дӕр кӕй зонынц хорздзинад хорздзинадӕй фидын. Фӕлӕ афтӕ кӕй кӕнынц, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕхи иннӕты тыххӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй «нӕ уӕларвон Фыды фырттӕ» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уыдонӕй хицӕн кӕнӕм. Адӕм нын куыд сты, мах сын афтӕ нӕ уыдзыстӕм, фӕлӕ сӕм Йегъовӕ цы зӕрдӕ дары, мах дӕр сӕм ахӕм зӕрдӕ дардзыстӕм. Фӕлӕ цымӕ нӕ бон куыд у Йесойы фӕдзӕхстмӕ хъусын, уе знӕгты уарзут, зӕгъгӕ.

5. Чи нӕ ӕфхӕры, уыдонмӕ нӕ бон куыд у нӕ уарзондзинад ӕвдисын?

5 Ӕркӕсӕм-ма Библийӕ иу хабармӕ. Павел ӕмӕ Силӕ Филиппты куы хъусын кодтой, уӕд сӕ ӕрцахстой, тынг сӕ фӕнадтой, ахӕстоны сӕ баппӕрстой ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ хъӕдын хъадаманты бакодтой. Стӕй ма сӕ ахӕстонгӕс дӕр бафхӕрдта. Фӕлӕ зӕхх куы нынкъуысыд, ӕмӕ куы ссӕрибар сты, уӕд, мыййаг, бацин кодтой, ахӕстонгӕсӕй нӕ маст райсдзыстӕм, зӕгъгӕ? Нӕ, ахӕм хъуыды сӕм нӕ фӕзынд. Ахӕстонгӕсы хорз сӕ кӕй фӕндыд, сӕ зӕрдӕты удуӕлдай уарзт кӕй сыгъди, уый тыххӕй йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн се ’ппӕтӕн дӕр ӕвӕстиатӕй баххуыс кодтой, цӕмӕй раст фӕндагыл ӕрлӕууыдаиккой (Хъуыд. 16:19–34). Абон дӕр бирӕ ӕфсымӕртӕ, «чи сӕ ’фхӕры, уыдонӕн арфӕ кӕнынц» (Ром. 12:14).

6. Не ’фсымӕрты удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый куыд ис равдисӕн? (Кӕс рамкӕ 21 фарсыл.)

6 Не ’мчырыстӕтты та хъуамӕ ноджы тынгдӕр уарзӕм. Мах «хӕсджын стӕм, цӕмӕй не ’фсымӕрты тыххӕй нӕ удтӕ дӕттӕм». (Бакӕс 1 Иоанны 3:16–18.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр хатт нӕ уарзондзинад рабӕрӕг вӕййы гыццыл хъуыддӕгты. Зӕгъӕм, не ’фсымӕры ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй фӕхъыг кодтам. Уӕд нӕ уарзондзинад равдисдзыстӕм, куы фӕраздӕр уӕм ӕмӕ йемӕ куы бафидауӕм, уӕд (Матф. 5:23, 24). Фӕлӕ нын нӕхи исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕд та? «Хатыр кӕнынмӕ» цӕттӕ вӕййӕм? Ӕви нӕ зӕрдӕйы маст фӕхӕссӕм? (Пс. 86:5). Сыгъдӕг тых адӕймаджы зӕрдӕйы цы удуӕлдай уарзт сӕвзӕрын кӕны, уый нын ӕххуыс кӕндзӕн иннӕты гыццыл рӕдыдтытӕ рох кӕнын ӕмӕ сын хатыр кӕнын, «Йегъовӕ сын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кӕны», афтӕ (Кол. 3:13, 14; 1 Пет. 4:8).

7, 8. а) Хуыцауы уарзын ӕмӕ адӕмы уарзын кӕрӕдзийыл куыд баст сты? ӕ) Цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр уарзӕм, уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын? (Кӕс нывы 19 фарсыл.)

7 Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’фсымӕрты удуӕлдай уарзтӕй уарзӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы фылдӕр уарзӕм (Еф. 5:1, 2; 1 Иоан. 4:9–11, 20, 21). Библи куы кӕсӕм, куы йыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕты нӕ уӕларвон Фыдӕн фӕзындӕн фылдӕр бынат ӕмӕ йӕ тынгдӕр уарздзыстӕм. Фӕлӕ нӕ уый тыххӕй нӕ рӕстӕгӕй хъӕуы, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын.

8 Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Зӕгъӕм, алы бон дӕр нын ӕрмӕстдӕр уыцыиу рӕстӕг ис бар Библи кӕсынӕн, хъуыды йыл кӕнынӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувынӕн. Уӕд цымӕ ӕппӕт тыхтӕй нӕ архаиккам, цӕмӕй нӕ уыцы рӕстӕг мацы бахъыгдара ӕмӕ нын Йегъовӕйӕн цы рӕстӕг ис, уый ӕндӕр мацӕуыл ацӕуа? Кӕй зӕгъын нӕй хъӕуы, мах ахӕм уавӕры не стӕм. Махӕн кӕдфӕнды дӕр у нӕ бон Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ Библи кӕсын. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй, Хуыцауӕн цы рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, уый нын ӕндӕр хъуыддӕгтыл ма ацӕуа. Цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнай, уый тыххӕй алы бон дӕр дӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕныс?

«Хуыцауы сыгъдӕг тых цы циндзинад дӕтты, уый»

9. Сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ циндзинад ма бамынӕг уа?

9 Цин у, сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уымӕй, ӕмӕ цыфӕнды зын уавӕрты дӕр нӕ бамынӕг вӕййы. Цин абарӕн ис, фыдуавӕрты чи зайы, ахӕм фидар зайӕгойимӕ. Ӕгас зӕххыл дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ, «кӕд сын бирӕ зындзинӕдтӕ уыди, уӕддӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы циндзинад дӕтты, уый фӕрцы Хуыцауы ныхасыл баууӕндыдысты» (1 Фес. 1:6). Иннӕтӕ та нырмӕ дӕр ӕмбӕлынц зындзинӕдтыл. Фӕлӕ сын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы уылты дӕтты хъарутӕ, «цӕмӕй цингӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕразонӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууой» (Кол. 1:11). Фӕлӕ цымӕ уыцы цин кӕцӕй цӕуы?

10. Циндзинад нын цы хӕссы?

10 Хӕйрӕджы дунейы ссарӕн ис, «ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинад», махӕн та Йегъовӕ радта, ӕнустӕм чи уыдзӕн, ахӕм хорздзинӕдтӕ (1 Тим. 6:17; Матф. 6:19, 20). Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры ӕнӕкӕрон цардӕй, ӕмӕ нын уый у цины хос. Циндзинад ма нын хӕссы, ӕгас дунейы дӕр нын бирӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ис, уый дӕр. Уӕлдай тынгдӕр та нын нӕ циныл цин ӕфтауы, Хуыцауимӕ ӕнгом кӕй стӕм, уый. Мах дӕр Давидау фӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Давид кӕд йе знӕгтӕй рамбӕхс-бамбӕхс кодта, уӕд дӕр Йегъовӕйы зарӕджы скадджын кодта: «Де ’нувыд уарзт у цардӕй зынаргъдӕр, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй ме ’взаг кадджын кӕндзӕн. Цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ дын арфӕ кӕндзынӕн» (Пс. 63:3, 4). Зындзинӕдты рӕстӕг дӕр Йегъовӕйы цингӕнгӕйӕ куы кадджын кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр.

11. Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

11 Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Ӕдзухдӕр цин кӕнут. Ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын: цин кӕнут!» (Фил. 4:4). Чырыстӕттӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕной? Уымӕн ӕмӕ уый баст у, Сайтан Йегъовӕйы хицаудзинад кӕй сдзырддаг кодта, уыимӕ. Сайтан зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй ничи лӕггад кӕны (Иов 1:9–11). Йегъовӕйӕн ӕнӕзивӕгӕй куы лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ нын уый циндзинад куы нӕ хӕсса, уӕд нӕ нывонд уыдзӕн сахъат. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут цингӕнгӕйӕ. Фырцинӕй зарут ӕмӕ афтӕмӕй ӕрлӕуут йӕ разы» (Пс. 100:2). Хуыцауӕн цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд ын уымӕй кад хӕсдзыстӕм.

12, 13. Нӕ бон куыд у тар хъуыдытимӕ тох кӕнын?

12 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн дӕр иуӕй-иу хатт сӕ ныфс асӕтты ӕмӕ тар хъуыдытимӕ фӕтох кӕнынц (Фил. 2:25–30). Ахӕм рӕстӕг нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ефесӕгтӕм 5:18, 19 ис ахӕм уынаффӕ: «Ӕдзухдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй хайджын ут. Кӕрӕдзийӕн зарут псаломтӕ, кады зарджытӕ ӕмӕ дины зарджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы кадӕн зӕрдӕбынӕй зарут». Нӕ бон куыд у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын?

13 Тар хъуыдытӕ-иу нӕ сӕ быны куы скӕной, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс курӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй, «раппӕлинаг» цы у, уыдӕттыл хъуыды кӕнӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6–9.) Иуӕй-иутӕ фӕхъусынц нӕ Паддзахады зарджытӕм ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр фӕзарынц, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг кӕнынц ӕмӕ сӕ бон свӕййы сӕ хъуыдытӕ хорз цӕмӕдӕр саразын. Иу ӕфсымӕр тынг уӕззау уавӕры кӕй бахауд, уый тыххӕй-иу арӕх йӕхимӕ ныхъхъуыста, ӕмӕ афтӕ зӕгъы: «Хуыцаумӕ-иу зӕрдӕбынӕй арӕх куывтон. Стӕй ма сахуыр кодтон Паддзахады зарджытӕй цалдӕр. Уыцы рӕсугъд кады зарджытӕ-иу хъӕрӕй кӕнӕ мӕхинымӕр куы зарыдтӕн, уӕд-иу мӕ зӕрдӕ фарнӕй байдзаг. Уыцы рӕстӕг ма райстам чиныг „Баввахс у Иегъовӕмӕ“, ӕмӕ йӕ иу азмӕ дыууӕ хатты бакастӕн. Уыцы чиныг мӕ зӕрдӕйӕн уыди ӕвдадзы хосы хуызӕн. Зонын ӕй, афтӕ кӕй архайдтон, уый тыххӕй мын Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта».

«Кӕрӕдзийыл баст уӕм фарны тӕгтӕй»

14. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы фарн сӕвзӕры, уый диссаг цӕмӕй у?

14 Ӕхсӕнадӕмон конгресстӕм алыхуызон бӕстӕтӕй цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцӕуы, уыдон кӕрӕдзийыл тынг фӕцин кӕнынц. Уыцы конгрессты бӕрӕг вӕййы, Хуыцауы адӕмы ’хсӕн ӕгас зӕххыл дӕр фарн ӕмӕ иудзинад кӕй ис. Абон бирӕ адӕмыхӕттытӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ уыцы адӕмыхӕттытӕй искӕй куы фенынц «зӕрдиагӕй архайгӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл», стӕй кӕрӕдзийыл «фарны тӕгтӕй» баст кӕй сты, уӕд бирӕтӕ дисы бафтынц (Еф. 4:3). Ӕмӕ уыцы иудзинад диссаг куыннӕ у, уымӕн ӕмӕ бирӕты бахъуыд сӕ царды стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын.

15, 16. а) Петр раздӕр цавӕр зондыл хӕст уыд ӕмӕ йӕ уый куыд хъыгдардта? ӕ) Йегъовӕ Петрӕн йӕ зондахаст аивынӕн куыд баххуыс кодта?

15 Алыхуызон адӕмы баиу кӕнын ӕнцон нӕу. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн иудзинад цӕй фӕрцы ис, уый бамбарыны тыххӕй ӕркӕсӕм, фыццаг ӕнусы чи цард, уыцы апостол Петры хабармӕ. Петр ӕнӕсунӕтгонд адӕмтӕм цы зӕрдӕ дардта, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Сымах хорз зонут, дзуттӕгтӕн ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм хӕстӕг цӕуын кӕнӕ семӕ лымӕн кӕнын кӕй не ’мбӕлы. Фӕлӕ мын Хуыцау бамбарын кодта, ӕз иу адӕймаджы дӕр чъизи кӕнӕ ӕлгъагыл кӕй хъуамӕ ма нымайон» (Хъуыд. 10:24–29; 11:1–3). Уыцы рӕстӕг иууылдӕр ахӕм зондыл хӕст кӕй уыдысты, уый тыххӕй Петрмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ афтӕ каст, ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр дзуттӕгты уарзтаид. Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ йе знӕгтӕ сты ӕмӕ сӕ хъуамӕ йе сӕфт уына b.

16 Ахъуыды-ма кӕн, Петр Корнилийы хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд куыд фӕуыдаид, ууыл. Раздӕр ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ӕвзӕр цӕстӕй чи каст, уыцы адӕймагӕн цымӕ цы баххуыс кодта, цӕмӕй иннӕ адӕмыхӕттытимӕ «фарны тӕгтӕй» баст уыдаид, «буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл» куыд баст сты, афтӕ? (Еф. 4:3, 16). Петр Корнилийы хӕдзармӕ куы бацыд, уымӕй йын цалдӕр боны размӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых йӕ зӕрдӕ байгом кодта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зондахаст аивта ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Йегъовӕ йын цӕстылуайӕны фӕрцы бамбарын кодта, чи цы адӕмыхаттӕй у, уымӕ кӕй нӕ кӕсы (Хъуыд. 10:10–15). Уымӕ гӕсгӕ Петр Корнилийӕн загъта: «Ныр ӕй ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:34, 35). Петр йӕ зондахаст аивта ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр иудзинады уыди (1 Пет. 2:17).

17. Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы иудзинад ис, уый диссаг цӕмӕй у?

17 Петры хабарӕй хорз зыны, абон Хуыцауы адӕмы ’хсӕн цы диссаджы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уый. (Бакӕс Исай 2:3, 4.) Милуангай адӕймӕгтӕ «ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй» сӕ зондахаст аивтой, цӕмӕй, «цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст», уымӕ гӕсгӕ архайой (Рарг. 7:9; Ром. 12:2). Бирӕтӕ дзы кӕддӕр цыдысты Хӕйрӕджы дунейы зондыл, ӕмӕ иннӕтӕм кастысты знаджы цӕстӕй, никӕй уарзтой ӕмӕ никӕимӕ фидыдтой. Фӕлӕ, Хуыцауы Ныхас кӕй ахуыр кодтой, уый фӕрцы ӕмӕ сыгъдӕг тыхы ӕххуысы фӕрцы базыдтой, «фарн цы хӕссы», уымӕ тырнын (Ром. 14:19). Ӕмӕ се ’хсӕн цы иудзинад ис, уый Хуыцауӕн хӕссы кад.

18, 19. а) Алкӕй бон дӕр нӕ цы у аразын, цӕмӕй не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа? ӕ) Иннӕ статьяйӕ цавӕр фарстайӕн базондзыстӕм дзуапп?

18 Алкӕй бон дӕр нӕ цы у аразын, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ’хсӕн фарн ӕмӕ иудзинад уа? Бирӕ ӕмбырдты ис ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцӕуӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ. Иуӕй-иутӕ дзы раздӕр хӕст уыдысты ӕндӕр ӕгъдӕуттыл. Чидӕр та дзы не ’взаг хорз нӕ зоны. Ӕмӕ цӕмӕй семӕ хуыздӕр базонгӕ уӕм, ууыл архайӕм? Хуыцауы Ныхас дӕр нӕ ууыл ахуыр кӕны. Рагон Ромы ӕмбырды цы дзуттӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ уыди, уыдонмӕ Павел ныффыста: «Чырысти сымахыл куыд баузӕлыд, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийыл афтӕ узӕлут, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа» (Ром. 15:7). Мыййаг, де ’мбырды ис, хорз кӕй нӕма зоныс, ахӕм адӕймаг?

19 Цыма у нӕ бон аразын, цӕмӕй ныл Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕндава? Дзуапп ын базондзыстӕм иннӕ статьяйы, сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма адӕймаджы удыхъӕды цавӕр миниуджытӕ фӕзыны, уыдон куы равзарӕм, уӕд.

[Фиппаинӕгтӕ]

a Йесо цы дыргъы кой кодта, уымӕ хауы, «Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый» дӕр, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ чырыстӕттӕ сӕ «дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн» Хуыцауы ном кӕй кадджын кӕнынц, уый дӕр (Дзут. 13:15).

b Левиты 19:18 фыст ис: «Дӕ маст ма ис ӕмӕ дӕ адӕмы фырттӕм дӕ зӕрдӕйы маст ма хӕсс. Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ». Дзуттаг дины разамонджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ ныхӕстӕ «дӕ адӕмы фырттӕ» ӕмӕ «иннӕтӕ» хаудтой ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕм. Закъонмӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ иннӕ адӕмтимӕ хъуамӕ ма хӕццӕ кодтаиккой. Фӕлӕ уымӕн иумӕйагӕй ницы уыд, фыццаг ӕнусы цӕрӕг дины разамонджытӕ куыд хъуыды кодтой, уыимӕ, зӕгъгӕ, иннӕ адӕмтӕ иууылдӕр дзуттӕгты знӕгтӕ сты ӕмӕ сӕ хъуамӕ не сӕфт уынӕм.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Не ’фсымӕрты удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый куыд ис равдисӕн?

• Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ цӕмӕн хъуамӕ лӕггад кӕнӕм?

• Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй не ’мбырды фарн ӕмӕ иудзинад уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 21 фарсыл]

«Адон ӕцӕг чырыстӕттӕ сты»

Иу чиныджы фыст уыд, Нойенгаммы концлагеры кӕй сбадын кодтой, иу ахӕм ӕрыгон дзуттаг лӕппуйы тыххӕй («Between Resistance and Martyrdom​—Jehovah’s Witnesses in the Third Reich»). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фыццаг хатт уым сӕмбӕлд, ӕмӕ афтӕ загъта:

«Дахауӕй мах, дзуттӕгты, куы ӕрбакодтой, уӕд иннӕ дзуттӕгтӕ, цыдӕриддӕр сӕм уыд, уый махӕй ӕмбӕхсын райдыдтой, цӕмӕй нын мацы радтаиккой... Концалгермӕ куы нӕма бахаудыстӕм, уӕд кӕрӕдзиуыл тынг хӕцыдыстӕм. Фӕлӕ уым та алчидӕр йӕхи уды йеддӕмӕ ӕндӕр никӕуыл хъуыды кодта, уымӕн ӕмӕ дзы фыдуавӕртӕ уыди. Фӕлӕ Библииртасджытӕ бынтон ӕндӕрхуызон уыдысты. Уыдон доны хӕтӕлтӕ цалцӕг кӕнгӕйӕ тынг уӕззау куыст кодтой. Уыцы уазалы-иу ӕнӕхъӕн бон ихджын доны фӕлӕууыдысты. Иууылдӕр дис кодтой, сӕ бон афтӕ куыд уыди, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыдон загътой, Йегъовӕ сын кӕй дӕтты хъарутӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон дӕр махау ӕххормаг ӕййӕфтой. Ӕмӕ-иу уӕд куыд бакодтой? Цы дзулы къӕбӕртӕ сӕм уыд, уыдон ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ дзы сӕхицӕн иу хай ныууагътой, иннӕ хай та радтой се ’мчырыстӕттӕн, Дахауӕй кӕй ӕрбакодтой, уыдонӕн. Библииртасджытӕ се ’фсымӕртыл тынг бацин кодтой ӕмӕ сын фӕпъатӕ кодтой. Хӕрды размӕ скуывтой ӕмӕ куы бахордтой, уӕд цинӕфсӕст ӕмӕ амондджын уыдысты. Ӕмӕ загътой, ӕххормаг нын нал у, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ныр ӕмбарут, афтӕ цӕмӕн загътон, адон ӕцӕг чырыстӕттӕ сты, зӕгъгӕ».

[Нывтӕ 19 фарсыл]

Дӕ рӕстӕгӕй алы бон дӕр, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕныс, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай?