Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттыс, цӕмӕй дын разамынд дӕтта?

Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттыс, цӕмӕй дын разамынд дӕтта?

«Дӕ тых у хорз. Фӕндагамонӕг мын уӕд рӕстзӕрдӕты зӕххыл» (ПС. 143:10).

1, 2. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ сыгъдӕг тыхӕй куыд хайджын кодта, уыдонӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс. ӕ) Хуыцауы сыгъдӕг тых адӕймагыл ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр бӕлвырд уавӕрты фендавы? Бамбарын ӕй кӕн.

 ХУЫЦАУЫ сыгъдӕг тых куыд архайы, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы? Мыййаг дӕ зӕрдыл Гедеоны ӕмӕ Самсоны домбай хъуыддӕгтӕ ӕрлӕууынц? (Тӕрх. 6:33, 34; 15:14, 15). Ӕви ахъуыды кӕныс, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ куыд хъӕбатыр уыдысты кӕнӕ Стефан Сӕйраг тӕрхондоны раз лӕугӕйӕ куыд сабыр уыд, ууыл? (Хъуыд. 4:31; 6:15). Кӕнӕ та, чи зоны, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, абон ӕхсӕнадӕмон конгрессты цы стыр циндзинад вӕййы, уый, афтӕ ма, не ’фсымӕртӕй нейтралитеты тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыдон куыд иузӕрдион сты ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг куыд апарахат ис, уый? Ацы хабӕрттӕй се ’ппӕтӕй дӕр бӕрӕг у, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд архайы, уый.

2 Цымӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых адӕймагыл ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр бӕлвырд уавӕрты фендавы? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Хуыцауы Ныхас чырыстӕттӕй афтӕ зӕгъы, зӕгъгӕ, уыдон «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсынц», «Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ кӕнынц» ӕмӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ цӕрынц» (Гал. 5:16, 18, 25). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг тых нӕ цардыл ӕдзух кӕй ӕндавы. Мах хъуамӕ Йегъовӕйӕн алы бон дӕр лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты ӕндава нӕ хъуыдытыл, нӕ дзыхыныхасыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл. (Бакӕс Псалом 143:10.) Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар куы дӕттӕм, цӕмӕй ныл ӕндава, уӕд нӕм фӕзындзӕн, иннӕтӕн удӕнцой чи дӕтта ӕмӕ Хуыцауӕн кад чи хӕсса, ахӕм миниуджытӕ.

3. а) Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм? ӕ) Цавӕр фарстатӕ равзардзыстӕм?

3 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм? Уымӕн ӕмӕ ныл ӕндӕр тых, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ныхмӕ чи цӕуы, уый тынг ӕндавы. Библи уыцы тых хоны «тӕригъӕдджын буар» – нӕ рагфыдӕл Адамӕй нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ тӕригъӕдджын фӕндтӕ. (Бакӕс Галатӕгтӕм 5:17.) Фӕлӕ цымӕ куыд ӕмбаргӕ у, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ хъусын, зӕгъгӕ? Нӕ бон куыд у нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндты ныхмӕ тох кӕнын? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзыстӕм, сыгъдӕг тыхы фӕрцы ма цы ӕхсӕз миниуӕджы фӕзыны, уыдон куы равзарӕм, уӕд. Уыцы миниуджытӕ сты «бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд» ӕмӕ «хиуыл хӕцын» (Гал. 5:22, 23).

Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы ӕмбырды вӕййы фарн

4. Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы ӕмбырды фарн куыд вӕййы?

4 Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12, 13. Ӕмбырды фарн вӕййы «фӕлмӕн удыхъӕды» ӕмӕ «бирӕфӕразондзинады» фӕрцы. Ацы миниуджытӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй иннӕтӕм хорз зӕрдӕ дарӕм, цӕмӕй-иу ма мӕсты кӕнӕм ӕмӕ нӕ исчи ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд дзы нӕ маст ма исӕм. Кӕд, мыййаг, не ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстам, уӕд нын бирӕфӕразондзинад баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уыцы адӕймагӕй ма адард уӕм ӕмӕ йемӕ бафидауӕм. Уӕдӕ цымӕ ӕмбырды фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ бирӕфӕразондзинад ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуынц? О, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст стӕм.

5. Павел ӕмӕ Варнавӕйы ’хсӕн цы рауад, ӕмӕ уыцы хабарӕй цы у бӕрӕг?

5 Ӕркӕсӕм-ма, Павел ӕмӕ Варнавӕйы хабармӕ. Уыдон хорз хабар парахат кӕнгӕйӕ иумӕ уӕхски-уӕхск бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтой. Сӕ дыууӕмӕ дӕр уыди хорз миниуджытӕ. Фӕлӕ, иухатт, «афтӕ тынг фӕбыцӕу сты», ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты (Хъуыд. 15:36–39). Ацы хабарӕй бӕрӕг у, хатт суанг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ’хсӕн дӕр ахӕм хабӕрттӕ кӕй рауайы. Не ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд куыд ис афтӕ аныхас кӕнӕн, цӕмӕй нӕ ныхас хылмӕ ма асайа ӕмӕ кӕрӕдзийӕ бынтон ма адард уӕм?

6, 7. а) Цӕмӕй нӕ ныхас не ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ хылмӕ ма асайа, уый тыххӕй нын Библийӕ цавӕр уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн? ӕ) Цы пайда у, адӕймаг байхъусынмӕ рӕвдз куы уа, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд куы нӕ кӕна, уӕд?

6 Библийы иуӕй-иу тӕлмацты куыд фыст у, афтӕмӕй Павел ӕмӕ Варнавӕ тынг кӕй фӕхыл сты, уый уыд ӕнӕнхъӕлӕджы. Не ’мчырыстӕттӕй искӕимӕ цыдӕр хъуыддагыл ныхас кӕнгӕйӕ мӕсты кӕнын куы райдайӕм, уӕд хорз уаид Иаковы уынаффӕмӕ байхъусын: «Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын» (Иак. 1:19, 20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уавӕр куыд амона, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныхас ӕндӕрырдӕм аздахын кӕнӕ йӕ ӕндӕр рӕстӕгмӕ аргъӕвын йе та цалынмӕ ныхас хылмӕ нӕ асайдта, уӕдмӕ ацӕуын (Ӕмб. 12:16; 17:14; 29:11).

7 Цы пайда у ацы уынаффӕмӕ хъусын? Адӕймаджы фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй йӕ маст ссӕуа, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйӕн радзура ӕмӕ йӕхи куыд дардзӕн, ууыл ахъуыды кӕна. Афтӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар ратдзӕн, цӕмӕй йын разамынд дӕтта (Ӕмб. 15:1, 28). Адӕймаг сыгъдӕг тыхӕй хайджын куы вӕййы, уӕд вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон ӕмӕ, Ефесӕгтӕм 4:26, 29 цы уынаффӕ ис, уымӕ гӕсгӕ фӕархайы: «Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут... Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой». Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон куы уӕм, уӕд не ’мбырды уыдзӕн фарн ӕмӕ иудзинад.

Дӕ бинонты хӕларзӕрдӕдзинадӕй ӕмӕ хорздзинадӕй рӕвдау

8, 9. Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад цы сты, ӕмӕ бинонтыл куыд ӕндавынц?

8 Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:31, 32; 5:8, 9. Адӕймагӕн тӕвд бон рог дымгӕ ӕмӕ уазал дон куыд ӕхсызгон вӕййынц, афтӕ йын хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад дӕр тынг ӕхсызгон вӕййынц. Ахӕм миниуджытӕ бинонты кӕрӕдзийыл бӕттынц. Адӕймаг хӕларзӕрдӕ куы вӕййы, уӕд иннӕтыл фӕхъуыды кӕны, сӕ фарсмӕ балӕууы ӕмӕ сӕ ныхасӕй фӕрӕвдауы. Хорздзинад дӕр хӕларзӕрдӕдзинадау дзӕбӕх миниуӕг у, ӕмӕ рабӕрӕг вӕййы, иу адӕймаг иннӕмӕн куы фӕлӕггад кӕны, уымӕй. Ахӕм адӕймаг ма вӕййы рӕдау дӕр (Хъуыд. 9:36, 39; 16:14, 15). Фӕлӕ хорздзинадмӕ хауы ноджы фылдӕр хъуыддӕгтӕ.

9 Хорздзинад йӕ удыхъӕды кӕмӕн ахъары, уый вӕййы уӕздан ӕмӕ ӕгъдауджын. Адӕймагмӕ ахӕм миниуӕг кӕй ис, уый канд йӕ хъуыддӕгтӕй нӕ вӕййы бӕрӕг, фӕлӕ мидӕгӕй цавӕр адӕймаг у, уымӕй. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон, сылгоймаг йӕ бинонтӕн дыргътӕ ныхсадта. Уый фӕстӕ сӕ алыг кодта, ӕмӕ лӕмбынӕг кӕсы, дыргътӕ рӕгъӕд сты ӕви нӕ, стӕй кӕсы, цӕмӕй мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ ӕмбыд ма разыной. Раст афтӕ, сыгъдӕг тыхӕй цы хорздзинад цӕуы, уый хъуамӕ ӕндава нӕ цардыл ӕнӕхъӕнӕй дӕр.

10. Бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, сыгъдӕг тыхы фӕрцы цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдон сӕ удыхъӕды фидар кӕной?

10 Чырыстон бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзимӕ хӕларзӕрдӕ дарой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хорздзинад аразой? Уымӕн сын тынг баххуыс кӕндзӕн, Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг куы ахуыр кӕной (Кол. 3:9, 10). Хӕдзары хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ сӕ бинонтимӕ бинонты ахуыры изӕр исты ӕрмӕг куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд ма равзарынц, сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ. Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ ӕвзарын зын нӕу. Дӕ бон у спайда кӕнын, уыцы миниуджыты тыххӕй де ’взагыл цы ӕрмӕг ис, уымӕй. Зӕгъӕм, ис спълан кӕнӕн, цӕмӕй-иу алы къуыри дӕр дыууӕ-ӕртӕ абзацмӕ ӕркӕсат, ӕмӕ афтӕ алы миниуӕг равзарынӕн дӕр цалдӕр къуырийы рахицӕн кӕнат. Цы ӕрмӕг ӕвзарат, уым цы стихтӕ уа, уыдон-иу бакӕсут ӕмӕ-иу сыл аныхас кӕнут. Ахъуыды-иу кӕнут, цы базонат, уымӕй куыд ис царды спайда кӕнӕн ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ скувут, цӕмӕй уын арфӕ кӕна (1 Тим. 4:15; 1 Иоан. 5:14, 15). Куыд хъуыды кӕныс, афтӕмӕй бинонтӕ ӕнгомдӕр ӕмӕ адджындӕр нӕ уыдзысты?

11, 12. Хӕларзӕрдӕдзинад цавӕр миниуӕг у, уый дыууӕ къайы кӕй равзӕрстой, уый сын куыд баххуыс кодта?

11 Сӕ цард ӕрӕджы чи баиу кодта, иу ахӕм къайы фӕндыди, цӕмӕй ӕнгомдӕр уыдаиккой. Уый тыххӕй сфӕнд кодтой лӕмбынӕг равзарын, сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕймагмӕ цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдон. Цымӕ сын уый исты пайда ӕрхаста? Ус афтӕ зӕгъы: «Ӕнувыддзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад хӕларзӕрдӕдзинадмӕ кӕй хауынц, уый куы базыдтам, уӕд кӕрӕдзимӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтам. Архайӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы ныхасӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм. Стӕй ма сахуыр стӕм „бузныг“ ӕмӕ „бахатыр кӕн“дзурын дӕр».

12 Ӕндӕр къайӕн та сӕ ныхас кӕрӕдзийыл нӕ бадт, ӕмӕ бамбӕрстой, хӕларзӕрдӕдзинад сын кӕй нӕ фаг кӕны. Уӕд сфӕнд кодтой иумӕ уыцы миниуӕг лӕмбынӕг равзарын. Цы сын бантыст? Лӕг дзуры: «Уыцы миниуӕг кӕй равзӕрстам, уый руаджы кӕрӕдзийы нал аххосджын кодтам, фӕлӕ кӕрӕдзийыл тынгдӕр ӕууӕндын райдыдтам, цы хорз миниуджытӕ нӕм ис, уыдонӕн аргъ кӕнын сахуыр стӕм. Нӕ хъус кӕрӕдзимӕ тынгдӕр райдыдтам дарын. Стӕй ма мӕ цардӕмбалӕн уый бар лӕвӕрдтон, цӕмӕй йӕ хъуыдытӕ сӕрибарӕй дзырдтаид, ӕмӕ-иу ын йӕ ныхӕстӕм нӕ мӕсты кодтон. Уый тыххӕй та мӕ хъуыд мӕ сӕрбӕрзонддзинад ферох кӕнын. Уыцы миниуӕгӕй нӕ царды пайда кӕнын куы райдыдтам, уӕд раздӕрау нӕхи нал рӕстытӕ кодтам. Ӕмӕ нын уый тынг баххуыс кодта». Цымӕ дӕуӕн дӕр дӕ бинонтӕн исты пайда уыдзӕн, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый куы равзарат, уӕд?

Иунӕгӕй куы вӕййӕм, уӕд дӕр нӕ уырнындзинады сӕрты нӕ хизӕм

13. Нӕ уырнындзинад цӕмӕй хъуамӕ хъахъхъӕнӕм?

13 Чырыстӕттӕ хъуамӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн бар дӕттой, цӕмӕй сын разамынд дӕтта, адӕмы ’хсӕн дӕр ӕмӕ иунӕгӕй куы вӕййынц, уӕд дӕр. Хӕлд нывтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕ Сайтаны дунейы абон куыд парахат сты, афтӕ никуы. Ӕмӕ уымӕй нӕ уырнындзинадӕн тынг тӕссаг у. Ахӕм уавӕры чырыстӕттӕн цы кӕнгӕ у? Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Ныууадзут, ӕлгъагӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уый, стӕй уыцы ӕнӕхъӕугӕ миниуӕг – ӕвзӕрдзинад, ӕмӕ, сымах фервӕзын кӕнынхъом чи у, уыцы дзырд сӕрныллӕгӕй уӕ зӕрдӕты тауын бауадзут» (Иак. 1:21). Уырнындзинад дӕр у, сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уыцы миниуджытӕй сӕ иу. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, уырнындзинад нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын Йегъовӕйы раз сыгъдӕг цӕсгом уа.

14. Адӕймагмӕ фидар уырнындзинад куы нӕ уа, уӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ӕнцонтӕй куыд бафтдзӕн?

14 Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл дызӕрдыг дӕр нӕ кӕндзыстӕм. Фӕлӕ афтӕ куы нӕ уа, уӕд ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ӕнцонтӕй бафтдзыстӕм. Ӕркӕсӕм-ма, рагзаманты Хуыцауы адӕм цы митӕ кодтой, уымӕ. Йегъовӕ пехуымпар Йезекилӕн раргом кодта, адӕм сусӕгӕй цы ӕлгъаг митӕ кодтой, уый: «Адӕймаджы фырт, уыныс, Израилы адӕмы хистӕр лӕгтӕ талынджы, мидӕггаг уӕтты, алкӕмӕн дӕр йӕ гуымиры кӕм ис, уым цытӕ кӕнынц, уый? Уыдон дзурынц: „Йегъовӕ нӕ нӕ уыны. Йегъовӕ ацы зӕхх ныууагъта“» (Йез. 8:12). Ӕмбарыс, сӕ бӕллӕх цӕй мидӕг уыди, уый? Уыдоны нӕ уырныдта, Йегъовӕ сын сӕ митӕ кӕй уыны. Йегъовӕйы удӕгас Хуыцауыл нӕ нымадтой.

15. Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, ууыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ уый куыд хъахъхъӕндзӕн?

15 Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр хабармӕ – Иосифы хабармӕ. Кӕд Иосиф йӕ бинонтӕй ӕмӕ йӕ адӕмӕй дард уыд, уӕддӕр Потифары усӕн нӕ бакуымдта ӕнӕгъдау ми саразыныл. Цӕуылнӕ? Иосиф афтӕ загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райд. 39:7–9). Иосиф Йегъовӕйы удӕгас Хуыцауыл нымадта. Кӕд мах дӕр афтӕ хъуыды кӕнӕм, уӕд ӕнӕгъдау ирхӕфсӕнтӕй нӕхи хиздзыстӕм кӕнӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый сусӕгӕй нӕ араздзыстӕм. Ахӕм зондыл хӕст куы уӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм псаломзарӕггӕнӕджы. Уый афтӕ загъта: «Ӕз цӕрдзынӕн рӕстзӕрдӕйӕ мӕ хӕдзары мидӕг. Ницӕйаг цы у, ахӕмӕй мӕ цӕстыты раз ницы ӕрӕвӕрдзынӕн» (Пс. 101:2, 3).

Дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕн ӕмӕ хиуылхӕцгӕ у

16, 17. а) Ӕмбисӕндты куыд фыст ис, афтӕмӕй «ӕнӕзонд лӕппу» къӕппӕджы куыд бахауд? ӕ) 26 фарсыл цы ныв ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕмӕндӕр тӕссаг цӕмӕй у?

16 Хиуыл хӕцын у, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдонӕй фӕстаг. Ацы миниуӕг нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхи хизӕм, Хуыцауы цӕсты ӕвзӕр цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдонӕй. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн дӕр (Ӕмб. 4:23). Ӕркӕсӕм-ма, хӕтаг сылгоймаджы фӕдыл чи ацыд, уыцы «ӕнӕзонд лӕппуйы» тыххӕй Ӕмбисӕндты 7:6–23 цы фыст ис, уымӕ. Уый «фӕцӕйцыд, сылгоймаг кӕм цард, уыцы уынджы рӕзты» ӕмӕ йӕ къӕппӕджы бахауд. Уырдӕм, ӕвӕццӕгӕн, йӕ фырцымыдисӕй бацыд. Ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта, «йӕ уд» цӕстыфӕныкъуылдмӕ фыдбылызы кӕй баппӕрста, уый.

17 Уыцы лӕппуйӕн йӕ бон куыд уыди йӕхи фыдбылызӕй бахизын? Мӕнӕ ацы фӕдзӕхстмӕ, «дӕ къах дӕ йӕ фӕндӕгтӕм ма бахӕссӕд», зӕгъгӕ, куы байхъуыстаид, уӕд (Ӕмб. 7:25). Уый махӕн дӕр зондзонӕн у. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауы сыгъдӕг тых разамынд дӕтта, уӕд хъуамӕ нӕхи хизӕм, фӕлварӕн нын цы суыдзӕн, уымӕй. Зӕгъӕм, адӕймаг, гӕнӕн ис, уыцы «ӕнӕзонд лӕппуйау» йӕхи фыдбылызы баппара, телевизоры каналтӕ куы ракъӕпп-бакъӕпп кӕна кӕнӕ Интернеты исты куы агура, уӕд. Афтӕ барӕй кӕна ӕви нӕ, уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ дзы хӕлд нывтӕ фена. Ӕмӕ афтӕмӕй, гӕнӕн ис, гыццылгай фӕцахуыр уа порнографимӕ кӕсыныл. Уӕд йе ’фсарм цъар сӕвӕрдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уыдзӕн. Йӕ цард та кӕнгӕ у, Йегъовӕ йӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 8:5–8.)

18. Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнӕм, ӕмӕ уый тыххӕй хиуылхӕцындзинад цӕмӕн хъӕуы?

18 Исты ӕнӕгъдау нывтӕ куы фенӕм, уӕд нӕ бон у нӕ цӕстытӕ иннӕрдӕм азилын, ӕмӕ, уӕвгӕ, ӕнӕуи дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. Уый та ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ нӕм хиуылхӕцындзинад ис. Уымӕй хуыздӕр та уаид, ахӕм хабӕрттӕй нӕхи бынтондӕр куы хизиккам! (Ӕмб. 22:3). Нӕхицӕн арӕнтӕ куы сӕвӕрӕм ӕмӕ сӕ сӕрты куы нӕ хизӕм, уӕд нӕм хиуылхӕцындзинад уыдзӕн. Зӕгъӕм, нӕ компьютер ахӕм ран куы уа, цӕмӕй йӕ иууылдӕр уыной, уӕд нӕхи бахъахъхъӕндзыстӕм. Иуӕй-иутӕ компьютерыл фӕкусынц кӕнӕ телевизормӕ фӕкӕсынц, сӕ фарсмӕ исчи куы вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Иннӕтӕ та Интернетӕй ӕппындӕр нӕ пайда кӕнынц. (Бакӕс Матфейы 5:27–30.) Цӕй уӕдӕ алцыдӕр аразӕм, цӕмӕй нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ бинонты дӕр хъахъхъӕнӕм, ӕмӕ нӕ бон уа Хуыцауӕн «сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ ӕнӕхин уырнындзинадӕй» лӕггад кӕнын (1 Тим. 1:5).

19. Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн уый бар кӕй дӕттӕм, цӕмӕй нын разамынд дӕтта, уый нын цы пайда у?

19 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм цы миниуджытӕ фӕзыны, уыдон нын стыр пайда хӕссынц. Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы ӕмбырды вӕййы фарн. Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад бинонты кӕнынц амондджындӕр. Уырнындзинад ӕмӕ нын хиуылхӕцындзинад та ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уӕм ӕмӕ нын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом уа. Уымӕй уӕлдай та, Галатӕгтӕм 6:8 цы ныхӕстӕ ис фыст, уыдон нӕ ныфс уадзынц: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, уый чи тауы, уый та сыгъдӕг тых ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ». Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн уый бар чи дӕтты, цӕмӕй йын разамынд дӕтта, уыдоны Йегъовӕ Чырыстийы нывонды фӕрцы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы ӕмбырды фарн куыд вӕййы?

• Бинонтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад ӕвдисой?

• Уырнындзинад ӕмӕ нын хиуылхӕцындзинад нӕ зӕрдӕ куыд бахъахъхъӕндзысты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 24 фарсыл]

Цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕ ныхас хылмӕ ма асайа?

[Ныв 25 фарсыл]

Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый ӕвзаргӕйӕ уӕ бинонты цард фӕхуыздӕр уыдзӕн

[Ныв 26 фарсыл]

Уырнындзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинады фӕрцы нӕхи цӕмӕй бахъахъхъӕндзыстӕм?