Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау нын разамынд кӕй дӕтты, уый уыныс?

Хуыцау нын разамынд кӕй дӕтты, уый уыныс?

АХӔМ диссаг уый размӕ нӕдӕр израилӕгтӕ федтой, нӕдӕр египетӕгтӕ. Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ цуры ӕдзух бонӕй лӕууыд мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕв та уыди артау судзгӕ цӕджындзы хуызӕн. Уый диссаг куыннӕ уыд! Цымӕ уыцы цӕджындз кӕцӕй фӕзынд ӕмӕ цӕмӕн хъуыди? Ӕмӕ мах, 3 500 азы фӕстӕ, цӕуыл ахуыр кӕнӕм, Израил «артау судзгӕ ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындзмӕ» цы цӕстӕй каст, уымӕй? (Рац. 14:24).

Уыцы цӕджындз кӕцӕй фӕзынд ӕмӕ цӕмӕн хъуыди, уый тыххӕй Хуыцауы Ныхас афтӕ зӕгъы: «Йегъовӕ цыди сӕ разӕй: бонӕй – мигъы хуызӕн цӕджындзы ӕмӕ сын фӕндаг амыдта, ӕхсӕв та – артау судзгӕ цӕджындзы ӕмӕ сын рухс кодта. Цыдысты бонӕй дӕр ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр» (Рац. 13:21, 22). Йегъовӕ артау судзгӕ цӕджындзӕй ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындзӕй пайда кодта, цӕмӕй йӕ адӕмы Египетӕй ракодтаид ӕмӕ сын ӕдзӕрӕг быдыры фӕндаг амыдтаид. Адӕм хъуамӕ алы хатт дӕр цӕттӕ уыдаиккой йӕ фӕдыл цӕуынмӕ. Египеты ӕфсӕдтӕ Хуыцауы адӕмы фӕстейӕ куы расырдтой ӕмӕ сыл сӕхи ныццӕвынмӕ куы хъавыдысты, уӕд цӕджындз се ’хсӕн ӕрлӕууыд, ӕмӕ израилӕгты бахъахъхъӕдта (Рац. 14:19, 20). Уыцы цӕджындз израилӕгтӕн Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ ӕмраст ӕмӕ ӕнцонцӕуӕн фӕндаг нӕ амыдта, фӕлӕ уыцы зӕхмӕ бахӕццӕ уыдаиккой, ӕрмӕстдӕр йӕ фӕдыл куы цыдаиккой, уӕд.

Хуыцауы адӕм уыцы цӕджындз уынгӕйӕ ӕмбӕрстой, Йегъовӕ семӕ кӕй уыди. Уыцы цӕджындз амыдта Йегъовӕмӕ. Йегъовӕ-иу хатт «мигъы хуызӕн цӕджындзӕй ныхас кодта семӕ» (Ным. 14:14; Пс. 99:7). Уымӕй уӕлдай ма уыцы цӕджындзы фӕрцы адӕм зыдтой, Йегъовӕ сын разамонӕгӕй Моисейы кӕй сӕвӕрдта (Рац. 33:9). Библийы ма фӕстаг хатт цӕджындзы тыххӕй фыст ис, Йегъовӕ Йесо Навины Моисейы бӕсты разамонӕгӕй куы сӕвӕрдта, уӕд (Дык. з. 31:14, 15). Уӕдӕ цӕмӕй израилӕгтӕ ӕнӕфыдбылызӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бахӕццӕ уыдаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ уыдтаиккой, Хуыцау сын разамынд кӕй лӕвӕрдта, уый ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъуыстаиккой.

Разамынд нал уыдтой

Израилӕгтӕ фыццаг хатт уыцы цӕджындз куы федтой, уӕд куыннӕ фергъуыйау уыдаиккой. Фӕлӕ, хъыгагӕн, алы бон дӕр цы диссаг уыдтой, уый сыл афтӕ тынг нӕ бандӕвта, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕдзух сӕ ныфс дардтаиккой. Уыдон цалдӕр хатт рацыдысты Хуыцауы разамынды ныхмӕ. Египетӕгты ’фсад сӕ фӕстейӕ куы сырдта, уӕд сӕ нӕ уырныдта, Йегъовӕ сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Израилӕгтӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Моисейы сӕ уӕлныхты систой, зӕгъгӕ нын ды нӕ мӕлӕтмӕ бӕллыс (Рац. 14:10–12). Сырх денджызыл ӕнӕфыдбылызӕй куы ахызтысты, уӕд райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын Моисей, Аарон ӕмӕ Йегъовӕйыл, афтӕ сӕм каст, ӕмӕ сын хӕринаг ӕмӕ дон фаг нӕй (Рац. 15:22–24; 16:1–3; 17:1–3, 7). Уымӕй цалдӕр къуыри куы рацыд, уӕд Аароны бакъуым кодтой, сызгъӕрин род нын сараз, зӕгъгӕ. Ахъуыды-ма кӕн! Сӕ цатыртӕ кӕм ӕрӕвӕрдтой, уым иуырдыгӕй израилӕгтӕ уыдтой артау судзгӕ цӕджындз ӕмӕ мигъы хуызӕн цӕджындз – Египетӕй сӕ Чи ракодта, уый семӕ кӕй уыди, уый ӕвдисӕн. Уымӕй гыццыл фалдӕр та лӕууыд мард гуымиры ӕмӕ йын куывтой ӕмӕ дзырдтой: «Израил, мӕнӕ дӕ Хуыцау – Египетӕй дӕ уый ракодта». Афтӕмӕй равдыстой, Йегъовӕйы «ӕппындӕр кӕй ницӕмӕ дардтой»! (Рац. 32:4; Неем. 9:18).

Израил Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыдис, уымӕй равдыста, йӕ разамындӕн ын кӕй нал аргъ кодта. Хъуыддаг уый мидӕг нӕ уыди, ӕмӕ цӕстӕй ӕвзӕр уыдтой, фӕлӕ сын Йегъовӕ разамынд кӕй лӕвӕрдта, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Уыдон уыцы цӕджындз уыдтой, фӕлӕ сӕ ферох, цӕмӕн хъуыди, уый. Кӕд сӕ митӕй «Израилы сыгъдӕг Хуыцауы» маст уагътой, уӕддӕр сын Йегъовӕ уыцы цӕджындзы уылты разамынд лӕвӕрдта, цалынмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыдысты, уӕдмӕ (Пс. 78:40–42, 52–54; Неем. 9:19).

Абон Хуыцауы разамынд уынӕм

Рагзаманты куыд уыд, афтӕ абон дӕр Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕнӕ разамындӕй нӕ ныууадзы. Израилӕгтӕн фӕндаг сӕхицӕн куыд нӕ агурын кодта, афтӕ абон дӕр, ног дунемӕ нӕхӕдӕг нӕ агурӕм фӕндаг. Йесо Чырысти у ӕмбырды Хистӕр (Матф. 23:10; Еф. 5:23). Чырысти бартӕ радта ӕууӕнкджын цагъарӕн – иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн. Ӕмӕ уыцы цагъары къорд та снысан кӕны ӕмбырды цӕстдарджыты (Матф. 24:45–47; Тит. 1:5–9).

Уыцы ӕууӕнкджын цагъары йе та хӕдзармӕгӕсӕджы къорд чи у? Ӕркӕсӕм-ма, Чырысти уый тыххӕй цы загъта, уымӕ: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын хӕдзармӕгӕсӕг, йӕ хицау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бар бакӕндзӕн, цӕмӕй сын сӕ хӕринаджы хай афоныл дӕтта? Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа!» (Лук. 12:42, 43).

Хӕдзармӕгӕсӕг «ӕууӕнкджын» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйыл, Йесойыл, Библийы ахуырӕдтыл ӕмӕ Хуыцауы адӕмыл гадзрахатӕй никуы рацыд ӕмӕ сӕ никуы ныууагъта. Хӕдзармӕгӕсӕг «зондджын» кӕй у, уый тыххӕй ӕмбаргӕйӕ разамынд дӕтты ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддагӕн – «паддзахады тыххӕй... хорз хабар хъусын кӕнынӕн» ӕмӕ «ӕппӕт адӕмтӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн» (Матф. 24:14; 28:19, 20). Хӕдзармӕгӕсӕджы къорд «афоныл дӕтты» хӕрзгъӕд ӕмӕ пайда «хӕринаг». Йегъовӕ сын сӕ фыдӕбонӕн кӕй арфӕ кӕны, уый зыны, йӕ адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕнынц, ахсджиаг хъуыддӕгты сын разамынд кӕй дӕтты, Библийы ахуырӕдтӕ хуыздӕр кӕй ӕмбарынц, се знӕгты къухӕй сӕ кӕй ирвӕзын кӕны ӕмӕ сын йӕ фарн сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ зонд кӕй хъахъхъӕны, уымӕй (Ис. 54:17; Фил. 4:7).

Хуыцауы разамындмӕ хъусӕм

Нӕ бон куыд у равдисын, Хуыцауы разамындӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый? Апостол Павел загъта: «Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (Дзут. 13:17). Уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ахъуыды-ма кӕн: ды дӕр цӕрыс Моисейы бонты, цасдӕр рӕстӕг куы фӕцыдтӕ, уӕд кӕсыс, ӕмӕ мигъ цатыры сӕрмӕ ӕрлӕууыд. Цас фӕлӕудзӕн? Иу бон? Иу къуыри? Цалдӕр мӕйы? Хъуыдытӕ кӕныс, зӕгъгӕ, мӕ муртӕ иууылдӕр сисон ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕрон? Фыццаг, ӕвӕццӕгӕн, систай ӕнӕмӕнгӕй дӕ чи хъӕуы, уыцы дзауматӕ. Цалдӕр боны фӕстӕ, дӕ дзауматы ’хсӕн цыдӕр агурыс ӕмӕ сӕ иууылдӕр райдыдтай исын. Дӕ дзауматӕ иууылдӕр систай ӕмӕ сӕ сӕ бынӕтты ӕрӕвӕрдтай, уалынмӕ кӕсыс, ӕмӕ мигъ цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд. Ӕмӕ та дӕ фӕстӕмӕ хъӕуы дӕ дзауматӕ ӕвӕрын! Уый та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕу. Фӕлӕ-иу израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл араст сты, «куыддӕр-иу мигъ цатыры сӕрӕй хӕрдмӕ ссыд», афтӕ (Ным. 9:17–22).

Хуыцау нын разамынд куы фӕдӕтты, уӕд нӕхи куыд фӕдарӕм? Амындтӕ нын куыддӕр раттынц, афтӕ сӕ сӕххӕст кӕнӕм? Ӕви куыд сахуыр стӕм, афтӕ фӕкӕнӕм? Абон нын цы амындтӕ дӕттынц, уыдон хорз зонӕм? Зӕгъӕм, куыд хъӕуы адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнын, алы къуыри дӕр бинонтимӕ Библи ахуыр кӕнын, рынчындӕттимӕ бастдзинады комитетимӕ ӕмгуыст кӕнын ӕмӕ конгрессты нӕхи дзӕбӕх дарын? Хуыцауы разамындӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый ма равдисдзыстӕм, уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд. Ахсджиаг уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нӕхи зондӕй нӕ архайдзыстӕм, фӕлӕ разамынд агурдзыстӕм Йегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ организацийӕ. Тыхдымгӕ куы райдайы, уӕд сывӕллон йӕ ныййарджытӕм ӕххуысмӕ куыд фӕлидзы, афтӕ мах дӕр, ацы дунейы тыхдымгӕтӕй ӕмбӕхсӕн бынат фӕагурӕм Йегъовӕйы организацийы.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы организацийы зӕххон хайы разамынд чи дӕтты, уыдон ӕнӕххӕст сты. Моисей дӕр уыд ӕнӕххӕст. Фӕлӕ израилӕгтӕн мигъы хуызӕн цӕджындз ӕдзух дзурӕг уыд, Моисейы разамонӕгӕй Хуыцау кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын кӕй уыд. Уӕдӕ израилӕгтӕ сӕхӕдӕг уынаффӕ нӕ хастой, кӕд ӕмӕ кӕдӕм хъуамӕ цыдаиккой, уый фӕдыл, фӕлӕ «сын Йегъовӕ Моисейы уылты цы дзырдта, уый арӕзтой» (Ным. 9:23). Куыд зыны, афтӕмӕй-иу Хуыцау Моисейы уылты дзырдта, израилӕгтӕ-иу сӕ фӕндагыл дарддӕр кӕд хъуамӕ ацыдаиккой, уый тыххӕй.

Абон нын хӕдзармӕгӕсӕджы къорд фӕзӕгъы, дарддӕр нӕ нӕ фӕндагыл кӕд фӕхъӕуы цӕуын, уый. Уыцы къорд нын амындтӕ дӕтты «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг», ног публикацитӕ ӕмӕ конгрессты уылты. Стӕй ма нын разамынд дӕтты цӕуӕг цӕстдарджыты уылты, писмоты уылты ӕмӕ, алыхуызон скъолатӕ каст чи фӕци, уыцы бӕрнон ӕфсымӕрты уылты.

Хуыцау нын разамынд кӕй дӕтты, уый хорз уыныс? Ацы фӕстаг бонты нын Йегъовӕ разамынд дӕтты йӕ организацийы уылты, цӕмӕй нӕ Хӕйрӕджы дунейы, «ӕдзӕрӕг быдыры» хуызӕн чи у, уыцы дунейы нӕ фӕндагыл размӕ кӕна. Уый фӕрцы хайджын стӕм фарнӕй, уарзондзинадӕй ӕмӕ нын тӕссаг ницӕмӕй у.

Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд сын Йесо Навин загъта: «Сымах тынг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр сӕххӕст сты» (Йес. Н. 23:14). Абон Хуыцауӕн зӕххыл цы адӕм ис, уыдон дӕр ӕнӕмӕнгӕй зӕрдӕвӕрд ног дунемӕ бацӕудзысты. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы ног дунейы уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы разамындмӕ сӕрныллӕгӕй хъусӕм. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйы разамындӕн аргъ кӕнӕм!

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Абон нын Йегъовӕйы организаци разамынд дӕтты

ног публикациты

алыхуызон скъолаты

ӕмӕ уацамындон фембӕлдты уылты