Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бахъуыды кодтай?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты? Уӕд-ма ӕркӕс, цымӕ ацы фарстытӕн дзуапп раттын дӕ бон бауаид.

• Цӕмӕн нӕ уырны, Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгдӕр кӕй уыд, уый?

Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгдӕр кӕй уыди, уый тыххӕй Библийы бӕлвырд хабӕрттӕ ис фыст. Зӕгъӕм, цы дыууӕ цӕугӕдоны кой кӕны, уыдон абоны онг дӕр сты. Таурӕгъты ӕмӕ аргъӕутты та ахӕм бӕлвырд хабӕрттӕ нӕ вӕййы. Чырыстийы, ӕцӕг Ӕвдисӕны, ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Адам ӕмӕ Евӕ ӕцӕгдӕр кӕй цардысты. (bp106, 5, 6, 9 фӕрстӕ).

• Цымӕ Хуыцау зыдта, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй ракӕндзысты?

Нӕ зыдта. Йегъовӕ сӕ зондӕй схайджын кодта ӕмӕ сын сӕрибардзинад радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвзӕрстаиккой, алы хъуыддаджы дӕр куыд кодтакиккой, уый. Кӕд Йегъовӕйӕн йӕ бон у, цы уыдзӕн, уый рагацау зонын, уӕддӕр уыцы миниуӕгӕй алыхатт нӕ фӕпайда кӕны. (bp106, 13–15 фӕрстӕ).

• Цымӕ чырыстӕттӕ Хуыцауы ном талисманыл нымайынц?

Иуӕй-иутӕ цыдӕр дзуаматӕ кӕнӕ символтӕ нымайынц талисмантыл. Афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ сӕ уыцы дзуаматӕ фыдбылызӕй хъахъхъӕнынц. Фӕлӕ чырыстӕттӕ Хуыцауы ном талисманыл нӕ нымайынц. Уыдон сӕ ныфс Йегъовӕйыл дарынц ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынц. Йегъовӕйы ном у се ’мбӕхсӕн (Соф. 3:12, 13). (bw506, 5, 6 фӕрстӕ).

• Тыллӕг бафснайыны фӕстӕ цы баззайа, уый ӕмбырд кӕныны фӕдыл Моисейы закъоны цавӕр фӕдзӕхст уыд ӕмӕ уый пайда кӕмӕн уыд?

Уыцы закъон Израилы алкӕмӕн дӕр уыд пайда. Уый руаджы мӕгуыртӕ ахуыр кодтой, цӕмӕй куыстуарзаг уыдаиккой, иннӕтӕ та ахуыр кодтой, цӕмӕй рӕдау уыдаиккой, ӕмӕ сын Хуыцау кӕй арфӕ кӕндзӕни, ууыл сӕ ныфс дардтаиккой. (bp107, 15 фарс).

• Йегъовӕ Саулыл йӕ къух цӕмӕн систа?

Саул хъуамӕ Хуыцауы пехуымпармӕ банхъӕлмӕ кастаид, цӕмӕй нывонд уый ӕрхастаид. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт – нывонд йӕхӕдӕг ӕрхаста. Фӕстӕдӕр та Саул ногӕй Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыста – знӕгты нӕ фесӕфта. (bw507, 22, 23 фӕрстӕ).

• Фыддзинадӕй не сӕфт кӕй уынӕм, уый куыд равдисдзыстӕм?

Нозтӕй бӕрц куы зонӕм, оккультизмӕй нӕхи куы хизӕм ӕмӕ, Чырысти ӕнӕгъдаудзинады тыххӕй цы фӕдзӕхст радта, уымӕ куы хъусӕм, уӕд. Зӕгъӕм, порнографимӕ нӕ кӕсдзыстӕм ӕмӕ нӕ сӕрмӕ чъизи хъуыдытӕ нӕ уадздзыстӕм (Матф. 5:27, 28). Уымӕй уӕлдай ма, ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕ дзурдзыстӕм. (bw507, 29–32 фӕрстӕ).

• Израилы цы рагон мыды чыргъӕдтӕ ссардтой, уым диссагӕй цы ис?

Археологтӕ ссардтой 30 чыргъӕдӕй фылдӕр, ӕмӕ ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, уыцы чыргъӕдтӕй алы аз дӕр уыдаид сисӕн ӕрдӕг тоннӕ мыд. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ адӕм бындзытӕ дардтой, Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ дзы «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕлы», уыцы зӕххы (Рац. 3:8). (bp108, 15 фарс).

• Йереми цӕмӕй уыд, «йӕ уидӕгтӕ цӕугӕдонмӕ чи ауагъта, ахӕм бӕласы хуызӕн»? (Йер. 17:7, 8).

Йереми алыхатт дӕр хаста дыргъ. Чи йыл худти, уыдоны зондыл никуы ацыди. Алкӕддӕр уыди царды Суадоны, хъарудӕттӕг «доны» цур ӕмӕ йын Хуыцау цыдӕриддӕр дзырдта, уый ӕххӕст кодта. (bw508, 14 фарс).

• Йесо Марфӕйӕн куы загъта, бирӕ ницы хъӕуы, йе та иу цыдӕр дӕр фаг у, зӕгъгӕ, уӕд ӕй цы зӕгъын фӕндыд? (Лук. 10:41, 42).

Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ Марфӕ мулкырдӕм здӕхт уыди. Стӕй йӕ ныхӕстӕ афтӕ ӕмбаргӕ не сты, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн нӕ аргъ кодта. Йесо йын ӕмбарын кодта, сӕйрагдӕр цы уыд, уый. Марфӕйӕн уыди диссаджы фадат йӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн, фӕлӕ дзы не спайда кодта. (bp109, 12, 13 фӕрстӕ).

• Чырыстийӕн цы тӕрхон рахастой, уый раст цӕуылнӕ уыди?

Тӕрхонгӕнджытӕ йын бар нӕ радтой, цӕмӕй йӕхи тыххӕй исты загътаид. Мӕнг ӕвдисӕнтӕм байхъуыстой. Тӕрхон ын кодтой ӕхсӕвыгон. Ӕмӕ йын иу бонмӕ тӕрхон рахастой. (bp109, 20 фарс).