Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕскъӕвда ракӕсы хур

Фӕскъӕвда ракӕсы хур

Фӕскъӕвда ракӕсы хур

«Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» (2 ТИМОФЕЙМӔ 3:1).

ДӔЛДӔР цы ӕвирхъау хабӕртты кой цӕуы, уыдоны тыххӕй фехъуыстай кӕнӕ сӕ дӕхи цӕстӕй федтай?

● Адӕм цагъды кӕнынц мӕлӕтдзаг низтӕй.

● Дуне адӕм скъуыйы, ӕххормаг кӕй ӕййафынц, уый аххосӕй.

● Зӕххӕнкъуыстыты амӕлы мингӕйттӕ, ӕнӕ хӕдзарӕй та баззайы уымӕй ноджы фылдӕр.

Дарддӕр цалдӕр статьяйы фендзынӕ, ацы ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый ӕмӕ сӕм уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕуылнӕ ис, уый дӕр. Стӕй ма базондзынӕ, Библийы раджы кӕй ӕрцыд фыст, «фӕстаг бонты» ахӕм хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн, уый тыххӕй *.

Фӕлӕ ацы статьятӕн сӕ нысан уый нӕу, цӕмӕй баууӕндай, тынг ӕвзӕр рӕстӕг кӕй цӕрӕм, ууыл. Афтӕ кӕй у, уый дӕхӕдӕг дӕр уыныс. Ацы статьятӕ уый тыххӕй ӕрцыдысты фыст, цӕмӕй дӕ ныфс бауадзой. Дзырд дзы цӕуы, Библийы бирӕ раздӕр фыст чи ӕрцыд, ӕхсӕз ахӕм хабарыл. Ды фендзынӕ, уыцы хабӕрттӕ абон кӕй цӕуынц, уый ууыл дзурӕг кӕй у, ӕмӕ «фӕстаг бонтӕ» тагъд фӕуыдзысты. Стӕй ма базондзынӕ, бирӕтӕ цӕмӕн фӕдзурынц, афтӕ нӕу, зӕгъгӕ, ӕмӕ цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, тагъд хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн.

[Фиппаинаг]

^ 7 абз. Хуыцау ахӕм хабӕрттӕ цӕмӕн уадзы, уый тыххӕй кӕс ацы брошюрӕйы 16 ӕмӕ 17 фӕрстыл статья «Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?».