Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2. Ӕххормагдзинад

2. Ӕххормагдзинад

2. Ӕххормагдзинад

«Адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг» (МАРЧЫ 13:8).

● Иу нӕлгоймаг, цӕмӕй ӕххормагӕй ма амӕла, уый тыххӕй ӕрлыгъд, Кваратаги чи хуыйны, уыцы хъӕумӕ (Нигер, Африкӕ). Уыцы хъӕумӕ ма алы рӕттӕй къӕбӕрагур ӕрлыгъдысты йӕ хӕстӕджытӕ, стӕй йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр. Фӕлӕ сӕм лӕг хӕстӕг нӕ цӕуы, иунӕгӕй зӕххыл хуыссы. Иунӕгӕй цӕмӕн ис? «[Йӕ бинонты] фӕдарын йӕ бон нӕу, ӕмӕ сӕ цӕстытӕм бакӕсын йӕ цӕсгом нал хъӕцы»,– зӕгъы хъӕуы хицау, Сиди, зӕгъгӕ.

ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Ӕгас дунейы дӕр, зӕгъӕн ис, алы 7-ӕм адӕймаг дӕр афтӕ мӕгуыр у, ӕмӕ алы бон хӕра, уый йӕ къух нӕ амоны. Уавӕр ноджы фыддӕр та у, Африкӕйы ӕдзӕрӕг быдыр Сахарӕйы хуссарварс цы бӕстӕтӕ ис, уым. Куыд банымадтой, афтӕмӕй уыцы бӕстӕты ӕдзухдӕр ӕххормаг вӕййы алы 3-аг адӕймаг дӕр. Цӕмӕй ацы хабар хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, мад, фыд ӕмӕ иу сывӕллон кӕм ис, ахӕм бинонты. Кӕд се ’ртӕйӕ хӕринаг ӕрмӕстдӕр дыууӕйы фаг ис, уӕд сӕ иу хъуамӕ ӕххормагӕй баззайа. Фӕлӕ чи? Фыд, мад ӕви сывӕллон? Ахӕм мӕгуыр бинонты ацы фарстайыл хъуыды кӕнын фӕхъӕуы алы бон дӕр.

БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Зӕххыл алкӕмӕн дӕр фагӕй фылдӕр ис хӕринаг. Ӕрмӕст ма фӕхуыздӕр кӕнын хъӕуы, хойраг адӕмыл уӕрст куыд цӕуы, уыцы хъуыддаг.

ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Зӕхкусджытӕ ӕмӕ, фос чи дары, уыдон абон цас хойраг амал кӕнынц ӕмӕ уӕй кӕнынц, уыйбӕрц никуыма. Раст куы зӕгъӕм, уӕд хицӕуттӕн хъуамӕ сӕ бон уаид хойраг афтӕ уарын, цӕмӕй ӕххормаг мачи ӕййафа. Фӕлӕ уый сӕ къухы не ’фты, кӕд ууыл дӕсгай азты дӕргъы архайынц, уӕддӕр.

ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Марчы 13:8 стихы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕны? Кӕд амӕй-ай хуыздӕр технологитӕ фӕзыны, уӕддӕр ӕгас дунейы дӕр ис, хӕринагхъуаг чи ӕййафы, ахӕм адӕм. Афтӕ нӕу?

Зӕххӕнкъуыстытӕ ӕмӕ ӕххормагдзинад арӕх ӕркӕнынц ӕндӕр бӕллӕхмӕ, ӕмӕ уымӕй дӕр бӕрӕг у, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

«Пневмонийӕ, гуыбынниз ӕмӕ ӕндӕр низтӕй цы сывӕллӕттӕ амӕлы, уыдонӕн се ’ртыккаг хайӕ фылдӕр удӕгасӕй баззаид, хӕринагхъуаг куы не ’ййафикой, уӕд» (ЭНН ВИНИМАН, ЮНИСЕФ-Ы РАЗДӔРЫ ДИРЕКТОР).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 5 фарсыл]

© Paul Lowe/Panos Pictures