Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3. Низтӕ

3. Низтӕ

3. Низтӕ

«Сыстдзӕн фыднизтӕ» (ЛУКАЙЫ 21:11).

● Бонзали царди Африкӕйы, хӕст кӕм цыд, ахӕм бӕстӕйы ӕмӕ куыста Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны центры. Кӕм цард, уыцы горӕты шахтӕйы кусджытыл сыстад хӕцгӕ низ, Марбург *, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы цагъды кодтой. Бонзали, йӕ бон цы уыд, уый бӕргӕ арӕзта, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид, фӕлӕ низ дарддӕр йӕ куыст кодта. Ӕмӕ уӕд стырдӕр горӕты хицӕуттӕй ӕххуыс ракуырдта. Ӕххуысмӕ сӕм ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр цыппар мӕйы фӕстӕ, фӕлӕ Бонзали уӕдмӕ амард. Шахтерты фервӕзын кӕныныл куы архайдта, уӕд уыцы низ йӕхиуыл дӕр бахӕцыд.

ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ БӔЛВЫРДГӔНӔНТӔ? Рӕуджыты хӕцгӕ низтӕ, зӕгъӕм, пневмонийӕ, стӕй гуыбыны низтӕ, ВИЧ кӕнӕ СПИД, туберкулез ӕмӕ тӕфсӕг (малярийӕ) сты, фылдӕр адӕм кӕмӕй цагъды кӕны, уыцы ӕвирхъау низтӕй иуӕй-иутӕ. Куыд банымадтой, афтӕмӕй ӕрмӕст 2004 азы ахӕм низтӕй амард 10,7 милуан адӕймаджы. Ӕндӕр ныхӕстӕй йӕ куы зӕгъӕм, уӕд уыцы азы дӕргъы алы ӕртӕ секунды дӕр марди иу адӕймаг.

БИРӔТӔ ЦЫ ФӔДЗУРЫНЦ? Адӕм бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕй кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ рынчынты нымӕц дӕр фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны. Ӕмӕ низтӕй тӕссаг дӕр фылдӕр адӕмӕн у.

ӔЦӔГДӔР АФТӔ У? Адӕм ӕцӕгдӕр бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц. Фӕлӕ абон дохтыртӕн дӕр хуыздӕр фадӕттӕ ис низтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн, цӕмӕй дарддӕр ма парахат кӕной, уымӕн исты бакӕнынӕн ӕмӕ сын хостӕ ссарынӕн дӕр. Уӕдӕ уӕд низтӕ хъуамӕ къаддӕр ма кӕниккой? Куыннӕ хъуамӕ кӕниккой. Фӕлӕ хабар та бынтон ӕндӕрхуызон у.

ДЫ ТА ЦЫ ХЪУЫДЫ КӔНЫС? Библийы куыд уыд загъд, афтӕ адӕм фыднизты аххосӕй нӕ хъизӕмар кӕнынц?

Зӕххӕнкъуыстытӕ, ӕххормагдзинад ӕмӕ низтӕ стыр зиан хӕссынц милуангай адӕмӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы бӕлвырдӕй искӕй фӕаххосджын кӕнӕн нӕй. Фӕлӕ ноджы фылдӕр адӕм та хъизӕмар кӕны комкоммӕ адӕмы къухӕй. Бирӕтӕ ӕфхӕрд ӕййафынц, уарзгӕ сӕ чи хъуамӕ кӕнид, уыдоны къухӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Библийы уый тыххӕй цы загъд уыд, уымӕ.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Марбург у ахӕм вирус, ӕмӕ дзы адӕймагӕн йӕ тӕвд схизы ӕмӕ туг йӕ цӕуынӕй нал фӕлӕууы. Уый фӕзыны вирус Эболӕйы хуызӕн чи у, ахӕм вирусӕй.

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

«Кӕмдӕр дӕ домбай кӕнӕ ӕндӕр сырд бахӕра, уый ӕвирхъау хабар у. Фӕлӕ дӕ дӕхимидӕг исты низ хӕра ӕмӕ ма дӕ алыварс иннӕтӕ дӕр уыцы низӕй куыд цагъды кӕнынц, уый уынай, уый дӕр у ахӕм ӕвирхъау хабар» (ХӔЦГӔ НИЗТӔ ИРТАСӔГ МАЙКЛ ОСТЕРХОЛМ).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 6 фарсыл]

© William Daniels/Panos Pictures