Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыздӕр цард ис къӕсӕрыл!

Хуыздӕр цард ис къӕсӕрыл!

Хуыздӕр цард ис къӕсӕрыл!

«Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн... Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (ПСАЛОМ 37:10, 11).

АЦЫ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕ дӕхи цӕстӕй фенын нӕ фӕнды? Ӕвӕццӕгӕн, зӕгъыс, куыннӕ мӕ фӕнды, зӕгъгӕ. Уӕвгӕ, фидарӕй зӕгъӕн ис, тагъд кӕй сӕххӕст уыдзысты.

Уӕлдӕр цы статьятӕ бакастӕ, уыдоны дзырд цыди Библийы фыст хабӕрттӕй ӕрмӕстдӕр цалдӕры тыххӕй. Уыцы хабӕрттӕ ирдӕй ӕвдисынц, «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Хуыцау сӕ Библийы уый тыххӕй ныффыссын кодта, цӕмӕй нын уый фӕрцы уа ныфс (Ромӕгтӕм 15:4). Уыцы хабӕрттӕ нӕхи цӕстӕй кӕй уынӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕскъӕвда хур куыд ракӕсы, афтӕ абоны бӕллӕхтӕн дӕр тагъд ӕрцӕудзӕн кӕрон.

Фӕлӕ фӕстаг бонтӕ куы фӕуой, уӕд та цы уыдзӕн? Хуыцауы Паддзахад зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр йӕ къухмӕ райсдзӕн ӕмӕ адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн (Матфейы 6:9, 10). Ӕркӕс-ма, уыцы рӕстӕг зӕххыл цы уавӕртӕ уыдзӕн, уый тыххӕй Библи цы дзуры:

Ӕххормагдзинад нал уыдзӕн. «Зӕххыл хор уыдзӕн парахат, хӕхты цъуппытыл зӕу-зӕу кӕндзӕн» (Псалом 72:16).

Низтӕ нал уыдзӕн. «Адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

Зӕхх йӕ хуыз скалдзӕн. «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн» (Исай 35:1).

Ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ тагъд сӕххӕст уыдзысты. Фӕлӕ ма Библийы ахӕм ныхӕстӕ ноджыдӕр бирӕ ис. Дӕ бон у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бафӕрсын, тагъд хуыздӕр цард кӕй уыдзӕн, ууыл фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндынц, уымӕй.