Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Хуыцау фыддзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Фыддзинад куыд фӕзынд?

Зӕххыл фыддзинад фӕзынд, Сайтан Хӕйрӕг фыццаг мӕнг ныхас куы загъта, уӕд. Хуыцау ӕй куы сфӕлдыста, уӕд ӕм ӕвзӕрдзинадӕй ӕппындӕр ницы уыд. Уый уыди алцӕмӕй ӕххӕст зӕд, фӕлӕ «рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд» (Иоанны 8:44). Хӕйрӕг бабӕллыд, ӕрмӕстдӕр Хуыцаумӕ цы ӕмбӕлы, уымӕ – бафӕндыд ӕй, цӕмӕй адӕм уымӕн куывтаиккой. Хӕйрӕг фыццаг сылгоймаджы, Евӕйы, асайдта ӕмӕ йӕ ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ уымӕ хъуыстаид. Адам дӕр Евӕйау Хуыцауы ныхасы сӕрты ахызт. Адам ахӕм фӕндаг кӕй равзӕрста, уый ӕркодта хъизӕмӕрттӕм ӕмӕ мӕлӕтмӕ. (Бакӕс Райдиан 3:1–6, 17–19.)

Хӕйрӕг Евӕйы Хуыцауы ныхасы сӕрты куы ахизын кодта, уӕд афтӕмӕй фыццаг дыууӕ адӕймаджы скодта Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ адӕмӕн дӕр сӕ фылдӕр Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты – Хуыцауы сӕ хицауыл нӕ нымайынц. Афтӕмӕй Хӕйрӕг сси «ацы дунейы хицау». (Бакӕс Иоанны 14:30; Раргомад 12:9.)

2. Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонмӕ исты аипп уыди?

Хуыцау адӕмы дӕр ӕмӕ зӕдты дӕр афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ бон уыди Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын (Дыккаг закъон 32:4, 5). Хуыцау махӕй алкӕмӕн дӕр радта сӕрибардзинад ӕмӕ нӕ бон у равзарын, хорз цы у, уый араздзыстӕм ӕви – ӕвзӕр цы у, уый. Ахӕм сӕрибардзинад нын фадат дӕтты, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый равдисынӕн. (Бакӕс Иаковы 1:13–15; 1 Иоанны 5:3.)

3. Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Йегъовӕ рӕстӕгмӕ быхсы, йӕ хицаудзинады ныхмӕ йын кӕй цӕуынц, уымӕн. Цӕмӕн? Цӕмӕй иууылдӕр феной, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй цыфӕнды ма кӕной, уӕддӕр сӕ хицаудзинад хорзӕй кӕй ницы ӕрхӕсдзӕн (Йереми 10:23). Адӕймаг адӕймагӕн хицау у 6 000 азы дӕргъы, ӕмӕ ныр алчидӕр уыны, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Зӕххон хицӕуттӕн сӕ бон нӕ баци хӕстытӕн, фыдракӕндтӕн, ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн ӕмӕ низтӕн кӕрон скӕнын. (Бакӕс Екклесиаст 7:29; 8:9; Ромӕгтӕм 9:17.)

Йӕ хицауыл Хуыцауы чи нымайы, уыдон та ныр дӕр хайджын сты бирӕ хорздзинӕдтӕй (Исай 48:17, 18). Тагъд Йегъовӕ зӕххон хицауӕдтӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм цӕргӕйӕ баззайдзысты, йӕхицӕн хицауӕй Хуыцауы чи равзӕрста, ӕрмӕстдӕр уыдон (Исай 2:3, 4; 11:9; бакӕс Данел 2:44).

4. Хуыцау тагъд кӕй нӕ кӕны, уый фӕрцы нын цавӕр фадат ис?

Хӕйрӕг загъта, зӕгъгӕ, иу адӕймаг дӕр Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Уӕдӕ Хуыцау тагъд кӕй нӕ кӕны, уый фӕрцы нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у равдисын, йӕхицӕн хицауӕй адӕймаджы равзӕрста ӕви Хуыцауы. Хицауӕй кӕй равзӕрстам, уый та бӕрӕг у, нӕ цард куыд аразӕм, уымӕй. (Бакӕс Иов 1:8–11; Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

5. Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ нӕхицӕн Хуыцауы равзӕрстам хицауӕй?

Нӕхицӕн Хуыцауы равзӕрстам хицауӕй, уый зӕгъӕн уыдзӕн, йӕ фӕндон базоныныл куы архайӕм ӕмӕ йӕ Ныхасы, Библийы, куыд фыст ис, афтӕ йын куы кувӕм, уӕд (Иоанны 4:23). Стӕй йӕ хицауыл Хуыцауы чи нымайы, уыдон Чырыстийау политикӕйӕ ӕмӕ хӕстытӕй дард лӕууынц. (Бакӕс Иоанны 17:14.)

Хӕйрӕг адӕмы бафтыдта ӕнӕгъдау ӕмӕ сын зиан чи хӕссы, ахӕм хъуыддӕгтыл. Ӕмӕ мах ахӕм хъуыддӕгтӕ куы нал кӕнӕм, уӕд ныл, чи зоны, не ’мбӕлттӕй ӕмӕ нӕ хиуӕттӕй чидӕртӕ худой кӕнӕ нӕ ныхмӕ дӕр цӕуой (1 Петры 4:3, 4). Ӕмӕ нӕ уӕд хъӕудзӕн равзарын: Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕмимӕ нӕхи бӕтдзыстӕм ӕви нӕ? Стӕй йӕ уарзондзинад ӕмӕ йе стыр зондыл дзурӕг чи у, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрдзыстӕм ӕви нӕ? Кӕд о, уӕд равдисдзыстӕм, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ, иу адӕймаг дӕр Хуыцауы коммӕ нӕ кӕсдзӕн, зӕгъгӕ, мӕнг кӕй сты. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 15:33.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс www.watchtower.org

[Ныв 16 фарсыл]

Адам равзӕрста ӕвзӕр фӕндаг

[Ныв 17 фарсыл]

Цы равзарӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Хуыцау нӕ хицау уа, уый нӕ фӕнды ӕви нӕ