Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарнуарзаг адӕм сӕ ном ӕгад кӕнын нӕ уадзынц

Фарнуарзаг адӕм сӕ ном ӕгад кӕнын нӕ уадзынц

ӔППӔТ УӔРӔСЕЙЫ ЦӔРДЖЫТӔ ДӔР ХЪУАМӔ ЗОНОЙ. Ацы статьяйы фӕрцы милуангай адӕм 230 бӕстӕйӕ фылдӕры базондзысты, Уӕрӕсейы бирӕты Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын кӕй нӕ уадзынц, кӕд закъон алкӕмӕн дӕр уый бар дӕтты, уӕддӕр. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цал ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынц ӕмӕ йӕ цал адӕймаджы бакӕсы, уыимӕ иу журнал дӕр абарӕн нӕй. Зӕгъӕм, ацы статья рацӕудзӕн 188 ӕвзагыл. 40 милуанӕй фылдӕр экземпляры та дзы мыхуыры рауадздзысты. Хицауадӕй кӕйдӕрты, чи зоны, нӕ фӕнды, цӕмӕй иннӕ бӕстӕты дӕр базоной, Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы ’фхӕрд ӕййафынц, уый. Фӕлӕ Чырысти мӕнгӕй нӕ загъта: «Ницы у афтӕ арф ӕмбӕхст, ӕмӕ ма раргом уа, ӕмӕ нӕй ахӕм сусӕгдзинад, ӕмӕ ма рахъӕр уа» (ЛУКАЙЫ 12:2).

УӔРӔСЕЙЫ дыууӕ тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ 2009 азы декабры ӕмӕ 2010 азы январы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нымад ӕрцыдысты экстремисттыл, ома хицауады ныхмӕ чи цӕуы, ахӕм адӕмыл. Ӕмӕ сӕ афтӕ фыццаг хатт не схуыдтой. Советон Цӕдисы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй минты схуыдтой адӕмы знӕгтӕ. Сыбырмӕ-иу сӕ ахастой, ахӕстӕтты-иу сӕ сбадын кодтой, лагерты-иу сӕ тыхкуыст кӕнын кодтой. Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд ног хицауад басаст, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дзӕгъӕлы ӕфхӕрд кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ сын сӕ номыл цъыф дзӕгъӕлы кӕй калдтой *. Ӕмӕ та сӕ ныр ногӕй иуӕй-иутӕ алы мӕнг ныхӕстӕ кӕнынц.

Хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕфхӕрын райдыдта 2009 азы райдианы. Ӕрмӕст февралы Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл тӕрхондонмӕ балӕвӕрдтой 500 хъасты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ хицауады фӕндыд, цӕмӕй сӕ фӕаххосджын кодтаиккой, закъон кӕй халынц, уымӕй. Уый фӕстӕ Уӕрӕсейы иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рцыд ахӕм хабӕрттӕ, милицӕйы кусджытӕ-иу куы бацыдысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм ӕмбырд кӕнынц, уыцы залтӕм ӕмӕ хӕдзӕрттӕм. Ахастой-иу сын сӕ литературӕ ӕмӕ сӕ исбонӕй цыдӕртӕ. Хицауад Уӕрӕсейӕ арвыста, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн чи ’ххуыс кодта, уыцы фӕсарӕйнаг адвокатты ӕмӕ сын фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхыны бар нал радта.

2009 азы 5 октябры Германийӕ Санкт-Петербургмӕ цы Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ластой, уый Уӕрӕсемӕ не ’рбауагътой. Уыцы литературӕ хъуамӕ ӕрвыст ӕрцыдаид Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм. Литературӕ басгӕрстой арӕнхъахъхъӕнджыты сӕрмагонд къорды кусджытӕ. Уыдон сӕ хъус дарынц, цӕмӕй бӕстӕмӕ тӕссагӕй мачи мацы ’рбаласа. Цымӕ уыцы кусджытӕ литературӕ цӕмӕн басгӕрстой? Уыцы бар сын цы гӕххӕтт лӕвӕрдта, уым фыст уыд: «Чи зоны, литературӕйы ис ахӕм хъуыдытӕ, ӕмӕ алыхуызон диныл хӕст адӕмы кӕрӕдзийыл ардауынц».

Уыцы хабӕрттӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ хицауад ӕндӕр мадзӕлттӕй архайын райдыдта. Уӕрӕсейы сӕйраг тӕрхондон ӕмӕ Республикӕ Алтайы сӕйраг тӕрхондоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты иуӕй-иу чингуытӕ, брошюрӕтӕ, трактаттӕ, стӕй журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы иуӕй-иу номыртӕ нымад ӕрцыдысты, адӕмы хицауады ныхмӕ чи аразы, ахӕм литературӕйыл. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уый тыххӕй тӕрхондонмӕ хъаст балӕвӕрдтой. Уӕрӕсейы ахӕм уавӕр кӕй ис, уый фӕдыл бирӕ бӕстӕтӕ сӕ хъуыды загътой, зӕгъгӕ, уый нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Фӕлӕ уымӕй ницы фӕивта. Тӕрхондӕтты уынаффӕтӕ нырма сӕ тыхы кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уыцы литературӕ Уӕрӕсемӕ ласӕн ӕмӕ парахат кӕнӕн нӕй.

Цымӕ сын сӕ ном фӕчъизи кӕнын кӕй хъавынц ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг кӕй къуылымпы кӕнынц, уымӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы цӕстӕй ракастысты? Тӕрхондӕттӕ цы уынаффӕ рахастой, уый куыд фӕзындзӕн, иннӕ динтыл хӕст чи у, уыцы адӕмы бартыл ӕнӕхъӕн Уӕрӕсейы?

Уайтагъд архайын райдыдтой

2010 азы 26 февралы, майрӕмбоны, иу-160 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕгас Уӕрӕсейы парахат кӕнын райдыдтой, йӕ тираж 12 милуан экземпляры кӕмӕн уыд, уыцы трактат, «История повторяется? Вопрос к россиянам». Зӕгъӕм, Сыбыры иу горӕты, Усолье-Сибирское, зӕгъгӕ, цалдӕр сӕдӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны уынгтӕм рацыдысты райсомӕй ӕхсӕз ӕрдӕгыл. Се ’хсӕн уыди, 1951 азы йӕ дины тыххӕй Сыбырмӕ кӕй ахастой, ахӕмтӕ дӕр. Кӕд тынг уазал уыди, 40 градусы, уӕддӕр сӕм цы 20 000 трактаты уыд, уыдон иууылдӕр байуӕрстой.

Ацы трактат Уӕрӕсейы хъуамӕ парахат кодтаиккой ӕртӕ боны, ӕмӕ уый фӕдыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Мӕскуыйы скодтой пресс-конференци. Уырдӕм кӕй фӕхуыдтой, уыдоны ’хсӕн уыди Адӕмы бартӕ хъахъхъӕнӕн институты кусӕг Лев Левинсон. Уый цыбыртӕй радзырдта, нацистон Германийы ӕмӕ Советон Цӕдисы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕнаххосӕй куыд ӕфхӕрдтой ӕмӕ фӕстӕдӕр реабилитацигонд кӕй ӕрцыдысты. Стӕй ма загъта: «Советон Цӕдисы рӕстӕг цы динтӕ ’фхӕрдтой, уыдон Президент Ельцины уынаффӕмӕ гӕсгӕ реабилитацигонд ӕрцыдысты ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр байстой, уый сын хъуамӕ фӕстӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыдаид. Советон дуджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм мулкӕй бирӕ ницы уыд. Цы сӕм уыд, уый сӕ хорз ном, ӕмӕ сын ӕй фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодтой».

Ӕмӕ та сын ныр ногӕй хъавынц сӕ хорз ном фӕчъизи кӕнынмӕ. Левинсон ма загъта: «Йӕ рӕдыдыл чи басаст, уыцы бӕстӕйы та ацы адӕмы ногӕй ницӕй тыххӕй ӕфхӕрын райдыдтой».

Адӕм хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ трактат кӕй парахат кодтой, уымӕй, цымӕ, сӕ къухы исты бафтыд? Левинсон загъта: «Конференцимӕ куы цыдтӕн, уӕд метройы федтон, адӕм куыд бадынц ӕмӕ куыд кӕсынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон ӕнӕхъӕн Уӕрӕсейы дӕр кӕй парахат кӕнынц, уыцы трактат... Адӕм бадынц ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг кӕсынц» *. Дӕ хъус-ма ӕрдар, дӕлдӕр цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонмӕ.

Иу ацӕргӕ сылгоймагӕн Татарстанӕй, адӕмӕн сӕ фылдӕр пысылмон диныл хӕст кӕм сты, уырдыгӕй, трактат куы радтой, уӕд афарста, цӕй тыххӕй у, зӕгъгӕ. Куы йын загътой, зӕгъгӕ дзы дзырд Уӕрӕсейы адӕмы бартыл цӕуы, уӕд бацин кодта: «Кӕдӕй-уӕдӕй ацы фарстамӕ чидӕр йӕ хъус ӕрдардта! Ацы хъуыддаджы та Уӕрӕсе Советон Цӕдисы заманмӕ раздӕхт. Стыр бузныг уӕ фыдӕбонӕй! Раппӕлинаг стут!»

Челябинскы иу сылгоймагӕн трактат раттынмӕ куы хъавыдысты, уӕд загъта: «Ис мӕм ахӕм трактат, бакастӕн ӕй. Ӕз уӕ фарс дӕн. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр ахӕм дин нӕ зонын, йӕ бартыл афтӕ ӕмвӕндӕй чи тох кӕны. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы уӕ аив конд ӕмӕ уӕ уӕздандзинад. Бӕрӕг у, цы дзурут, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндут. Мӕнмӕ гӕсгӕ уын Хуыцау арфӕ кӕны».

Санкт-Петербурджы иу нӕлгоймаджы куы бафарстой, трактат дӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Тынг. Куы йӕ кастӕн, уӕд мӕ хъуын арц слӕууыд, мӕ цӕссыг дӕр ма ӕркалд. Мӕ мадымады дӕр мын ӕнаххосӕй афтӕ бафхӕрдтой. Ахӕстоны кӕимӕ бадт, уыдоны тыххӕй мын-иу арӕх дзырдта. Се ’хсӕн фыдгӕнджытӕ дӕр уыд, фӕлӕ йӕ дины тыххӕй ӕнаххосӕй кӕй бафхӕрдтой, ахӕмтӕ дӕр дзы уыди. Мӕнмӕ гӕсгӕ уыцы хабӕртты тыххӕй се ’ппӕт дӕр хъуамӕ зоной. Уӕллӕй, раст стут».

Фидӕн цы ӕрхӕсдзӕн?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стыр аргъ кӕнынц, фӕстаг ссӕдз азы сын Уӕрӕсейы цы сӕрибардзинад ис, уымӕн. Фӕлӕ уый дӕр хорз зонынц, уавӕр ӕхсӕвӕй райсоммӕ дӕр кӕй фӕивы. Ӕрӕджы та Уӕрӕсейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты номыл цъыф калын кӕй райдыдтой, уый, цымӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ та ногӕй Советон замантӕ раздӕхтысты? Уый рӕстӕг равдисдзӕн.

Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дарддӕр хъусын кӕндзысты, Библийы цы фарны ӕмӕ ныфсы хабар ис, уый. Адӕмӕн цы трактат уӕрстой, уым фыст ис: «Нӕ ныхмӕ куы цӕуой, куы нӕ ’фхӕрой, уӕд дӕр мах ничи бауромдзӕн. Ныронг уӕзданӕй ӕмӕ фӕлмӕнӕй Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ Библийы тыххӕй куыд дзырдтам, афтӕ дзурдзыстӕм дарддӕр дӕр (1 Петры 3:15). Нацистон Германийы рӕстӕг нӕ куы ’фхӕрдтой, уӕд дӕр дзырдтам. Советон дуджы нӕ ныхмӕ куы цыдысты, уӕд дӕр дзырдтам. Ӕмӕ ныр дӕр дзурдзыстӕм (Хъуыддӕгтӕ 4:18–20)».

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 13 абз. Мӕскуыйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ трактат парахат кӕнын райдыдтой пресс-конференцийӕ цалдӕр сахаты раздӕр.

[Хицӕнгонд текст 20 фарсыл]

Владимир Литвины (81 азы) Красноярскы краймӕ ахастой 14-аздзыдӕй. Майрӕмбоны райсомӕй раджы уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ трактат парахат кодта

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Николай Ясинский (73 азы) зӕрдиагӕй парахат кодта трактат. «Цымӕ та нӕ ӕцӕгдӕр ногӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ та нӕ Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын нал уадздзысты?»– бафарста Николай

[Хицӕнгонд текст 21 фарсыл]

Степан Левитский (85 азы) йӕ ус Еленӕимӕ. Иу журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕм кӕй ссардтой, ӕрмӕст уый тыххӕй ахӕстоны фӕбадт дӕс азы

[Рамкӕ 19 фарсыл]

 Ӕнаххосӕй сӕ ӕфхӕрдтой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ахӕстоны чи уыд, уыдонӕй фӕстӕгты ссӕрибар кодтой 1990 азы. Сӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ хицауад басаст, ӕнаххосӕй сӕ кӕй бафхӕрдтой, ӕмӕ ныр «адӕмы знӕгтыл» нымад кӕй нал сты. Алкӕмӕн дӕр дзы радтой гӕххӕтт, реабилитацигонд кӕй ӕрцыдысты, уый фӕдыл.

[Рамкӕ/Ныв 19 фарсыл]

Ацы литературӕ, дӕумӕ гӕсгӕ, адӕмы хицауады ныхмӕ кӕны?

Уӕрӕсейы Федерацийы Сӕйраг Тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ, адӕмы хицауады ныхмӕ чи кӕны, ахӕм литературӕйыл нымад ӕрцыдысты ацы чингуытӕ дӕр:

«Мӕ библион радзырдты чиныг» * (уӕлейӕ)

«Баввахс у Иегъовӕмӕ»

«Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» *

«Человечество в поисках Бога» *

«Вопросы молодёжи. Практические советы», том 1 *

«Жизнь – как она возникла? Путем эволюции или путем сотворения?»

Ацы чингуытӕ адӕймаджы разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕмӕ йӕ Ныхасӕн, Библийӕн, аргъ кӕна. Ӕххуыс ма йын кӕнынц, цӕмӕй лӕмбынӕгдӕр хъуыды кӕнын сахуыр уа, ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уый раст у ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕна. Куыд уӕм кӕсы, ацы чингуытӕй афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ кӕсын не ’мбӕлы?

[Фиппаинаг]

^ 35 абз. Ацы чингуытӕ бирӕ ’взӕгтыл сты сайтыл www.watchtower.org.

^ 37 абз. Ацы чингуытӕ бирӕ ’взӕгтыл сты сайтыл www.watchtower.org.

^ 38 абз. Ацы чингуытӕ бирӕ ’взӕгтыл сты сайтыл www.watchtower.org.

^ 39 абз. Ацы чингуытӕ бирӕ ’взӕгтыл сты сайтыл www.watchtower.org.

[Рамкӕ/Ныв 20 фарсыл]

Ахсджиаг хабар

Трактат «История повторяется? Вопрос к россиянам» ӕмбарын кӕны, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы хицауады ныхмӕ кӕй нӕ кӕнынц. Дзырд дзы цӕуы, абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ном фӕчъизи кӕнынмӕ куыд хъавынц ӕмӕ сӕ Советон Цӕдисы ӕнаххосӕй ӕфхӕрын цӕмӕн райдыдтой, уыцы хабӕртты тыххӕй, стӕй ацы дыууӕ хабары ’хсӕн ӕмхуызонӕй цы ис, ууыл. Трактаты ма фыст ис, алкӕй бон дӕр кӕй у фенын сайт www.jw-russia.org. Уым бакӕсӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы тыххӕй ӕмӕ, цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй. Трактаты ма сты, Уӕрӕсейы Президент Дмитрий Медведев, репрессигонд чи ӕрцыд, уыдоны Номарӕн бон кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ *. Кӕд Советон Цӕдисы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ хицауад ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта.

[Фиппаинаг]

[Рамкӕ 21 фарсыл]

 Ӕнаххосӕй кӕй бафхӕрдтой, уыдоны мысӕн бон

Ӕрӕджы Уӕрӕсейы Президент Дмитрий Медведев, репрессигонд чи ӕрцыд, уыдоны Номарӕн бон загъта:

«Нӕ бӕстӕйы цы адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдон се ’ппӕт дӕр цы ’фхӕрд баййӕфтой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй [...] ... Диныл хӕст чи уыди, уыдонӕй бирӕты ӕфхӕрдтой. ...Абон мах мысӕм, цы милуангай адӕмы цард фехӕлд, уыдоны – ӕнӕ тӕрхонӕй кӕй амардтой, сӕ хӕдзӕрттӕй кӕй сыстын кодтой ӕмӕ дард рӕттӕм кӕй ахастой, стӕй лагертӕм кӕй арвыстой, уыдоны. Мысӕм, сӕ бартӕ уый тыххӕй кӕмӕн байстой, ӕмӕ, „чи не ’мбӕлд“, ахӕм хъуыддагыл хӕст кӕй уыдысты кӕнӕ, цы адӕмыхаттӕй уыдысты, уый кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд. [...] Уыцы рӕстӕг-иу „адӕмы знӕгты“ ӕмӕ сӕ „фарсхӕцджыты“ ном сбадти ӕгас бинонтыл. Ахъуыды-ма кӕнӕм: кӕй ныццагътой кӕнӕ, кӕуылдӕр ӕвзаг кӕй бахастой, уый аххосӕй чи амард, уыдон сты милуантӕ. Сӕ бартӕ сын иууылдӕр байстой, суанг сын уыцы бар дӕр нӕ уыд, цӕмӕй-иу сӕ мӕрдты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ баныгӕдтаиккой. Бирӕ азты дӕргъы та сын сӕ кой кӕнын дӕр нӕ уагътой, цыма уӕвгӕ дӕр никуы уыдысты, афтӕ».

«Адӕмы ӕнаххосӕй ӕфхӕрыны бар никӕмӕн ис».