Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ЦЫМӔ иу зындгонд зарӕггӕнӕг йӕ куыст цӕмӕн ныууагъта ӕмӕ йӕ хъарутӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ цӕмӕн сарӕзта? Стӕй, тӕрхонгӕнӕг афтӕ цы фыдгӕнӕгӕй загъта, ай никуы сраст уыдзӕн, зӕгъгӕ, уый цӕй фӕрцы аивта? Мӕнӕ цы дзурынц ацы адӕм сӕхи тыххӕй.

«Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа» (АНТОЛИНА ОРДЕН КАСТЕЛЬО).

РАЙГУЫРД 1962 АЗЫ

ЦӔРЫ ИСПАНИЙЫ

РАЗДӔР УЫД АРТИСТКӔ ӔМӔ ЗАРӔГГӔНӔГ

Ӕз райгуырдтӕн Тресхункосы, иу гыццыл хъӕуы Ла-Манчӕйы облӕсты. Мӕ ныййарджытӕ уыдысты хуымӕтӕг зӕхкусджытӕ. Мӕ мад уыд католик, мӕ фыд та – протестант. Мӕ фыд-иу мын дзырдта, цӕмӕй Библийӕн аргъ кодтаин. Йӕхӕдӕг-иу ӕй ӕдзух каст. Мӕ мад та мын католикон дины ӕгъдӕуттӕ амыдта ӕмӕ-иу мӕ алы хуыцаубон дӕр йемӕ аргъуанмӕ акодта.

Фынддӕс азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ хистӕр хомӕ Мадридмӕ цӕрынмӕ ацыдтӕн. Кӕд мӕ ныййарджыты тынг мысыдтӕн, уӕддӕр горӕты цардыл сабыргай сахуыр дӕн. Ӕвддӕс аздзыдӕй мын фадат фӕзынд, цӕмӕй цалдӕр мӕйы зарыдаин испайнаг опереттӕйы (сарсуэллӕ). Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд ӕмӕ мӕ бафӕндыд, цӕмӕй артисткӕ суыдаин. Уӕд ахуыр кодтон секретары курсыты, фӕлӕ сӕ ныууагътон ӕмӕ, опереттӕтӕ чи зары, ахӕм алыхуызон къордтимӕ зарын райдыдтон. Уыцы рӕстӕг бацардтӕн ме ’мбалы ӕфсымӕримӕ. Мӕхицӕй амондджындӕр никӕй хуыдтон, уымӕн ӕмӕ мын уыд алцыдӕр: хорз куыст, ӕхца, уарзон адӕймаг.

Уыцы къордтимӕ ӕрзылдыстӕм ӕнӕхъӕн Испанийыл. Уыдыстӕм ма ӕндӕр бӕстӕты дӕр, зӕгъӕм, Колумбийы, Коста-Рикӕйы, Эквадоры ӕмӕ Венесуэлӕйы. Уыцы рӕстӕг ма зарыдтӕн, Мадриды цы зындгонд къордтӕ уыди, уыдонимӕ дӕр. Цы музыкӕ цагътой, уый хуыйны ла мовида мадрилена. Нӕ къордтӕй иу сси тынг зындгонд.

Мӕ куыстӕй мӕ зӕрдӕ тынг рухс кодта, фӕлӕ мӕ алыварс цы ӕнӕгъдаудзинад уыдтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Стӕй мӕ мӕ уынд ӕмӕ мӕ конд йеддӕмӕ ницыуал ӕндӕвта ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ иууылдӕр зыдтаиккой ӕмӕ уарзтаиккой. Диетӕйыл кӕй «сбадтӕн», уый ме ’нӕниздзинадыл фӕзынд: куы-иу мӕм хӕрын ӕппындӕр нӕ цыд, куы та-иу фыдхӕрд бакодтон ӕмӕ-иу, цы бахордтон, уый-иу стӕй фӕстӕмӕ скалдтон.

Фӕлӕ уӕддӕр мӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй артисткӕ суыдаин. Ӕмӕ Мадриды аивӕдты скъоламӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыдтӕн. Цӕмӕй нӕ хорз артисттӕ рауадаид, уый тыххӕй нӕ ахуыр кодтой, цӕмӕй-иу хорз бамбӕрстаиккам, кӕй роль хъазӕм, уый ӕнкъарӕнтӕ. Фӕлӕ куы афӕлвӕрдтон, уӕд ӕй бамбӕрстон, мӕ зӕрдӕ афтид кӕй у, арф кӕй ницӕуыл хъуыды кӕнын ӕмӕ хиуарзон адӕймаг кӕй сдӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Ӕмбӕрстон ӕй, кӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй мӕм хорз миниуджытӕ уа, уӕд мӕ уый тыххӕй исты аразын кӕй хъӕуы, фӕлӕ мӕ сӕрӕн ницы зыдтон. Ӕмӕ уӕд сфӕнд кодтон, иухатт мӕ ныййарджытимӕ Мадриды цы евангелистон аргъуаны уыдтӕн, уырдӕм ацӕуын. Уый фӕстӕ Хуыцаумӕ скуывтон йӕ номӕй, Йегъовӕ, зӕгъгӕ.

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ мын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ хӕдзары дуар ӕрбахостой. Библийы тыххӕй семӕ зӕрдиагӕй аныхас кодтон, фӕлӕ семӕ бирӕ цӕуылдӕрты разы нӕ уыдтӕн. Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы сылгоймаг, Эстер, уыд тынг фӕразон. Эстер дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр уыдысты тынг фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ йӕ уыдтон, кӕй мӕ уарзынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдыдтон, уӕд уайтагъд бамбӕрстон, цы рӕстдзинад агуырдтон, уый кӕй ссардтон.

Уӕдмӕ аивӕдты скъола каст фӕдӕн ӕмӕ мын мӕ курдиӕтты фӕрцы размӕ цӕуынӕн бирӕ фадӕттӕ фӕзынд. Мадриды зындгонд театры мын роль радтой. Фӕлӕ йӕ ’мбӕрстон, цӕмӕй мӕ хорз артисткӕ рауадаид, уый тыххӕй мын фыццаг бынаты хъуамӕ уыдаид куыст. Уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодтон ахӕм куыст ссарын, цӕмӕй мӕ бон Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын уыдаид. Мӕ зӕрдӕ мын бацагайдтой Чырыстийы ныхӕстӕ: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матфейы 6:24). Аст азы цы лӕппуимӕ фӕцардтӕн, уымӕй ацыдтӕн, мӕ ног дин йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы дыууӕ хъуыддагӕй мын иу дӕр ӕнцон саразӕн нӕ уыд.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Ныр кусын ӕрмӕстдӕр боны ӕрдӕг. Мӕ куыст у ацӕргӕты ирхӕфсын. Уымӕ гӕсгӕ мын бирӕ рӕстӕг ис араббаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмимӕ Библийы тыххӕй ныхас кӕнынӕн. Ацы ӕвзаг ахуыр кӕнын мын, раст зӕгъгӕйӕ, зын у. Фӕлӕ араббӕгтӕ уазӕгуарзон кӕй сты ӕмӕ сӕ Хуыцауы тыххӕй базонын кӕй фӕнды, уый тыххӕй мын тынг ӕхсызгон вӕййы семӕ ныхас кӕнын.

Артисткӕйыл куы ахуыр кодтон, уӕд мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кодта. Фӕлӕ ныр зонын, цӕй тыххӕй цӕрын, уый. Йегъовӕйы фӕрцы хуыздӕрырдӕм аивтон ӕмӕ дӕн амондджын.

«Тӕрхонгӕнӕг фӕрӕдыд» (ПОЛ КЕВИН РУБЕРИ).

РАЙГУЫРД 1954 АЗЫ

ЦӔРЫ АНГЛИЙЫ

РАЗДӔР УЫД ӔГЪАТЫР ФЫДГӔНӔГ

Ӕз райгуырдтӕн Дадлийы, Уэст-Мидлендсы, бирӕ заводтӕ кӕм ис, ахӕм горӕты. Гыццылӕй мын мӕ фыд чингуытӕ кӕсын бауарзын кодта. Стӕй ма мӕ ахуыр кодта, цӕмӕй ӕрдзы диссӕгтыл хъуыды кодтаин, кӕд афтӕ дзырдта, ӕмӕ алцыдӕр йӕхихъӕдӕй фӕзынд ӕмӕ Хуыцау нӕй, уӕддӕр. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр мӕ ныййарджытӕ радтой, алы хуыцаубон дӕр кӕдӕм хъуыд цӕуын, ахӕм дины скъоламӕ.

Аст азы мыл куы цыд, уӕд иухатт федтон, лӕппутӕ лодкӕ куыд басыгътой, уый. Пъӕлицӕйы кусджытӕ куы ӕрбацыдысты, уӕд уыцы лӕппуты не схъӕр кодтон, уымӕн ӕмӕ мӕм бартхъирӕн кодтой. Ӕмӕ фыдракӕнд мӕныл сбадт. Ӕнаххосӕй мӕ кӕй бафхӕрдтой, уый тыххӕй сфыдзӕрдӕ дӕн ӕмӕ ууыл сдӕн, цӕмӕй скъолаты, аргъуанты ӕмӕ заводты бӕстыхӕйттӕн исты знаггад ракодтаин. Дӕс аздзыдӕй та райдыдтон хӕдзӕрттӕ ӕмӕ дуканитӕ давын. Исты басудзынӕй хуыздӕр мӕм ницы каст ӕмӕ-иу куы цӕуыл бандзӕрстон арт, куы цӕуыл. Скъолайы ахуыргӕнджытӕ дзырдтой, ай никуы ничи басӕтдзӕн, зӕгъгӕ.

Дыууадӕс азы мыл куы цыд, уӕд спиритизмы тыххӕй иу чиныг ссардтон ӕмӕ дзы цы хъуыддӕгты тыххӕй бакастӕн, уыдоныл бафтыдтӕн. Мӕ ныййарджытӕ Хуыцауыл кӕй не ’ууӕндыдысты, уымӕ гӕсгӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, уадз ӕмӕ йӕхи ирхӕфса, кӕд йе ’взӕр митӕ ныууадзид. Цалынмӕ скъолайы ахуыр кодтон, уӕдмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ уыдтӕн, сывӕллӕтты фыдракӕндтӕ кӕм февзарынц, уыцы тӕрхондоны. Ӕз сбӕндӕн дӕн, скинхедтӕ кӕй хонынц, уыцы ӕгъатыр къордимӕ. Хӕцӕнгарзӕн ӕдзух мемӕ хастон сӕрдасӕн ӕмӕ велосипеды рӕхыс. Куысты дӕр бӕргӕ ныллӕууыдтӕн, фӕлӕ дзы бирӕ нӕ афӕстиат дӕн, уымӕн ӕмӕ мӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Бадгӕ дзы бирӕ нӕ акодтон ӕмӕ куы рацыдтӕн, уӕд та мӕ раздӕры митӕ кӕнын райдыдтон ӕмӕ мын дыууӕ азы радтой. Тӕрхонгӕнӕг загъта, зӕгъгӕ, ацы адӕймаг никуы сраст уыдзӕн ӕмӕ йын адӕмы ’хсӕн цӕргӕ нӕу.

Ахӕстонӕй куы рацыдтӕн, уӕд мӕ раздӕры уарзон Анитӕйыл фембӕлдтӕн, ӕмӕ нӕ цард баиу кодтам. Ӕз цасдӕр рӕстӕг нал давтон ӕмӕ гыццыл ӕрсабыр дӕн. Фӕлӕ афтӕ цалдӕр азы йеддӕмӕ нӕ ахаста. Заводтӕм ӕмӕ-иу къантортӕм бабырыдтӕн ӕмӕ-иу сейфтӕ фӕкъахтон. Уымӕй уӕлдай ма наркотиктыл бафтыдтӕн, фыднозт кӕнын райдыдтон, стӕй мӕхицӕн дамбаца самал кодтон. Ӕмӕ та ногӕй ахӕстонмӕ бахаудтӕн.

Анитӕйыл мемӕ мӕгуыры бон уыд. Дохтыр ын нервытӕ сабыргӕнӕн хостӕ рафыста ӕмӕ йын загъта, зӕгъгӕ, ӕппӕты тынгдӕр та дын баххуыс кӕндзӕн, дӕ лӕгӕй куы ахицӕн уай, уый. Мӕ амондӕн, Анитӕ дохтыры ныхӕстӕм нӕ байхъуыста.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Нӕ цард куы баиу кодтам, уӕд Анитӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта, фӕлӕ йӕ гыццыл фӕстӕдӕр ныууагъта. Ахӕстоны фӕстаг хатт куы бадтӕн, уӕд та семӕ ногӕй фембӕлд. Ӕмӕ, фӕстӕдӕр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй раст уыцы бон ӕз дӕр Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ йын загътон: «О, Хуыцау! Кӕд ӕцӕгдӕр дӕ, уӕд-ма мын ӕй равдис».

Ахӕстонӕй куы рацыдтӕн, уымӕй цалдӕр мӕйы фӕстӕ иу сауджынимӕ аныхас кодтон ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мемӕ ӕмӕ Анитӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Сауджын мын загъта, зӕгъгӕ, дам, уын мӕ бон у ӕрмӕстдӕр аргъуаны ахуырӕдтӕ бацамонын ӕмӕ уӕ кувын сахуыр кӕнын.

Уӕд мӕхӕдӕг райдыдтон Библи кӕсын. Библи спиритизмы ныхмӕ кӕй у, уый куы базыдтон, уӕд мӕм уый тынг диссаг фӕкаст (Дыккаг закъон 18:10–12). Фӕстӕдӕр та ссардтон, Хуыцаумӕ цы бон куывтон, уыцы бон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Анитӕйӕн цы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» радтой, уый. Куы йӕ бакастӕн, уӕд мӕ бафӕндыд семӕ аныхас кӕнын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодтам, уый нӕ хиуӕтты, не ’мбӕлтты ӕмӕ мын фыдгӕнджыты ’хсӕн цы зонгӕтӕ уыд, уыдоны зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Иуӕй-иутӕ-иу мын афтӕ бакодтой, дӕ сӕры мӕгъзтӕ дын рауагътой, зӕгъгӕ. Раст зӕгъгӕйӕ мын сӕ ӕцӕгдӕр хъуыди рауадзын, цӕмӕй мӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууагътаин. Мӕнмӕ уыд бирӕ ӕвзӕр миниуджытӕ, ме ’фсарм бахордтон, тамако та алы бон дӕр дымдтон ӕртӕ пачкӕйы. Немӕ Библи чи ахуыр кодта, уыдон, стӕй нӕм ӕмбырды иннӕтӕ дӕр хорз цӕстӕй кастысты ӕмӕ-иу ныл алкӕддӕр тынг бацин кодтой. Ӕппынфӕстаг мӕ бон сси ме ’взӕр хъуыддӕгтӕй фервӕзын (2 Коринфӕгтӕм 7:1).

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Анитӕимӕ иумӕ ныр цӕрӕм 35 азы. Нӕ чызг дӕр ӕмӕ йӕ дыууӕ сывӕллоны дӕр немӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Фӕстаг цалдӕр азы мах Анитӕимӕ нӕ хъарутӕ сарӕзтам, цӕмӕй иннӕтӕн Библи базонынӕн ӕххуыс кӕнӕм.

Хуыцауӕн лӕггад кӕнын куы райдыдтам, уӕдӕй фӕстӕмӕ нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райы. 1970 азы тӕрхонгӕнӕг мӕнӕй афтӕ загъта, зӕгъгӕ, ай никуы сраст уыдзӕн. Фӕлӕ Хуыцауы ӕххуысӕй ӕмӕ Библийы фӕрцы ӕз аивтон. Уӕдӕ куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй тӕрхонгӕнӕг фӕрӕдыд.