Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

«Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

ӔРКӔС-МА ацы нывмӕ. Бӕрӕг у, гыццыл уӕрыкк фыййауы хъӕбысы кӕй ницӕмӕй тӕрсы. Библийы 23 псаломы дзырд цӕуы, фыййау йӕ фыстыл куыд тыхсы, ууыл, ӕмӕ уымӕй нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл куыд ӕнувыд у ӕмӕ сыл куыд тыхсы, уый. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй псаломтӕ фыссӕг Давидау махӕн дӕр нӕ зӕрдӕйы тас ма уа ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон уа фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау» * (1 стих).

Ацы псалом ныффыста Давид, Хуыцауы ӕххуыс йӕхиуыл бирӕ хӕттыты чи бавзӕрста, уыцы адӕймаг. Ӕрыгонӕй Давид уыд фыййау ӕмӕ, фыстӕм куыд зилын хъӕуы, стӕй фыййауы хӕстӕм цы хауы, уыдӕттӕ хорз зыдта. Библи иртасджытӕй иу 23 псалом схуыдта «ныфсы псалом». Ацы псаломы Хуыцауы ном Йегъовӕ ӕмбӕлы дыууӕ хатты – райдианы ӕмӕ кӕронӕй (1 ӕмӕ 6 стихтӕ). Иннӕ стихты та дзырд цӕуы, фыййау йӕ фыстыл куыд фӕтыхсы, афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ адӕмыл кӕй тыхсы. Ӕркӕсӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы сыл тыхсы, уымӕ (Псалом 100:3).

Йегъовӕ йӕ фысты раст фӕндагыл кӕны. Фыстӕ ӕнӕ фыййауӕй сӕ фӕндагӕй адзӕгъӕл вӕййынц. Цӕмӕй царды раст фӕндаг ссарӕм, уый тыххӕй мах дӕр фӕхъӕуы ӕххуыс (Йереми 10:23). Давид куыд дзуры, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмӕн фӕндаг амоны «кӕрдӕгджын хизӕнтӕм» ӕмӕ «донджын улӕфӕн бынӕттӕм» ӕмӕ сӕ «рӕстдзинады фӕндӕгтыл» кӕны (2 ӕмӕ 3 стихтӕ). Ацы ныхӕстӕ нӕ ныфс уадзынц, нӕ бон кӕй у нӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарын. Хуыцау нын Библийы фӕрцы цы разамынд дӕтты, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райдзӕн, нӕ хъарутыл хъарутӕ ӕфтдзӕн ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсдзыстӕм.

Йегъовӕ йӕ фысты хъахъхъӕны. Ӕнӕ фыййауӕй фыстӕ алцӕмӕй дӕр тӕрсгӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ бон сӕхи бахъахъхъӕнын нӕ вӕййы. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн дзуры, цӕмӕй ма тӕрсой, «саудалынг комы дӕр куы ацӕуой», ома тынг уӕззау уавӕры куы бахауой, уӕд дӕр (4 стих). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм йӕ хъус дары ӕмӕ сын алкӕддӕр баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййы. Дӕтты сын зонд ӕмӕ тых, цӕмӕй-иу зындзинӕдты сӕ бон фидар фӕлӕууын уа (Филиппӕгтӕм 4:13; Иаковы 1:2–5).

Йегъовӕ йӕ фысты ӕфсады. Фыстӕн фыййау куы нӕ уа, уӕд ӕххормагӕй баззайдзысты. Махӕн дӕр ӕнӕ Хуыцауӕй нӕ бон цӕрын нӕу (Матфейы 5:3). Куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзаджджын фынгтӕ кӕй ӕрӕвӕры! (5 стих). Хуыцау нӕ цы хӕрзад хӕринӕгтӕй ӕфсады, уыдонмӕ хауынц Библи ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ, зӕгъӕм, ныртӕккӕ цы брошюрӕ кӕсыс, уый. Уыдон нын ӕмбарын кӕнынц, цӕй тыххӕй цӕрӕм ӕмӕ Хуыцаумӕ мах тыххӕй цы фӕнд ис, уый.

Давиды зӕрдӕ уыд сабыр, уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ уӕларвон Фыййау Йегъовӕимӕ ӕнгом куы уа, уӕд «цӕрӕбонты» Йегъовӕ йемӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (6 стих). Фӕнды дӕ, цӕмӕй дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕйы тас ма уа? Кӕд о, уӕд базон, цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай. Уӕд дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ уыдзӕн сабыр, ӕмӕ гыццыл уӕрыкк йӕхи фыййауы хъӕбысы куыд фӕхаты, афтӕ хатдзынӕ ды дӕр дӕхи нӕ уӕларвон Фыййауы «хъӕбысы». Уый йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты раст фӕндагыл кӕны, хъахъхъӕны сӕ ӕмӕ сӕ ’фсады (Исай 40:11).

Майы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Иов 38–42Псалом 1–25

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Иуӕй-иу Библиты ацы стих у афтӕ: «Хицау – мӕ фыййау». Библийы иуӕй-иу тӕлмацтӕй Хуыцауы ном, Йегъовӕ, цӕмӕн айстой, уый тыххӕй кӕс брошюрӕ «Хуыцауы ном уыдзӕн ӕнустӕм», 17–22 фӕрстӕ.