Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Библи мӕрдты тыххӕй цы дзуры?

Библи мӕрдты тыххӕй цы дзуры?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, чи амард, уыдонмӕ?

Йесо Чырысти ӕрбацыд Вифанимӕ. Уыцы хъӕу уыд Иерусалиммӕ хӕстӕг, ӕмӕ уым цыппар боны размӕ амард йе ’мбал Лазӕр. Йесо Лазӕры хотимӕ, Марфӕ ӕмӕ Марийӕимӕ, ацыд, мард кӕм ӕвӕрд уыд, уыцы зӕппадзмӕ. Сӕ алыварс адӕм ӕрӕмбырд сты. Ахъуыды-ма кӕн, куыд тынг цин кодтаиккой Марфӕ ӕмӕ Марийӕ, Чырысти сын се ’фсымӕры куы райгас кодта, уӕд! (Бакӕс Иоанны 11:20–24, 38–44.)

Марфӕйы уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зыдтой, фидӕны Хуыцау мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ӕмӕ та ногӕй зӕххыл кӕй цӕрдзысты. (Бакӕс Иов 14:14, 15.)

2. Мӕрдтӕ ма исты фембарынц?

Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд нӕй (Йезекил 18:4). Хуыцау адӕймаджы скодта сыджытӕй, сфӕлдыста йӕ зӕххыл цӕрынӕн (Райдиан 2:7; 3:19). Адӕймаг куы амӕлы, уӕд амӕлы йӕ сӕры магъз дӕр, ӕмӕ уӕд фесӕфынц йӕ хъуыдытӕ дӕр. Уӕдӕ мӕрдты исты куы уаид, уӕд Лазӕр дӕр исты радзырдтаид. Фӕлӕ Лазӕр ницы радзырдта, уымӕн ӕмӕ мард ницыуал фембары. (Бакӕс Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5, 10.)

Мард кӕй ницыуал фембары, уымӕ гӕсгӕ хъизӕмар дӕр нӕ кӕны. Уӕдӕ, чи амӕлы, уыдоны Хуыцау хъизӕмарӕй фӕмары, зӕгъгӕ, уый мӕнг ныхас у. Уый у Хуыцауы фауӕн ныхас. Адӕм сӕ мӕлӕты фӕстӕ хъизӕмары арты фӕсудзынц, зӕгъгӕ, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр Хуыцауӕн ӕлгъаг у. (Бакӕс Йереми 32:35.)

3. Цымӕ мӕрдтимӕ ныхас кӕнын нӕ бон у?

Мӕрдтӕн сӕ бон дзурын нӕу (Псалом 115:17). Фӕлӕ мӕрдты ’фсон адӕмимӕ хатт фӕныхас кӕнынц дӕлимонтӕ (2 Петры 2:4). Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй мӕрдтимӕ дзурыныл ма архайӕм. (Бакӕс Дыккаг закъон 18:10, 11.)

4. Чи райгас уыдзӕн?

Ингӕны цы милуангай адӕмтӕ ис, уыдон ног дунейы райгас уыдзысты. Йегъовӕ райгас кӕндзӕн, чи йӕ нӕ зыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕвзӕр митӕ чи кодта, суанг уыдоны дӕр. (Бакӕс Лукайы 23:43; Хъуыддӕгтӕ 24:15.)

Чи райгас уа, уыдонӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базоной ӕмӕ хъуыддагӕй равдисой, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндынц, уый (Раргомад 20:11–13). Цардмӕ чи раздӕха ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ чи араза, уыдон зӕххыл ӕнустӕм цӕрдзысты. Фӕлӕ, чи райгас уа, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уӕддӕр сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нӕ ныууадздзысты. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон райгас уыдзысты «тӕрхон баййафынӕн». (Бакӕс Иоанны 5:28, 29.)

5. Райгасдзинад нын Йегъовӕйы тыххӕй цы дзуры?

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй хъуамӕ бузныг уӕм Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ уый йӕ Фырты рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй радтаид. Уӕдӕ мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый у Йегъовӕйы стыр лӕвар ӕмӕ дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл. (Бакӕс Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 6:23.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс www.watchtower.org

[Ныв 16 фарсыл]

Хуыцау Адамы сфӕлдыста сыджытӕй