Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Ныффсаст чи у, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

Ныффсаст чи у, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

«ЙЕГЪОВӔ мӕ нӕ уарзы»,– загъта, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, ӕмӕ рагӕй нырмӕ депрессийӕ рынчын чи у, иу ахӕм сылгоймаг. Афтӕ йӕм кӕсы, ӕмӕ дзы Йегъовӕ дард у. Цымӕ Йегъовӕ, йӕ лӕггадгӕнджытӕй ахӕм уавӕры чи ис, уыдонӕй ӕцӕгдӕр дард у? Ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕн ис, Давид Хуыцауы фӕндӕй 34 псаломы 18 стихы цы ныхӕстӕ ныффыста, уым.

Давид йӕхицӕй зыдта, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг уӕззау уавӕры куыд фӕтыхсы, уый. Ӕрыгон куы уыди, уӕд ӕй бахъуыд алы рӕтты рамбӕхс-бамбӕхс кӕнын, уымӕн ӕмӕ йӕм паддзах Саул хӕлӕг кодта ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыд. Ӕмӕ иухатт Давид бамбӕхст, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ Саул кӕм нӕ агуырдтаид, ахӕм ран – израилӕгтӕн се знӕгты горӕт Гефы, филистимӕгты зӕххы. Фӕлӕ йӕ Гефы цӕрджытӕ куы базыдтой, уӕд Давид йӕхи ӕррайы ’фсон скодта, ӕмӕ ма тыххӕй аирвӕзт. Ӕмӕ уӕд Давид Йегъовӕйы скадджын кодта, кӕй йӕ фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ уыцы хабӕртты фӕдыл ныффыста 34 псалом.

Цымӕ Давидмӕ афтӕ каст, ӕмӕ, йӕхимӕ чи ныхъхъуыста, стӕй афтӕ чи хъуыды кодта, Хуыцау мӕ нӕ уарзы зӕгъгӕ, уыдонӕй Йегъовӕ дард у? Афтӕ йӕм кӕй нӕ каст, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (18 стих). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы ныхӕстӕ адӕймагӕн удӕнцой куыд хӕссынц ӕмӕ дзы ныфс куыд уадзынц, уымӕ.

«Йегъовӕ хӕстӕг у». Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «ацы ныхӕстӕ хорз ӕвдисынц, нӕ Хицау адӕмыл тынг кӕй тыхсы ӕмӕ сӕм йӕ хъус кӕй дары, ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕна». Куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уый. Йегъовӕ уыны, ацы «уӕззау рӕстӕг» йӕ лӕггадгӕнджытӕ цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, уый (2 Тимофеймӕ 3:1; Хъуыддӕгтӕ 17:27).

«Зӕрдӕсаст чи у, уыдон». Иуӕй-иу адӕмтӕм, «зӕрдӕсаст» фӕци, зӕгъгӕ, фӕзӕгъынц, иу адӕймаг иннӕйы куы фӕуарзы, фӕлӕ йӕм уый йе ’ргом куы нӕ фездахы, ахӕмӕй. Фӕлӕ иу ахуыргонд куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Давиды ныхӕстӕн сӕ хъуыды у уӕрӕхдӕр – адӕймаг цӕуылдӕр тынг куы фӕмаст кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕ куы фӕриссы, уымӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, суанг Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр хатт сӕ зындзинӕдты тыххӕй зӕрдӕсаст фӕвӕййынц.

«Ныфссаст чи у, уыдон». Йӕ ныфс кӕмӕн асӕтты, уыцы адӕймаг йӕхимӕ зӕххӕй сисыны аккаг дӕр нал фӕкӕсы ӕмӕ йӕ хъару бынтондӕр асӕтты. Библи тӕлмацгӕнджытӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ныхӕстӕ «ныфссаст чи у, уыдон» зӕгъӕн ис афтӕ дӕр, «хорзӕй чи ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон».

Цымӕ «зӕрдӕсаст» ӕмӕ «ныфссаст» чи у, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы? Ӕцӕгдӕр сӕ дард у ӕмӕ афтӕ хъуыды кӕны, йӕ уарзты аккаг не сты? Уый афтӕ нӕу. Ныййарӕг йӕ сывӕллоны йӕ хъӕбысмӕ куыд сисы ӕмӕ йӕ куыд фӕсабыр кӕны, афтӕ Йегъовӕ дӕр, зӕгъӕн ис, йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ хъӕбысы ӕрбакӕны, ома дзы ӕххуыс куы фӕкурынц, уӕд сын баххуыс кӕны. Йегъовӕйы тынг фӕнды, зӕрдӕсаст ӕмӕ ныфссаст чи у, уыдоны бафидар кӕнын. Йӕ лӕггадгӕнджыты зондӕй ӕмӕ хъаруйӕ схайджын кӕнын, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууой (2 Коринфӕгтӕм 4:7; Иаковы 1:5).

Цӕй уӕдӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм, уымӕн ӕмӕ нын уый зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз цӕрын... ныфссаст ӕмӕ сӕрныллӕг чи у, уыдонимӕ, цӕмӕй сӕрныллӕг адӕмы ныфс бауадзон ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон» (Исай 57:15).

Июны Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Псалом 26–59