Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ цард дзӕгъӕлы у?

Бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ цард дзӕгъӕлы у?

Бирӕтӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ цард дзӕгъӕлы у?

СОЛОМОН загъта, зӕгъгӕ, цард у афтид ӕмӕ цыбыр, ӕмӕ «аууонау» ацӕуы. Фӕлӕ алкӕддӕр афтӕ нӕ уыдзӕн. Цымӕ цӕмӕн ис ууыл ӕууӕндӕн? (Екклесиаст 6:12). Хуыцауы Ныхас, Библи, зӕрдӕ ’вӕры, фидӕны алы адӕймаг дӕр амондджын кӕй уыдзӕн, афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн, цард дзӕгъӕлы у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ, Библийы цы фыст ис, ууыл та ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнӕн нӕй (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Библийы фыст ис, Хуыцаумӕ райдианы зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Нӕ бон ма дзы у базонын, рӕстдзинад цӕуылнӕуал ис, адӕм кӕрӕдзи цӕмӕн ӕфхӕрынц ӕмӕ уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц. Уыдӕттӕ зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ адӕм сӕйраджыдӕр уый тыххӕй хъуыды кӕнынц афтӕ, цард дзӕгъӕлы у, зӕгъгӕ, ӕмӕ нӕ зонынц, йе та сӕ нӕ фӕнды зонын, Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый.

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Йегъовӕ * зӕхх сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм ӕнустӕм амондджынӕй цардаиккой. Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау зӕхх уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй дзы адӕмы фӕлвӕрдтаид, зӕгъгӕ, кӕд аккаг разыной, уӕд уӕлӕрвты амондджынӕй цӕрдзысты. Фӕлӕ Библийы ахӕмӕй ницы ис фыст. (Кӕс рамкӕ  «Цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуа?», 6 фарс.)

Хуыцау адӕмы сфӕлдыста йӕхимӕ гӕсгӕ, ома сӕ схайджын кодта, йӕхимӕ цы миниуджытӕ ис, уыдонӕй (Райдиан 1:26, 27). Куы сӕ сфӕлдыста, уӕд сӕм иу хъӕндзинад дӕр нӕ уыд. Алцыдӕр сын уыди, цӕмӕй зӕрдӕрайгӕйӕ цардаиккой ӕмӕ сӕм афтӕ ма кастаид, ӕмӕ цард дзӕгъӕлы у. Хъуамӕ цот уагътаиккой, зӕхмӕ зылдаиккой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххы къори Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн скодтаиккой (Райдиан 1:28–31; 2:8, 9).

Хуыцауы фӕнд цӕмӕн фӕкъуылымпы?

Фӕлӕ хъуыддаг цӕмӕдӕр гӕсгӕ фӕкъуылымпы. Абон адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ кӕсгӕйӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Хуыцауы миниуджытӕй хайджын сты. Уӕдӕ зӕхх дӕр дзӕнӕт нӕу. Афтӕ цӕмӕн рауад? Нӕ фыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцау сын цы сӕрибардзинад радта, уымӕй раст не ’спайда кодтой. Бафӕндыд сӕ, цӕмӕй «Хуыцауы хуызӕн» уыдаиккой ӕмӕ сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр» цы у, уый. Афтӕмӕй уыдон дӕр Хӕйрӕгау Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты (Райдиан 3:1–6).

Уӕдӕ зӕххыл фыддзинад кӕй ис, уый Хуыцауы фӕндон нӕу. Фыддзинад уымӕн фӕзынд, ӕмӕ Хӕйрӕджы, стӕй та Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй сын разамынд Хуыцау лӕвӕрдтаид. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй Едемы цӕхӕрадонӕй тард ӕрцыдысты ӕмӕ раздӕрау ӕххӕст нал уыдысты – систы тӕригъӕдджын ӕмӕ фӕстагмӕ амардысты. Уый тыххӕй сӕ байзӕддӕгтӕ, ома адӕм се ’ппӕт дӕр, сӕ туджы рахӕссынц тӕригъӕд ӕмӕ стӕй амӕлынц (Райдиан 3:17–19; Ромӕгтӕм 5:12). Уӕдӕ адӕммӕ дӕр цард дзӕгъӕлы уый тыххӕй кӕсы.

Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон уайтагъд цӕуылнӕ скодта?

Бирӕтӕ не ’мбарынц, Хуыцау Хӕйрӕджы, стӕй Адам ӕмӕ Евӕйы уайтагъд цӕуылнӕ фесӕфта, ӕвзӕрдзинадӕн кӕрон цӕуылнӕ скодта ӕмӕ алцыдӕр ногӕй цӕуылнӕ сарӕзта. Фӕлӕ, цымӕ, уый зондджын ми уыдаид? Зӕгъӕм, фехъуыстай, кӕцыдӕр хицауад, хорз разамынд кӕй дӕтты, ууыл чидӕриддӕр фӕдызӕрдыг вӕййы, уымӕн уайтагъд мӕлӕты тӕрхон рахӕссы. Куыд дӕм фӕкӕсид уый? Цымӕ уый рӕстдзинад уарзаг адӕмӕн сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн? Уыцы хицауады кад сӕ цӕсты не ’рхаудзӕн?

Уӕдӕ Хуыцау дӕр уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта уайтагъд, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны. Куыд бакодта, уый йе стыр зондыл дзурӕг у: рӕстӕг радта, цӕмӕй, хорз разамынд дӕтты ӕви нӕ, уый фӕдыл Едемы цӕхӕрадоны цы дзырддаг фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцыдаид.

Тагъд фыддзинад нал уыдзӕн

Иу хъуыддаг нӕ хъуамӕ рох ма уа: Хуыцау фыддзинад ӕрмӕстдӕр рӕстӕгмӕ бауагъта. Тагъд дзырддаг фарстатӕн дзуапп лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уӕд ӕвзӕрдзинадӕн йӕ фӕд дӕр нал баззайдзӕн.

Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыди, уый нӕ фӕивта. Пехуымпар Исайы уылты нын Йегъовӕ дзуры, зӕхх «дзӕгъӕлы... [кӕй] не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (Исай 45:18). Тагъд Хуыцау, райдианы куыд фӕнд кодта, афтӕ зӕххӕй ногӕй дзӕнӕт скӕндзӕн. Куы сбӕлвырд уа, адӕмӕн раст разамынд кӕй дӕтты, уый, уӕд йе стыр тыхы руаджы йӕ бартӕ зӕххыл ӕрӕвӕрдзӕн ӕмӕ фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Исай 55:10, 11). Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты кувын куы ахуыр кодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй Хуыцаумӕ кувой, ӕмӕ йӕ бартӕ зӕххыл ӕрӕвӕра: «Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10). Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ?

Хуыцауы фӕнд зӕххы тыххӕй

Хуыцау цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уыдонӕй иу у, «сабыр адӕм... зӕхх бынӕн [кӕй] райсдзысты» (Псалом 37:9–11, 29; Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Йесо Чырысти «фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуысмӕ чи дзыназы, уыцы мӕгуыры [ӕмӕ] ӕфхӕрд адӕймаджы». Фервӕзын сӕ кӕндзӕн «ӕфхӕрдӕй ӕмӕ тыхмийӕ» (Псалом 72:12–14). Нал уыдзӕн хӕстытӕ, мӕлӕт, цӕссыгтӕ, рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ (Псалом 46:9; Раргомад 21:1–4). Хуыцау фыддзинад рӕстӕгмӕ кӕй бауагъта, уый тыххӕй цы бирӕ адӕм амард, уыдон дӕр райгас уыдзысты ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл. Фадат сын уыдзӕн, цӕмӕй ацы хорздзинӕдтӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хорздзинӕдтӕй схайджын уой (Иоанны 5:28, 29).

Хӕйрӕг Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацыд, уый цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн. Хуыцау фыддзинад бынсӕфт фӕкӕндзӕн ӕмӕ «раздӕры зындзинӕдтӕ [ома, абон адӕмӕн утӕппӕт мӕстытӕ ӕмӕ рыст чи ӕвзарын кӕны, уыдӕттӕ иууылдӕр] ферох уыдзысты» (Исай 65:16–19). Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый ӕппындӕр дызӕрдыггаг нӕу. Хуыцау сайгӕ нӕ кӕны. Цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый сӕххӕст вӕййы. Уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд цард «дзӕгъӕлы, дымгӕ сурӕгау» нал уыдзӕн (Екклесиаст 2:17). Ӕмӕ иууылдӕр амондджын уыдзыстӕм.

Фӕлӕ абоны цардӕй та цы зӕгъӕн ис? Цымӕ, Библи цы дзуры ӕмӕ Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый куы базонай, уӕд абон дӕр дӕ цардӕй дӕ зӕрдӕ рухс кӕндзӕн? Ацы фарстайӕн дзуапп базонӕн ис иннӕ статьяйӕ.

[Фиппаинаг]

^ 5 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.

[Рамкӕ 6 фарсыл]

 Цӕмӕй адӕймаг амондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕлӕрвтӕм ацӕуа?

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый чи нӕ зыдта ахӕм адӕм бирӕ ӕнусты дӕргъы дзырдтой, зӕгъгӕ, цалынмӕ уӕларвмӕ нӕ ацӕуӕм, уӕдмӕ нӕ цардӕй райгонд никуы уыдзыстӕм.

Иуӕй-иутӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, уд «цалынмӕ адӕймаджы буары не ’рцӕры, уӕдмӕ вӕййы уӕлӕрвты, хуыздӕр уавӕрты» («New Dictionary of Theology»). Иннӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ та уд «адӕймаджы буары ахӕстоны кӕнӕгау бакодтой, уӕлӕрвты тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тыххӕй» (Платон. Сочинения в четырёх томах).

Грекъаг философтӕ, зӕгъӕм, Сократ ӕмӕ Платон, дзырдтой, зӕгъгӕ, уд йӕ зӕххон буарӕй куы фӕхицӕн вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд «ссары ӕнцойдзинад, фервӕзы йе ’нӕзонд митӕй, йӕ хъӕддаг монцтӕй, цӕмӕй тарсти ӕмӕ, адӕймагмӕ ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, ӕппӕт уыдӕттӕй, ӕмӕ йын уӕд ӕнустӕм вӕййы бынат хуыцӕутты ’хсӕн» (Платон. Федон, 81, А).

Грекъаг философты «хъуыдытыл ӕнӕмӕлгӕ уды тыххӕй» фӕстӕдӕр ныххӕцыдысты чырыстон дины разамонджытӕ ӕмӕ сӕ адӕмӕн амонын райдыдтой («Christianity – A Global History»).

Дӕ хорзӕхӕй, ацы хъуыдытӕ абар, Библийы цы фыст ис, уыимӕ:

1. Хуыцау зӕхх уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕм рӕстӕгмӕ нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм цӕрой. Уый тыххӕй йӕ не сфӕлдыста, цӕмӕй йыл адӕмы фӕлвӕрдтаид, уӕлӕрвты цӕрыны аккаг дзы чи разындзӕн, зӕгъгӕ. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы закъоны сӕрты куы нӕ ахызтаиккой, уӕд ма абон дӕр цӕриккой зӕххыл дзӕнӕты (Райдиан 1:27, 28; Псалом 115:16).

2. Динтӕн сӕ фылдӕр куыд амонынц, афтӕмӕй адӕймагӕн ис цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ уд. Фӕлӕ Библийы ацы хъуыддаджы фӕдыл цы фыст ис, уый ӕнцондӕр ӕмбарӕн у – адӕймаг у «цӕрӕг уд» ӕмӕ у сыджытӕй конд (Райдиан 2:7). Библийы афтӕ загъд никуы ис, ӕмӕ уд мӕлгӕ нӕ кӕны. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, уд кӕй ис амарӕн ӕмӕ мӕлӕты фӕстӕ цӕргӕ дӕр никуыуал фӕкӕны (Псалом 146:4; Екклесиаст 9:5, 10; Йезекил 18:4, 20). Фыццаг уд, Адам, амард ӕмӕ фӕстӕмӕ сыджытмӕ аздӕхт, ома нал уыд (Райдиан 2:17; 3:19).

3. Адӕймаг фидӕны ӕнӕмӕлгӕ уды фӕрцы нӕ цӕрдзӕн, фӕлӕ Хуыцау райгасдзинадӕй зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, уый фӕрцы (Данел 12:13; Иоанны 11:24–26; Хъуыддӕгтӕ 24:15).