Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Цымӕ Йегъовӕ цин кӕнын ӕмӕ маст кӕнын зоны?

Цымӕ Йегъовӕ цин кӕнын ӕмӕ маст кӕнын зоны?

КӔД о, уӕд ӕвзӕры ӕндӕр фарста: нӕ хъуыддӕгтӕй нӕ бон у Хуыцауӕн йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын кӕнӕ фӕриссын кӕнын? Рагон философтӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕу. Уыдон дзырдтой, зӕгъгӕ, чифӕнды цыфӕнды куы кӕна, уӕддӕр уый Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕу, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕдӕр цин кӕнын зоны, нӕдӕр маст кӕнын. Фӕлӕ Библийы та фыст ис, Йегъовӕ адӕмы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ, цы аразынц, уымӕ йӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дары. Ӕркӕсӕм-ма 78 псаломмӕ, 40 ӕмӕ 41 стихтӕм.

78 псаломы ныхас цӕуы рагон Израилы адӕмы цардӕй иуӕй-иу хабӕрттыл ӕмӕ сӕм Хуыцау цы цӕстӕй касти, ууыл. Израилӕгтӕ Египеты уыдысты цагъартӕ. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ ссӕрибар кодта ӕмӕ сын загъта, мӕ адӕм уыдзыстут, зӕгъгӕ. Зӕрдӕ сын бавӕрдта, йӕ закъӕттӕм ын куы хъусой, уӕд ын кӕй уыдзысты «уӕлдай зынаргъ» ӕмӕ уыдоны уылты кӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕ фӕндон. Адӕм сразы сты, ӕмӕ Хуыцау семӕ Закъоны бадзырд скодта. Фӕлӕ, цымӕ, Хуыцауӕн цы дзырд радтой, уый сӕххӕст кодтой? (Рацыд 19:3–8).

Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Цал ӕмӕ цал хатты сыстадысты йӕ ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдыры» (40 стих). Иннӕ стихы дӕр фыст ис: «Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой Хуыцауы» (41 стих). Ацы ныхӕстӕй псаломзарӕггӕнӕг равдыста, израилӕгтӕ-иу арӕх кӕй сыстадысты Хуыцауы ныхмӕ. Сӕ хивӕнд зондахаст рабӕрӕг ӕдзӕрӕг быдыры, Хуыцау сӕ уацарӕй куы ракодта, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ. Израилӕгтӕ Хуыцауыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сыл йӕ бон батыхсын кӕй нӕу, стӕй йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй нӕ кӕны (Нымӕцтӕ 14:1–4). Библи тӕлмацгӕнджытӕ кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, иу ахӕм чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, ацы ныхӕстӕ, «сыстадысты йӕ ныхмӕ», ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, ӕмӕ Хуыцаумӕ сӕ чъылдым сыздӕхтой» кӕнӕ «Хуыцауӕн загътой, нӕ дӕм хъусдзыстӕм, зӕгъгӕ». Фӕлӕ Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, ӕмӕ-иу йӕ адӕм сӕ митыл куы ’рфӕсмон кодтой, уӕд та-иу сын ныххатыр кодта. Фӕлӕ та-иу уый фӕстӕ уӕддӕр сӕ раздӕры митӕм раздӕхтысты ӕмӕ та-иу йӕ ныхмӕ сыстадысты, ӕмӕ афтӕ – ӕппынӕдзух (Псалом 78:10–19, 38).

Бӕрӕг у, Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕ куы иуырдӕм кодта, куы иннӕрдӕм. Цымӕ Йегъовӕйӕн исты уӕлдай уыд, йӕ ныхмӕ-иу кӕй сыстадысты, уый? 40 стихы фыст ис, зӕгъгӕ-иу ын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой. Ӕндӕр тӕлмацы та фыст ис, йӕ зӕрдӕйы йын-иу маст бауагътой, зӕгъгӕ. Библи чи ӕмбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы фыст ис: «Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дзуттаг адӕм ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд сывӕллонау сӕ митӕй Хуыцауы зӕрдӕ риссын кодтой». Фыдуаг сывӕллон йӕ ныййарджыты зӕрдӕйы стыр маст куыд бауадзы, раст уыйау уыдон дӕр «ӕфхӕрдтой Израилы Сыгъдӕджы» (41 стих).

Ацы псаломӕй зондӕн райсӕн цы ис? Куыд ӕхсызгон у, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты тынг кӕй уарзы ӕмӕ сыл йӕ къух ауигъынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны. Фӕлӕ ма хорз уаид, нӕ зӕрдыл куы дариккам, нӕхи куыд дарӕм, уый Йегъовӕйӕн уӕлдай кӕй нӕу – нӕ хъуыддӕгтӕй йын нӕ бон у йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын кӕнӕ фӕриссын кӕнын. Ацы хабӕрттӕ кӕй базыдтай, уый дыл куыд фӕзынд? Раст цы у, уый аразын дӕ нӕ фӕнды?

Уӕдӕ тӕригъӕдджын митӕ ма кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ ма риссын кӕнӕм, фӕлӕ рӕстӕй цӕрӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Хуыцау нын йӕхӕдӕг дзуры: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Йегъовӕйӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы, нӕ цардӕй йын йӕ зӕрдӕ куы фӕрухс кӕнӕм.

Июлы Библийӕ дӕ бон у бакӕсын:

Псалом 60–86

[Хицӕнгонд текст 10 фарсыл]

Йегъовӕйӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы, нӕ цардӕй йын йӕ зӕрдӕ куы фӕрухс кӕнӕм