Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи ивы адӕймаджы цард

Библи ивы адӕймаджы цард

ЦЫМӔ, 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы сылгоймаг къухӕйконд хуыцӕуттӕн цӕуылнӕуал кувы? Синтоистты кувӕндоны сауджын йӕ диныл йӕ къух цӕмӕн систа ӕмӕ Чырыстийау адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын цӕмӕн райдыдта? Хӕсгӕ сывӕллон чи уыд, уыцы сылгоймагӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕм афтӕ мауал кастаид, ӕмӕ никӕй хъӕуы? Мӕнӕ цы дзурынц ацы адӕм сӕхӕдӕг.

«Къухӕйконд хуыцӕуттӕн нал кувын» (АБА ДАНСУ).

РАЙГУЫРД 1938 АЗЫ

ЦӔРЫ БЕНИНЫ

РАЗДӔР КУЫВТА КЪУХӔЙКОНД ХУЫЦӔУТТӔН

Ӕз райгуырдтӕн хъӕу Со-Чахувийы. Нӕ хъӕу ис цъыфдзаст ран, цады цур. Адӕм дзы кӕнынц кӕсагахсыны куыст, дарынц стурвос, фыстӕ, сӕгътӕ, хуытӕ ӕмӕ мӕргътӕ. Фӕндӕгтӕ нӕм кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ адӕм фылдӕр фӕцӕуынц бӕлӕгътыл. Хӕдзӕрттӕ аразынц хъӕдӕй ӕмӕ хъӕмпӕй, иуӕй-иутӕ та – агуыридурӕй. Ӕмӕ кӕд адӕмӕн сӕ фылдӕр мӕгуыр сты, уӕддӕр горӕттимӕ абаргӕйӕ махмӕ фыдракӕндтӕ арӕх не ’рцӕуы.

Мӕ хоимӕ ма гыццылтӕ куы уыдыстӕм, уӕд нӕ нӕ фыд арвыста кувӕндонмӕ, цӕмӕй уым цардаиккам ӕмӕ дзы нӕ адӕмы дины ӕгъдӕуттӕ ахуыр кодтаиккам. Куы сыстыр дӕн, уӕд райдыдтон лӕггад кӕнын Одудувӕйӕн (Одуайӕн), йорубӕйы адӕмыхатт кӕмӕн кувынц, уыцы хуыцауӕн. Сарӕзтон ын нывондхӕссӕн ӕмӕ йын ӕппынӕдзух хастон нывӕндтӕ: ямс (адджын картоф), пальмӕйы сой, сӕтӕлджытӕ, карчы цъиутӕ, бӕлӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойтӕ. Уыцы нывӕндтӕ тынг зынаргъ уыдысты, ӕмӕ-иу хатт ме ’хца иууылдӕр уыдоныл ацыд.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Ӕз райдыдтон Библи ахуыр кӕнын, ӕмӕ базыдтон, Йегъовӕ кӕй у иунӕг ӕцӕг Хуыцау. Стӕй базыдтон, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, адӕймаг къухӕйконд хуыцӕуттӕн кӕй фӕкувы, уый (Рацыд 20:4, 5; 1 Коринфӕгтӕм 10:14). Уайтагъд ӕй бамбӕрстон, цы кӕнын мӕ хъуыд, уый. Цы къухӕйконд хуыцӕуттӕ мӕм уыд, уыдон иууылдӕр аппӕрстон ӕмӕ, мӕ хӕдзары мӕнгхуыцӕуттӕн кувынимӕ баст дзауматӕй цы уыд, уыдонӕй иу дӕр нал ныууагътон. Дӕснытӕм нал цыдтӕн, цы ӕгъдӕуттыл хӕст уыдтӕн, уыдон ныууагътон, стӕй марды кӕндтӕ дӕр нал кодтон.

Ӕхсай азы кӕуыл цӕуы, ахӕм адӕймагӕн йӕ цард фӕивын ӕнцон нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг зын мын уыд аивын. Мӕ зонгӕтӕ, мӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ мӕ сыхӕгтӕ мӕ ныхмӕ систы ӕмӕ мыл худтысты. Фӕлӕ ӕз Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй, раст цы у, уый арӕзтаин. Ӕмбисӕндты 18:10 стих мӕ стыр ныфс бауагъта. Уым фыст ис: «Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы».

Стыр ӕххуыс ма мын фӕци, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм кӕй цыдтӕн, уый. Уым ӕз федтон ӕцӕг уарзондзинад. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыдысты, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдтон, Библийы уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл кӕй архайынц. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ бамбӕрстон, цы диныл хӕст сты, уый раст дин кӕй у.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Мӕ цард Библийы закъӕттӕм гӕсгӕ аразын кӕй райдыдтон, уый руаджы мӕ цотимӕ фенгомдӕр стӕм. Стӕй, цыма ме ’ккойӕ стыр уаргъ ахауд, афтӕ мын фенцон. Раздӕр-иу ме ’хцатӕ хардз кодтон, сӕ бон мын ӕппындӕр баххуыс кӕнын кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕнӕуд хуыцӕуттыл. Фӕлӕ ныр ӕз лӕггад кӕнын, ме ’ппӕт зындзинӕдтӕй мӕ цӕрӕнбонтӕм йӕ бон фервӕзын кӕнын кӕмӕн у, уыцы Хуыцауӕн – Йегъовӕйӕн (Раргомад 21:3, 4). Мӕ цинӕн кӕрон нӕй, уымӕн ӕмӕ мӕнгхуыцӕттӕн нал лӕггад кӕнын, фӕлӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн! Уый мын ӕрхаста ӕцӕг удӕнцой ӕмӕ мын радта ныфс.

«Гыццылӕй нырмӕ Хуыцауы агурын» (СИНДЗИ САТО).

РАЙГУЫРД 1951 АЗЫ

ЦӔРЫ ЯПОНИЙЫ

РАЗДӔР УЫД САУДЖЫН СИНТОИСТТЫ КУВӔНДОНЫ

Ӕз схъомыл дӕн иу гыццыл горӕты, префектурӕ Фукуокӕйы. Мӕ ныййарджытӕ уырнӕг адӕм уыдысты ӕмӕ мӕн дӕр ахуыр кодтой, цӕмӕй, синтоизмы цы хуыцӕуттӕн табу кодтой, уыдонӕн куывтаин. Гыццылӕй-иу арӕх хъуыды кодтон, цымӕ мӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй фервӕзон, стӕй мӕ тынг фӕндыд, бӕллӕх кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Иухатт, фыццаг кълӕсты куы ахуыр кодтон, уӕд нӕ нӕ ахуыргӕнӕг бафарста, куы, дам, сыстыр уат, уӕд цы кусдзыстут, зӕгъгӕ. Ме ’мкъласӕгтӕй чи афтӕ загъта, ахуыргонд суыдзынӕн, чи та ӕндӕр цыдӕр. Ӕз та загътон, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын мӕ кӕй фӕнды. Уый фехъусгӕйӕ мыл иууылдӕр худын райдыдтой.

Астӕуккаг скъола каст куы фӕдӕн, уӕд бацыдтӕн дины скъоламӕ. Уым базонгӕ дӕн синтоистты кувӕндоны сауджынимӕ. Рӕстӕг-иу ын куы уыд, уӕд-иу ӕдзух касти цавӕрдӕр сауцъар чиныг. Иухатт мӕ бафарста: «Сато, ай цавӕр чиныг у, уый зоныс?» Уыцы чиныг уымӕй размӕ дӕр федтон, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ дзуапп радтон: «Библи». Уӕд мын афтӕ бакодта: «Кӕд искӕй фӕнды, цӕмӕй сауджын суа, уӕд хъуамӕ ацы чиныг ӕнӕмӕнгӕй бакӕса».

Гъемӕ уӕд ӕз дӕр Библи балхӕдтон. Сӕвӕрдтон ӕй мӕ чингуыты тӕрхӕгыл ӕппӕты зынгӕ ран ӕмӕ йыл рыг абадын дӕр нӕ уагътон. Фӕлӕ мӕ ахуырӕй Библи кӕсынмӕ не ’вдӕлд. Дины скъола куы фӕдӕн, уӕд кувӕндоны сауджынӕй кусын райдыдтон. Гыццылӕй цӕмӕ бӕллыдтӕн, уый мӕ къухы бафтыд.

Фӕлӕ сауджыны куыстӕй фыдӕнхъӕл фӕдӕн. Сауджынтӕн сӕ фылдӕр адӕмы нӕ уарзтой, сӕ рыст сӕм нымады дӕр нӕ уыд. Бирӕтӕ сӕ суанг Хуыцауыл дӕр не ’ууӕндыдысты. Иухатт мын сауджынты хистӕртӕй иу афтӕ дӕр загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дын исты ӕнтыса, уӕд адӕмӕн философийы кой кӕн, дины кой кӕнын ам не ’мбӕлы».

Ахӕм ныхӕсты фӕстӕ синтоисттыл мӕ зӕрдӕ фӕхудти. Кӕд дарддӕр кувӕндоны лӕггад кодтон, уӕддӕр мӕ бафӕндыд ӕндӕр динты тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ уыцы динты дӕр хорзӕй ницы ссардтон ӕмӕ арӕхдӕр хъуыды кӕнын райдыдтон, рӕстдзинад иунӕг дины дӕр кӕй нӕй.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. 1988 азы базонгӕ дӕн иу буддистимӕ, ӕмӕ мын уый загъта, цӕмӕй Библи бакастаин. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, кӕддӕр мын синтоистты кувӕндоны сауджын дӕр афтӕ кӕй загъта. Ӕмӕ уӕд мӕхицӕн загътон, ӕнӕмӕнг ӕй бакӕсдзынӕн, зӕгъгӕ. Библи мӕ къухмӕ куы райстон, уӕд ӕй кӕсынӕй нал ӕфсӕстӕн. Афтӕ дӕр-иу уыди, ӕмӕ-иу мыл Библи кӕсгӕйӕ ӕрбабон.

Библийӕ цы базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ афтӕ тынг бацагайдта, ӕмӕ мӕ бафӕндыд, цы Хуыцауы кой дзы ис, уымӕ кувын. Райдианты-иу ӕм куывтон, Чырысти куыд амыдта, афтӕ. Уыцы куывд фыст ис Матфейы 6:9–13 стихты. Дзырдтон-иу ӕй дыууӕ сахатӕй дыууӕ сахатмӕ, суанг кувӕндоны лӕггад кӕнгӕйӕ дӕр.

Библи кӕсгӕйӕ-иу мӕм бирӕ фарстатӕ фӕзынд. Уӕдмӕ бинонты хъуыддаг дӕр бакодтон. Ӕмӕ мын мӕ цардӕмбалмӕ раздӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ зыдтон, уыдон адӕмӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Библи хуыздӕр базоной. Гъемӕ ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты агурын райдыдтон. Иу сылгоймагыл дзы фембӕлдтӕн ӕмӕ йӕ фарстаты бын фӕкодтон. Мӕ алы фарстайӕн дӕр мын дзуапп Библийӕ кӕй лӕвӕрдта, ууыл тынг бадис кодтон. Уыцы сылгоймаг кӕмӕндӕр загъта, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид.

Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтон. Уыцы рӕстӕг ӕй ӕз зонгӕ дӕр нӕ кодтон, ӕмбырды, кӕддӕр кӕй бафхӕрдтон, ахӕмтӕ дӕр кӕй уыди. Фӕлӕ уыцы адӕм разындысты тынг хӕларзӕрдӕ ӕмӕ мын зӕрдиагӕй, «ӕгас нӕм цу», зӕгъгӕ, загътой.

Ӕмбырдты ӕз базыдтон, Хуыцау нӕлгоймагӕй кӕй домы, цӕмӕй йӕ бинонтӕн аргъ кӕна. Раздӕр-иу бон-изӕрмӕ уыдтӕн кувӕндоны, ӕмӕ мӕ мӕ бинойнагмӕ ӕмӕ мӕ дыууӕ сывӕллонмӕ ӕвдӕлгӕ дӕр нӕ кодта. Фӕлӕ мӕм фӕстӕдӕр бахъардта: кувӕндонмӕ цы адӕм цыдысты, уыдонмӕ-иу лӕмбынӕг хъуыстон, фӕлӕ мӕ мӕ цардӕмбалмӕ байхъусынмӕ иу хатт дӕр нӕ равдӕлд!

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтон, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕйы тынг бауарзтон. Уӕлдай тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты Ромӕгтӕм 10:13 стихы фыст ныхӕстӕ: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн». Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы агуырдтон, ӕмӕ ныр мӕ бон у фидарӕй зӕгъын, кӕй йӕ ссардтон.

Синтоистты кувӕндонмӕ цӕуын мӕ зӕрдӕ нал куымдта. Фыццаг тарстӕн, мӕ дин куы ныууадзон, уӕд иннӕтӕ цы ахъуыды кӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уымӕй размӕ ӕз мӕхицӕн дзырдтон, зӕгъгӕ, раст дин куы ссарон, уӕд ардыгӕй ацӕудзынӕн. Уалдзӕджы 1989 азы фидарӕй аскъуыддзаг кодтон, афтӕ цӕрӕн кӕй нал ис. Уыйадыл кувӕндонӕй ацыдтӕн ӕмӕ мӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакодтон.

Уый ӕнцон нӕ уыд. Сауджынты хистӕртӕ мӕ ’фхӕрын райдыдтой, ӕмӕ мын цынӕ фӕкодтой, цӕмӕй баззадаин, фӕлӕ мӕ фӕнд нӕ аивтон. Ӕппӕты зындӕр та мын уыди мӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕнын. Куы сӕм цыдтӕн, уӕд фыртыхстӕй мӕ зӕрдӕ срыст, мӕ къӕхтӕ та мӕ быны дыдӕгътӕ кодтой. Цалынмӕ сӕм ныххӕццӕ дӕн, уӕдмӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты не ’рлӕууыдтӕн, цӕмӕй-иу Йегъовӕмӕ скуывтаин.

Куы сӕм бацыдтӕн, уӕд фыццаг, мӕ цыды сӕр цы уыд, уый зӕгъын нӕ бауӕндыдтӕн. Цалдӕр сахаты рацыд. Мӕхинымӕр Хуыцаумӕ куывтон ӕмӕ фӕстагмӕ мӕ фыдӕн мӕ хабар радзырдтон. Загътон ын, ӕцӕг Хуыцауы кӕй ссардтон ӕмӕ синтоистты дин кӕй ныууагътон. Мӕ фыд фырдиссагӕй цы загътаид, уый дӕр нал зыдта, бӕрӕг уыд, уыцы хабар фехъусын ын зын кӕй уыд. Иннӕ хӕстӕджытӕ дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ мын дзырдтой, цӕмӕй мӕхи ӕрӕмбӕрстаин. Мӕ бинонты зӕрдӕ фӕриссын кӕнын мӕ нӕ фӕндыд, фӕлӕ йӕ ӕмбӕрстон, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй растдӕр кӕй ницы ис. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд мын мӕ бинонтӕ мӕ хъуыдыйӕн аргъ кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕ ныхмӕ ницыуал дзырдтой.

Кӕд синтоистты кувӕндонмӕ нал цыдтӕн, уӕддӕр ма мӕ хъуыди мӕ зондахаст ивын. Сауджын кӕй уыдтӕн, уый мыл тынг фӕзынд. Ӕппӕт тыхтӕй архайдтон, цӕмӕй уыцы рӕстӕг ферох кодтаин, фӕлӕ мӕ алыварс цы уыди, уыдӕттӕ мын иууылдӕр мӕ раздӕры цард мӕ зӕрдыл лӕууын кодта.

Уӕддӕр, ӕппынфӕстаг, мӕ бон баци мӕ зондахаст аивын. Фыццаджыдӕр, мӕ хӕдзары, синтоизмимӕ баст дзауматӕй цыдӕриддӕр уыди, уыдон ссардтон ӕмӕ сӕ басыгътон – чингуытӕ, нывтӕ ӕмӕ суанг зынаргъ дзауматӕ дӕр. Стӕй архайдтон, цӕмӕй фылдӕр рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ’рвыстаин. Уыдон куыд хӕларзӕрдӕ уыдысты ӕмӕ мын куыд баххуыс кодтой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Афтӕмӕй мӕ раздӕры цард сындӕггай рох кӕнын райдыдтон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Раздӕр мӕ бинойнагмӕ ӕмӕ мӕ сывӕллӕттӕм мӕ хъус нӕ дардтон, ӕмӕ сӕм уый тыххӕй афтӕ каст, цыма сӕ нӕ уарзын. Фӕлӕ Библи нӕлгоймӕгтӕн куыд амоны, афтӕ семӕ рӕстӕг ӕрвитын куы райдыдтон, уӕд кӕрӕдзиимӕ фенгомдӕр стӕм. Фӕстӕдӕр мӕ цардӕмбал дӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ӕмӕ ныр мӕ бинонтӕ иууылдӕр – ӕз, мӕ бинойнаг, нӕ лӕппу, нӕ чызг ӕмӕ йӕ лӕг – лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн.

Гыццылӕй мӕм цы бӕллиц уыд, уый сӕххӕст – лӕггад кӕнын Хуыцауӕн ӕмӕ ӕххуыс кӕнын адӕмӕн. Йегъовӕйӕ куыд бузныг дӕн, уый зӕгъынӕн фаг ныхӕстӕ аргӕ дӕр не скӕндзынӕн.

«Ӕмбӕрстон ӕй, царды мын цыдӕр кӕй нӕ фаг кӕны» (ЛИНЕТТ ХОКТИНГ).

РАЙГУЫРД 1958 АЗЫ

ЦӔРЫ ХУССАР АФРИКӔЙЫ

РАЗДӔР АФТӔ ХЪУЫДЫ КОДТА, ЦЫМА НИКӔЙ ХЪӔУЫ

Ӕз райгуырдтӕн Джермистоны, ӕрзӕткъахджытӕ кӕм цӕрынц, ахӕм горӕты. Джермистон у сабыр горӕт. Йӕ цӕрджыты йын нӕдӕр хъӕздыг схонӕн ис, нӕдӕр мӕгуыр. Куы райгуырдтӕн, уӕд мӕ ныййарджытӕ загътой, сӕ бон мӕ фӕдарын кӕй нӕ бауыдзӕн ӕмӕ мӕ ныууагътой. Дыууӕ къуырийы мыл куы цыд, уӕд мӕ сӕхимӕ райстой иу хорз бинонтӕ. Ӕз сӕ мӕ мад ӕмӕ мӕ фыд хуыдтон. Фӕлӕ йӕ куы базыдтон, ме ’цӕг ныййарджытӕ кӕй не сты, уӕд мӕм афтӕ кӕсын райдыдта, ӕмӕ никӕй хъӕуын, стӕй мын мӕ кӕнгӕ мад ӕмӕ фыдимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис ӕмӕ мӕ кӕй не ’мбарынц.

16-аздзыдӕй райдыдтон цӕуын, ме ’мбӕлттимӕ-иу музыкӕмӕ кӕм байхъуыстаин ӕмӕ кӕм акафыдаин, ахӕм рӕттӕм. 17-аздзыдӕй райдыдтон тамако дымын. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй, тамако чи рекламӕ кодта, уыцы чызджытау ӕз дӕр къӕсхуыр уыдаин. 19 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд райдыдтон Йоханнесбургы кусын. Уым балымӕн дӕн, ӕвзӕрырдӕм мыл чи фӕзынд, ахӕм ӕмбӕлттимӕ. Уыдонау ӕз дӕр ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтон, тамако дымдтон, улӕфгӕ бонты та-иу нуазгӕ дӕр бакодтон.

Фӕлӕ, кӕд афтӕ цардтӕн, уӕддӕр цыдтӕн аэробикӕмӕ, хъазыдтӕн футболӕй ӕмӕ ӕндӕр спортивон хъӕзтытӕй. Уымӕй уӕлдай куыстон алыхуызон компьютерон компаниты. Тынг мӕ фӕндыд, цӕмӕй мын бирӕ бантыстаид ӕмӕ мӕ ном айхъуыстаид. Мызд мын хорз уыди, ӕмӕ бирӕтӕ дзырдтой, алкӕмӕн дӕр афтӕ куы ’нтысид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ цардӕй мӕ зӕрдӕ нӕ рухс кодта, афтӕ мӕм каст, цыма дзӕгъӕлы цӕрын. Ӕмбӕрстон ӕй, цыдӕр мын кӕй нӕ фаг кӕны.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уӕд базыдтон, Хуыцауӕн йӕ сӕйрагдӕр миниуӕг уарзондзинад кӕй у. Йӕ уарзондзинад бӕрӕг у уымӕй дӕр, Библи нын кӕй радта. Зӕгъӕн ис, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕ дӕр писмо ныффыста ӕмӕ нын уыцы писмойы амоны, нӕ цард куыд хъуамӕ аразӕм, уый (Исай 48:17, 18). Ӕз ӕй бамбӕрстон: кӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй мын Йегъовӕйы уынаффӕтӕ пайда уой, уӕд мӕ мӕ царды бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы фӕивын.

Ӕмбӕрстон ӕй, ӕвзӕр зондыл мӕ цы ’мбӕлттӕ ардыдтой, уыдоны кӕй хъуамӕ ныууагътаин. Бирӕ фӕхъуыды кодтон Ӕмбисӕндты 13:20 стихыл: «Зондджынтимӕ чи цӕуы, уый суыдзӕн зондджын, ӕнӕзӕндтимӕ чи лымӕн кӕны, уый та фыдбылызы бахаудзӕн». Ацы ныхӕстӕ мын баххуыс кодтой, цӕмӕй мӕ раздӕры лымӕнты ныууагътаин ӕмӕ мӕхицӕн ног ӕмбӕлттӕ ссардтаин Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн.

Фӕлӕ мын тамако ныууадзынӕй зындӕр ницы уыд. Куы йӕ ныууагътон, уӕд та сӕмбӕлдтӕн ӕндӕр фӕлварӕныл – 13 килӕйӕ мыл фылдӕр бафтыд. Уымӕй мӕ кад мӕ цӕсты тынг ӕрхауд. 10 азы бӕрц мӕ бахъуыд, цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уыдаин. Фӕлӕ уӕддӕр никуы дызӕрдыг кодтон, тамако кӕй ныууагътон, уымӕй раст кӕй бакодтон. Ӕз ӕдзух куывтон Йегъовӕмӕ, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН. Абон ме ’нӕниздзинад бирӕ хуыздӕр у. Стӕй мӕ цардӕй дӕр райгонд дӕн, афтӕ нал хъуыды кӕнын, ӕмӕ адӕймаг ӕцӕг амондджын уӕд уыдзӕн, хорз куыст ын куы уа, бирӕ ’хца куы куса кӕнӕ йын адӕмы цӕсты кад куы уа, уӕд. Стыр циндзинад мын хӕссы, адӕмӕн Библийы тыххӕй кӕй фӕдзурын, уый. Уый руаджы мӕ раздӕры ӕмкусджытӕй ӕртӕйӕ абон лӕггад кӕнынц Йегъовӕйӕн. Цалынмӕ мӕ кӕнгӕ мад ӕмӕ фыд нӕ амардысты, уӕдмӕ сын радзырдтон, Библи зӕрдӕ кӕй ӕвӕры райгасдзинадӕй ног дунейы дзӕнӕты.

Йегъовӕйы кӕй базыдтон ӕмӕ йӕ кӕй бауарзтон, уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй афтӕ мауал хъуыды кодтаин, ӕмӕ никӕй хъӕуын. Йегъовӕйы фӕрцы мӕм абон афтӕ кӕсы, цыма мын ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ис стыр бинонтӕ – мад ӕмӕ мын фыды ад чи кӕны, уыдон, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Марчы 10:29, 30).

[Ныв 12 фарсыл]

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн бамбӕрстон, ӕцӕг уарзондзинад цы у, уый

[Ныв 13 фарсыл]

Раздӕр кӕм куыстон, уыцы кувӕндон