Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базон

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Ацы статьяйы ӕвзӕрст цӕуынц алыхуызон фарстатӕ. Чи зоны сыл ды дӕр хъуыды кодтай. Алы фарстамӕ дӕр дзы амынд ис, Библийы йын дзуапп дӕ бон кӕм у ссарын, уыцы бынат. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы фарстатыл демӕ ӕхсызгонӕй аныхас кӕндзысты.

1. Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Уыцы хицауад ныппырх кӕндзӕн зӕххон паддзӕхӕдтӕ иууылдӕр ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр. Хуыцауы Паддзахад у, не ’ппӕт дӕр цы хорз хицауадмӕ бӕллӕм, уый. (Бакӕс Данел 2:44; Матфейы 6:9, 10.)

Паддзахады сӕргъы хъуамӕ уа паддзах. Йегъовӕ йӕ Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта йӕ Фырт Йесо Чырыстийы. (Бакӕс Лукайы 1:30–33.)

2. Чырысти ӕппӕты хуыздӕр хицау цӕмӕн у?

Хуыцауы Фырт у ӕппӕты хуыздӕр хицау, уымӕн ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ, уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ йӕ бон у адӕмӕн баххуыс кӕнын (Матфейы 11:28–30). Чырысти куы райгас, уӕд фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм ссыд ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, цалынмӕ йын Йегъовӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ нӕ радта, уӕдмӕ (Дзуттӕгтӕм 10:12, 13). Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд ын Хуыцау уыцы бартӕ радта ӕмӕ Йесо уӕлӕрвтӕй райдыдта разамынд дӕттын. (Бакӕс Данел 7:13, 14.)

3. Йесоимӕ ма паддзӕхтӕ чи уыдзӕн?

Хуыцау равзӕрста «сыгъдӕг адӕмы», цӕмӕй Чырыстиимӕ иумӕ уӕлӕрвтӕй разамынд дӕттой (Данел 7:27). Уыцы сыгъдӕг адӕмӕй фыццӕгтӕ уыдысты Йесойы иузӕрдион апостолтӕ. Йегъовӕ уыцы къордмӕ суанг нӕ рӕстӕджы дӕр ӕвзары иуӕй-иу иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты. Хуыцау сӕ куы райгас кӕны, уӕд сын ратты, Чырыстийӕн цы уӕларвон буар радта, ахӕм буар. (Бакӕс Иоанны 14:1–3; 1 Коринфӕгтӕм 15:42–45.)

Цымӕ уӕлӕрвтӕм бирӕ адӕм ацӕудзӕн? Йесо уыцы адӕмы схуыдта «гыццыл дзуг» (Лукайы 12:32). Ӕдӕппӕтӕй уыдзысты 144 000, ӕмӕ Чырыстиимӕ иумӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕтдзысты. (Бакӕс Раргомад 5:9, 10; 14:1.)

4. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста?

Чырысти паддзах сси 1914 азы. Уый хӕдфӕстӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста (Раргомад 12:7–10, 12). Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм бирӕ дудгӕбӕттӕ ’взарынц ӕмӕ уавӕр кӕны фыддӕрӕй-фыддӕр. Хӕстытӕ, зӕххӕнкъуыстытӕ, аххормагдзинад, фыднизтӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хӕрзтӕй хайджын уӕм, уӕд хъуамӕ базонӕм, цы хъӕуы аразын, цӕмӕй уыцы Паддзахады Паддзах Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суӕм. (Бакӕс Лукайы 21:7, 10, 11, 31, 34, 35.)

5. Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ къухы цы бафтдзӕн?

Хуыцауы Паддзахад абон дӕр ӕххуыс кӕны милуангай адӕмӕн, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр. Куыд? Абон ӕнӕхъӕн дунейы хорз хабар хъустгонд цӕуы, ӕмӕ уый фӕрцы адӕмӕн ис фадат, цӕмӕй Хуыцауы тыххӕй базоной (Матфейы 24:14). Ӕмӕ уый руаджы Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕ, «тынг бирӕ адӕм», фервӕздзысты, Хуыцау ацы фыддуне куы сафа, уӕд. (Бакӕс Раргомад 7:9, 10, 13–17.)

Хуыцауы Паддзахад 1000 азмӕ ӕппӕт зӕххӕй дӕр дзӕнӕт скӕндзӕн. Ӕппынфӕстаг Чырысти Паддзахад фӕстӕмӕ ратдзӕн йӕ Фыды къухмӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:24–26). Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй искӕмӕн радзурай? (Бакӕс Псалом 37:10, 11, 29.)

Кӕд дӕ фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс www.watchtower.org